ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..
Номдзуд япойнаг æфсæддон раздзæуæг Нобунанга еууæхæни бæргæ исфæндæ кодта е ‘знæгтæй кедæрти басæттун. Фал е ‘фсæддонтæ фæууæлахез унбæл сæ зæрдæ уоййасæбæл нæ дардтонцæ, секкаг син адтæй еци гъуддаг, фиццагидæр, уомæ гæсгæ æма си знаг бæрцæй дæс хатти фулдæр адтæй. Æма сæ уæд сæ раздзæуæг æрдæг надбæл бауорæдта, загъта син:
– Мæнæ æхца исуелдзæнæн. Æма кæд герб исхæта, уæд æнæмæнгæ фæууæлахез уодзинан.
Исуилдта æхца, æма герб разиндтæй. Æфсæдтæй баруагæс æй, ке фæууæлахез уодзæнæнцæ, е, еци нифсгунæй размæ рампурстонцæ æма знæгти æнцонæй басастонцæ.
Тугъди фæсте Нобунангайæн æ адъютант уотæ зæгъуй:
– Æвæдзи, ирисхъи къох ци амона, уомæн æййевæн нæййес!..
– Раст зæгъис, – дзуапп равардта раздзæуæг.
Æма имæ равдиста, ке исуилдта, еци мæнгæ æхца – дууердигæй дæр ибæл адтæй герби хузæ.
Япойнаг тугъдон раздзæуæги фæливд миуæ берæ цидæр гъуддæгути фæнзуй нæ нуриккон хецаудзийнадæ. Ести гъуддаг райаразун сæ зæрди ку æрбафтуйуй, уæд, адæм дæр сæ гъуди зæгъæнтæ, зæгъгæ, референдумтæ-æрфæрститæ дæр бæргæ райаразунцæ, фал еци «исуелæнæн» дууердигæй дæр еу дзуапп нисангонд фæууй – хецаудзийнади ка фæгъгъæуй, уæхæн. Кæд æма адæмæн сæ фулдæр Советон Цæдес багъæуай кæнуни фарс адтæнцæ, уæддæр сæмæ еске байгъуста?.. Нобунангайи налатдзийнадæ е ‘фсæдтæн уæлахез æрхаста, мах «раздзæугути» миутæ ба фулдæр хæттити зæран хæссунцæ æхсæнадæн, хумæтæг адæмæн…
Бенджамин Франклин (1706-1790), америкаг философ: «Фæразунгъон ка ‘й, уомæн æ къохи бафтуйдзæнæй, цидæриддæр æй гъæуй, е…»
Кæд ма мах, Уæрæсей хумæтæг дзиллæ фæразунгъон нæ ан!.. Фал уæддæр, ци нæ гъæуй еуцæйбæрцæдæр хузæнон цардæн, уомæй ба нæ къохти æгириддæр ку неци æфтуйуй… Ци минкъий къуæрттæн алцидæр æгæрдæр ма æнтæсуй, етæ фæразунгъондæр æнцæ? Кæд нæ, растдæр уодзæнæй зæгъун: етæ æдзæсгондæр æнцæ. Æма нури доги ба, ка куд æдзæсгондæр æй, уотæ ин хъæбæрдæр æнтæсуй хе гъуддæгутæ аразунæн.
Варлам Шаламов (1907-1982), финсæг: «Хуцауи раст адæм нæ гъæуй. Етæ æнæ Хуцауæй дæр фæццæрдзæнæнцæ. Хуцауи гъæуй, сæ тæрегъæдтæбæл фæсмон ка ‘ркæна, уæхæнттæ…»
Е куд æй? Рæстзæрдæ адæм Хуцауи дæр æма сæ зæнхон хецæутти дæр нæ гъæунцæ? Æма уæд еци рæстзæрдæ адæми цæмæн арази кæнунцæ, рæстуодæй цæретæ, зæгъгæ? Тæрегъæдгинтæ ба нæмæ кæд минкъий нæ ‘нцæ, уæддæр ескæд уой фегъустайтæ, æма си кадæр æ тæрегъæддаг миутæбæл æрфæсмон кодта æма дзилли размæ хатир ракурдта, Хуцауæй амунд раст надбæл æрлæудтæй æма Хуцауи фæдзæхститæмæ гæсгæ цæрун байдæдта?..
Василий Розанов (1856-1919), философ: «Еунæг адæймаг дæр æстауни аккаг нæй. Алли адæймаг дæр æй тæрегъæддаг…»
Мах цардиуаги ба цæмæдæр гæсгæ ниффедар æй уæхæн фæткæ: дзилли ‘хсæн уотид æ кой ракæнуни аккаг дæр ка нæй, уæхæн гириззæгтæ кенæ сæхуæдтæ сæхе, кенæ ба сæ хузæнттæ сæ еци æстауæги еудадзуг æстаунцæ, хецæуттæ сæ боц кæнунцæ аллихузон хуæрзеугутæ æма хуæрзтæй. Нæ адæм ба тæрегъæддаг кæд естæмæй æнцæ, уæд уомæй, æма нæ цардиуаги еци æведауцæн ке бухсæн…