БАЗУРГИН ФÆЛТÆР
БÆДОАТИ Исай фурт Хъазбег (1901–1979) фæскомцæдеси рæнгъитæмæ бацудæй 1920 анзи æма уæди рæстæгути фæсевæд ци берæ арфиаг гъуддæгутæ аразта, уонæми разæнгардæй архайдта. Газет «Рæстдзинад» цæун ку райдæдта (1923 анзи мартъий), уæд иссæй æ еузæрдиуон гъæууон уацхæссæг. Мæскуй журналистики институт каст фæууогæй (1930 анзи) иссæй аци газети сæйраг редактори хуæдæййевæг, анзи фæсте ба – редактор.
Бæдой-фурт адтæй зундгонд æхсæнадон архайæг дæр. 1931-1937 æнзти адтæй партий Цæгат Иристони бюрой иуонг, облæнхæсткоми иуонг. 1937 анзи ’й равзурстонцæ Цæгат Иристони финсгути Цæдеси сæрдарæй æма журнал «Мах дуг»-и редакторæй. Раст еци анз ба ’й рацох кодтонцæ партийæй, финсгути Цæдесæй æма ин тæрхонгонд æрцудæй. 1955 анзи æй исуæгъдæ кодтонцæ æма реабилитацигонд æрцудæй. Иристонмæ исæздæхгæй, куста Хумæллæги райони газет æма газет «Социалистическая Осетия»-йи.
Пенсий рацæугæй е ’ргом æнæгъæнæй дæр раздахта литературон исфæлдистадæмæ – ниффинста очерктæ, радзурдтæ, романтæ. Рацудæй ин публицистики æма прози берæ киунугутæ.
Чи хъуыды кæндзæни, чи ма йæ зоны?
Топпы фæздæгмæ махæн нæ цард…
Уыцы змæстыты, уыцы тæвд боны
Иу къухы топп куы уыд, иннæйы – кард.
ХЪАМБЕРДИАТЫ Мысост
Æрæги рауолæфунмæ бацудтæн Хетæгкати Къостай номбæл паркмæ. Еу хорварс рауæн къелабæл æрбадтæн. Мæнæ дзубандигæнгæ ’рбацæунцæ æма мæ фарсмæ, еци къелабæл иннæ кæрони, æрбадтæнцæ дууæ лæги. Сæ дзубанди мæнмæ дæр игъустæй. Ци бæрæгбон æрцæуй – Цæгат Иристони автономий юбилейи бон – уой кой кодтонцæ.
– Бæрæгбон ма ци хузи искæнонцæ, уой нæбал зонунцæ æма нур ба автономий бæрæгбон æримистонцæ. Цæмæн гъæуй? Сæдæ анзи дæр ма зæгъæ, кенæ мин анзи…
Ка ’й зонуй, бæрæгбон цæмæн кæнæн, еци æнзти дæргъи нæ адæми къохи ци устур æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй политикон, экономикон æма культурон цардарæзти, уоми аци дууæ адæймаги сæхуæдтæ дæр æнцæ раззæгтæй. Фал сæ бакастмæ гæсгæ адтæнцæ æмбес кари лæгтæ. Паддзахи дзамани цард ка нæ æрæййафта, уæдта, адæмтæн автономий бартæ ка равардта, еци революций размæ адæм куд цардæнцæ, уой æхе цæститæй ка нæ фæууидта, уæхæнттæ адтæнцæ.
Фал мах еуминкъий фæстæмæ ракæсæн æма нæ цæстингас рахæссæн, абони бонтæмæ ци нæдтæбæл цудан, уонæбæл.
ЦАРД НÆ РАЗДÆР ÆХУÆДÆГ ИСАХУР КОДТА…
Феврали æма Октябри революцити цаутæ мæн æрæййафтонцæ лæдæрунгъон лæхъуæнæй – æвддæсанздзудæй. Фæууидтон ма паддзахи доги зæнхкосæг лæги мæгур æма æгадæ цард. Медтугъди стъæлфæнтæ, Советон хецаудзийнадæ ниффедарунбæл тох, индустриализаци, коллективизаци… Уæд æз адтæн фæскомцæдесон. Еци æнзти мæ райгурæн Цæгат Иристон дæр иссæй хуæдбарæ советон автономон бæстæ.
Абони, не ’стур бæрæгбони къæсæрбæл, мæ зæрдæбæл æрбалæуунцæ, мæ карæн фæскомцæдесонти хæццæ куд тох кодтан нæ хуæдбарæдзийнадæ багъæуай кæнунбæл – гъома, сæребарæдзийнадæ нин ка равардта, еци Советон хецаудзийнадæ ниффедар кæнунбæл.
Фæскомцæдесон организаци Иристони зæнхæбæл тæккæ фиццаг фæззиндтæй 1918 анзи. Къуар биццеуи æма кизги бамбурд æнцæ Дзæуæгигъæуи, æма сæ турусабæл ниффинстонцæ «Фæсевæди коммунистон Цæдес «Спартак». Адтæнцæ си: Михаил Никонов, Василий Кудрявцев, Андрей Гармаш, Хетæгкати Петр, Нинæ Зубкова æма иннетæ. Гъулæггагæн, уоййасæбæл дæргъвæтин нæ рахаста еци минкъий организаций карнæ: уайтæккæдæр сæмæ æрбалæбурдтонцæ Деникини уорсгвардионтæ æма сæ ниххæлеу кодтонцæ, кедæрти ба си маргæ дæр ракодтонцæ.
Фал уæддæр нæуæг цардарæзтбæл тохгæнæг фæсевæди архайд бундоронæй искунæг кæнун ба знæгти бон нæ бацæй. Советон хецаудзийнадæ знæгтæ кæд фехалдтонцæ, уæддæр – рæстæгмæ. Цалинмæ «уорситæ» Терки бæсти хецауеуæг кодтонцæ, уæдмæ сæ къилдунмæ агъазиау куст кодтонцæ фæскомцæдесонтæ, гъулæггагæн, уой туххæй историй зингæ бæлвурд æвдесæнтæ нæ байзадæй.
Дуккаг хатт æма, куд фæззæгъунцæ, муггагмæ фæскомцæдесон организаци Цæгат Иристони райгурдæй 1920 анзи, Советон хецаудзийнадæ бустæги ку æрфедар æй, уæд.
Æз дæр уæд, гъæуккаг зæнхкосæг биццеу, мæ хъисмæт исбастон фæскомцæдеси æма Коммунистон партий хæццæ.
Уомæй минкъий раздæр æз каст фæдтæн гъæуккаг скъола. Мæнæй фулдæр ахурдзийнадæ ме ’мбæлттæй, дууæ-æртемæй фæстæмæ, некæмæ адтæй. Иннетæй ба ка бустæги æнахургонд адтæй, ка ба зудта уотид кæсун-финсун, фæйнæ еу-дууæ анзи исахур кодтонцæ гъæуккаг скъолай.
Нур, еци рæстæгути цаутæбæл дæсгай æнзтæ ку рацудæй, уæд фæсевæдæн ку фæдздзорун уæди фæскомцæдесонтæ æма уони гъуддæгути туххæй, идейон æгъдауæй куд еузæрдиуон адтæнцæ партий гъуддагбæл, куд зæрдиагæй архайдтонцæ нæуæг цардарæзти сæрбæлтау, сæ уодтæ не ’вгъау кæнгæй, куд цудæнцæ Советон гъуддæгутæ багъæуай кæнунмæ, уæд мæ десгæнгæй ахид рафæрсунцæ:
– Нæдæр киунугæй, нæдæр политикæй фагæ ахур ку нæ адтæнцæ, уæд кæцæй адтæй фиццаг фæскомцæдесонтæмæ уæхæн еузæрдиуондзийнадæ æма разæнгарддзийнадæ?
Æма син æз кæддæриддæр раттун уæхæн дзуапп:
– Цард сæ раздæр æхуæдæг исахур кодта!..
Цæмæй æма куд, уой туххæй мæ равдесун фæндуй уæди цардæй цалдæр дæнцæни, кæми исгъомбæл дæн (Беслæнигъæуи), уоми мæхуæдæг ке фæууидтон, уæхæнттæ.
Беслæнигъæу берæ ирон гъæутæй уæлдай адтæй, гъæздугутæ æма сæудегергæнгутæ берæ кæми цардæй, уæхæн гъæу. Минкъий си нæ адтæй, æхе ездæнттæй ка исхудта, уæхæн муггæгтæ дæр.
Гъе æма Октябри революций размæ ами æрæмбурд æнцæ, еци «ездæнтти» æвзурст лæгтæ æма тæрхон кодтонцæ, «сау адæммæ» ци цæстæй кæсун гъæуй, уобæл. Æма рахастонцæ унаффæ:
«Нæ дæлдæртæ æма нæ косæг адæми ’хсæн хæлеу кæнæн уæхæн зундирахаст, цæмæй патриотон цæстингас даронцæ æма сæхе фиди хузæн уарзон цæстæй кæсонцæ махæн æлдардзийнадæ ка равардта, еци паддзахмæ. Цийфæнди хузи революционертæ ку фæззинна нæ адæми ’хсæн, уæд сæ искунæг кæнунбæл архайæн æнауæрдгæй. Нæ кизгутти лæгтæмæ ма дæттæн, уæдта айдагъ е нæ, фал дзубанди дæр ма кæнетæ, нæхецæй дæлдæр ци муггæгтæ ’нцæ, еци адæми хæццæ. Нæ дæлбарæ ци муггæгтæ ес, уонæн маци дзорæн, талингæ æма æнæфæууиндæй цæмæй цæронцæ, уой туххæй. Нæхецæн сæ косун кæнæн, сæ сувæллæнтти ба син скъоламæ ма уадзæн».
Рагон цаутæ имисун алкæд æхцæуæн нæ фæуунцæ, уæлдайдæр зæрдæбæл хуарзæн ке нæ дарис, уæхæн ку уонцæ, уæд. Фал уони дæр еуæй-еу хатт æнæ æримисгæ нæ фæууæн, цæмæй сæ абони царди хæццæ рабарæн.
…Беслæни вагзали адтæй дууæ зали: еу – фиццаг кълас, иннæ – дуккаг. Фиццаг къласи адтæй ресторан. Цæун имæ уагътонцæ, европаг дарæс кæбæл адтайдæ, айдагъдæр уæхæнтти. Æ бацæуæн дуарбæл ба финст адтæй: «Ардæмæ хуæнхæгтæн æма куйтæн цæуни барæ нæййес».
Еци æгъдау æнхæст кæнунмæ æ цæстæ ка дардта, уонæй еуебæл æрцудæй уæхæн цау. Еу хатт дуаргæс еу лæги фæстæмæ расхуста хуæнхаг дарæси еци дуарбæл ку бахизтæй, уæд:
– Кумæ æмпурсис, азиат? Нæ уинис, уæлæ уоми ци финст ес, уой? – байамудта ин дуарбæл финстмæ.
Еци «азиат» ке исхудта, е разиндтæй паддзахи æфсади афицер, беслæнигъæуккаг Торчинти Бицка. Æ сабийдоги Бицка берæ фæххаттæй фонси фæдбæл. Æма афицери цин ку райста, сауæнгæ уæддæр нæ фехалдта æ ахур: цудæй æнæцъарæ кæрци, нæхемæ æркъети æма уæлдзарм ходи. Æ къохи ба еудадзугдæр хаста даргъгомау фиййауи лæдзæг. Кæрци медæгæй дардта нæхемæ цъæх цохъа, афицери пъагæнтти хæццæ.
Дуаргæси æфхуæрæн загъд Бицкайæн хъæбæр гъулæг адтæй. Æ фиййауи лæдзæгæй ин æ рагъæн еу цæф фæккодта «номæвæрæггаг». Æ гъæр иссудæй. Æ гъæрмæ ин рауадæнцæ жандармтæ. Фал хабар ку балæдæрдтæнцæ, уæд сæхуæдтæ хатир ракурдтонцæ Бицкайæй.
Уæхæн æма æндæр аллихузон миутæ цудæй паддзахи дзамани иннæ гъæути дæр. Адæмæн сæ тог фунхтæй уæхæн æгъдæуттæмæ кæсгæй, фал сæ бон ци адтæй?
Уæдмæ æрцудæй еу революци – паддзахи æ бунатæй исистонцæ. Адæм уобæл хъæбæр бацийнæ кодтонцæ. Уомæн æма алкедæр æхецæн хуæздæрмæ æнгъæлмæ кастæй. «Сæребарæ», зæгъгæ, еци æхцæуæн загъди хæццæ алкедæр баста æхе царди идарддæри фæндитæ: зæнхкосæг æнгъæлмæ кастæй зæнхæ райсунмæ, заводи косæг – аст сахатти косгæ бонмæ. Фал паддзах кæд тард æрцудæй æ бунатæй, уæддæр хецауадæ адæми къохтæмæ нæ бахаудтæй. Рæстæгмæ хецауадæ ке худтонцæ, уой, фиццагидæр, адæм базудтонцæ, тугъдæн кæрон искæнунмæ ке нæма гъавунцæ, уомæй. «Цæмæй нæ сæребарæдзийнадæ багъæуай кæнæн, уой туххæй тугъд кæронмæ рахъæртун кæнун гъæуй. Амæй уæдмæ бал аст сахатти косгæ бонбæл дæр нæма дзорæн. Пъамещикти зæнхитæ дæр уой фæсте райсдзинан».
Уотæ дзурдтонцæ, центри ци рæстæгмæ хецауадæ адтæй, етæ. Уомæ арæзт адтæй, еци хецауадæн æндæр бунæтти ци оргæнтæ адтæй, уони архайд дæр, уомæн æма си гъар бунат æркодтонцæ буржуазий минæвæрттæ – меньшевиктæ æма эсертæ.
Фæстегæй нæ байзадæнцæ хуæнхаг адæмти нæуæг хецæуттæ дæр. Хестæр фæлтæрæй ма нур дæр беретæ гъуди кæнунцæ «Хуæнхаг адæми Цæдес», 1917 анзи сæрди фронтæн бæхтæ, хуар æма æндæр уæхæнттæ тагъд-тагъдæй куд æлхæдтонцæ, уони.
Еци анз газет «Терк»-и 10 мартъий номери «Хуæнхаг адæмти еумæйаг Цæдеси» Центрон Комитети номæй мухургонд æрцудæй:
«Æфсæддон æма денгизон министр Керенскиймæ.
Петроград. Цæгат Кавкази æма Дагестани хуæнхаг адæмти еумæйаг Цæдеси Центрон Комитет сæрустур æй, ду ци бæгъатæр фæдздзурд фæккодтай, сæребарæ багъæуай кæнуни сæрбæлтау размæ æмпурсуни туххæй, уой тæккæ фиццæгти хæццæ фегъустонцæ æма имæ разæнгардæй рандæнцæ мах æнсувæртæ – Кавкази сæребарæ æфсæддонтæ – туземаг дивизи. Центрон Комитетæй æруагæс кæнуй, сæребарæ багъæуай кæнуни гъуддаги Цæгат Кавкази хуæнхаг адæм дин ке уодзæнæнцæ федар нифс.
Комитети сæрдар, Цæцæни бæхгин полкки ротмистр Топа Чермоев».
Ка адтæй Топа Чермоев? Паддзахи афицер, цæцæйнаг пъамещики фурт, Грознай нефтигурæнти хецау. Æма уæхæнттæ, гъай-гъайдæр, архайдтонцæ «тугъд кæронмæ» рахъæртун кæнунбæл.
Фал адæми хъаурæ æма фарнæй къæдзæх дæр ниннæруй, фæззæгъунцæ. Талингæ хуæнхаг адæм æма се ’фсæддонтæ рæстæгмæ æууæндтæнцæ сæ нæуæг хецæуттæбæл, уомæн æма сæ сайдтонцæ сæребари номæй. Игъустонцæ сæмæ, цалинмæ син большевиктæ, Октябри социалистон революци сæ цæстити баст нæ райхалдтонцæ, уæдмæ.
Фал бæстæ тагъд нæма æрсабур æй Октябри революций фæсте дæр.
ÆНДОН АРТÆНДЗАРÆНИ ÆХСЕДУЙ, ЛÆГ БА – НÆРТОН ГЪУДДÆГУТИ
…1918 анз. Контрреволюци рæстæгмæ фæууæлахез æй Терки бæсти. Еци тæссаг бæнтти Дзæуæгигъæуи хонсарæрдигæй кадетти корпуси бæстихаййи æрæмбурд æнцæ Терки бæсти адæмти минæвæрттæ. Ка си адтæй кавказаг цохъай, ка – европаг костюми, ка – æфсæддон дарæси. Сæ еугур дæр ардæмæ æрцудæнцæ сабурдзийнадæбæл бадзубанди кæнунмæ. Уотемæй си алкедæр адтæй тугъдефтонг, æд тохæндзаумæуттæ. Кæрæдземæ кастæнцæ æнæууæнкæ цæстæй.
Еци æмбурди трибуни Коммунистон партий номæй адæммæ седтæй Серго Орджоникидзе:
– Фæллойнæгæнæг дзиллитæ ардæмæ, мæнмæ гæсгæ, рæсугъд дзубандитæмæ игъосунмæ не ’рбацудæнцæ, – дзурдта Серго, – фал æрæмбурд æнцæ облæсти ци змæнститæ ес, уони басабур кæнуни туххæй. Уомæн æма цалинмæ мах кæрæдзей дзубандитæмæ игъосæн, уæдмæ еу адæми дзармадзанти цъухтæ арæзт æнцæ иннæ адæммæ… Æлгъистаг фæууæд, еци тогкалæн тугъд ке фæндуй, е!
Еци сахат фæллойнæгæнæг адæм ба æнгъæлмæ кастæнцæ сæ минæвæртти унаффæмæ. Цæмæй адæм кæрæдзей мабал цæгъдонцæ, уомæн ци хуасæ ес, уой базонун фæндадтæй алкедæр. Серго син лæвардта цубур æма бæлвурд дзуапп:
– Тохмæ! Большевикти хæццæ еумæ Советон хецаудзийнадæ багъæуай кæнунбæл тохмæ! Айдагъ уотемæй ес сæ цард исаразæн фæллойнæгæнæг адæмæн».
Фал цард куд исаразун гъæуй, уой туххæй æндæр унаффæгæнгутæ дæр адтæй.
…Иристони устурдæр гъæутæй еу – Æрæдони æрæмбурд æнцæ ирон адæми «разагъди» лæгтæ: буржуазон националисттæ, контрреволюцион инæлартæ æма афицертæ, саугинтæ æма моллотæ. Етæ дæр се ’мбурд исаразтонцæ сæхе парти, нæуæг цардæн разамунд ка дæтдзæнæй, уæхæн. Хетæгкати Къоста дзилли цæсти куд цитгин æй, уой хуарз зудтонцæ аци «цардаразгутæ» æма уомæ гæсгæ сæ партибæл исæвардтонцæ адæмон финсæги ном – «Къостай къуар».
Циуавæр хуарз гъуддæгутæй зæрдæ æвардта еци парти ирон фæллойнæгæнгутæн? «Зелгæ думгæ исистадæй, зелгæ думгæ уруси бæстæбæл, æма пурхæ кæнуй, цæбæл æмбæлуй, уони, – финстонцæ сæ программи. – Хъæбæр тас æй, мах дæр кæрæдземæ ку фæууæн, уомæй…
Махмæ нæ адтæй зæнхгинтæ, адæми тогцъиртæ, махмæ нæ адтæй æма нæййес фабрикти æма заводти хецæуттæ, адæми фæллойнæй æхецæн бунтæ ка аразта. Æмхузон мæгур адæм ан мах нæ еугур дæр, хонхæй будурмæ: алкедæр ни цæруй æхе уоди фæллойнæй…»
Куд нæ баууæндтайуонцæ еци таурæхътæбæл хумæтæг фæллойнæгæнгутæ! Туйгъанти Амурханæн паддзах балæвар кодта 20 мин дæсæтини Дигори фæллойнæгæнгути зæнхитæй, нарон седзæргæс ба е ’стонг сувæллæнттæн хъæдори бæсти дортæ фунхта.
Рагон царди хабæрттæ имисгæй ма мæ фæндуй 1919 анзи цаутæй еуей кой ракæнун, мæхуæдæг ке фæууидтон, уæхæн. Е адтæй зумæги, еу уазал сæумæ. Беслæнигъæумæ æрбампурстонцæ балберæгътæ – Деникини уорс æфсæдтæ. Сæйгæ æма стонг сурхæфсæддонти цагътонцæ топпæй æма кардæй, пулеметтæ æма дзармадзантæй. Абæргутау, адæми хæдзæрттæ, скъæттæ, кæркдæнттæ къахтонцæ.
Тугъд ку фæссабурдæр æй, уæд станци фæзæмæ бæхгин æфсæддонти къуари разæй бацудæй инæлар Ляхов. Гъæуи «æвзаргæ» адæм æма контрреволюцион афицертæ рацудæнцæ æ размæ, цæнхæ æма кæрдзини хæццæ. Инæлари къохмæ равардтонцæ ирон æртæ къерей æма ин загътонцæ:
ÆМА НÆУÆГ ЦАРДИ ХОР РАКАСТÆЙ ИРИСТОНБÆЛ…
– Исахуадæ нæ цæнхæ æма кæрдзинæй, цитгин инæлар, æма нин дзæбæх æгъдæуттæ æрæвæретæ. Ирон адæм уин зæрдиаг æгасцæуай зæгъунцæ æма Хуцауи иуазæг уотæ.
Инæлар уæлбæхæй райста хунæ æма ’й, цума æцæгæйдæр ковгæ кæнуй, уой хузæн дзурдта:
– Уæ зæрдæмæ ци нæ цæуй, мах уин уæхæн хецауадæ æрæвæруйнаг нæ ан. Куддæриддæр уæ фæндуй, уотæ уæ цардæн уæхуæдтæ унаффæ кæнетæ. Мах агорæн айдагъдæр большевикти æма партизанти, уæдта мæнæ керменисттæ ке хонетæ, уони.
Еци дзубандити фæсте æвзестæй арæзт сикъай дзаг арахъ раниуазта æма æ цæсгон ранхъирдтæ кодта, цума цъæх æхсинцъæ рахуардта, уой хузæн, уæдта цихтгунæй дæр райахуста.
Уæдта идарддæр дзорун райдæдта:
– Деникини домбай æфсад æнæгъæнæ Уæрæсей аразуй уæлæбæл дзенет. Мах нæ зæрдæ дарæн бæгъатæр хуæнхаг адæмбæл, еци дзенет исаразуни сæрбæлтау не ’фсади рæнгъити ке косдзинайтæ рæстæй. Хуцау уин фæййагъаз кæнæд аци устур гъуддаги!
Инæлар æ дзубанди фæцæй уотæ:
– Фидæй-фуртмæ хуæнхаг адæм тухстæнцæ давуни гъуддагæй. Абони уомæн æ кæрон æрцудæй. Мах сæ уедагæ исæскъундзинан давгутæн. Нурæй фæстæмæ уæ федар скъæттæ аразун нæбал гъæудзæнæй: уæ бæхтæ уин некебал давдзæнæй.
Еуминкъий ку рацардæнцæ, æма, адæмæн сæ бон ци æй исаразун, уой ку равдистонцæ, уæд еци бæнтти æмбал Киров газет «Правда»-йи уотæ финста: «Раст ку зæгъæн, уæд Деникини æфсæдтæ ке «басастонцæ» Кавкази облæсттæй, уоми алли рауæнæй дæр æнæрæнцайгæй игъусуй дæсгай æма сæдæгай мин адæймæгути гъæрзун æма кæун».
Фал нæуæг царди хор ракастæй Иристони зæнхæбæл 1920 анзи мартъий мæйи. Уæд уорс æфсæдти фæссурдтонцæ бустæгидæр, æма æрфедар æй Цæгат Иристони зæнхæбæл Советон хецаудзийнадæ.
Уæхæн хабæрттæ ке фæууидтонцæ уæди фæсевæд сæ алфамбулай царди, уомæ гæсгæ æнахургонд биццеутæ æма кизгутти берæ гъуди кæнун нæ багъудæй: Ленини партий фæдздзурд æнцонæй балæдæрдтæнцæ æма æнæдузæрдугæй ниллæудтæнцæ фæсевæди коммунистон Цæдеси. Æдæрсгæй цудæнцæ уодуæлдай тохмæ революций гъуддаги сæрбæлтау.
Уæлдæр куд загътон, уотæ, советон хецаудзийнадæ Ири зæнхæбæл ку æрфедар æй, уæд нæуæгæй райгурдæй фæскомцæдесон организаци дæр. Гъæути кезугай арæзт цудæй фæскомцæдесон къуæрттæ. Заводти æма фабрикти дæр.
Инсæйæймаг æнзти фæскомцæдесонæн æ дзиппи, фиццагидæр, адтæй æвдесæндар – дууæ дудагъи бæзгин гæгъæдийæй минкъийгомау киунугæ, æртæтегъон мухур æвæрдæй. Финст ба си адтæй: «Аци гæгъæди равдесæгæн (ном æма муггаг) æцæгæйдæр ин тохæндзаумау хæссуни барæ ке ес (топп – уæхæн номер, дамбаца – уæхæн номер). Уой худтонцæ тæккæ ахсгиагдæр документ, уомæн æма æнæ гæгъæдийæй тохæндзаумау хæссуни барæ некæмæн адтæй. Æнæ уонæй ба цæуæн нæ адтæй, уомæн æма ма еци бæнтти уорсити байзайæггæгтæ æма уони хузæн алли давгутæ еумæ лæбурдтонцæ зæнхкосгутæмæ сæ кусти уæлгъос, мардтонцæ æхсæнади косгути.
(Уодзæнæй ма).