ЦАРДÆФСЕС ДÆТТÆГ НИУАЗУЙНÆГТÆ
Аллибон адæймаги организми тæнгъæдæ гъæуй 2,5 литри. Сæрдигон ба, анзи иннæ афæнттæй игъаугидæр уомæй фулдæр фæййагоруй зæрдæ. Уомæ гæсгæ, цæмæй тæвдæ бони æдонуг басæттай, уой туххæй агорун райдайæн нæ уарзон ниуазуйнæгтæ. Еуетæ æновуддæр æнцæ ниуазуни æма сауæрдæнттæбæл, иннетæ ба цумунцæ цай, ниуазунцæ рæзи дæнттæ, цуппæрæймæгтæ æхцæуæнæй ниуазун райдайунцæ уазал бæгæни. Фал ке ранимадтан, уонæй фулдæр хæттити æдонуг басæттæн нæ фæууй. Мадта, циуавæр ниуазуйнæгтæ тох кæнунцæ еугуремæй хъæбæрдæр сæрдигон, хори содзгæ тунтæмæ нæ уодхарæй нæ ка фæммаруй, еци æнæбасæтгæ æдонугбæл?
АЛЛИХУЗОН ДÆНТТÆ
Рæзи, гагарæзи æма халсарти дæнттæ ‘нцæ дессаги комуазалгæнæн ниуазуйнæгтæ. Уонæми ес витаминтæ æма цæнхитæ, адгин антисептиктæ æма аминотауæггæдтæ дæр. Рæзи дон æй рæуæг хуайраг, бæлвурддæр ба ниуазуйнаг, организми æнцонæй ка батайуй, уæхæн бауæргъæдтæ имæ ке хъæртуй, уой туххæй.
Гъай-гъай, еугуремæй хуæздæр æй нæуæглæмæрст рæзи дон ниуазун. Фал тукæнтти ци рæзи дæнттæ фæууæйæ кæнунцæ, етæ сæ хуæрзгъæдæдзийнадæмæ гæсгæ нæуæглæмæрст рæзи дæнттæй берæ изолдæр нæ лæуунцæ. Ци ниуазис, уой цæмæй базонай, уой туххæй 2001 анзи 1 январæй фæстæмæ нæуæг ГОСТ ес нæ бæсти. Нур финст «натуралон рæзи дон» фæууиндзæнæ, айдагъдæр сæкæр æма лимони тауæггадæ кумæ нæ хъæртуй, уæхæн продукттæбæл. Иннетæ ‘нцæ нектартæ, фал етæ дæр бустæги лæгъуз нæ ‘нцæ.
Уавæр уотæ ‘й, æма кæцидæр рæзæй рæзи кæдзос дон нæ рауадздзæнæ. Рæзи дони æма нектари хецæндзийнадæ уоми ес, æма натуралон рæзи дони пайдайаг хай фæууй 100 проценти. Нектар цæттæгæнгæй ба, исхæлæмулæ унцæ натуралон рæзи дæнттæ, сæкæр кенæ муд, натуралон адгингæнæнтæ, хуайраги тауæггæдтæ, хуарæнтæ, хуæрздæфгæнæн бауæргъæдтæ. Уой хæццæ, рæзи æма халсарти фулдæр хай фæууй 25-50 проценти.
ЦАЙ
Адгин ка нæ уа кенæ кæрдæгхуз цай, уæдта кæрдæгутæй цай хуарз агъаз кæнунцæ тæвд рæстæги. Адæймаги цардархайд гъæддухдæр кæнуй каркадэйи (сурх цай) деденсифтæй цай дæр. Æ деденсифти лимони тауæггадæ ке ес, уой туххæй ком уазал кæнуй айдагъ тæвдæ рæстæги нæ, фал ма уæлдæргонд температури дæр, уæдта маруй кæцидæр незхæссæг организмти дæр. Сатæггæнæн ниуазуйнаги хузи еугуремæй хуæздæр æй тæвдæ сурх цай цумун, кенæ ба уазал каркадэ сæкæри хæццæ.
Кæрдæгхуз цай айдагъ æдонуг нæ сæттуй, фал ма организм гъæздуг кæнуй витаминтæй, минералон бауæргъæдтæ æма берæ æндæртæй. Е æй, витаминтæ С, Р, РР æма къуар В-йи берæ витаминтæ кæми ес, уæхæн ниуазуйнаг. Кæрдæгхуз цай фицгæй, уоми сау цаййæй дзæвгарæ фулдæр байзайунцæ минералон бауæргъæдтæ. Япойнæгтæ нимайунцæ, зæгъгæ, сæкæр æма æхсир кæрдæгхуз цаййи кæрæдзей хæццæ нæ федаунцæ, хуæздæр, дан, æй уой муди хæццæ ниуазун.
САУÆРДÆНТТÆ
Диетологтæ куд нимайунцæ, уотемæй цаййæй уæлдай хумæтæги сауæрдæнттæ дæр хъæбæр хуарз сæттунцæ æдонуг. Ниуазуни донæй хецæн кæнунцæ уомæй, æма си ес, организмæн пайда ка ‘й, уæхæн минералон бауæргъæдтæ. Уомæй уæлдай, етæ ‘нцæ калорийгин дæр. Фал сæ нæ гъæуй æгæр уазал кæнун. Дохтиртæ куд амонунцæ, уотемæй сæрдигон уæлдай ахиддæр фæззиннуй хъуртинез.
БÆГÆНИ
Бæгæни ниуазун æй адæймаги рагон традици. Тигр æма Евфрати ‘хсæн шумертæ кæми цардæнцæ, уоми археологтæ иссирдтонцæ, берæ æностæ кæбæл цæуй, уæхæн дортæ, æма сæбæл финст адтæй, бæгæни куд кæнун гъæуй, е. Задæй фунхт цудæй бæгæний дзол – баппир, уой фæсте æй листæггондæй никкæниуонцæ боцикъай, дон дæр ибæл рауадзиуонцæ æма ’й æнгъезунмæ ниууадзиуонцæ.
Рагон цæргутæ бæгæни ниуазтонцæ тростникæй конд сæрмагонд хæтæлтæй, цæмæй, ка нæ батадæй, еци цъæмæлтæ æма хуари гагатæ ма хъор даронцæ хуæрзадæ ниуазуйнагæй мондæгтæ исуадзунæн. Славянæгтæмæ ба бæгæний туххæй ци кой байзадæй, уой рахæссæн ес 448 анзмæ. Уæлдай хъæбæрдæр бæгæнифицæнтæ рапарахат æнцæ IX æноси Уæрæсей новгородаг зæнхити.
Гъай-гъай, бæгæни æгæр берæ ниуазæн нæййес. Иронх кæнун нæ гъæуй, уой пайда уæд уодзæнæй, æма ‘й минкъий бæрцæй ку ниуазай. Фал бæгæни бæззуй айдагъдæр æнæнез адæймагæн. Ахсæни гъæдгомæй, гастритæй æма уæлдæр тауæггадæй ка сæйуй, уонæн аци ниуазуйнаг зиан хæссуй æма сæ бæгæний дæлбардзийнадæй гъæуай кæнун гъæуй.
Фал адæм цæйбæрцæ ‘нцæ, уал æнкъарæни сæмæ ес. Сæйрагдæр æй, ци ниуазис, уой адæ дин гъæуама æхцæуæндзийнадæ хæсса. Уомæн æма, уой хæццæ сумах ранихъуæрдзинайтæ уæ хуæздæр æнкъарæнтæ, уæ рахаст фæххуæздæр уодзæнæй, æма е хуарзæрдæмæ фæззиндзæнæй уæхе лæдæрундзийнадæбæл.
БЕСЛЕХЪОТИ Ирæ,
дохтир.