21 ноября 2024

БУДЗУЛА

08.06.2024 | 16:11

Сæбанти Тазей фурт Хаджумар (фæсномугæй æй адæм фулдæр зонунцæ Будзулайæй) æ сабийбонти нæ зудта, æ царди фулдæр хай зинæвзарæнтæй ке уодзæнæй, уой. Райгурдæй 1929 анзи Дигоргоми Нари гъæуи. Фиццаг зинæвзарæн æй æрахæста, дууæ анзи ибæл нæма исæнхæст æй, уотемæй, уæззау сæйгæ фæцæй, е ‘сдзæбæхи уæнгæ дæр æ бæрæг кæмæн нæ базудтонцæ, уæхæн незæй. Дигоргоми уæд уæлдæр ахур кæмæ адтæй, уæхæн дохтир нæ адтæй. Ка фæссæйгæ уидæ, уони дзæбæх кодта, еугур коми ци еунæг фельдшер адтæй, е. Æ бон ци адтæй, уой бæргæ кодта, фал уæхæн уæззау незæн ба æ бон нæ адтæй исхъаурæ кæнун.

МАДИ ÆВÆЛЛАЙГÆ ФÆЛЛОЙНИ ФÆРЦИ ЕРВАЗТÆНЦÆ БИЙНОНТÆ

Будзула фæссадæй æртæ анземæ хæстæг. Исдзæбæх ма уодзæнæй, уобæл æ зæрдæ некебал дардта, фал, æвæдзи, а адзал нæма адтæй, æма бауæр незбæл тухгиндæр кæнун байдæдта æма анзи æрдæгмæ æхе нифсæй хезун райдæдта. Авд анзи ибæл ку исæнхæст æй, уæдмæ е ‘нæнездзийнадæ фагæ æрфедар æй æма е ‘нгæртти хæццæ Задæлески скъоламæ цæун райдæдта. Тæккæ фиццаг бонæй фæстæмæ дзæбæх фæццалх æй ахурбæл.

Зин зæгъæн æй, ку неци æй бакъулумпи кодтайдæ, уæд æ идарддæри ахур куд рацудайдæ, е, фал ин карнæ е ‘взонг рагъмæ багæлста æверхъау устур уаргъ. Хаджумар æртиккаг къласмæ ку бацудæй, уæд сæ фидæ Тазе цубур сæйги фæсте 42-анздзудæй æ цардæй рахецæн æй. Се ‘взонг мадæ Хадзигуа æнæнгъæлти райзадæй æхсæз сувæллоней хæццæ седзæргæсæй. Ци зæгъун æй гъæуй, авд бийнойнагей дарæги æрбайсæвд еци æригон мадæн хъæбæр уæззау цæф ке адтæй, уой.

Мадæ куд тухстæй, уой уингæй æ дууæ биццеуи дæр (æ хестæр Харитон уæд бахизтæй æхсæзæймаг къласмæ Мæхчески æнæнхæст астæуккаг скъолай) батухстæнцæ æма мадæн байагъаз кæнуни туххæй исфæндæ кодтонцæ сæ ахур ниууадзун. Мадæ сæ ку бафарста, скъоламæ цæмæннæ цæунцæ, уобæл æма син се ‘нагъон зунди фæндæ ку балæдæрдтæй, уæд æ цæстисугтæ гæр-гæрæй æрæгъзалдæнцæ æма æ биццеутæмæ батхалдта: «Мæ зæрдтæгтæ, æнойдæр мæ зæрдæ тонгæ ку кæнуй фур ристæй, уæд мин ибæл сумах ба ма цæмæн æфтауетæ? Тæккæ исон куд рандæуайтæ скъоламæ æма еунæг бон дæр куд нæбал фæццох кæнайтæ, уотæ. Е мин уодзæнæй уæ хуæздæр агъаз. Сумах нæ зонетæ, æнахургондæн цæйбæрцæ зиндæр цæрæн æй, уой».

Æцæгæй, еци бонæй фæстæмæ си некебал фæццох кодта ахури бонтæ. 1940 анзи дууемæй дæр фæцæнцæ каст се скъолатæ: хестæр Мæхчески авданзон скъола, Хаджумар ба Задæлески райдайæн скъола.

Будурæй хонхмæ уал бийнойнаги хъæбæр зин дарæн адтæнцæ. Дæ фудгол бавзарæд, аци бийнонтæ сæ фиди фæсмæрдæ дууæ анзей дæргъи хонхи æвадуат уавæрти ци бавзурстонцæ, уой. Хадзигуа е ‘сæвд хæдзардари бæсти нур ба хуасдзау дæр æхуæдæг адтæй, согдзау дæр æхуæдæг адтæй, хумгæрдæг дæр æхуæдæг адтæй, колхози будури куститæмæ цæуæг дæр æхуæдæг адтæй, еудзурдæй, алцидæр æхемæ кастæй. Æ сувæллæнтти агъаз æй кæми гъудæй, уоми уони дæр уæгъдæ нæ уагъта.

Еци еугур æвзарæнтæн зин бабухсæн адтæй медхонх царди уавæрти, æма Хадзигуа исфæндæ кодта æ бийнонти цæрæнуат будурмæ раййевун. Берæ сагъæсти фæсте цæрæнбунатæн равзурста Дур-Дури гъæу. Æ биццеутæ куддæр каст фæцæнцæ се скъолатæ, уотæ 1940 анзи фæззæги ралигъдæнцæ Дур-Дурмæ.

Цалинмæ сæхецæн хæдзари амал кодтонцæ, уæдмæ сæ сæхемæ цæрунмæ бакодтонцæ æ хуæрæ Маря æма æ сиахс Легкойти Залун. Уæдæй фæстæмæ, цæветтонгæ, сæ цард фæррæвдзæдæр æй. Хадзигуа колхози косун байдæдта, æ хестæр биццеу Дур-Дури астæуккаг скъолай 8-аг къласмæ бацудæй æма уоми ахур кæнун байдæдта, хæдзарæ искæнунбæл дæр архайдтонцæ Хадзигуайæн æхе хæццæ æ хæстæгутæ дæр.

Кæд еумæ райсгæй, бийнонти уавæр еуминкъий фæррæвдзæдæр æй, уæддæр царди гъæуагæдзийнæдтæ нæ фæррæуæгдæр æнцæ. Уомæ гæсгæ Хадзигуа не ‘сарази æй дууæ биццеуей ахурæй фæццох кæнунбæл, фал Хаджумарæн ба уадзгæ ‘рцудæй æ ахур æма е дæр райдæдта колхози косун. Хæдзари нæлгоймæгти куститæ дæр уомæ кастæнцæ: сог æрласунæй дæр, дзæхæра гъуд кæнунæй дæр, фонсмæ кæсунæй дæр.

Еци цардиуагæ дæр син берæ нæ рахаста. Еугур адæми æнамондæн 22 июни 1941 анзи фашистон Германи гадзирахаттæй æрбампурста Советон Цæдесбæл, райдæдта Устур Фидибæстон тугъд.

Адæмæй тохунгъон кадæр адтæй, уони фронтмæ ракодтонцæ. Гъæуи ма байзадæнцæ зæрæндтæ, æнагъон фæсевæд æма силгоймæгтæ.

Хаджумар хъазауат куст фæккодта колхози тугъди райдайæнæй ба 1950 анзи уæнгæ, еци хъазауат кусти туххæй æй Советон хецауадæ исхуарзæнхæ кодта майданæй «За доблестный труд в Великую Отечественную войну 1941-1945 годы». 1950 анзи ба ‘й ракодтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ. Ами дууæ анзей дæргъи баслужбæ кæнуни фæсте уæззау сæйгæ фæцæй, æма ‘й æфсади рæнгъитæй исуæгъдæ кодтонцæ æмгъудæй раздæр.

«УÆХÆН БИЦЦЕУÆЙ ЛÆГЪУЗ ЛÆГ РАУАЙÆН НÆЙЙЕС!..»

Æ незæй ку фæдздзæбæх æй æма æхебæл æ зæрдæ ку бадардта, уæдæй фæстæмæ нæуæгæй косун райдæдта колхози дæр, хæдзари дæр, уомæн æма имæ æндæр фæккæсæг нæ адтæй, æ хестæр æнсувæр уæд Мæскуй ахур кодта, мади бон ба нæлгоймаги куст кæнун нæбал адтæй.

Хаджумар 1957 анзи бийнонтæ æрхудта, æма ибæл дууæ анзи ку рацудæй, уæд Горæтгæрон районмæ раййивта æ цæрæнуат. 1964 анзæй фæстæмæ ба цардæй Камбилеевски гъæуи. 1966 анзæй фæстæмæ дæр æ уæззау куст нæ ниууагъта, цалинмæ 1989 анзи пенсий рацудæй, уæдмæ: æхсæз анзи металлургти Галауани пълотникæй фæккуста; æртæ анзи Горæтгæрон сæрмагонд хæдзаради фæккуста гъæдæй аллихузи дзаумæуттæ амайæгæй; 1975 анзæй фæстæмæ ба ист æрцудæй Орджоникидзей гъæди хæдзарадæмæ проектон-конструкторон къуари хестæр инженери бунатмæ.

Мах адæми ‘хсæн искурдиадæгин адæймæгутæ минкъий нæ ‘нцæ. Зæгъун æнгъезуй, аййевади алли къабази дæр нæмæ уæхæн искурдиадæгин адæймæгутæ берæ ес. Уонæй мах сæ еугуремæй дæр сæрустур ан. Хаджумар уони æхсæн хецæн бунат ахæссуй. Æнæсеккæй алæмæти æрдзон лæвар ин æй.

Дес фæккæнун, еу гъуддаги кæмæ фæууй искурдиадæ, уонæбæл. Куд ма бадес кæнæн Хаджумарбæл, кæцимæн æрдзæ нæ бавгъау кодта уойбæрцæ гъуддæгути дессаги искурдиæттæ: е дин хузæ кæнунмæ, е дин зарунмæ, е дин гъæдæй скульптурæ кæнунмæ, е дин дорæй амад скульптуритæ, е дин гъæди дæсниадæ, е дин пълотники дæсниадæ, е дин агоридоргæнæги дæсниадæ. Аци дæсниæдтæй Хаджумари бон æ бийнонтæ фæддарун адтæй сæ кæцифæнди фæрци дæр, фал е ‘ргом еугурæйдæр раздахта зарун æма маслæбæл конд хуарæнтæй хузтæ кæнунмæ.

Хаджумар некæмæй неци фегъуста, æма æхе зæрдтæй исдæсни æй зарунмæ, уотæ зæгъун рæдуд æй. Куд игъосгæ æрцудтæн, уотемæй Сæбантæй Нари еунæг хъаунæй фæстæмæ зарун ка нæ зудта, уæхæн нæ адтæй. Хаджумар æ фиди, е ‘нсувæрти хæццæ æрæййафта авдемæй (еугурæй адтæнцæ фараст, фал си еу рамардæй Америки, иннæ ба Нари биццеуæй). Еци авдемæй зарун ка нæ зудта, уæхæн нæ адтæй. Ести бæрæгбон сæмæ ку уидæ, уæд алкæддæр исаразиуонцæ еристæ зарунмæ (еци æвæрд æгъдау некæд фехалдтонцæ). Еци еристи сæмæ сæ сабийтæ лæмбунæг игъосиуонцæ æма гурусхаг нæй, Хаджумар дæр æма æ хестæр æнсувæр дæр заруни лæгигъæдæ уордигæй ке райстонцæ, е.

Раздæр куд загътон, уотæ æнсувæртæ сæ будурмæ ралигъди фæццалх æнцæ гъæдæй рæсугъд дзаумæуттæ кæнунбæл, æма уоми ба Хаджумармæ игъосæ, æма косгæ-косгæ зарун байдайидæ æхецæн. Уой ин сæ синхаг (нæуæг æрледзæг) искурдиадæгин курдон 87-анздзуд Темирати Темурухъ ку æрæстæфтæй, уæд иннæ синхаг лæгæн уотæ загъта: «Косгæ-косгæй зарун ци биццеумæ цæуа, уомæй лæгъуз лæг рауайæн нæййес…»

ÆНОВУДÆЙ ФÆЦЦАЛХ ÆЙ АЙЙЕВАДИ АРХАЙДБÆЛ

Гъе уотемæй Хаджумар фæццалх æй дигорон æма ирон бæгъатæртæбæл зартæ зарунбæл. Фæстæдæр æй агорун байдæдтонцæ бæрæгбæнтти адæми æхсæн зарунмæ дæр. Цубурдзурдæй ба уотæ зæгъæн ес, æма Хаджумар æ лæмæгъ хъурихатти тухæ æма бæгъатæртæбæл заруни дæсниадæ уотæ бæрзондмæ исиста æма Иристони тæккæ тухгиндæр æма дæснидæр заргæнгутæй еу иссæй. Æ заргæ хъури уагæ уойбæрцæбæл рæсугъд æма тухгин адтæй æма имæ адæм игъосунæй не ‘фсастæнцæ, беретæ ба хаттæй-хатт сæ цæстисуг дæр нæ бауорамиуонцæ.

Ирон, дигорон бæгъатæртбæл зарунæй кæд уотæ зæгъæн ес æма алли заргæнæгæн дæр ци бантæстæй, е ин бантæстæй æхе фæрци, æма е æцæгæйдæр уотæ ‘й, уæд уотæ зæгъæн нæййес аййевадæй, хузæ кæнунæй. Хузæ кæнуни искурдиадæ кæмæн балæвар кæнуй æрдзæ, уой ма, цæмæй аййевади сосæгдзийнæдтæ базона æма ин æ бæрзæндтæмæ исхеза, уой туххæй багъæуй аййевадон училище фæуун, аййевадон институти, академий исахур кæнун, дæсни хузæгæнгути разамундæй дæргъвæтин практикæ искæнун.

Хаджумармæ уонæй неци æрхаудтæй, æгæрмæгур ма ин аййевадæ ци æй, уой туххæй еу дзурд зæгъæг дæр нæ фæцæй некæд. Райдайæн скъоламæ ку цудæй, уæддæр æ зæрдæ дзурдта хузтæ кæнунмæ, фал скъолати аййевадæмæ уæди цæстингас æма ахургæнгутæн сæхе зонундзийнæдтæ уотæ дæлиау æма лæмæгъ адтæнцæ, æма ахурдзаутæй искурдиадæ кæмæ адтæй, уой раргом кæнун дæр сæ бон нæ адтæй. Уой бæлахæй берæ искурдиадæгин фæсевæди лæгигъæдтæ нæ раргом æнцæ.

Хаджумарæн еци æгъдауæй æ гъуддаг еуцæйбæрцæдæр фæррæстмæ ’й. Æ хестæр æнсувæр Харитон 1952 анзи ахур кæнун байдæдта Мæскуй Сурикови номбæл аййевадон институти. Алли каникулти дæр æ хæццæ исласидæ, ахури анзи дæргъи ци куститæ искæнидæ, уони.

Хаджумар киунугути дæр куд нæ уидта хузти репродукцитæ, фал е ‘нсувæри куститæ уинун ку райдæдта, уæд ин етæ ба æ зæрди исæвзурун кодтонцæ цидæр æнахур æнкъарæн, хъæбæр æй фæндун байдæдта хузтæ кæнун æма уæдæй фæстæмæ нæбал зудта æнцойнæ хузтæ кæнунæй.

Анзæй-анзмæ имæ фулдæрæй-фулдæр кодтонцæ æ нæуæг куститæ. Æргом дзурди къæмæ нæййес. Кадæртæ уотæ дæр нимадтонцæ, гъома, еци куститæ  аййевадæмæ идард лæуд æнцæ. Фал уæддæр бæрæг адтæй, фæстæдæр еугуремæй дæр баруагæс æй, раст надбæл ке архайдта æма син еууæхæни аййевади рæнгъитæмæ æнæбахъæртæн ке нæ адтайдæ, е.

Æ ИСФÆЛДИСТАДÆЙ РОХС КОДТА ДЗИЛЛИ ЗÆРДИТÆ

Евгъудæнцæ æнзтæ, уой дæр уæхæн æнзтæ, кæцити дæргъи Хаджумар æвæллайгæй хъиамæт кодта инсæй анзи æнæсцохæй фæттох кодта, цæмæй æ конд хузтæ аййевади уæлдæр æмвæзадæмæ исхъæртонцæ, уобæл. Æма æ хъазауат нæ фæдздзæгъæли æй – 1971 анз нимайун æнгъезуй æ фæууæлахези анзбæл. Зæгъæн ес, гъеуæд ирдæй-ирддæрæй рабæрæг æй, æ кустити дæсниади ахедундзийнадæ бæрзонд аййевади уæлвæзади ке æрбунат кодта, е. Еци анз Хаджумарæн адтæй æ равдистити фиццаг къахдзæф, уæдæй фæстæмæ ахидæй-ахиддæр архайун байдæдта аллихузон равдистити.

Æ фиццаг равдист ба арæзт æрцудæй Горæтгæрон райони Камбилеевски гъæуи астæуккаг скъолай. 1972 анзæй фæстæмæ уæхæн анз æстæн адтæй, æ куститæ ин кæд нæ байагурдтонцæ еу, кенæ дууæ хатти алли рауæнти  арæзт равдиститæмæ: фараст хатти архайдта Дзæуæгигъæуи равдистити уонæй æртæ хатти – 1992, 2000, 2002 æнзти равдиститæ адтæнцæ сæрмагонд. Мæскуй равдистити архайдта 1974, 1977, 1978, 1985, 1996 æнзти. Сахар Суздали равдистити архайдта 1976 æма 1979 æнзти. 1977 анзи архайдта еу рауæнæй иннæ рауæнмæ æййевгæ равдисти Польший, Германий, Чехословакий, Англиси. 1980 анзи ба – Грознай Иристони хуæдахур хузæгæнгути равдисти. 1988 анзи архайдта, Советон Цæдеси хуæдархайæг хузæгæнгутæн Болгарий ци раййевæ-баййевæгæнгæ равдист адтæй, уоми.

«АРВИ ДУАР ФЕГОН ÆЙ ДÆ ЗАРÆЙ, БУДЗУЛА…»

Хаджумари исфæлдистадæн бæрзонд аргъ ка кæнуй, уони нимæдзæ тухгин берæ æй. Уæрæсей æскъуæлхт хузæгæнæг Бедойти Шалва уотæ загъта: «Сæбани-фурт æгириддæр неке хузæн æй». Никки ма ‘й бæлвурддæр ба уотæ балæдæрун кодта: «Хаджумармæ аййевадон ахурадæ ке нæййес, е æ бæлах нæй, фал æй æ хуарздзийнадæ. Нæййес уæхæн стандартон скъола, кæци не ‘ртасун кæнуй хузæгæнæги æма си иннети хузæн не ‘саразуй. Айæ ба бустæгидæр нæй уæхæн. Хебарæй исахур кодта, балæдæрдтæй хузæ, нивæ, композици. Кæд æма ахургонд профессионали зунди æвæрæни ахид фæууй дирзæг, æнæуод амæлтти æмбурдгонд, уæд Сæбани-фурт ба багъæуай кодта дуйнети æнæхийнæ, кæдзос æнкъарундзийнадæ æма ‘й царди уадзуй, æхуæдæг æй куддæриддæр лæдæруй, уотæ. Е арæхсуй хузæ кæнунæн цæттæгонд хъумацбæл бавдесун æ уарзондзийнадæ æрдзæмæ, адæммæ, уони уæззау уавæрмæ æма уæларвон тухтæбæл таурæхътæмæ, æхе уоди кæдзосдзийнадæ æ конд хузти раййевуй хузæмæ…»

Зундгонд уруссаг поэт Б. Слуцкий газет «Комсомольская правда»-йи (1977 анзи 17 апърели) ци уац «Высокое искусство простоты» ниммухур кодта, уоми кæнуй Будзулай кой. Журнал «Художник» 1977 анзи æ фиццаг номери ниммухур кодта Р. Закини финст уац «Многообразие дарований» Хаджумарæн æ куст «Дунги æрбадумд»-и репродукций хæццæ. Рауагъдадæ «Советский художник» ба 1979 анзи ниммухур кодта Еугурцæдесон равдистити каталог. Уоми дæр адтæнцæ Хаджумари конд хузтæ.

Цæгат Иристони адæмон поэт Хъодзати Æхсарæ (1937-2021) æ хуæрзæрдхуард Сæбанти Хаджеумари туххæй æ рæстæги ниффинста цалдæр æмдзæвги. Уонæй еуеми («Фыстæг Сабанты Будзуламæ Тæмискъæй») уотæ финста: «Ныр арвы дуар фегом дæ зардæй, Будзула. Мæ зæрдæ – дзæнæты. Уым зæдтимæ дзуры…» Махмæ гæсгæ, уотæ зæгъдзæнæнцæ, Будзулай исфæлдистади хæццæ кадæриддæр базонгæ  ‘й, етæ еугурæй дæр…

 

* * *

Аци уац фæлгонцгонд æй Будзулай конд хузтæй. Уац мухур ба  кæнæн цубуртæгондæй, æнæгъæнæй ба ин бакæсæн ес нæ газети сайти: http://gazeta-digora.ru.