ЦУДÆНЦÆ ТОХМÆ СÆРБÆРЗОНДÆЙ!..
Нæ Райгурæн бæсти тæккæ цитгиндæр бæрæгбæнттæй еуебæл – Уæлахези Бонбæл – аци анз æнхæст кæнуй цуппаринсæй анзи. Аци ахсгиаг цауи кадæн 2025 анз Уæрæсей нимад цæудзæнæй Фидибæстæ гъæуайгæнæги Анзбæл. Уой фæдбæл нæ газети æнæмæнгæ мухургонд цæудзæнæнцæ аллихузон æрмæгутæ. Абони ба нæ фæндуй æримисун, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау уодуæлдаййæй ка тох кодта, нæ еци æмзæнхон журналистти рохс нæмттæ. Уомæн ма нин еума рæуагæ дæр ес – 13 январи бæрæггонд æрцудæй Уæрæсей мухури Бон.
Цифуддæр знаг 1941 анзи 22 июни нæ Райгурæн бæстæмæ гадзирахаттæй ку æрбалæбурдта, уæд Дигори журналисттæй беретæ, сæ финсуни куст ниууадзгæй, тохи будурмæ рандæнцæ. Уонæй еу, Кертанти Тæхир, æ тугъдон æмдзæвгитæй еуеми уотæ финста: «Æд нифс, æд зар… цудæнцæ тохмæ сæрбæрзонд!..»
Тугъди размæ Ирæфи райони уагъд цудæй газет «Социалистон Дигорæ» (фæстугъд еуцæйбæрцæдæр рæстæг нæбал цудæй, уæдта евгъуд æноси 1965 анзи бабæй æй нæуæгæй байгон кодтонцæ, «Ленинец», зæгъгæ, номи хæццæ, абони ба хуннуй «Ирæф») æ фиццаг номер рацудæй 1933 анзи. Фиццаг редактор ин иссæй Хæмицати Алексей, дессаги рæстзæрдæ адæймаг, хуарз арæхстæй исфæлдистадон коллективæн дæсни разамунд дæттунмæ. Еци менеугутæ ба уæлдай хъæбæрдæр гъудæнцæ, газет æ фиццаг къахдзæфтæ кæнун ци уавæрти райдæдта, уæд – алли гъуддагæн дæр æ райдайæни куд фæууй, уотæ редакци дæр берæ цæмæйдæрти æвзурста нæхъæртондзийнæдтæ. Уæддæр коллективæн æнтæстæй сæ куст гъæугæ хузи аразун, æма газет цудæй афойнадæбæл, адæммæ хъæртун кодта, æнæмæнгæ ка гъудæй, еци хабæрттæ.
Фæстæдæр редактор иссæй Келехсати Аслæнбег. Дууæ анзей дæргъи кодта аци бæрнон куст, уæдта ‘й раййивтонцæ газет «Рæстдзинад»-и редакцимæ æма си берæ æнзти фæккуста редакторæй.
Уæлдæр æй куд баханхæ кодтан, уотемæй газетæн устур ахедундзийнадæ адтæй фæллойнæгæнæг дзиллити ’хсæн, зингæ агъаздзийнадæ лæвардта Ирæфи райони партион организацийæн еумæйаг социалон-экономикон фарстатæ, культурон царди хабæрттæ, уæди уавæрти домæнтæмæ гæсгæ аразуни гъуддаги. Æ аллибони кусти газет æнцадæй гъæууон уацхæсгутæбæл, кæцитæй беретæ уой фæсте иссæнцæ редакций косгутæ. Газети куст бæлвурд фæббæрæг æй æнахургонддзийнадæбæл фæууæлахез уни гъуддаги.
Тугъди агъоммæ редакций æнтæстгинæй фæллойнæ кодтонцæ Дзадзати Гусейн, Скъодтати Амурхан, Амилахуанти Израил, Гобети Данел, Диготи Созур, Керчелати Тазрет, Сарахъати Михал, Цæрикъати Морадий, Тегати Сулейман, Тамати Кудзий æма æндæртæ. Газети ахид мухур кодтонцæ се ’рмæгутæ Мамсурати Дæбе, Бесати Тазе, Хъазбегти Хъазбег æма нæ иннæ финсгутæ, кæцитæ фæстæдæр иссæнцæ нæ национ литератури номдзуддæр архайгутæ.
Газети редактор уæдмæ иссæй Гæтцити Хадзирæт. Арæхстгин разамонæги фæрци газетæн берæ æнтæстæй, еудадзуг си мухургонд цудæй уæди доги ахсгиаг фарстатæбæл, рагæлдзуйнаг лæгъуз миутæбæл, фæсевæди патриотон гъомбæлади туххæй æрмæгутæ. Газет «Социалистон Дигорæ» адæм берæ уарзтонцæ, алли хæдзари дæр имæ æнгъæлмæ кастæнцæ.
Фал…Фидбилизи 1941 анз… Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд тогцъир немуцаг фашистти нихмæ. Фæсевæд цудæнцæ карз тохмæ. Фиццæгти хæццæ рандæй фронтмæ Гæтцити Хадзирæт дæр, æ бæсти редактор иссæй Сарахъати Михал. Цубур рæстæги фæсте ба сæ кустадон бунæттæ редакций ниууагътонцæ Дзадзати Гусейн, Цæрикъати Морадий, Скъодтати Амурхан, Гобети Данел – рандæнцæ фронтмæ. Тегати Сулейманбæл æстдæс анзи нæма цудæй, æ къохтæмæ тохæндзаумау ку райста знаги нихмæ, уæд. Амилахуанти Израили тугъд æрæййафта е ‘фсæддон ихæс Сурх Æфсади рæнгъити æнхæст кæнгæй – Ирæфи райони газети хайади сæргълæууæгæй куста, уотемæй 1939 анзи барвæндонæй рандæ ’й æфсадмæ.
Уомæ гæсгæ ба е ’мзæнхон журналисттæй уомæн еугуремæй дæр раздæр архайгæ рауадæй знаги нихмæ тугъдтити. Æ уæдиккон æмдзæвгитæй еуеми финста:
Æрбакодтон æд бæрцитæ мæ цохъа,
Æрбабастон мæ астæубæл мæ хъæма.
Æрбагæлстон мæ сау нимæт мæхебæл,
Тохмæ цæугæ ’й, мæ зинаргъ æмбал, ци ’й дзебæл!
Амилахуани-фурт тугъди фæцæй кæрæй-кæронмæ. Кæддæр ма ибæл финстан, уомæ гæсгæ ба уой туххæй нæ дзубанди абони фæццубур кæндзинан. Цубурæй зæгъдзинан иннæ журналистти туххæй дæр – уонæй дæр кедæрти туххæй раздæр ма финстан.
Дигори журналисттæй беретæ нæбал исæздахтæнцæ фронтæй, нæ син бантæстæй Уæлахези цийнаг бонмæ фæццæрун. Нæ Советон Райгурæн бæсти, адæми сæребарæ рохс царди сæрбæлтау нæ байа-урстонцæ сæхебæл Гæтцити Хадзирæт, Дзадзати Гусейн, Цæрикъати Морадий, Тамати Кудзий. Сæ талингæ æносон бунæттæ иссирдтонцæ тугъди будурти сæ тогæй гъæзт зæнхи.
Бæгъатæрæй тох кодта знаги нихмæ Керчелати Тазрет, уомæн æвдесæн – æ реугудурбæл ци берæ паддзахадон хуæр-зеугутæ исæрттивтонцæ, етæ. Тугъди фæсте ма берæ æнзти фæцæй Советон Æфсади рæнгъити, иссæй болкъон, пенсимæ рацæуни фæсте ба цардæй æма куста Дзæуæгигъæуи. Куд тугъди æма æфсади ветеран, уотæ вазуггин куст кодта ирæзгæ фæсевæди хæццæ.
Намусгин адтæнцæ Тегати Сулейман, Скъодтати Амурхан æма иннети тугъдон нæдтæ. Фронти уогæй æма знаги нихмæ тохæнгарзæй тох кæнгæй, нæ иронх кодтонцæ сæ исфæлдистадон бæлдæ дæр – федар бастдзийнадæ дардтонцæ дивизион æма æфсæддон газетти хæццæ.
Тугъди фудæбæнттæн бафæразгæй адæми бон бацæй знаги ниддæрæн кæнун, фашистон хъилмайæй айдагъ Райгурæн бæстæ нæ, фал æнæгъæнæ дуйне дæр фæййервæзун кæнун.
Фæцæй нур тугъд,
Фæцæй кæронмæ нæ карз тох,
Фудголæ къох
’Систа хæрдмæ.
Е ’ндзарст арти ку ’рцудæй сугъд…
Æрдзæн æрбайсавдæй æ тар,
Тунуафгæ, гъар
Нирттивта хор
Нæ цард, фиццагау æй рæсугъд…
Уотæ финста 1945 анзи Уæлахезон мæйи Кертанти Тæхир. Æма, æцæгæйдæр, фæстугъдон хъиамæттæ дæр кæд хъæбæр зин æма уæззау адтæнцæ, уæддæр адæми разæнгарддзийнадæ ба уонæй тухгиндæр адтæй: æгайтима, тугъд фæцæй, кæд уой фудæбæнттæн бафæразтан, уæд нæ сабур царди хабæрттæ исаразун ба нин куд гъæуама нæ бантæса, зæгъгæ… Еци нифсгундзийнадæ дзиллити зæрдити федар кодта райони газет дæр. Кертанти Тæхир æма иннæ тугъдон лæгтæ, редакций кустмæ раздæхгæй, сæ æууæндгун дзурдæй, адæми нифсбæл æфтудтонцæ нифс.
Цæгат Иристонæй куддæр фæлле-дзæги ’нцæ фашисттæ, уотæ райони газет нæуæгæй цæун райдæдта. Æ редактор еци рæстæг иссæй Дзотти Владемур. Уой фæсте партий райкоми бюрой унаффæмæ гæсгæ редакторæй нисангонд æрцудæй Гобети Данел. Уæлдæр партион скъоламæ ахурмæ ку рандæй, уæд æ бæсти редактори бунати нисангонд æрцудæй Тегати Сулейман. Газетæн бундор ка æвардта, уонæй беретæ раздæрау æновудæй архайдтонцæ сæ пайдайаг хай хæссунбæл еумæйаг гъуддагмæ. Дæлболкъон Амилахуанти Израил куста министрадтæй еуеми граждайнаг гъæуайкæнуйнади штаби сæргълæууæгæй. Тегати Сулейман дзæвгарæ æнзти дæргъи фæккуста газет «Рæстдзинад»-и бæрнон бунæтти, сауæнгæ редактори хуæдæййевæгæй дæр.
Аци æрмæги цубурæй радзурдтан Ирæфи райони газети редакций ке журналистон ирисхъæ райдæдта, уой фæсте ба лæгдзийнадæ ка бавдиста тугъди будурти æма ма си уордигæй цардæгасæй ка исæздахтæй, уотемæй нæуæгæй бæрзонд ка исиста газети кадæ æма ном, уони туххæй.
Зæгъун гъæуй уой, æма айразмæ æнзти нæ газети ниммухур кодтан æрмæгутæ Дзадзати Гусейн, Кертанти Тæхири,Тегати Сулеймани туххæй. Нæ равгитæ куд амононцæ, уæдта æрмæгутæй куд рæвдзæ кæнæн, уомæ гæсгæ иннети туххæй дæр радзордзинан нæ газети фæрстæбæл. Цæмæй е нæ къохи бафтуйа, уомæй ба нæ гъæуй нæ адæми, газеткæсгути агъаз дæр. Финсетæ нæмæ ке туххæй си ци зонетæ, уой, уæдта æрвететæ сæ къартæ дæр.
САКЪИТИ Эльбрус, Ирæфи райони газет «Ленинец» ма ку хундтæй, уæди рæстæги редакций раздæри косæг.