22 декабря 2024

ДЗИДЗОЙТИ Валерий ДИГОРУХЪ

28.05.2022 | 14:49

Сæдæгай æнзти Дур-Дури гъæуи берæ цæмæдесаг адæм цардæй – таурæхъгæнгутæ æма ахургæндтæ, финсгутæ æма инæлæрттæ, зæнхикустгæнгутæ æма æнæбасæттонтæ хъаурæй, лæгигъæдæй. Уонæй сæ еу, æнæмæнгæ, адтæй Гегати фæйнæгфарс Дигорухъ. Хумæтæг зæнхкосæг æма гъæддзау, фурездон æма хебæлхуæцгæ, мадзора æма æфсæрмигæнагæ. Дурдуйрæгтæ ‘й багъуди кодтонцæ е ’гъдауæй, сауæнгæ ма куд цудæй, уомæй дæр. Хъандзалтæбæл цæуæгау рæуæг, æ къæхтæ зæнхæбæл федар лæудтæнцæ. Гъæуæн устур кадæ искодта æ лæгдзийнадæ æма хъаурæй, уæдта куд искурдиадæгин гъæбесæйхуæцæг, уотæ дæр. Дигорухъ XIX æноси 80-аг æнзти фæхходуйнаг кæнун нæ бауагъта Туйгъанти, гъæуи кадæ дæлæмæ не ’руагъта æма адæми зæрдити байзадæй уæйугæй, неке ибæл фæууæлахез æй, уотемæй. Куд зонæн, уотæ гъæздуг Туйгъантæ æма кæсгон къниæзтæ æности дæргъи лимæндзийнадæ рахастонцæ, кæрæдземæ цудæнцæ иуазæгуати, хæстæгдзийнадæ дæр кæниуонцæ – Дигори баделиатæ æма кæсгон æлдæрттæ еу динбæл хуæст адтæнцæ – пусулмæнтти æма сæ уæлдай хæстæгдæр кодта еци гъуддаг.

Гъæуи ма нур дæр уæхæн хестæртæ ес æма кæсгæнттæ иуазæгуати ку ’рбацæуиуонцæ Туйгъантæмæ, уæд адæм мудибиндзитау куд базмæлиуонцæ, гъæздуг фингитæбæл куд æрбадиуонцæ æма еу абонæй иннæ абонмæ куд фæкковиуонцæ, бæхтæбæл догъи куд ерис кодтонцæ, гъæбесæй сæ тухæ куд æвзариуонцæ. Уой фæсте ба Туйгъантæ фæццæуиуонцæ Кæсæгмæ Анзорти гъæумæ (нуртæккæ зæронд Лескен), ами цардæй къниаз Анзорти Хъайсун, дигоронау рæсугъд дзурдта, уомæн æма æ мадæ адтæй Туйгъанти кизгæ.

Еууæхæни бабæй Дур-Дурмæ иуазæгуати æрбацудæнцæ Анзорти кæсгон къниаз Хъайсун е ’мбæлтти хæццæ. Фиццаг догъи уадæнцæ бæхтæй æма, ке зæгъун æй гъæуй, фæрразæй æнцæ кæсгон уайагæ, хуæрзхаст бæхтæ. Догъи уайуни фæсте ба гъæуама кæсгон гоцъеф æ хъаурæ бавзурстайдæ дигорон гъæбесæйхуæцæги хæццæ. Кæсгон, дууæ метрей дæргъæн къæдзæх, зæнхæй æ фезмæлун кæнунмæ дæр æ нифс неке бахастайдæ. Æ нихмæ æрлæудтæй Бетрозти Батæрбег, еци дзамани федар, хъаурæгин богал. Еристæмæ дуккаг уæладзуги балкъонæй кастæнцæ къниаз Анзори фурт æма Туйгъанти Налухъ.

– Уæллæхи-биллæхи, аци кæсгони нихмæ лæг нæ, фал арс дæр неци бакæндзæнæй, – дзурдтонцæ кæрæдземæн дурдуйрæгтæ, Батæрбег куд хуæрд кодта, уомæ кæсгæй. Еу рæстæг æ астæубæл ци ронæ баст адтæй, уой кæсгон гоцъеф ратудта æма бунтихуæст уорæд æрцудæй. Нæуæг ронæ ин бабастонцæ æ астæубæл æма нæуæгæй хуæст райдæдта. Гоцъеф зæрдæй архайдта, уадзæ, е ба къниазæй баруагæс уа, æрмæст Кæсæги нæ, фал иннæ рауæнти дæр æ хъаури нихмæ ке неке фæллæудзæнæй, уой, æма ин æ цæсти фулдæр аргъ уа. Берæ нæбал рацудæй æма кæсгон Батæрбеги зæнхæй фæххецæн кодта, æ сæрмæ ‘й исиста, цалдæр усми фæсте ба ’й е ’уæнттæбæл æргæлста. Уæлахездзау адæммæ нимдзаст æй, уæдта хъалзæрдæй загъта: «Ке хæццæ рахуæцон, уæхæн лæг нæййес». Анзорти къниаз еци дзурдтæ ку фегъуста, уæд æ зæрдæ фæффедар æй æма æ гъуди раргом кодта: «Мæ гоцъефи мин ка рамола, уомæн кæсгон догъон бæх». Дур-дуйрæгтæ мæти бацудæнцæ, Туйгъанти Налухъ æхецæн бунат нæбал ирдта, гъæуи хестæрти фæрсуй: «Гæрр, æ нихмæ ка фæллæууа, уæхæн Дур-Дури нæййес?» Хестæртæ загътонцæ: «Ес уæхæн лæг æма аци уæйуги нихмæ ка ‘рлæууа».

– Ка ’й еци лæг æма ‘й кæми иссирдæуа? – бафарста Налухъ.

– Е æй Гегати Дигорухъ, – загътонцæ хестæртæ.

– Тагъд имæ фæдздзоретæ, Налухъ дæ, зæгъгæ, агоруй.

Цубур рæстæги фæсте бæхгин фездахтæй, æма Налухъæн загъта:

– Гегатæмæ зæрæндтæй фæстæмæ неке ес, Дигорухъ ба сæумæй дууæ галебæл гъæдæмæ рандæ ‘й сог ласунмæ æма нæма фæззиндтæй.

Налухъ дууæ биццеуемæ фæдздзурдта æма син загъта:

– Цотæ æма ’й гъæуи фæсте гъæдæй рацæуæни бахезетæ. Куддæр Дигорухъ фæззинна, уотæ имæ еу æ бæх раттæд, иннæ ба галтæ ратæрæд Гегатæмæ.

…Туйгъанти хæдзари фалæмбула дзахъулайæй байдзаг æй. Гъæуккæгтæ зудтонцæ, Налухъ кæстæртæн ци ниффæдзахста, еци хабар æма цидæр рохси цъита сæ зæрдитæмæ æрбакалдæй.

Дигорухъ фæлладæй æздахтæй гъæдæй. Дууæ гали уæззау согти уæрдун тухласæ кодтонцæ. Гъæдæй ку рахизтæй, уæд дууæ биццеуи бæхтæбæл бадгæ рауидта æма сæ бафарста:

– Ма фæдздзæгъæл уотæ гъæдæй гъæуи ‘хсæн, ци косетæ ами?

Биццеутæй еу цурд æргæпп кодта бæхæй, æ размæ бацудæй æма ин загъта:

– Туйгъантæмæ кæсгон къниæзтæ æрбацудæй æма нæ Налухъ дæумæ рарвиста. «Дессаг, Гегати Дигорухъ ба Туйгъанти цæмæн багъудæй?» – сагъæси бацудæй Дигорухъ. Бæхбæл рабадтæй æма Туйгъанти тургъæмæ фæрраст æнцæ. Налухъ сæ хизта, сæ размæ рацудæй æма гъуддаг балæдæрун кодта. Дигорухъ еу минкъий рæстæг сабурæй фæллæудтæй, уæдта хатиртæ корун райдæдта, аци дарæси куд бацæуон кæсгон æлдæртти размæ, ходуйнаг уодзæнæй, зæгъгæ.

– Нуртæккæ е сæйраг нæй, – æ дзурд ин райста Налухъ. – Уой бæсти баздæхæ æма нæ фæхходуйнаг кæнун ма бауадзæ. Кæсгон гоцъефи рампурсун гъæуй. Кæд ибæл фæууæлахез уай, уæд дин, дæ фуни дæр ке нæма фæууидтай, уæхæн кæсгон догъон бæх, рæсугъд цохъатæ æма дæс æвзестæ соми.

Фæллад æма æстонг Дигорухъ сабур лæудтæй æма æ къæхти бунмæ кастæй. Еугур Иристони дæр игъустгонд ка адтæй, еци Налухъæй æфсæрми кодта, айдагъ фæллад нæ, фал хуæрунгъæуагæ дæр ке адтæй, уомæй дæр. Дигорухъ, æ гъæуккæгтæ имæ куд æнгъæлдзау кастæнцæ, уой фæууингæй æнæбари загъта:

– Æхцабæл гъæбесæй нæ хуæцун, фал Дур-Дури кадæ багъæуай кæнуни туххæй ба рахуæцдзæнæн гъæбесæй… сауæнгæ æстонгæй дæр.

Налухъ балæдæрдтæй æ дæлгоммæ дзурд, бардзурд равардта æ фæсдзæуинттæн:

– Хуæруйнагæй имæ фæккæсетæ, уæдта ’й еуминкъий уолæфун бауадзетæ.

Аци рауæн Дур-Дури зæронд цæргутæ фæйнæхузи дзурдтонцæ. Еуетæ зæгъунцæ, Дигорухъ, дан, фунх фус еугурæй дæр бахуардта, уæдта къибилайдзаг бæгæни баниуазта, иннетæ ба дзурдтонцæ, фусæн е ’рдæгæй фулдæр нæ бахуардта, уæдта æртæ къерей æма дууæ литри бæгæни, æртиккæгтæ ба уотæ: «Дигорухъ минкъий бахуардта, айдагъдæр еу фунх гогуз, дууæ къерей, уæдта бæгæни нæ, фал месин баниуазта». Цидæр адтæй, уæддæр Дигорухъ рæфтад искодта, æхемæ базилдæй, хуарз дарæси рацудæй гъæбесæй хуæцунмæ. Тургъи адæми нимæдзæбæл ма еума уойбæрцæ бафтудæй. Кæсгон гоцъеф раздæр рацудæй, кæми хуæстайуонцæ, уордæмæ æма æ федар иуæнгтæ æвдиста адæммæ, æ уиндæй сæбæл тас æфтудта. Дуккаг уæладзуги балкъони рабадтæнцæ Анзорти Хъайсун æ фæсдзæуинтти хæццæ æма Туйгъанти Налухъ. Сабур къахдзæфтæй, цæбæлдæр гъуди кæнгæй, рацудæй Гегати Дигорухъ. Абони некебал зæгъдзæнæй фæстагæнттæй, цæбæл гъуди кодтонцæ Иристони устурдæр æлдæрттæй еу – Туйгъанти Налухъ æма хумæтæг зæнхкосæг Гегати Дигорухъ еци усмæ, уой. Æвæдзи, сæ гъуди еу адтæй: нæ адæмбæл ходуйнаги игакæ исæварун нæ бауадзун, бæгъатæрдзийнадæ бавдесун, уæлахезæй байзайун. Дигорухъ æрлæудтæй цъæх фæзи, дууæ метри дæргъæн лæг æ гурæй бамбарзта хуæцæн бунати æрдæг. Дууæ лæги кæрæдземæ комкоммæ æрлæудтæнцæ, кæрæдзей рæнттæбæл федар æрхуæстæнцæ. Гъæбесæйхуæст райдæдта. Кæсгон гоцъефи цæсгонæй медбилхудт фесавдæй, уæлдайдæр ба ’й фезмæлун кæнунбæл ку райархайдта, уæд. Еу хатт, дуккаг, æртиккаг хатт. Цума Дигорухъи къæхтæ æфсæйнаг адтæнцæ, уотæ сæ бунатæй æзмæлгæ дæр нæ фæккодтонцæ. Дигорухъ къæдзæхау лæудтæй, гоцъефи бон ин неци бацæй. Е нæ, фал цалдæр усми фæсте Дигорухъи сæрмæ къæхтæ хъелæй куд равзурстæй, уой лæдæргæ дæр нæ бакодта. Гоцъеф æ тæппæзтæ цагъта, æхе Дигорухъи домбай къохтæй ратонунмæ гъавта, фал кæми? Цæйдæрбæрцæ рæстæг æй ку фæррахæссæ-бахæссæ кодта, уæд Туйгъанти æлдармæ дзоруй:

– Ци ин кæнон нур?

Налухъи бæсти æ гъæуккæгтæ загътонцæ:

– Е уонтæбæл æй æргæлдзæ!

Дигорухъ æ нихмæлæууæги зæнхæмæ æрæлхъивта, æ уæзæ ибæл æруагъта, фал иннæ усми ба кæсгон цидæр амæлттæй æхе ратудта, фæууæгъдæ ‘й æма æ къæхтæбæл ислæудтæй. Дигорухъ дæр фестадæй, кæрæдзей нихмæ бабæй æрлæудтæнцæ. Кæсгон райархайдта æ фезмæлун кæнунбæл æма æ къохи ку неци бафтудæй, уæд Дигорухъ дæр нæбал ниббухстæй, æхемæ ‘й æрбалваста, зæнхæй фæццох æй, сæрмæ ‘й рæуæг фелваста, æ тухæ – æ бонæй æй зæнхæбæл ниццавта, æрхъан ибæл æма ’й зæнхæмæ уотæ нилхъивта, оххай, ку бабæй мин райервæза, зæгъгæ, æма исуолæфунгъон дæр нæбал адтæй кæсгон.

– Астъафирилла! – цийни гъæртæ райгъустæй фæйнердигæй. Еци усмæ дууæ богалей гъостæбæл уæхæн фæдесгъæр æрцудæй, цума Туйгъанти цъæхсæртæ сæ сæртæбæл æркалдæнцæ. Е Гегати Дигорухъ кæсгон гоцъефи е ‘уонтæбæл ке ‘рæвардта, уобæл цийнæ кодтонцæ дурдуйрæгтæ. Кæсгон ба уонтæхъел сæргубурæй рацудæй æма æхе баримахста.

Уотæ багъæуай кодта Дур-Дури кадæ, Иристони ном хумæтæг зæнхкосæг, сабур къæдзæх лæг Гегати Дигорухъ. Адæм æй уотæ берæ уарзтонцæ æма ибæл зар искодтонцæ кади зар æма ’й кувдтити, киндзæхсæвæрти Дигори абони дæр зарунцæ.

***

Гегати Дигорухъ Гегкий фурт æма æ бийнойнаг Гатути Косейæн исæнтæстæй фурт Хакъиассæ, кизгуттæ Гадау, Гуассæ, Астар, Бецал æма Минæт. Хакъиассæ цардæй Дур-Дури 1902 анзи уæнгæ, уæдта фæллигъдæй Уорсдонмæ æма уоми уæлмæрдти æвæрд æрцудæй. Байзадæй ин æртæ фурти: Амурхан, Батæрбег (Уагке), Барис (Беза).

Гадау киндзи æрцудæй Елхоттæмæ Бади Годахмæ. Æ фурттæ Муссæ, Садуллæ, Тох.

Астари цардæмбалæн æрхудта Æгъузарти Афæхъо. Исæнтæстæй син æртæ фурти: Сæуген, Алихан, Хъанамат. Бецал дæр æрцудæй Æгъузартæмæ, уорсдойнаг Хакъиассæмæ. Исгъомбæл кодтонцæ Мæрзахъул, Геуæрги æма Алихани (Агани).

Гуассæ æма Минæт ба æригæнттæй рамардæнцæ.

Уотæ, Гегати домбай Дигорухъи тог æма стæг, æ дзилагæ уæлæбæл байзадæй, æ цæуæти цæуæти цæуæт Иристони алли къумти цæрунцæ æма сæ фулдæр, куд хæстæг æнцæ, уой зонгæ дæр нæбал кæнунцæ.