22 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

22.04.2021 | 17:06

Чиколай еу мæгур лæгæн уосæ нæ адтæй. Нæ ин адтæй хæдзарæ дæр. Нæ имæ адтæй фонс: гъог – нæ, бæх – нæ… Уæддæр æ минæвæрттæ фæццудæнцæ кизги хæдзарæмæ æма уоми дзорунцæ:

– Лæгæн цуппар азгъунсти ку уа, цуппар бæхи имæ ку уа, цуппар гъоги имæ ку уа, уæд ма ‘й ци гъæуй?..

Кизги бийнонтæ исарази ‘нцæ æма ‘й еци лæхъуæнæн равардтонцæ. Киндзæ, киндзæмбæлттæ дæр æ хæццæ, уотемæй, кумæ син цæугæ адтæй, уордæмæ ку бахъæрдтæнцæ, уæд кæсунцæ æма – хæдзарæ нæййес, бæх нæййес, гъог нæййес… Æма, минæвар ка адтæй, уонæй еуей фæрсунцæ, ци цуппар азгъунстей, цуппар бæхей, цуппар гъогей кой кодтайтæ, етæ кæми ‘нцæ, зæгъгæ.Уæд син е дæр дзуапп равардта:

– Уотæ фæрсæг нæ фæцæй, гъома, еци цуппар азгъунсти, цуппар  бæхи, цуппар гъоги еци хæдзари ‘нцæ, æви æндæр хæдзари ‘нцæ…

Ци ма загътайуонцæ иуазгутæ …

***

– Махбæл дæр, хумæтæг дзиллæбæл, еци кизги бийнонти хузæн цал æма цал хатти æрцудæй уæхæн сæйдтитæ. Нуриккон Уæрæсей хецаудзийнади бæрзонддæр бунæттæмæ ци «минæвæрттæ» байервазтæнцæ, етæ нæ цал æма цал хатти расайдтонцæ? Сæ еугур сайæн зæрдæвæрдтитæ, куд уинæн, зæрдмæгурдзийнадæй æндæр адæмæн хиццагæй æгириддæр неци æрхастонцæ…

 

Еленæ АФАНАСЬЕВА, Федераций Совети иуонг: «Фæсарæйнаг æндæвди агенттæ нур дæс æма инсæй анзей дæргъи се ‘мвæндæ-æмунаффæ куст кæнунцæ Уæрæсей. Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центр куд исбæлвурд кодта, уотемæй нæ бæсти цæргути сæризунд уоййасæбæл усхъуммитæ кæнунцæ, æма нæ дзилли 3%  уотæ нимайунцæ æма зæнхæ, дан, тъæпæн æй…»

– Баруагæс уи уæд, мах агъазиау бæстæн гъæлати 3% дæр минкъий нæй. Нæ сенатортæ æма депутаттæмæ гæсгæ  ба уони бæрцæ никки фулдæр æй. Уотæ ку нæ нимайиуонцæ, уæд, æвæдзи, адæмæн дæр æма бæстæн дæр æнæпайда, цæмæйдæрти ба зæранхæссæг ка ‘й, уæхæн закъонтæ еудадзуг царди нæ уадзиуонцæ. Етæ кенæ сæхуæдтæ еци æртæ процентемæ хаунцæ, кенæ ба мах нæ еугурей дæр неци  лæдæргутæбæл нимайунцæ…

ЧЕРЧЕСТИ Станислав. Уæрæсей футболæй еугонд команди сæйраг тренер: «Цийфæнди командæ дæр дæлбарæ ‘й æ раздзæуæгæй. Уæрæсей еугонд командæ тухсуй дзюбадæлбарадæй (Дзюба – зундгонд футболист.– Ред.) «Барселона» (испайнаг футболон командæ. – Ред.) ба мессидæлбарадæй (Месси – зундгонд футболист.– Ред.)

– Дзюбадæлбаради бæсти Уæрæсей еугонд командæ молундзийнади дæлбарадæй ку «фæннезгун» уидæ, уæд бæргæ хуæздæр уидæ. Кæмæйдæрти пахампартæ аразуни бæсти, еумæйагæй арæхстгиндæр унмæ тундзун гъæуй. Уæ бон нæй футболи æнтæстгин ун, уæдта ‘й ниууадзетæ æма, кæми исарæхсдзинайтæ, уæхæн гъуддæгути архайетæ. Фал кунæг!.. Футболи сæмæ ци уæларвон æхцатæ хауй, уæхæн «доцгæ гъог» ма син кæми уодзæнæй! Уоййасæбæл гъæлатæ ба нæ ‘нцæ…

Антон СИЛУАНОВ. Уæрæсей финансти министр: «Экономики уотид неци фæууй. Аци бон æхцатæ кæмæндæр æнцонтæй радех кодтай, миздæвæрд фæллæмæгъдæр кодтай, уæд уой фæстеугутæбæл ба уæддæр федгæ æрцæудзæнæй. Федгæ ба ка кæндзæнæй? Хумæтæг адæм…»

– Æма нæ цæмæй тæрсун кæнуй?!. Ацал-ауал анзей дæргъи æгæрдæр ма исахур ан кедæр «тæрегъæдтæ» федунтæбæл. Хецаудзийнади ‘рдигæй æнæкелбет фæндити фудæй еугур нæхъæртондзийнæдтæ дæр хумæтæг адæми харзæй «рæстгонд» цæунцæ. Дзуапп си байагорæг ба нæййес… Хуарз æма министр ибæл уæддæр басастæй: дзуапдæттæг исунцæ хумæтæг адæм: сæ æфтуйæгти кадаварæй, пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ уал анзи индексаци нæ кæнунæй, кустгъон адæми æгустдзийнадæй æма æндæр мæгурдзийнæдтæй…