ДЗИЛЛИТИ ФАРНӔН – СӔ ХУМГӔНДИ БӔРКАД!..
Нæ номдзуд Къостай цуппаринсæй анзей юбилей бæрæггонд цудæй 1939 анзи. Æма уой фæдбæл арæзт кадгин мадзæлтти нæ бæсти алли рауæнтæй æрбацæуæг иуазгути хæццæ архайдтонцæ Дагестани минæвæрттæ дæр, сæ сæргъи сæ разагъди лæгтæй еу, сæ адæмон поэт Гамзат Цадаса дæр. Исæмбалдæй нæмæ æ дессаг лæвæртти хæццæ – Къостай туххæй номерæн æмдзæвгити хæццæ. Уотæ си финста:
Уый – дыргътæм зилæг байтаман,
Дзиллæйы зæрдæ – йæ хуымгæнд,
Бирæ тала дзы ныссагъта, –
Бирæ бæлæстæ æрзад.
Цас рæстæг-замантæ атахт!
Иу бæлас дæр дзы нæ бахуыскъ:
Дзыллæты зæрдæтæн, зондæн
У сæ диссаг дыргъ бæркад!
Гамзат Цадасай хузæн æ фурт, Дагестани адæмон поэт Расул Гамзатовмæ дæр Къоста устур цæстиварди адтæй: «Хетæгкати Къоста æй Кавкази поэзий уæлиауæй-уæлиаудæр бæрзæндæ. Æ бæрзонддзийнадæ ба, адæмæн æнцон зæрдæмæйесгæ æма хæстæг ке ‘й, уомæй æй. Уой рист æма цийнæ лæдæрд, æмзæл, еууагон æнцæ алли адæймаги хæццæ дæр, уомæн æма Хетæгкати Къоста æй æ адæми бартæ æма тундзундзийнæдтæ æргомгæнæг. Мах, Кавкази адæмтæ, айдагъ ирæнттæ нæ, сæрустур ан æма нæ зæрдити гъæуай кæнæн Иристони цитгин фурти туххæй гъудæг…»
Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Расул Гамзатовæн æ исфæлдистадон æскъуæлхтдзийнæдтæ æма адæмти ‘хсæн хæлардзийнади рахастдзийнæдтæ федар кæнуни сæрбæлтау агъазиау архайди фæдбæл 2003 анзи аккагонд æрцудæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон преми.
Лæдæрд æй, сæ уæлзæнхон царди Гамзат Цадаса æма æ фуртæн равгæ кæми адтайдæ Къостай хæццæ фембæлунмæ, фал нур ба уæддæр Расул æма Къоста æмвæрстæ уодзæнæнцæ æностæмæ – æрæги Мæздæги байгон æй финсгути Аллейæ æма уоми æвæрд æрцудæнцæ сæ бюститæ.
Се ‘мвæрстæ ба си æвæрд æрцудæнцæ цалдæр номдзуд финсæгей – Гурджибети Блашкай, Александр Пушкини, Александр Грибоедови, Лев Толстойи – бюститæ дæр. Мæздæги ауæхæн Аллейæ исаразуни туххæй рагæй цудæй дзубанди – аци сахар æности дæргъи ахид бабæрæг кæниуонцæ уруссаг, иннæ адæмихæттити æма нæхе национ литератури классиктæ. Етæ сæ исфæлдистади æвдистонцæ кавказаг адæмти цардарæзт, се ‘гъдæуттæ, сæ уодиконд æма берæ æндæр цæмæдесагдзийнæдтæ.
Мæздæги туххæй фиццаг финста æ фæндаггони финстæгути дипломат æма финсæг Александр Грибоедов – аци искурдиадæгин дипломат æма финсæг Кавкази зæнхæбæл æрфестæг æй 1818 анзи октябри. Æ над цудæй Мæздæгæй Дзæуæгигъæубæл Тифлиси уæнгæ æма идарддæр. Æ балций рæстæги æ зæрди байзадæнцæ Кавкази æрдзæ æма æ цæргутæ. Е хуарз зæрдæ дардта Кавкази цæрæг хуæнхаг адæммæ, худта сæ «сæребарæ æма сæрустур» адæм. Еци уарзондзийнадæ ‘й æркодта Санайи хонхи рæбунмæ, Терк æма Курайи дæнтти билгæрæнттæмæ. Александр Грибоедов бæлдтæй уруссаг æма Кавкази еугур адæмти ‘хсæн сабур æма лимæн цард куд æрфедар уа, еу æнсувæрон бийнонтæй сæ карни хабæрттæ æмвæндæ-æмзæрдæй куд аразонцæ, уомæ.
Уруссаг литературон æвзаги бундорæвæрæг Александр Пушкини Кавказ уоййасæбæл исцæмæдес кодта, æма уомæ гæсгæ финст æрцудæнцæ æ берæ кавказаг уадзимистæ, зæгъæн, æ зундгонд поэмæ «Кавказский пленник».
Устур финсæг æма гуманист Лев Толстой, паддзахи афицери ихæстæ Кавкази æнхæстгæнгæй, ниффинста, æхуæдæг æвдесæн кæмæн адтæй, еци цаути бундорбæл æ зундгонд уадзимистæ – «Казаки», «Хаджи-Мурат», «Кавказский пленник».
Не ‘мзæнхон станицæ Ново-Осетинскаяйæй рацæугæ тугъдон æма поэт Гурджибети Блашка берæ хуæрзти бацудæй Фидибæстæн, нæ адæмæн. Гурджибей-фурт, штабс-капитани цини уогæй бархеуонæй 1904 анзи рандæй уруссаг-япойнаг тугъдмæ. Æма си бæгъатæрæй фæммард æй. Куд тугъдон лæг æма адæймаг, уотæ ин цæйбæрцæбæл бæрзонд кадæ адтæй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма ин æ мард идард Маньчжурийæй исластонцæ æ райгурæн гъæумæ æма ‘й ами байвардтонцæ, устур цитгин æгъдæуттæ ин исаразгæй.
Гурджибети Блашкай агъазиау æскъуæлхдзийнадæ ба ма е æй, æма иссæй дигорон литературон æвзаги бундорæвæрæг.
Блашкай ном иронх нæй фæлтæртæй-фæлтæрмæ. Æ райгурæн гъæуи уæлмæрдти æ цирт еудадзуг гъудгонд цæуй. Гъæуи ци хæдзари цардæй, е нуртæккæ цалцæггонд цæуй, исараздзæнæнцæ си музей.
Еци еугур хабæрттæ нимайгæй, куд нæ гъудæй Мæздæги финсгути Аллейæ исаразун. Уомæ гæсгæ еци арфиаг гъуддаг исаразун æхемæ райста «Устур Нихæс»-и Мæздæги райони хайади сæрдар Гуцати Фридон. Ихæс æхемæ райгæсæй, хъæбæр федауцæй æй кæрæй-кæронмæ исæнхæст кодта.
Æма æрæги, 15 июли еци Аллейæ Мæздæги бæрæгастæу рауæни цитгин уавæри игонгонд æрцудæй. Уой фæдбæл уордæмæ æрæмбурд æнцæ берæ иуазгутæ алли рауæнтæй. Мæздæггæгтæ зæрдиагæй исæмбалдæнцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади минæвæрттæбæл, Дагестани, Кæсæг-Балхъари, Мæхъæли, Краснодари æма Стъараполи крайти зундгонд хузæгæнгутæбæл, финсгутæбæл, журналисттæбæл, Мæскуй, Иркутски, Волгогради, Воронежи ирон диаспорити минæвæрттæбæл.
Мæздæги райони сæргълæууæг Гугити Геннади æма Мæздæги райони администраций сæргълæууæг Олег Яровой иуазгути зæрдиагæй исбоц кодтонцæ, базонгæ сæ кодтонцæ нæуæг зæрдæбæлдарæн бунати хæццæ. Аллейæ исаразгутæн, фиццагидæр ба Гуцати Фридонæн зæрдиаг арфитæ ракодтонцæ Республикæ Цæгат Иристони Хецауади Сæрдари фиццаг хуæдæййевæг Æгъузарти Мурат, республики «Устур Нихæс»-и Координацион совети сæрдар Еналдити Хъазбег, нæ республики раздæри Сæргълæууæг Битарти Вячеслав, Дагестани финсгути Цæдеси правлений сæрдар, авайраг поэт Магомед Ахмедов, республики национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти фæдбæл министр Бæгъиати Алан…
Аци мадзал уæлдай цийнаг ба иссæй дагестайнаг иуазгутæн, уомæн æма синхаг республикитæй бал нерæнгæ Расул Гамзатовæн фиццагидæр Цæгат Иристони искодтонцæ уæхæн устур кадæ сæ разагъди æмзæнхонæн, Мæздæги ин финсгути Аллейи сæрмагондæй бюст ниввæргæй.
… Бæрæгбон рацудæй дессаги рæсугъд æма федауцæй. Æцæг ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма адæм цийнæ ку кодтонцæ, уæд се ‘хсæн ба еу адæймаг адтæй хъæбæр тухстхуз – е адтæй аци бюститæ исфæлдесæг, зундгонд скульптор Дзукъати Никъала. Æ тухст ба е адтæй æма ин æ кустæн айдагъ е ‘мкосгутæ нæ, фал бæрæгбонмæ æрбацæуæг дзиллæ куд исаргъ кæндзæнæнцæ, уобæл.