18 января 2025

ДУУÆ СЮЦАЙИ ÆМА ДЗАБУРХУЙÆГ

16.01.2025 | 14:31

Еу хатт дууæ сюцайи Чжан æма Ли фæлварæнтæ равардтонцæ æма рараст æнцæ сæхемæ. Берæ фæццудæнцæ сæ идард надбæл æма сæ фурæдонугæй сæ комтæ ниссор æнцæ. Еу гъæумæ бахъæрттæнцæ æма си фæууидтонцæ бамбуки лухгæндтæй арæзт горени иннæ фарси  агъазиау, æ рæзæ рæгъæд кæмæн адтæнцæ, уæхæн финик бæласæ. Чжан исдзурдта:

– Изолæй ругти фæццудан, æдонугæй мæ сæр зелуй. Уæртæ еци финиктæй фæууинæн, нæ комтæ си рауазал кæнæн.

– Арази дæн, – исдзурдта иннæ ахургонд Ли. – Ругæ нæбæл нæ къæхтæй нæ сæри уæнгæ æртæ фæлтæремæй исбадтæй, нæ къохтæ нецибал лæдæрунцæ, нæ къæхти бунтæ исхаудтæнцæ. Фæффедар кæнæн нæхе хуæрзадæ финиктæй.

Уотæ цийнæгæнгæй, хæстæг бацудæнцæ финик бæласæмæ.

Ами, горени фарсмæ, бадтæй зæронд уосæ æма æлвиста æлхуйнæй, æ фарсмæ ба еу лæг дзоццæги бадгæй, дзабуртæ æмпъузта.

Дууæ фæндаггони син салам равардтонцæ, уæдта Ли рафарста зæронд уоси:

– Зæгъай, дæ хуарзæнхæй, аци финиктæ ке ’нцæ?

Зæронд уосæ е ’лвесун ниууагъта, искастæй Чжан æма Лимæ.

– Аци бæласæн æ ниййаразунбæл рацудæй дæс анзи, уой зонунцæ аци гъæубæсти адæм. Мæнæн сумахæй тогхæстæг неке æй. Мадта мæ зонгитæ дæр нæ айтæ. Ци барæ даретæ сумах аци финиктæмæ?

– Карзæй нæмæ ма дзорæ, нæ мади хай, мах ан ахургæндтæ æма нæхемæ цæуæн фæлварæнти фæсте. Хъæбæр исæдонуг ан, æма нæ уомæ гæсгæ фæндуй дæ финиктæй  исахуадун.

– Уе ’цæгæй сумах ахургæндтæ айтæ? Æз уæмæ ратдзæнæн еу цалдæр фарстай. Кæд сумах уонæн иссерайтæ раст дзуæппитæ, уæд уæ æз бафсаддзæнæн адгин финиктæй.

Дууæ сюцайи бацийнæ кодтонцæ æма еумæ исдзурдтонцæ:

– Хуарз, нæ мади хай, бафæрсæ нæ.

Силгоймаг еу минкъий рагъуди кодта, уæдта загъта:

– Ци ес уæларвæй бæрзонддæр, зæнхæй ниллæгдæр, тауæгæй тауæгдæр æма мудæй адгиндæр?

– Æз, æз ратдзæнæн дзуапп, – фæттагъд кодта Чжан. – Уæларвæй бæрзонддæр – стъалутæ, зæнхæй ниллæгдæр – цъай, мудæй адгиндæр ба – рæгъæд финик.

Силгоймаг аци дзуапп ку фегъуста, уæд æхе фæттар кодта:

– Сумахæн уæ гъудити ’нцæ айдагъдæр финиктæ, уотемæй уæхе хонетæ ахургæндтæ.

Ахургонд Чжан  арази нæ адтæй силгоймаги дзурдтæй æма бафеппайдта:

– Гæрр,  æз раст дзуапп нæ равардтон?

– Уæларвæй уæлдæр æнцæ фæллойнæгæнæг адæм, зæнхæй ниллæгдæр – устур чиновник, æфсæстæн – алцидæр тауæг, стонгæн – алцидæр мудæй адгиндæр.

Силгоймаг дзабурхуйæги дзуапп ку фегъуста, уæд загъта:

– Е хъæбæр раст æй. Сумах ба кæд ахургæндтæ айтæ, уæддæр дзабурхуйæгæй минкъийдæр зонетæ. Фал мæмæ байгъосетæ, æз ма уæ никкидæр рафæрсон. Зæнхæбæл ка ’й гъæздугдæр, ка ба – мæгурдæр? Дуйней ци æй еугуремæй уорсдæр æма еугуремæй саудæр?

Аци хатт дзуапп раттунмæ фæттагъд кодта ахургонд Ли.

– Еугуремæй мæгурдæр, – загъта е, – æй Янь Суей, еугуремæй гъæздугдæр ба паддзах, тæккæ уорсдæр – мет, тæккæ саудæр – тушь.

Уæд бабæй дзабурхуйæг исдзурдта:

– Мæгурæй мæгурдæр æй е, айдагъ цъухæй уæлдай кæмæ неци ес,  гъæздугдæр ба е, кæци æ дууæ къохемæй алцидæр аразун зонуй, уорсæй  уорсдæр æй зæнхкосæг, сауæй саудæр ба – гъæздуги зæрдæ.

Ахургæндтæ нæбал байагурдтонцæ финиктæ æма сæ надбæл идарддæр рараст æнцæ.

(Китайаг æвзагæй æй ратæлмац кодта СÆБАНТИ Виктор.)