21 декабря 2024

«ДÆ ЦАРДИ НИСАН БÆЛВУРД ÆМА БÆРЗОНД ÆЙ…»

29.04.2023 | 15:00

Газет «Рæстдзинад»-и коллектив сæ фæлладуадзæн рæстæги ахид рабалци кæниуонцæ Иристони зæрдæбæлдарæн бунæттæбæл. Уомити фембæлиуонцæ сæ газеткæсгути хæццæ, зæрдиагæй фæдздзубанди кæниуонцæ уæди цардиуаги ахсгиагдæр фарстатæбæл. Мадта уолæфгæ дæр бакæниуонцæ рæсугъдæй æма зæрдæмæдзæугæй…

Нæ Иристони номдзуд лæгтæй еу, Джусойти Нафи, нæ иннæ номдзуд лæг Хъесати Валодимæ ци арфи финстæг рарвиста, уоми уотæ баханхæ кодта: «Дæ царди нисан бæлвурд æма бæрзонд æй, уæдта имæ æвæллайгæ æма зæрдрохсæй цæуис…» Æма æцæгæйдæр уотæ ке адтæй, уомæн ба ирдæй-ирддæр æвдесæнтæ ’нцæ Хъесай-фурти цардвæндаги хабæрттæ. Уой кой ракæнунæн ба нин абони хуарз равгитæ ес. Еуемæй, хуæрзæрæги сæдæ анзи исæнхæст æй нæ национ газет «Рæстдзинад»-бæл, Хъесати Валоди ба берæ æнзти дæргъи – уой дæр æ карни тæккæ æнтъунсæгдæр рæстæгути – æнтæстгинæй ин разамунд лæвардта; иннемæй ба, дæс æма æртинсæй анзи æнхæст кæнуй культури косгути профессионалон цæдеси исарæзтбæл, æма уони архайди дæр ес æ зингæ байвæрд, æ рæстæги нæ республики культури министрæй косгæй, хъæбæр æновудæй ауодудта, цæмæй сæ къабази профцæдесон организаций берæвæрсуг куст уа ахедгæ æма æнтæстгин. Еугур еци хабæртти фæдбæл æй зундгонд журналист ЧЕРЧЕСТИ Хъасболати дзубанди – Хъесати Валодий хъæбæр хуарз зудта, уой рæстæги е дæр куста  газет «Рæстдзинад»-и редакций æма си абони дæр ма хъæбæр арфиаг æй.

Хуæрзаййев – æ бакаст, ездон – æ дзурдигъæдæ, рæсугъд – æ рацуд, искурдиадæгин журналист æма финсæг, дæсни æма арæхстгин разамонæг, уæхæн хуæдæфсармæ æма æгъдаугин лæгæй зудтан, мах, газет «Рæстдзинад»-и косгутæ, нæ сæйраг редактор Хъесати Валодий.

Æ зундгин, дзурддзæугæ загъдæй, æ хуарз унаффитæй æма цæстуарзон агъазæй рæвдуд айдагъ мах, е ’мкосгутæ нæ адтан, фал ин устур аргъ кодтонцæ æма ’й берæ уарзтонцæ сауæнгæ æцæгæлон адæм дæр. Абони дæр ма Хъесати муггаги бийнонти, хеуæнтти, зонгити, æ берæ лимæнти не ’руагæс кæнуй, нур сæ уарзон, боц æма кадгин хестæр, фурбоцæй, нæхе Валоди, зæгъгæ, ке худтонцæ, е сæ уæлгъос нæбал балæудзæнæй, æма ин æ зундамонæн дзубандитæмæ некæдбал байгъосдзæнæнцæ, æма уобæл сæ зæрдитæ ресунцæ æма ресунцæ, Валоди се ’хсæнæй ку фæгъгъудæй, уæдæй кæд цалдæр анзи рацудæй, уæддæр.

Хъесати Валоди райгурдæй 1932 анзи Ногири. Цæгат Иристони паддзахадон институт каст фæууни фæсте куста ахургæнæгæй. Æ комкоммæ кусти дæр æма æхсæнадон царди дæр æновудæй æма хъæппæресгинæй ке архайдта, уомæ гæсгæ цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте æй равзурстонцæ партий Горæтгæрон райкоми дуккаг секретарæй. Фæстæдæр æй иснисан кодтонцæ Ирон театри директорæй, уæдта ’й ракодтонцæ партий Цæгат Иристони обкоммæ – куста си мухури, телеуинунадæ æма радиой сектори сæргълæууæгæй, пропагандæ æма агитаций хайади сæргълæууæги хуæдæййевæгæй. Берæ арфиаг гъуддæгутæй фескъуæлхтæй, нæ республики  культури министр уогæй. Уæдмæ ба, 1988 анзи косун райдæдта газет «Рæстдзинад»-и сæйраг редакторæй æма нæ национ газетæн арæхстгин разамунд фæллæвардта финддæс анзей дæргъи. Кæмидæриддæр косгæ ин рауадæй, уоми æ фæллойнæ цæйбæрцæбæл хъазауатон адтæй, уомæн бæлвурд æвдесæн æй, паддзахади ’рдигæй цæйбæрцæбæл цитгингонд æрцудæй, е дæр –  æ рæстæги ин исаккаг кодтонцæ Уæрæсей Федераций культури æскъуæлхт косæги кадгин ном, уæдта Республикæ Хонсар Иристони æскъуæлхт журналисти кадгин ном дæр, хуарзæнхæгонд ма æрцудæй берæ æндæр бæрзонд хуæрзеугутæй.

Хъесати Валоди ниффинста берæ пьеситæ, радзурдтæ, очерктæ, публицистон уацтæ, наукон куститæ. Зæрдиагæй архайдта æма æмбурд кодта ирон адæмон исфæлдистадон хæзнатæ æма сæ мухур кодта газетти, журналти. Хецæн киунугутæй ин мухури рацудæнцæ цалдæр киунуги: «Ирыстоны зæрдæ», «Зæринджын», «Мæсыгамайджытæ», «Царды хос», «Бæлццоны сагъæстæ», «Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг» æма æндæртæ.

Уой хæццæ ма Валоди уруссаг æвзагæй ирон æвзагмæ ратæлмац кодта вьетнаймаг финсæг Хуа Майы «Вьетнаймаг легендæтæ»; хецæн киунугæй мухури рацудæнцæ 1983 анзи Дзæуæгигъæуи. Никки ма уруссаг æвзагæй ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Дагестани адæмон финсæг Ахмедхан Абу-Бакари пьесæ «Сказание о гончарном круге», Узбекистани адæмон финсæг, драматург Леонид Бабаханови пьесæ «Седьмой джин», сербаг-хорватаг драматург Мирослав Колежайи æртæактон драмæ «Господа Глембай» æма æндæртæ. Еуетæ си æвæрд æрцудæнцæ Ирон театри сценæбæл.

Дзубанди дæр ибæл нæййес, æвадуат нæдтæбæл кæд зиндæр цæуæн фæууй, уæддæр æнцæ цæмæдесагдæр, гъæуй си алцæмæ дæр лæмбунæгдæр, критикон цæстæй кæсун. Адæймагмæ уæд исæвзуруй æхе цæстингас, æхе лæдæрундзийнадæ, æхе хатдзæгтæ,  ци фарстатæбæл фæккосуй, уой фæдбæл. Еци домæнтæ хуарз лæдæрдтæй Хъесати Валоди æма кæцидæр нæуæгдзийнæдтæ æ бон бацæй зæгъун дæр. Æ къохи бафтудæй уæди уæнгæ берæ циуавæрдæр хъоргæнæнти фудæй гъæугæ æргом æздæхт кæмæ нæ цудæй, уæхæн æнæмæнгæ гъæугæ фарстатæбæл наукон-æртасæн, зонадон-методикон куститæ, монографитæ, очерктæ ниффинсун,  уæдта ма, раздæр римæхст ка адтæй, æргом ке нæ кодтонцæ, цалдæр уæхæн лухкæнуйнаг фарстатæбæл уадзимистæ ниффинсун. Зæгъæн, зонадон-æртасæн куст «Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг». Хецæн киунугæй мухури рацудæй 1996 анзи. Финст æй ирон æвзагбæл.

Фиццаг ирон профессор Æлборти Барисбийи репрессити рæстæг ку ниййахæстонцæ æма ин, раст уогæй, карз тæрхон ку рахастонцæ, уæдæй фæстæмæ ибæл мухури æрмæг нæбал цудæй. Хъесати Валоди ин æ цард æма карни туххæй ниффинста очерк «Фыццаг ирон профессор», мухургонд æрцудæй газет «Рæстдзинад»-и 1994 анзи ноябри, 212-219-аг номерти.

Никки ма Хъесати Валодий къохи ниффинсун бафтудæй уæхæн æнæмæнгæ бакæсуйнаг, медесгун æрмæгутæ: зонадон-методикон куст «Хетæгкати Къостай æмдзæвгæ «Фсати»-й лæдæрунгæнæн бакаст». Уæди уæнгæ уæхæн куст финст не ’рцудæй, гъæугæ ба, куд рабæрæг æй, ахсгиагæй гъудæй. Æрмæг мухургонд æрцудæй газет «Рæстдзинад»-и 1994 анзи 11-12 мартъий номерти.

Ниффинста ма очерк зингæ ирон финсæг, историк, этнограф Темирханти Сослани æнамонд карни туххæй дæр. Сослани 1925 анзи ку ниййахæстонцæ æма ’й ку рамардтонцæ, уæдæй фæстæмæ ибæл финсгæ нæ, фал æ кой искæнун дæр неке æндиудта. Валоди æрмæг æмбурдгæнгæй, ниффинста паддзахадон æдасдзийнади Комитетмæ (КГБ-мæ) æма ин уордигæй равардтонцæ бæлвурд справкæ. Испайда ма кодта Темирхани-фуртæн æ куститæй, æ финстæгутæй, æ хæстæгути имисуйнæгтæй æма ибæл ниффинста  устур очерк – «Ирыстоны æхсарджын хъæбул», мухури рацудæй газет «Рæстдзинад»-и 1989 анзи 30 декабри номери.

Газет «Рæстдзинад»-и редактортæй ка куста 1923 анзæй 2003 анзмæ, уонæн сæ еугурей туххæй дæр Валоди ниффинста очерк «Рæстдзинады мæсыгамайджытæ».

«Рæстдзинад» цуппаринсæй анзей дæргъи ци гургъахъ надбæл фæццудæй, ци ахсгиаг, аргъ кæмæн нæййес, уæхæн лæггадæ фæккодта нæ адæмæн, уобæл финст æй Валодий иннæ очерк «Цард рæстдзинадыл лæууы», зæгъгæ, е дæр.

Газет «Рæстдзинад» æцæг адæмон газет ке иссæй, æ куст бæлвурд ке фæххуæздæр æй, уомæ гæсгæ ин 2000 анзи лæвæрд æрцудæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон преми – национ культурæ, нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни æма æ идарддæри райрæзти гъуддагмæ агъазиау байвæрæни ке бахаста æма хæссуй, уой туххæй (сæйраг редактор Хъесати Валоди).

Нæ адæми, нæ цитгийнаг Иристони цардайдæнæ «Рæстдзинад»-и цардвæндаги туххæй сæрмагонд киунугæ бацæттæ кæнун гъæуй, зæгъгæ, хъæппæреси амидингæнæг дæр Хъесати Валоди иссæй. Æ фæндæ ба уæхæн адтæй, еци арфиаг гъуддаг гъæуама ма райевгъуйа цидæр брошюрæ райаразунæй, фал исуа уиндгунæй-уиндгундæр киунугæ, зæгъун æнгъезуй, æцæг энциклопеди, кæцими ирдæй æвдист æрцæуа айдагъ «Рæстдзинад»-и нæ, фал нæ национ журналистики гъомусадæ. Хъесати Валодий хъæппæресæй арæзт æрцудæй редколлеги, кæций æновуд архайди фæрци бантæстæй  берæ гъæздуг æрмæг æрæмбурд кæнун, раздæр си ка куста, уони агъазæй æма гъе уотемæй уагъд æрцудæй, 703 фарси кæми ес, уæхæн медесгун киунугæ «Цардайдæн». Уагъд ба ’рцудæй  «Рæстдзинад»-и цуппаринсæй анзей бонмæ, æ тираж мин  экземпляремæ хæстæг.

Газет «Рæстдзинад»-и кадæ бæрзонддæр кæнунæн, уæдта цæмæй æхсæнадон организацитæ æма уонæми косгутæ, нæ дзиллæ хуæздæр зононцæ нæ национ газети нисанеуæг, уой туххæй Хъесати Валодий арæхстгин разамундæй арæзт æрцудæй республикон еугурадæмон устур æма кадгин бæрæгбæнттæ. Цитгин бæрæгбæнттæ арæзт æрцудæй «Рæстдзинад»-и æ дæс æма æртинсæй анзей, финддæс æма æртинсæй анзей, цуппаринсæй анзей, æ 2000-аг номери кадæн.

ХЪЕСАТИ Валоди Индийæй æрбацæуæг иуазгути хæццæ

Нæ бæстæбæл зин рæстæгутæ ку искодта, демократтæ ци «райарæзт» низгули кодтонцæ, е æнæгъæнæ бæстæ ку исусхъуммитæ кодта, адæми сæрзелæни азари ку бафтудтонцæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ, æзнæт догъон æ иликкæнттæй ку фæууæгъдæ уй æма сæрбехъулæнттæ кæнун ку байдайуй, уой хузæн иссæрра ’нцæ æма цитæ кодтонцæ, уой сæхуæдтæ дæр æнхæст ку нæ лæдæрдтæнцæ, уæд еци уæззау æнзти æхе дæсни æма зундгин, уодигъæдæй федар æма арæхстгин разамонæгæй равдиста Хъесати Валоди. Маймайиддæр фæккеун нæ бауагъта нæ национ газет «Рæстдзинад». Адæм æй раздæри хузæн зæрдиагæй рафинсиуонцæ æма ’й кастæнцæ, уомæн æма гъæздуг адтæй уæди рæстæги еугуремæн дæр цæмæдесаг фарстати фæдбæл медесгун æрмæгутæй, кæцитæ, бæрæг адтæй, финст цудæнцæ рæстуодæй, зæрди бунæй. Ирд æма си бæлвурдæй зиндтæнцæ адæми цийнæ дæр æма рист дæр, æ сагъæстæ æма монцтæ. Е ба дзорæг адтæй уобæл, æма «Рæстдзинад», æцæгæйдæр, ке иссæй адæмон газет.

Хъесати Валоди зæрдиагæй архайдта дууæ Иристоней æнгомдзийнадæбæл. Æ хъæппæресæй «Рæстдзинад» æма Хонсар Иристони газет «Хурзæрин»-и косгутæ ахид исæмбæлиуонцæ кæрæдзей хæццæ. Еци æнсувæрон æма исфæлдистадон мадзали рæстæг зæрдиаг дзубанди цудæй нæ Иристони карнæбæл, нæ адæми ресагæдæр фарстатæбæл.

Хъесати Валодийæн æ берæвæрсуг исфæлдистадæн, æма æхецæн дæр, куд æцæг ирон курухон лæг, уотæ устур аргъ кодтонцæ æма, кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр нерæнгæ дæр цитæ кæнунцæ нæ дзиллæ. Нæ номдзуддæр финсгутæй еу, академик Джусойти Нафи, Валодийæн арфитæ кæнгæй, уотæ загъта:

– Хъазар Володи! Рагæй дæ зонун æгъдау æма намуси лæгæй, кустуарзагæ æма еске фудæбонæн дæр аргъгæнагæ адæймагæй. Æма айдагъ етæ ку уиуонцæ дæ уодигъæди менеугутæ, уæд адæми размæ дæу туххæй дзоруни сæр нæ гъæуидæ. Фал дæ зæрдиаг куст ацал-ауал анзи арæзт æй мухцури донау еу хуæрзеуæгмæ – ирон адæми хелæдæрундзийнадæ фæббæрзонддæр кæнунмæ, уæдта нæ национ культурæн хуарз фæуунмæ. Уæхæн зæрдиаг архайд ма фæууинæ, кенæ ба ин дæ меднимæр арфæ ракæнæ, е ба уидæ къуæттий кенæ фудзæрдæ адæймаги миуæ.

Уинун æз дæ хуæрзеуæгхæссæг куст – кастæн дин дæ финститæ еугурæйдæр, ефстæгутæй фæстæмæ, – æма дин зæгъун, нуриуæнгæ мæ уодрæбун ке хастон, еци арфи дзубандитæ: арфиаг дæн дæ зæрдиаг æма еугæндзон кусти туххæй нæ адæми хуарз исонибони сæрбæлтау. Арфиаг дæ дæ дессаги хуæрзæгъдау æма цæстуарзондзийнади туххæй! Арфæ дин кæнун уой туххæй дæр, æма дæ хуæрзеуæги куст нимдæй ке кæнис, цума адæмæн урдуг лæууис, уоййау!

Гъудигæнагæ адæймагмæ ахид æрцæуй уæхæн сагъæссаг фарста: ци ’й, циуавæр æй мæ царди нисан аци дуйнейбæл?.. Ду, Валоди, Ирон театри берæ фæккустай æма дæ зæрдæбæл лæудзæнæнцæ Елбиздихъой Хансиати зæгъдтитæ: «Ци цард æй айæ? Кенæ ба хуарз цард ке хонунцæ, е дæр ци ’й?.. Кæрдæг дæр кæрдæг æма мах дæр. Кæрдæг искæсуй, исирæзуй, рацæруй, æхе хузæнттæ ниууадзуй, уой фæсте ибæл уазал зумæг ку ’рбауолæфуй, уæд рамæлуй. Рамæлдзинан мах дæр, æма ци байзайдзæнæй нæ фæсте не ’намонд æма нæ  коййæй æндæр?..»

Адæймаг æ «кæрдæги цард» дæр, гъома, æ биологон æрдзон цард дæр гъæуама аййев æма зæрдæмæдзæугæ хузи рарвета. Фал æ сæйраг катай е ’хсæни царди нисан æй. Уæхæн бæрзонд нисан ку нæ уа, æхецæй идарддæр ку некæмæн неци агъаз уа, уæд, Хансиати загъдау, е цард нæй… Ду, Валоди, уæхæн уодхуар катаййæй ервæзт дæ, дæ царди нисан бæлвурд æма бæрзонд æй, уæдта имæ æвæллайгæ æма зæрдрохсæй цæуис. Е амонди гъуддаг æй, æма гъæуама арази æма боц уай царди надæй…»

Æма, æцæгæйдæр, боц æма райгондæй фæццудæй æ цардвæндагбæл Хъесати Валоди. Е кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ фæсте ци берæ литературон уадзимистæ, публицистикон уацтæ, очерктæ ниууагъта, уони адæм кæсунцæ зæрдиагæй æма ин алкæддæр æ ном æримисунцæ устур æхцæуæнæй. Исфæлдистадон косæг ба фæццæруй уæдмæ, цалинмæ ин адæм æ зæрдибунæй финст æрмæгутæ фæккæсунцæ. Уомæ гæсгæ нæ бон зæгъун æй уотæ, æма абони дæр  æма исонибони фæлтæртæн дæр сæ хæццæ ке «цæрдзæнæй» Хъесати Валоди – æ берæ арфиаг гъуддæгутæй, æ цæмæдесаг исфæлдистадон уадзимистæй, æ зæрдтагон фæдзæхститæй…

ЧЕРЧЕСТИ Хъасболат, журналист, финсæг

 

ЕРВÆЗУНГÆНÆГ

(таурæхъ)

 

Еу мæгур лæг ахид цудæй гъæдæмæ, æмбурд си кодта рæзæ, хуæрунмæ бæзгæ зайæгойтæ, гагарæзæ… Уæд дин еухатт бабæй райста æ голлагæ, æ лæдзæг æма фæццæуй гъæди астæути. Уалинмæ тухуолæфтгæнгæ æ рази равзурдæй цъæх берæгъ æма ин лигъстæ кæнуй:

– Фæййервæзун мæ кæнæ, дæ хуарзæнхæй!.. Цауæйнон мæ æрбасоруй æма мæ мардзæнæй…

– Æма дæ куд фæййервæзун кæнон? – бафарста æй мæгур лæг.

– Дæ голлаги мæ ниггæлдзæ, æ ком ин федар бабæттæ æма ибæл æрбадæ. Цауæйнон дæ ку фæрса мæнæй, уæд ин зæгъæ, мæ рæзти ралигъдæй, зæгъгæ.

Мæгур лæг берæгъи æ голлаги ниггæлста, æ ком ин федар ниббаста æма ибæл æрбадтæй. Уæдмæ æрбахъæрттæй цауæйнон, æ хъæрæймаг æ къохи, уотемæй.

– Хуарз лæг, ами берæгъ кæцирдæмæ ралигъдæй, уой нæ фæууидтай? – фæрсуй цауæйнон.

– Фæууидтон, ами мæ рæзти ралигъдæй, уартæ ецирдæмæ.

Цауæйнон, мæгур лæг ин кæцирдæмæ загъта, ецирдæмæ ратагъд кодта, нæбал мин райервæздзæнæй, зæгъгæ, уотемæй.

Берæгъ фæййервазтæй, уой ку базудта, уæд дзоруй мæгур лæгмæ:

– Исуæгъдæ кæнæ голлаги ком.

Мæгур лæг исуæгъдæ кодта голлаги ком æма берæгъ цийнæгæнгæ расæррæт кодта уордигæй. Мæгур лæг цæунмæ куд гъавта, уотæ ибæл берæгъ фæгъгъæр кодта:

– Æрлæууæ!.. Хуæргæ дæ кæнун!.. Еци цауæйнон мæ уойбæрцæ фæррасорæ-басорæ кодта, æма æстонгæй мæ уод исхауй. Æнæ бахуæрæн дæ нæййес.

– Гæрр, куд мæ хуæрис? Æз дæ мæлæтæй фæййервæзун кодтон, ду ба мæ хуæргæ кæнис?

– Берæ ма дзорæ!.. Мæн дзубандитæмæ нæ евдæлуй…

– Мадта мæ уæддæр Хуцаумæ исковун бауадзæ.

– Ковæ, æцæг тагъддæр.

Мæгур лæг æ уæргутæбæл æрлæудтæй æма ковун райдæдта. Еци рæстæги сæ размæ æрбауадæй робас æма имæ мæгур лæг дзоруй:

– Робас, мæ гъаст дæумæ хæссун: аци хабар дæмæ дессаг нæ кæсуй? Æз мæ надбæл æнцад цудтæн мæхецæн. Аци берæгъи еу цауæйнон марунмæ агурдта, æма ’й æз мæлæтæй фæййервæзун кодтон. Нура мæ хуæрунмæ гъавуй.

– Нæ дæбæл æууæндун! Раст зæгъуй, кæрæф, аци лæг? – бафарста робас берæгъи.

– Раст зæгъуй, – дзуапп равардта берæгъ, – фал æз æстонг дæн, мæнмæ хуæрун цæуй.

– Нæ ми æруагæс кæнуй, уомæн гæнæн куд ес: лæг берæгъи фæййервæзун кæна? Нæ, е ми не ’руагæс кæнуй.

– Уотæ адтæй, ард дин хуæрун, – загъта бабæй мæгур лæг, – фæййервæзун æй кодтон!

– Мадта мин фæууинун кæнай, куд æй фæййервæзун кодтай мæлæтæй, уой, – зæгъуй робас лæгæн.

Мæгур лæг берæгъи ниллæсун кодта голлагæмæ, голлаги ком федар бабаста, æрбадтæй ибæл æма байдæдта дзорун:

– Уотæ ибæл æрбадтæн æма цауæйнони расайдтон, мæ рæзти, зæгъун, ралигъдæй. Берæгъи фæййервæзун кодтон мæлæтæй, – загъта мæгур лæг.

Уæд имæ робас дзоруй:

– Нур дæбæл баууæндтæн, фал уæхæн æгудзæг цæмæн дæ? Устур лæдзæг дæмæ ку ес – хуайгæ ’й кæнæ, хуайгæ, æ сæрмæ ин гъавæ æма ’й куййи мард никкæнæ.

Мæгур лæг фестадæй, æ лæдзæг идард фæххаста æма си берæгъи голлаги хурфæмæ хуайун байдæдта: нимморæ ’й кодта. Уотемæй робаси фæрци фæййервазтæй мæлæтæй. Робасæн берæ арфитæ фæккодта æма сæрæгасæй фæстæмæ раздахтæй æ мæгур хæдзарæмæ.