ЦАРД ÆЙ РÆСТÆГМÆ, КАДÆ БА – ÆНОСТÆМÆ…
Адирхати Светланæ… Хуæрзæрæги дæр ма хъæбæр зæрдæхцæуæнæй цийнæ кодтан æ цитгин юбилейи фæдбæл, зæрдиаг арфитæ ин бæргæ кодтан… Абони ба зæрдхъурмæй хъонц кæнæн – æхсæз æма цуппаринсæйæймаг анз ибæл цæун ку райдæдта, уотемæй нæ номдзуд æмзæнхон силгоймаг æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй.
Фæстаг фæндараст ин загътонцæ Мæскуй, æ исфæлдистадон цардвæндагæй дæс æма дууинсæй анзи кæмæн иснивонд кодта, еци Устур театри.
Еци мадзали архайдта Цæгат Иристони делегаци, æ сæргъи нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, уотемæй.
Саударæн мадзали радзубанди радзубанди кодта Тускъати Таймораз дæр. Æма загъта:
– Адирхати Светлани адзал фидибæстаг культурæн, Цæгат Иристони цæргутæн иссæй, банхæст кæнæн кæмæн нæййес, уæхæн устур зиан. Аййевадæн лæггадæ фæккодта уодуæлдайæй. Уæхæн адтæй Советон Цæдеси адæмон артистки над. Берæвæрсуг искурдиадæ, фæллойнæуарзагæ, дæсниадæмæ æма балети аййевади хуæздæр традицитæмæ æгæрон æууæнкæ ин агъазгæнæг фæцæнцæ уæлдæр къæпхæнмæ исхезунæн. Адирхати Светланæ Устур театри сценæбæл исаразта, феронхгæнæн кæмæн нæййес, уæхæн ирд сорæттæ, уруссаг балети кадгин традицитæ багъæуай кæнунмæ, сæ ирæзтмæ бахаста агъазиау байвæрæн.
Адирхати Светлани байвардтонцæ Мæскуй Троекурови уæлмæрдти æ цардæмбал Алексей Закалинскийи фарсмæ.
Уæрæсе æма Республикæ Цæгат Иристон-Аланий культурæбæл æрцудæй уæззау зиан. Æхсæз æма цуппаринсæй анзи ибæл цæун райдæдта, уотемæй æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй зундгонд балеринæ, Советон Цæдес æма Цæгат Иристони адæмон артисткæ, Иристони Фæллойни бæгъатæр Адирхати Дзантемури кизгæ Светланæ.
Алæмæти искурдиадæй хайгин, æгæрон фæллойнæуарзагæ адæймаг æ дæсниади исхизтæй аййевади бæрзонддæр рауæнтæмæ, æ бæлдтаг нисантæмæ разæнгардæй тундзтæй, адтæй агъазиау арæхстдзийнæдтæ æма ацъагъуæдзийнæдти хецау. Адирхати Светланæ райгурдæй 1938 анзи Хумæллæги. Цæгат Иристони искурдиадæгин сувæллæнттæй Ленингради хореографион училищемæ (фæстæдæр иссæй А.Я.Ваганови номбæл уруссаг балети Академи) ахур кæнунмæ ке равзурстонцæ, уони хæццæ уæхæн амондæй фæххайгин æй Адирхати Светланæ дæр. Ами исахур кæнуни фæсте косун райдæдта Челябински оперæ æма балети театри.
Фæстæдæр, 1958 анзæй 1960 анзи уæнгæ куста Одесси оперæ æма балети театри.
Мæскуй 1960 анзи арæзт æрцудæй Цæгат Иристони Автономон Советон Социалистон республики литературæ æма аййевади Декадæ. Æма уой фæлгæти концертон программи архайдта Адирхати Светланæ дæр. Уæд æ алæмæти ирд искурдиадæ уоййасæбæл рабæрæг æй, æма нæ фидибæстон балети таурæхъон архайæг Галинæ Уланова æй æрбахудта номдзуд Устур театри архайунмæ.
Æригон балеринæн уæд райдæдта æ царди нæуæг къæпхæн, исфæлгонц кодта ирд сорæттæ: Одетта-Одиллия, Жизель, Эгина, Китри, Беатриче, Гаянэ, куд уонæми, уотæ ма берæ æндæр партити цæмæдесагæй раргом æй æ алæмæти искурдиадæ, игъустгонд иссæй куд æгæрон репертуарон гæнæнти артисткæ, уотæ.
Театралон аййевади институти балетмейстери хайадæмæ бацæугæй, Адирхати Светланæ еци-еу рæстæг 1978-1981 æнзти ахур кодта студентти дæр ма. «Классикон кафти уроктæ», зæгъгæ, киунугæ фæлгонцгонд адтæй æ къартæй. Киунуги æ къартæй пайда кодтонцæ.
Устур театри солисткой Адирхати Светланæ фæцæй сауæнгæ 1988 анзи уæнгæ.
Æ сæри хецау А. Закалинскийи хæццæ 1991-1996 æнзти исаразтонцæ «Адирхати Светлани балети скъола», æхуæдæг си адтæй аййевадон разамонæг, уотемæй.
Наталья Нестеровайи Нæуæг гуманитарон университети 1995 анзæй 2001 анзи уæнгæ лæвардта классикон кафт.
Адтæй хореографион аййевади архайгути Ассоциаций сæрдар 1997 анзæй фæстæмæ.
Устур театрмæ фæстæмæ æрбаздахтæй 2001 анзи куд педагог-репетитор æма си кæрæй-кæронмæ фæккуста, æ зонундзийнæдтæ æма агъазиау фæлтæрддзийнадæ фæсевæдæн не ’вгъау кодта. Адтæй Устур театри балетон труппи Аййевадон совети иуонг.
Адирхати Сетланæ æ райгурæн зæнхи хæццæ баст адтæй федар тæгтæй, æ алли исцуд дæр æ фидиуæзæгмæ нæ республикæн æма нæ дзиллæн алкæддæр исуидæ зингæ культурон цау. Цæйбæрцæбæл кадгин адтæй æ уарзон Иристонæн, уомæн ба æвдесæн æй е дæр, æма 2001 анзи æ ном равардтонцæ Дзæуæгигъæуи балетон скъола-студийæн. Мах си алкæддæр арфиаг æма сæрустур уодзинан, фидибæстон балетмæ агъазиау байвæрæн ке бахаста, Устур театри æ фæсте ирд фæд ке ниууагъта, æ рæсугъддзийнадæ æма сæрустурдзийнади туххæй, æ царди дæргъци рæсугъддзийнадæ æма сæрустурдзийнадæ рæстзæрдæй æма æнæраййевитæ-баййевитæй ке фæххаста, уой туххæй.
Нæ зæрдити Адирхати Светланæ байзайдзæнæй цæхæркалгæ балеринæй, агъаззаг фæллойнæгæнæгæй, æ дæсниадон над аййевадæн зæрдиагæй лæггадæ кæнуни дæнцæ кæмæн æй, уæхæн адæймагæй.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО, Парламенти Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз, Хецауади Сæрдар ДЗАНАЙТИ Барис.
УÆЛДАЙ ЗÆРДТАГОН ИН АДТÆЙ Æ УАРЗОН ИРИСТОН…
Хуæрзæрæги, 12 майи Адирхати Дзантемури кизгæ Светланæбæл исæнхæст æй фондз æма цуппаринсæй анзи. Уой фæдбæл ибæл ци берæ цитгингæнæг финстæгутæ исæмбалдæй Уæрæсей æма фæсарæйнаг паддзахæдти аллирауæнтæй, уонæй ин уæлдай æхцæуæндæр иссæнцæ æ райгурæн Иристони дзилли зæрдтагон арфитæ:
– Хъæбæр боз дæн уæ арфитæй!.. Аци бæнтти мæ номбæл ци рæсугъд æма зæрдæмæгъаргæ дзурдтæ загътонцæ ме ’мкосгутæ æма ме ’мзæнхонтæ, уæдта аййевадæуарзгутæ, уонæй арфæгонд дæн. Уæ еугурей цæрæнбон дæр берæ уæд!
Уæлдай æхцæуæн мин алкæддæр фæуунцæ ме ’мзæнхонти саламтæ. Æма нуртæккæ мæхе цæттæ кæнун ме ’мтог адæми хæццæ нæуæг фембæлдмæ. Дууæ къуæрей фæсте рабалци кæндзæнæн мæ минкъий райгурæн бæстæмæ. Куд нисангонд цæуй, уотемæй мин исфæлдистадон фембæлдтитæ уодзæнæй Хумæллæги, Дзæуæгигъæуи, Цхинвали, уæдта æндæр рауæнти. Иристонмæ мæ хæццæ хондзæнæн мæ гъомбæлгæнуйнæгтæй цалдæрей. Уадзæ æма иристойнæгтæн равдесонцæ сæ аййевадæ.
Мæ зæрдæ дарун, еци фембæлдтитæ иристойнаг аййевадæуарзгутæн æхцæуæндзийнадæ ке ’рхæсдзæнæнцæ, уобæл. Мæнæн ба цардгъомус æма уодæнцойни фæрæзнæ ке исуодзæнæнцæ, уомæй мæ нифс ес. Уомæн æма Иристон мæ зæрдæй некæд фæццох æй, мæ уоди рæбун æй дарун.
Светланæн исæнхæст æй æ фæндæ – бантæстæй ин æ уарзон Иристонмæ иссæун. Æма ибæл нæ дзиллæ хъæбæр батабедзæ кодтонцæ, исцитгин æй кодтонцæ хуæрзæгъдауæй. Кадгин уавæри ин лæвæрд æрцудæй нæ республики агъазиаудæр хуæрзеуæг – Цæгат Иристони Фæллойни Бæгъатæри ном.
Адирхати Светланæн æ еци балци, гъулæггагæн, иссæй æ фæстаг фембæлд æ фидиуæзæги хæццæ. Нæ дзиллæ абони хъæбæр зæрдхъурмæй хъонц кæнунцæ, нæ номдзуд æмзæнхон силгоймаг æ уæлзæнхон цардæй ке рахецæн æй, уой фæдбæл… Рохсаг уо, Светланæ, нæ Исфæлдесæг дин дзенети тæккæ уодæнцойнæдæр рауæн исаккаг кæнæд…
Ирина ГУРЖИБЕКОВА
ТАНЕЦ СВЕТЛАНЫ АДЫРХАЕВОЙ
Кладет искусный ювелир
Тона,очерчивает грани.
Но камня первозданный мир
Разрушить он не в состояньи.
Хоть тот приемлет до поры
Оковы строгие пропорций, –
В нем сердце матери-горы,
Неукрощаемое, бьется.
…Так вижу я в тебе сейчас,
За безупречностью огранки, –
Естественные, без прикрас,
Порыв и пламенность горянки.
…Как будто выписан пастелью
Узор, то нежен, то суров,
И соткан он из тьмы ущелий
И белой пены облаков.
В полете, всплеске и круженье
Над сценой руки воспарят,
И – словно жеста продолженье –
Газели беззащитный взгляд.
От света рампы – к свету звезд
Рванешься смело и открыто.
Струится водопад волос
На плечи девушки-джигита…
И вновь, в иной стихии танца,
Из бури ускользаешь в штиль,
И льется, вопреки Сен-Сансу,
Неумирающая быль.
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
КАФÆГ ЧЫЗГ
Адырхаты Светланæйæн
Глюкы мелоди сæлфынæгау ризы,
Рагон мысинагау зæрдæтыл риссы.
Залы – дыууæйæ:
Ды æмæ музыкæ,
Сæууон урс бæлæстау кæдæмдæр тырнут,
Фыдæхдзинад сафут дунейæ,
Уæ базыртыл – арвыцъæх æмæ
мыдыбындзытæ,
Быдыры комытæф æмæ сауцъиутæ.
О, æнæазым фидыц, æрвхуыз маргъ,
Кæд аргъауы сусæг дунейæ æртахтæ
Æмæ зæрдæтæ скодтай катайаг.
Кæд стъалыйы ’ртах дæ,
Æлвæст æмæ сатæг.
Кæд уагъылыйы дидинæг ссыгъди цырагъау
Æмæ бонырухс нуазы йæ пух былтæй.
Ды мæ хъарм фæндты зилдух кæныс,
Цыма фынæй цады хуры тын кафы.
Цыма цъититы ’хсызгон уымæлад
Æнхъæвзы сæгуытæн йæ цæстыты арфы.
Ды – дымгæйæ дзаг наупæлæз,
Тæхынæввонг уылæнтыл ласыс
Мæ зæрдæ
Æнусон ызмæлдмæ,
Æнусон ызмæлдмæ,
О, цин æмæ рисæй конд сау чызг!..
1963 аз.