ДЗИЛИХТИ ИНÆЛАР
Кæрон.
Хайло исистадæй, æ уæраги сæрти уæнгæ денгизи бацудæй:
– Мæнæ мæбæл аци дамугъа дæр уæдæй фæстæмæ байзадæй. Мини схъес адтæй æви топпи нæмуг – магъа, – æ цубур хæлафи кæрæнтти хуæдфарсмæ ци тарбун сурх нос зиндтæй, уомæ байамудта инæлар.
– Сталингради бунмæ ку фембалдан, уæд мин дæ полкки туруса дæ уæле тухт ке адтæй, уой куд не ’сгъæр кодтай!
Хайло æ медбилти бахудтæй:
– Æма ма нæ уомæ евдалдæй. Нæбал гъуди кæнис, нæ алливарс бæстæ куд сугъдæй, уой? Нæ сæр кæми фæтътъунстайанæ, е дæр нин ку нæбал адтæй.
– Гъо, уомæй раст зæгъис. Ескæд ма уой æнгъæл адтан, æма дæс æма инсæй анзей фæсте денгизи билæбæл баддзинан.
– Раст зæгъун гъæуй, бустæги æнамонд нæ разиндтан, – загъта Хайло æма æ хабæрттæ идарддæр кодта. – Гъо, æма дин уой дзурдтон. Немуц, æвæдзи, сæ кеми æрцудæнцæ æма нæбæл аллирдигæй никкалдтонцæ. Уæдмæ сæумæ ’рдæмæ нæхеуæнттæ нимпурстонцæ. Одери билгæрон æнсувæрон ингæни байвардтан нæ тугъдон æмбæлтти.
Инæлар æ дзубанди фæцæй, арф ниууолæфтæй. Денгизи уолæнтæмæ æдзинæг кæсгæ байзадæй. Неци имæ исдзурдтон. Еу гъуддаг мæ деси æфтудта: æхе туххæй си еу æппæлæн дзурд дæр не ’схаудтæй. Айдагъдæр æфсæддонтæ…
Хор нæ тæккæ сæрмæ ниллæудтæй, æнæвгъауæй сугъта. Расул æма æ иуазгутæ минкъий раздæр рандæнцæ.
– Дæ кустæй дæ бакъулумпитæ кодтон. Ме ’фсæрмæй бадис, – хатир корæгау загътон æз.
Хайло бахудтæй:
– Аци бон сабат æй, æвæдзи, æма ди е феронх æй?..
– Феронх æй, – исарази дæн æз.
ФÆСТАГ ФЕМБÆЛД
Пятигорск. Санатори. Ноябри фиццаг бæнттæ. Уазал думгæ. Уазал уарунтæ. Бестауи сæрмæ ауигъдæй лæуунцæ бæзгин сау мегътæ нур цалдæр бони. Телевизормæ кæсунæй хуæздæр амал ци ес уæхæн дзамани? Æма бадæн фæлладуадзæн уати. Æхсæвæри фæсте кæсæн телевизормæ. Кафунцæ, зарунцæ циуавæрдæр хуæдахур артисттæ. Се ’змæлдбæл цæстæ нæ хуæцуй.
Уæдмæ телевизори экранбæл фæззиндтæй нæуæг кинонивæ. Кинониви райдайæни финст адтæй: «Аци кинонивæ арæзт æй Стъараполи крайи сабурдзийнади фарсхуæцгути туххæй». Идарддæр – кинонивæбæл ка бакуста, уони муггæгтæ, никки поезди ка рабалци кодта, еци стъарапойлаг зундгонд адæймæгути нæмттæ, хецæн коллективти номхигъдтæ. Уæдта – поезди комиссар, гвардий инæлар-майор, сабурдзийнадæ гъæуайгæнгути активондæр архайгутæй еу Дзилихти Бæбуй фурт Михал»…
Æхцæуæн мин куд нæ адтайдæ, мæ рагон æрдхуард, мæ гъæуккаг Хайлой туххæй си ку бакастæн, уæд. Телевизормæ никки æдзинæгдæр никкастæн.
Скъæруй поезд, гæбар-губур кæнуй. Фæстæмæ ледзунцæ гъæди къохтæ, гъæутæ. Идард кæцæйдæр зиннунцæ хъуæцæкалгæ трубатæ. Вагони къæразгæй кæсуй халассæр инæлар. Думгæ ин гъазуй æ бæзгин сæригъунтæй. Хорсугъд, ефстагмæ æнцъулдтæй æндæр кæбæл нæма ес, еци хуæрзконд цæсгон. Сау бæзгин æрфгутæ. Губургомау фий. Кæсуй. Цума будурти цидæр агоруй… Ниллæг æруадзуй е ’рфгутæ. Фæкъкъех уй.
Цæбæл? Цæбæл гъæуама гъуди кæна уæхæн сахатти тугъдон лæг? Ке зæгъун æй гъæуй, тæккæ фиццаг, æ тог æнæвгъауæй кæбæл никкалдта, еци зæнхи федæни хъисмæтбæл. Уомæн рараст æй аци кадгин балций дæр.
Фестъæлфуй инæлар æ медбунати. Цума æ фунæй райгъал уй, уоййау раууæрдуй æ цæститæ.
Тæхуй, скъæруй поезд. Еу хузæ инней æййевуй. Мæнæ купей бадуй нæ зундгонд инæлар. Æ алливарс – æхе кари нæлгоймæгтæ сæ тугъдон хуæрзеугути хæццæ. Æхцæуæнæй дзубанди кæнунцæ цæбæлдæр. Киеви вагзал. Сабурдзийнади фарсхуæцгути митинг. Вагзали фæзи адæмæй къохбагæнæн нæййес. Дзубанди кæнуй Дзилихти инæлар.
Никкидæр бабæй митинг. Нур ба Прибалтики… астæуккаг Уæрæсей горæттæй еу. Цæнхæ æма кæрдзини хæццæ рацудæнцæ адæм стъарапойлæгти размæ. Уоми дæр зæрдиаг дзубандитæ, арфитæ. Еугонд Нацити Ассамблеймæ, Америки хецауадæмæ ке рарветдзæнæнцæ, еци мингай къохфинститæ – тугъди азар æхе уодбæл ка бавзурста, уони карз тæрхон тугъд æма тугъдæндзаргути нихмæ. Еци мингай советон адæймæгути хæццæ адтæй ирон инæлар Дзилихи-фурти къохæвæрд дæр.
Ци ’й римæхсон, сæрустур адтæн, Хайломæ уæхæн устур кади радæ ке æрхаудтæй, уомæй. Æцæгæйдæр Дзилихи-фурт адтæй еци кади аккаг. Стъараполи крайи раздæри æфсæддон комиссар… зудтонцæ ’й, кадæ ин кодтонцæ æ лæгдзийнадæн, æ ездондзийнадæн…
Фæцæй кинонивæ. Æнафонæ ке адтæй, уой гъуди дæр нæбал æркодтон. Исистадтæн æма телефонæй бадзурдтон Хайлой фатермæ. (Хайло фæстаг цалдæр анзи цардæй Пятигорски).
– Нæ дæ райгъал кодтон? – ниллæг гъæлæсæй æй бафарстон.
– Уанцон нæй! – бахудтæй Хайло. – Нурма мæ тезгъо кæнунмæ дæр ку нæма райевдалдæй.
– Телевизормæ кастæ?
– Кастæн уомæ дæр…
– Мæ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй. Арфæ дин кæнун.
– Цæй туххæй? – фæддес кодта Хайло.
– «Сабурдзийнади поезди» туххæй.
– Æз ба зæгъун… Мах ба не ’фсийни хæццæ æндæр кинонивæмæ кастан. Уой зонгæй… – æма æ бийнойнаг Оляйæн гъазгæй загъта. – Нæ «поезд» бабæй рандæ ‘й… Мах ба циуавæрдæр уарзæнттæмæ кастан…
Дагестани фæсте Хайло куста Стъараполи крайи æфсæддон комиссарæй фондз анземæй фулдæр. 1976 анзи æртинсæйанздзудæй рацудæй æфсади рæнгъитæй. Рацудæй… Е бустæги уотæ нæй. Æрцардæй æ бийнонти хæццæ Пятигорски. Уайтæккæ дæр бацудæй партий горкоммæ. Æма раздæри хузæн ранигъулдæй скъоладзаути тугъдон-спортивон гъæзтити. «Зарница»-йи разамонæг, лекцитæ кæсæг… Уæдта профилактори «Дубрава»-йи хецау. Пятигорски кадгин цæргутæй еу.
Анзи размæ цалдæр хатти исæмбалдтæн æ хæдзари дæр. Фæууидтон, Германий ин немуцаг æвзагбæл ци киунугæ рауагътонцæ, уой дæр. Цæветтонгæ, тугъди хуæдфæсте Хайло куста Хайлигенштадти горæти фиццаг советон комендантæй. Мæйдар æхсæвти дæр æ рохс идардмæ кæмæн æрттивта, æфхуæрд æма тарст зæрæндтæ, стонг сувæллæнттæ нифси, рæвдуди дзубанди кæми игъустайуонцæ, сæ федæнбæл сæ ка æууæндун кодта, уæхæн адтæй еци уæззау бæнтти советон комендатурæ. Адтæй уæхæнттæ дæр, нæ комендатурæй идæрдти ка лигъдæй, знаги цæстæй имæ ка кастæй. Исарæхсун гъудæй уони хæццæ дæр, баууæндун сæ кæнун гъудæй нæ рæстдзийнадæбæл. Æма еци устур бæрни бацудæй уæд Дзилихти майор не ’фсади, нæ адæми номæй.
Ниффинста, еци бæнтти æхе цæстæй ци фæууидта, æ уодбæл ци бавзурста, уони. Зæрдæй, кæдзос æнкъарæнтæй киунугæ асæй устур нæ рауадæй, фал – гъудитæй æнхæст. Киунугæн æ еу хай мухургонд æрцудæй журнал «Мах дуг»-и. Дуккаг бон фæсрæфтæ, куддæр мæ уатмæ бахизтæн, уотæ дуар æрбахуастонцæ.
– Хестæр дохтир дæмæ дзоруй, – дуарæй æ сæр æрбадардта æригон кизгæ уорс халати.
Сæйраг дохтир, рацæргæ саулагъз силгоймаг, телефонæй кедæр хæццæ игъæлдзæг дзубанди кодта, мæн æрдæмæ æрбакастæй æма загъта:
– Де ’рдхуард кæд естæмæй гъаст кæнуй, уæд мæбæл æй ма баримæхсæ.
Хæтæл райстон, фæрсун æй:
– Кæми айтæ, дæ хуарзæнхæй? Кустæй, хæдзарæй уин иссерæн ку некæми бал ес…
– Цидæр гъуддæгути туххæй рауадтæн. Игъосис, макумæ рандæ уо. Æхсæз сахаттебæл дæмæ зиндзæнæн.
Оляй амæнтæни уæлгъос æрбаййафтон. Хайло æй ходæзмолæгæнгæй рафарста:
– Куд æй, не ’фсийнæ, дæ цихт фæррæстмæ ’й?
– Кæд мæ къеретæ уæ зæрдæмæ фæццæуонцæ, уæд – фæррæстмæ ’й. Цидæр игъæлдзæг мæмæ кæсис аци изæр?!
– Мæ киунуги къохфинст фæдтæн. Абони ’й рарвистон Дзæуæгигъæумæ, – Оляй усхъæ æрхуаста Хайло. – Фæндараст ин зæгъун гъæуй, нæ? Максимæн ба æ къох лæгъуз нæй. Е ин фæндараст ку зæгъа, уæд хуæздæр нæ уодзæнæй?
– Уодзæнæй, – исарази æй Оля.
Медæмæ игон дуарæй дзæбæх игъустæй Оляй игъæлдзæг дзубанди.
– Нæ лæги цъухæй «фæндараст» исхауæд, æндæр мæ зæрдæ баресуй. Кæмити нæ фæррахауæ-бахауæ кодтан, кæмити нæ бамедæг ан! Мæ уат æфснайд нæма фæууинæ, мæ синхæгти зонгæ дæр нæма бакæнинæ, уотæ мæ уæлгъос æрбалæууидæ: «Оля, тагъддæр, рафæндараст мæ кæнæ…» Æма бабæй фæстæмæ еци чумадантæ… Æд сувæллæнттæ… мæхенимæр дес дæр фæккæнун, куд син ниффæразтон.
– Уарзондзийнадæ, – бахудтæн æз.
– Раст зæгъис. Е мæ ку нæ цирен кодтайдæ, уæд, æхуæдæг ме ’вдесæн, еу хъур-хъур дæр некæд искодтон. Айдагъдæр хебæраги ку райзаинæ, уæд мæ туппуртæ исуадзинæ. Фæсмон мæмæ некæд æрцудæй. Мæ хъисмæтæй некæд рагъаст кодтон. Уæдта, бахатир кæнæ, фал ма мæмæ еу амонд кастæй: тугъди размæ нæ фембалдан. Æндæр… Хъæбæр мæтæ кодтайнæ.
Оля ми дуккаг хатт хатир ракурдта.
– Мæ дзубандитæбæл мин ма фæхходæ. Æндæр ескæмæн сæ нæ радзурдтайнæ…
– Зонун æй… Ме ’рдхуард хийнæ æма налат æй. Æвæдзи æй зудта, Зæнгиати дзæбæх кизгæ æ мæтæй ести ку кæна, зæгъгæ, æма дæмæ цалинмæ тугъд фæцæй, уæдмæ кауи зихъирæй дæр некæд бакастæй, – гъазæнхузи загътон æз.
Хайло мæ фарс фæцæй:
– Æ амонд адтæй æма мæ тугъди рæстæг ацирдæмæ нæ райевдалдæй. Раст зæгъун гъæуй, Æрæдони Зæнгиатæмæ уæхæн кизгæ ес, уой ку зудтайнæ, уæд имæ мæ уæргутæбæл дæр фæббурдайнæ. Мæ цæфтæ дæр нецæмæбал æрдардтайнæ.
– Еци дзубандитæ мин нури уæнгæ куд некæд ракодтай? – ниххудтæй Оля.
– Сосæг зар гъæрæй неке кæнуй, Оля, – дзуапп равардта Хайло æма мæн æрдæмæ æрбакастæй. – Уотæ нæй?..
Æз мæ сæр аразий тилд бакодтон.
– Æма ’й мадта ду дæр уотæ сосæггай уомæн зарис? – æ ходун райгъустæй Оляйæн.
– Ардигæй дзурд ка фæххæсса, уæхæн нæййес…
Дессаг æй бийнонти цард. Айдагъдæр цалдæр дзурди, æрфуги еу фезмæлд… Æма хахуртæ рацæунцæ бийнонти царди сосæгдзийнæдтæбæл.
Оля æма Хайло… Цал хатти фембалдтæн сæ хæдзари, цал хатти исахустон сæ цæнхæ æма кæрдзинæй. Кæддæриддæр мæмæ уотæ кастæй, цума кæрæдземæн райгурдæнцæ, цума æнæ сæ кæрæдземæй сæ цард федаугæ дæр не ’скодтайдæ. Куд фæззæгъунцæ, еуæй-еу хатт ма тæбæгътæ дæр базмæлунцæ. Ка ’й зонуй, æрцудæй се ’хсæн дзубандитæ дæр. Æрмæст сæбæл æз некæд фæггурусхæ дæн. Некæд неке цæсти бафтудтонцæ сæхе. Е ба æнцон нæй. Æрдзæй рахæсгæ ездондзийнадæ ин гъæуй. Æма нуртæккæ гъазгæй цæбæл дзурдтонцæ, етæ гурусхаг нæ адтæнцæ.
Оляй фингæмæ, куд фæззæгъунцæ, мард дæр рабадтайдæ. Куд нæ раппæлдтайанæ уæхæн фингæй. Уæлдайдæр æз, санаторий хуæруйнаги фæсте.
– Нарти Сатанайæй мæ дессагдæр ку фæккодтайтæ. Раст зæгъгæй, хуæруйнаг кæнунбæл зæрдиагæй ку фæййархайун, уæд мин ести гъæуагæ æнæ рауайгæ нæ фæууй.
– Куддæриддæр гъæуй, уотæ ‘нцæ, – цума дзубанди бакодтан, уоййау æмгъæлæсæй загътан Хайлой хæццæ.
– Мæ мадæ мин цæнхи туххæй еу хабар ахид дзоридæ. – Лæг, дан, гъæдæй фæлладæй æрцудæй. Хъæдори къос ин æ рази æрæвардтонцæ. Лæг си еу хупп искодта æма силгоймæгтæмæ дзоруй: «Цæнхæ нæмæ нæййес?» Силгоймæгтæ кæрæдземæ бакастæнцæ, хъæдорæбæл цæнхæ ку никкодтан, зæгъгæ, фал лæгæн цæнхæ рахастонцæ. Е си æ арми дзаг исиста, къоси æй никкодта æма тузмæгæй загъта: «Е ба си мадта мæ харзæй». Уоййадæбæл æ фингæ ниууагъта.
– Оля, цийфæнди карз æмбесæндтæ нин ку фæккæсай, уæддæр мах нæ дзæбæх фингæ нæ ниууадздзинан… Дæ зæрдихудти нæ бацæудзинан.
Фингæ мийнасæй фингæ ’й. Фингæ игъæлдзæгдзийнадæй, уарзон дзубандитæй, рæсугъд имисуйнæгтæй фингæ ‘й. Раст уæхæн рауадæй мах фингæ дæр Дзилихти фатери.
Æз уотæ дзурдмондагæй некæдма фæууидтон Хайлой. Гъуди дæр ке нæбал кодтон, еци кæддæри цаутæ ба мин мæ зæрдæбæл æрлæуун кодта. Сауæнгæ листæг гъуддæгути уæнгæ. Алагири бунмæ Худзухи зæнхитæй райдайæ, Црауи сæрмæ Хъабагъуати бамедæг уо, æ фидæ Бæбу цалдæр анзи бригадирæй ци халсарти бригади фæккуста, уордæмæ. Кæддæр нин Ходи сæрмæ Айларти зæнхгæс нæ цæвгутæ куд байста æма ин сæ æхсæвигон æ уосонгæй куд радавтан, еци æхсæвæй фæстæмæ уосонги рæзти цæун ку нæбал æндиудтан… Уæдта бабæй нæуæгæй нæ райдайæн скъола. Фурбоцæй Битарти Евгени академи ке худтан, уой. Не ’мбæлттæ, нæ фудаг миутæ…
– Евген нæ скъолайæй ку ратардта, е ба? Гъуди ма ’й кæнис? Скъолай азгъунсти сæр ку ниллухтæ кодтан…
– Гъо, куд нæ, – дзуапп равардта Хайло æма Олямæ бакастæй.
– Цæветтонгæ, мартъий фæстаг бæнтти нæ Евген цалдæр биццеуемæй скъолай сæрмæ исхезун кодта. Уордигæй меттæ калдтан. Мет еуæй-еу рауæнти ниййех æй. Белæй ин нæ бон неци адтæй æма нæмæ фæрæттæ ислæвардтонцæ. Мах Хайлой хæццæ æцæг лæгти хузæн февналдтан, ех фæрæттæй карстан. Скъолай æмбæрзт сæрæн ницъцъæстæ кæнунæй тæссаг ке адтæй, е нæ гъудий дæр нæ адтæй. Уайтæккæ скъолай сæр ракæдзос кодтан. Евген нæ раппæлдтæй. Айдагъдæр дуккаг бон… Кълæстæмæ бацæуæн нæбал адтæй. Тугуртæй дон мизтæй нæ дууей фудæй.
– Цæмæн уæ дууей? – цæмæдесæй рафарста Оля.
– Цалдæр рауæнеми нæ фæрæттæй байервазтан æма никкарстан скъолай сæр, – дзуапп равардтон æз. – Евген цæф арсау гъæрзтæй. Дууæ бони скъолай къæсæрæй бакæсун дæр нæбал æндиудтан. Нæхемæ дæр хъур-хъур кодтонцæ, уæ сæртæ кæми адтæнцæ, зæгъгæ. Уæдта мæ фидæ Микъо кæцæйдæр песе (смола) æрбаласта. Бабуй хæццæ ’й ниттайун кодтонцæ. Байсарстонцæ си скъолай сæр. Мах дæр сæмæ Тулатти Агубей хæдзари тегъæй сосæггай кастан æма нæхенимæр цийнæ кодтан. Нæ ахургæнæг Мария Николаевнæ Дзапаридзе кæцæйдæр æрбацудæй æма нæ æ хæццæ ракодта. Евгени рази æрлæудтан. Еуцæйбæрцæдæр е неци исдзурдта, уæдта нин уотæ: «Сæр айдагъ ходæ дарунæн нæй. Сæр Хуцау гъуди кæнунмæ равардта…»
«Фæррæдудæнцæ», – нæ сæрбæл рахуæстæй Мария Николаевнæ.
Евген æнæбари бахудтæй.
– Фæррæдудæнцæ… Æма уæд сæ кæрæдзей æдули сæртæмæ куд нæ фæррæдудæнцæ?
– Ниххатир син кæнæ… Ахур лæгъуз нæ кæнунцæ, – загъта бабæй Мария Николаевнæ.
– Уони карæнæй мах гъæддзаутæ адтан…
– Не ’ригон ахургæнæги нихмæ æ бон неци адтæй не скъолай тузмæг хецауæн. Уомæн æма…
– Уомæн æма хъæбæр ихæсгин адтæй еци къæсхуртæ, саулагъз гурдзиаг кизгæй… – æ дзурд багæлста Хайло.
– Æма куд нæ, кæд æма ’й мæлæти цъухæй байста.
– Игъосæ, Оля, Алагири ци бæгъатæр силгоймæгтæ адтæй, уонæй айдагъдæр еуей хабармæ, мæнæ мах хузæн фудаг лæхъуæнти æ еу къохæй цардмæ ка ракодта, уой хабæрттæмæ, – æхе нæбал бауорæдта Хайло æма дзорун райдæдта:
– Нæудæсæймаг анзи уорсгвардионтæ Алагирмæ ку æрбампурстонцæ, уæд сæмæ кадæр цъух бахаста Евген, дан, сурхити хæццæ баст æй, зæгъгæ. Хъазахъаг афицер имæ скъолай дуармæ æхсаргард исласта. Уæлбæхæй имæ æвзедуй. Евген ин ку нæ састæй, уæд æхсаргард идард фæххаста. Гъа нур ниццæва, зæгъгæ, уотæ се ’хсæн февзурдæй æригон ахургæнæг Мария Николаевнæ. Æ галеу цонг хæрдмæ фелваста, ма ниццæвæ, зæгъгæ. Æхсаргарди æскъот… Æма кизги цонг зæнхи равзурдæй. Евген фæййервазтæй, фал Мария Николаевнæ æнæ цонгæй байзадæй. Æхе еунæг кизги хузæн æй рæвдудта Евген æ базæронди бонмæ. Уæхæн хестæр нæ адтæй Алагири, Мария Николаевнæн æ ходæ ка нæ исистайдæ, уомæн арфæ нæ ракæнгæй æ рæзти ка рахизтайдæ. Кæстæртæ ба, кæстæртæ… Нæ фæткъути, нæ кæрдтути хуæздæртæй æй цох некæд ниууагътан. Тугъди фæсте Германий ку службæ кодтон, уæд Алагири райæнхæсткоммæ финстæг бæргæ ниффинстон, Алагири фиццаг райдайæн скъолайæн Мария Николаевни ном лæвæрд ку æрцæуидæ, уæд хуарз уидæ, зæгъгæ. Дзуапп мин неци равардта. Фехалдтонцæ зæнхахидæй скъола. Æ бунати ин исамадтонцæ устур бæстихай. Бæстихаййи бæрзонд фæрстæй еуебæл дæр финст нæййес, кæддæр æ бунати Алагири фиццаг скъола ке адтæй, е. Еу фæйнæги гæбазæ бакъуæрун ни неке сæр æрахæста.
– Æма Æрæдони ба? Ирон адæми рохсади фиццаг курдадзæ – семинарæй ци зæгъис? – ниууолæфтæй Оля.
Оля æ фингæ радзæбæхтæ кодта. Еуцæйбæрцæдæр ма нæ имисуйнæгтæ фæлмæн базурти æхцæуæн сур-сурмæ фегъустан, уæдта мæмæ Хайло æ косæнуатмæ фæдздзурдта. Стъоли лагъзæй исиста æ зæронд тетрæдтæ, æнахур фæлмæн гъæлæсæй загъта:
– Æцæг рагацау бадзубанди кæнæн, ке мæбæл нæ фæхходдзæнæ, уой туххæй.
– Уанцон нæй. Цæй туххæй? – загътон æз æма, ка ниббор æй, еци зæронд тетрæдтæбæл мæ цæстæ æрхастон.
– Æмдзæвгитæ… Нæхемæ сæ тугури мæ мади зæронд кири иссирдтон. Равзурстон, нискъудтæ сæ кæнон, зæгъгæ, уæдта мæмæ цæмæдæр гæсгæ æвгъау фæккастæнцæ. Нæуæгæй сæ рафинстон. Цидæртæ ма сæбæл рафтудтон. Еу-дууæ дин си бакæсон? Æцæг, куд загътан, уотæ…
Цалдæр мин си бакастæй. Раст зæгъун гъæуй, бустæги рæвдзæ нæ адтæнцæ. Фал æз еци сахат æмдзæвгити гъæуагæдзийнæдтæбæл нæ гъуди кодтон… Тугъдон инæлар æма æмдзæвгитæ… Етæ ма никкидæр еу æвдесæн адтæнцæ Хайлой кæдзосзæрдæн, æ ездондзийнадæн. Уонæн ба, æвæдзи, хумæтæги дзубандитæ фагæ нæ адтæнцæ, поэтикон æнкъарæнтæ син гъудæй.
– Райсæ сæ. Ку дæ райевдæла, уæд сæмæ æркæсæ. Зæрдæбæлдарунæн, – загъта Хайло æма мин мæ пъæлитой дзиппи е ’мдзæвгитæ нитътъунста. Сауæнгæ санаторимæ мæ хæццæ рацудæй. Уоми дæр ма еу сахатти бæрцæ фæллæудтан. Уæддæр нæ дзоруйнæгтæ дзурд нæ фæцан.
Санаторийæй нæхемæ цæуни хуæдразмæ бадзурдтон Хайломæ. Оля мин дзуапп равардта:
– Сæумæй ардæмæ имæ æнгъæлмæ кæсун. Æз ба, зæгъун, кæд дæумæ ‘й. Циуавæрдæр анализти туххæй æй дохтиртæ сæ разæй искодтонцæ.
– Ести æй фæхъхъор кæнуй? – бафарстон Оляй.
– Уотæ неци…
– Вагзалæй ма имæ бадзордзæнæн.
– Хуарз. Нæхеуонти мин бафæрсæ, – фæлмæн гъæлæсæй загъта Оля. – Гъо, хæдæгай, фæдзахста ма, киунуги къохфинстмæ, дан, æ цæстæ фæддарæд. Дзурдтон ма вагзалæй. Хайло сæхемæ нæ адтæй.
14 декабри мæмæ Алагирæй Хайлой кæстæр æнсувæр Аслæнбегæй адтæй гъæргæнæг.
Рахъан æй Дзилихти федар мæсуг…
… Æрæгвæззæг. Листæг сæлфунæг кæнуй. Иригъæуи æртиндæсæймаг скъолайæй рахизтæн. Мæ над ракодтон Къостай уæлмæрдтæбæл. Бæлæстæбæл ма ци еугай сифтæ байзадæй, етæ уомæл зæнхæмæ хаудтæнцæ. Уазал думгæ кодта.
Уæлмæрдти бахезæни галеуæрдигæй Дзилихти инæлари бæрзонд циртдзæвæни уæлгъос баййафтон минкъийгомау къæсхуртæ нæлгоймаги. Æ пъæлитой æфцъæкъуатæ хæрдмæ хадт, æ цъæх уæлдзарм ходæ æ галеу къохи. Æ лæгун сæр æ реубæл æруагъта, уотемæй æдзинæг кастæй ингæни къæйдормæ. Циртдзæвæни бунмæ бакъуар æнцæ нурма хуæрзæрæги ке æрбахастонцæ, уæхæн астрæ деденгутæ.
Лæг махæрдигон нæ адтæй. Æвæдзи мин ме ’нахур кæститæбæл фæггурусхæ ‘й. Цума мæ хæццæ нæ, фал циртдзæвæнмæ дзурдта, уоййау ниллæг гъæлæсæй загъта:
– Душанбейæй дæн. Реданти санаторий мæ фæллад уадзун. Нæбал æй æрбаййафтон… Тугъди фæсте Германий еумæ службæ кодтан… Ардæмæ ку цудтæн, уæд Стъараполбæл мæ над ракодтон. Æз ма ‘й уоми æнгъæл адтæн…
Дууемæй дæр нарæг гъæунгæмæ рахизтан. Иуазæг ма бафарста:
– Ду ба ин ка дæ?
Мæхе ин байамудтон. Е арф ниууолæфтæй æма бабæй еци ниллæг гъæлæсæй загъта:
– Æвгъау адтæй, хъæбæр æвгъау.
Уардта. Листæг сæлфунæг кодта. Еугаййæй æгъзалдæнцæ бæлæсти уæззау сифтæ.
Май, 1987 анз.
Нæ Фидибæсти номдзуддæр æфсæддон архайгутæй еу, ДЗИЛИХТИ Бæбуй фурт Михал райгурдæй 1916 анзи 20 майи сахар Алагири. Ами 1934 анзи каст фæцæй æнæнхæст астæуккаг скъола, уой фæсте – ба Цæгат Иристони педагогон институти рабфак. 1938 анзи Дзилихи-фурт ахур кæнун райдæдта Орджоникидзей Сурхтурусагин фестæгæфсæддон училищей, кæций каст фæцæй 1940 анзи æма æригон лейтенанти ами бауорæдтонцæ къурсантти взводи командирæй. Уæдмæ райдæдта Устур Фидибæстон тугъд, æма 1942 анзи июни æй иснисан кодтонцæ къурсантти роти командирæй æма уони хæццæ æрвист æрцудæй Сталингради алфамбулай архайæг æфсадмæ. Гъе уотемæй райдæдтонцæ æ тугъдон карни нæдтæ. Дзилихи-фурт æхе бавдиста бæгъатæр тугъдонæй, дæсни æма хъæппæресгин æфсæддон разамонæгæй.
Устур Фидибæстон тугъди фæсте майор Дзилихи-фурт æвæрд æрцудæй горæт Хайлигенштадти (Германий Демократон Республикæ) фиццаг советон тугъдон комендантæй. Фæстæдæр ба Советон Æфсади рæнгъити разамунд лæвардта аллихузон фестæг æма моторизацигонд æфсæддон хæйттæн, сауæнгæ дивизий уæнгæ.
Дзилихи-фурт 1959 анзи фæсаууонмæ каст фæцæй М.В.Фрунзей номбæл тугъдон академи. 1965 анзи Дзилихти Михалæн лæвæрд æрцудæй инæлар-майори цин. 1965 анзæй 1976 анзи уæнгæ инæлар-майор Дзилихти Михал куста Дагестани АССР-и, уæдта Стъараполи крайи æфсæддон комиссарæй. Исаккаг ин кодтонцæ сахартæ Сталинград æма Хайлигенштадти кадгин гражданини ном. Инæлар-майор Дзилихти Михал 1976 анзи рацудæй запасмæ.
Дзилихи-фурт хуарзæнхæгонд æрцудæй аллихузон паддзахадон хуæрзеугутæй: лæвæрд ин æрцудæнцæ Сурх Турусай орден, Фидибæсти тугъди фиццаг къæпхæни дууæ ордени, Сурх Стъалуй орден, «ССР Цæдеси Гæрзефтонг Тухти Райгурæн бæстæн служби кæнуни туххæй», берæ майдантæ…
Инæлар-майор Дзилихти Михал æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1984 анзи 14 декабри, байвардтонцæ ‘й Дзæуæгигъæуи Ирон ковæндони тургъи пантеони. Дзилихти номдзуд инæлари берæ хъиамæттæ нæ Фидибæсти сæрбæлтау, æ берæ арфиаг гъуддæгутæ, æ рохс ном иронх нæ ‘нцæ нæ дзиллæй, кадæгонд ин цæуй, æ ном хæссуй сахар Алагири гъæунгтæй еу…