22 декабря 2024

ЕЦИ ӔНЗТӔ АДӔМИ ЗӔРДИТИ ЦӔРДЗӔНӔНЦӔ

11.11.2020 | 11:24

Мӕнӕ дӕлдӕр ци уац мухур кӕнӕн, уой ӕ рӕстӕги бацӕттӕ кодта тугъди ӕма фӕллойни ветеран Хуадонти Аслӕмурзай фурт Ехиа (къари фиццаг рӕнгъи бадуй галеуӕрдигӕй фӕндзӕймаг). Кӕддӕр нӕ газети дӕр мухургонд адтӕй. Фал ӕй нӕуӕгӕй мухур кӕнӕн, уомӕн ӕма… Гъулӕггагӕн, Ехиа ӕй ӕхуӕдӕг нӕбал бакӕсдзӕнӕй – хуӕрзӕрӕги ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй. Рохсаг уӕд… Нӕ Исфӕлдесӕг ин дзенети рохсдӕр ӕма уодӕнцойнӕдӕр бунат исаккаг кӕнӕд… Мах ба ин ӕ рохс ном ерӕн ӕ аци имисуйнӕгтӕй. Еума хатт дӕр сӕ гъе уомӕ гӕсгӕ мухур кӕнӕн…

…Е адтӕй 1942 анзи сентябри. Уӕди карз рӕстӕги ӕртӕ биццеуи-фӕскомцӕдесони ранӕхстӕр ӕнцӕ Чиколайӕй Дзӕуӕгигъӕуи ӕрветӕн пунктмӕ – Мӕрзойти Морат, Мостити Барис ӕма аци рӕнгъити автор, цӕмӕй нӕ Сурх Ӕфсади рӕнгъитӕмӕ рарветонцӕ службӕ кӕнунмӕ. Нӕ курдиадӕ ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй ӕма нӕ рарвистонцӕ хецауадон бастдзийнади 942-аг хецӕн ротӕмӕ. Ротӕй Мостити Бариси райеуварс кодтонцӕ, асӕй минкъий ӕма сувӕллонхуз ке зиндтӕй, уомӕ гӕсгӕ. Ӕз ба Морати хӕццӕ архайдтон Дзӕуӕгигъӕу багъӕуай кӕнуни гъуддаги, уӕдта идарддӕр уӕгъдӕ кодтан Цӕгат Кавказ цифуддӕр знагӕй. Краснодари крайи станцӕ Курчинскайӕйи Мӕрзойти Морат уӕззау цӕф фӕцӕй ӕма ‘й госпитӕли фӕсте рарвистонцӕ сӕхемӕ.

Ӕз ба Цӕгат Кавкази, Прибалтики 3-аг ӕма 2-аг фронтти ӕфсӕдти рӕнгъити архайгӕй, тохгӕ бахъӕрдтӕн Кенигсбергмӕ. Знаг саст ӕрцудӕй ӕма мӕ уӕд рарвистонцӕ япойнаг самурайти нихмӕ тохунмӕ искӕсӕнмӕ, Фӕсбайкали фронтмӕ.

Тугъд фӕцӕй. Фидибӕстӕ бавналдта ихӕлд хӕдзарӕдтӕ, гъӕутӕ, сахартӕ сӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун кӕнунмӕ. Ӕз дӕр 1946 анзи 7 августи иссудтӕн нӕхемӕ ӕма дуккаг бон нӕ размӕ бедаркӕ ӕрлӕудтӕй, рахизтӕй си гъӕусовети сӕрдар Хуасдзаути Бекмурзай фурт Амурхан, мӕ фидӕн арфӕ ракодта, ӕ фурт дзӕбӕх, ӕнӕнезӕй ке исӕздахтӕй, уой туххӕй, уӕдта уотӕ зӕгъуй:

– Аслӕмурзӕ, ӕз дин хуарз зонун дӕ кӕстӕри. Тугъди размӕ сӕрдигон каникулти рӕстӕги ӕрбацӕуидӕ гъӕусоветмӕ ӕма лӕвар агъаз кодта гӕгъӕдитӕ рӕвдзӕ кӕнунмӕ – кӕмӕн курдиадӕ ниффинсидӕ, кӕбӕл акт искӕнидӕ, кӕмӕн ӕндӕр ести хузи агъаз фӕууидӕ. Нуртӕккӕ ба гъӕусовети бӕрнон секретари бунат исуӕгъдӕ ӕй. Фӕгъгъуди кодтон, ами еци бунати Ехиай хузӕн неке бакосдзӕнӕй.

Мӕ фидӕ мӕнмӕ ӕрбакастӕй, еу усмӕ гъосӕй ралӕудтӕй, уӕдта загъта:

– Ӕхуӕдӕг куд зӕгъа, уобӕл ӕз дӕр арази. Ӕз ӕй некӕми бахъор кӕндзӕнӕн.

Ӕз загътон:

– Цӕттӕ дӕн еци кустмӕ.

Амурхан байдзулдӕй:

– Гъема дӕ гъуддаг раст уӕд. Бауолӕфӕ, дӕ хӕстӕгутӕбӕл ӕрзелӕ, фӕууинӕ дӕ лимӕнти, авдисӕри ба дӕ кусти хезӕн.

Фал дуккаг бон ба нӕуӕг хабар. Сӕумӕй мӕмӕ фӕдздзурдтонцӕ фӕскомцӕдеси райони комитетмӕ. Фиццаг секретарь Цӕголти Солтанӕй уӕлдай ма ӕ косӕнуати баййафтон бюрой иуонгтӕ Будтути Тамби ӕма Батиати Мӕхӕмӕти. Чиколабӕл сӕрӕгасӕй ке исӕмбалдтӕн, уой фӕдбӕл мин райарфӕ кодтонцӕ, уӕдта Цӕголти Солтан ӕхе фӕгъгъуддагхуз кодта ӕма загъта:

– Райкоми бюрой иуонгти хӕццӕ радзубанди кодтон ӕма нӕ унаффӕ байеу ӕй: гъӕуама дӕу иснисан кӕнӕн фӕскомцӕдеси райкоми хайади хецауӕй. Ци зӕгъдзӕнӕ нӕ фӕндонбӕл?

– Арази нӕ дӕн.

– Цӕмӕннӕ? – десхузӕй бафарста Цӕголи-фурт.

– Уомӕн ӕма ӕзинӕ дзурд равардтон, гъӕусоветмӕ бӕрнон секретарӕй косунмӕ ке цӕудзӕнӕн, уомӕй. Айдагъ Чиколай нӕ, фал еугур райони дӕр кадгин ка ’й, еци лӕги фӕссайун мӕ бон нӕй.

– Е ӕндӕр гъуддаг ӕй. Ӕндӕр мах уотӕ нимайӕн ӕма дӕуӕн дӕ куст канцелярий нӕй, фал гъӕуама фӕсевӕди хӕццӕ косай. Гъӕусовети хецауи ба мӕ барӕ уадзӕ. Дӕ зӕрдихудти нӕ бацӕудзӕнӕй.

Еци дзубандий фӕсте аразий дзуапп равардтон, фал уӕддӕр авдисӕри гъӕусовети сӕрдармӕ бацудтӕн ӕма ин мӕ хабар дзоруйнаг куд адтӕн, уотӕ мин бакодта:

– Зонун, Ехиа, Солтан мӕ ӕ хӕццӕ исарази кодта. Дӕ нӕуӕг кусти уӕлахездзау уо кӕддӕриддӕр!

Гъӕусоветӕй бацудтӕн фӕскомцӕдеси райкоммӕ. Цӕголи-фурт мин лӕмбунӕг ӕрдзурдта мӕ кусти фӕдбӕл, сӕрмагондӕй баханхӕ кодта:

– Нӕ кусти сӕйрагдӕр ци ӕй, е – фӕсевӕдмӕ патриотизми ӕнкъарӕнтӕ ӕма Райгурӕн бӕстӕмӕ уарзондзийнадӕ игурун кӕнун. Уомӕй уӕлдай нӕ фӕсевӕди куст ӕма ахурбӕл фӕццалх кӕнун гъӕуй, нӕ советон адӕми ’хсӕн ци ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткитӕ ниффедар ӕнцӕ, уони идарддӕр дзиллити ’хсӕн итаун.

Уотемӕй райдӕдтон косун. Ирӕфи фӕскомцӕдеси райони комитети хайади сӕргълӕууӕгӕй. Кустан фондземӕй – фиццаг ӕма дуккаг секретартӕ, дууӕ хайадей хецауи, хигъди ӕма статистики сектори хецау.

Транспорт уӕд кӕми адтӕй ӕма фестӕгӕй зилдан гъӕутӕбӕл, архайдтан фӕскомцӕдесон ӕмбурдти, агъаз кодтан райдайӕн партион организацити секретартӕн. Сӕрди фӕскомцӕдес еугурӕй дӕр адтан колхози кустити: иннети хӕццӕ карстан хуасӕ ӕма ’й цӕттӕ кодтан фонсӕн зумӕгмӕ. Еци рӕстӕги нӕ кусти дуарбӕл финст уидӕ: «Райком ӕхгӕд ӕй. Еугурӕйдӕр ӕнцӕ фӕллойнадон фронти».

Мӕ зӕрдӕбӕл бадардтон 1947 анз. Фӕскомцӕдеси Центрон Комитети хъӕппӕресӕй бӕсти рапарахат ӕй бӕсти еугурцӕдесон социалистон ерис фӕсевӕди ’хсӕн гъӕууонхӕдзарадон культурити бӕрзонд тиллӕгӕрзадбӕл. Райони арӕзт ӕрцудӕй еуӕндӕс фӕскомцӕдесон фӕсевӕдон нартихуарикустгӕнӕг звеной. Архайдта си 355 адӕймаги. Анзи фӕсте банимадтонцӕ социалистон ериси бӕрӕггӕнӕнтӕ. Ирӕфи райони фӕллойнӕгӕнгутӕ ӕрзайун кодтонцӕ нартихуари гъӕздуг тиллӕг – еу гектарӕй бафснайдтонцӕ 70-75 центнери. 129 адӕймаги хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ ССР Цӕдеси ордентӕ ӕма майдантӕй. Ӕхсӕрисӕрккаг колхозон Боллоти Полийӕн равардтонцӕ Социалистон Бӕгъатӕри ном, Гетъой-фурти номбӕл фӕскомцӕдесонтӕ Гобети Дарихан ӕма Хортити Дзефӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Ленини ордентӕ. Фӕскомцӕдеси райкоми комитет ӕртиккаг бунат байахӕста социалистон ериси, ӕма ’й исхуарзӕнхӕ кодтонцӕ ФЕЛКЦ-и ЦК-и Кади гӕгъӕдитӕй ӕма финсӕн машинкӕй. Цӕголти Солтани Цӕгат Иристони фӕскомцӕдеси обкоммӕ дуккаг секретарӕй ке баййивтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ мах райкоми фиццаг секретарӕй иссӕй Будтути Тамби.

Дууӕ анземӕ райони фӕскомцӕдесонтӕбӕл бафтудӕй еу мин адӕймагемӕй фулдӕр. Еци гъуддаги хуӕздӕр ӕнтӕстдзийнӕдтӕ бафтудӕй сӕ къохи Чиколай, Дӕргъӕвси, Лескени, Сурх-Дигори астӕуккаг скъолати фӕскомцӕдесон организацитӕн, сӕ секретартӕ Цӕрикъати Илас, Бадтиати Виктор, Саукуйти Сослан, Бӕлоти Таймораз, уотемӕй. Еумӕйаг хӕдзарӕдтӕй ма цалдӕр Кирови номбӕл колхоз «Уӕлахез», «Землероб» (секретартӕ Гулути Хизир, Тъурити Батраз ӕма Цъӕхилти Геуӕрги) фескъуӕлхтӕнцӕ аци гъуддаги ӕма сӕмӕ хъазар лӕвӕрттӕ ӕрхаудтӕй.

Фӕскомцӕдеси комитеттӕ разӕнгардӕй арахайдтонцӕ физкультури ӕма ӕфсӕддон спортивон мадзӕлтти дӕр. Айдагъ еу анзмӕ Ирӕфи райони исаразтонцӕ ӕхсӕз спортивон ӕма еуӕндӕс волейболон фӕзи, аст ба – догъгӕнӕнтӕ. Райони спорти аллихузон хузти архайдта 5700 адӕймаги. Уонӕн лӕвӕрд цудӕй ГТО-й значоктӕ, ӕндӕр лӕвӕрттӕ. Спортивон гимнастикӕй хуарз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕфтудӕй Багданти ӕнсувӕрти къохи, дӕс километри дӕргъӕмӕ уайунӕй ба Лагкути Мӕхӕмӕтӕн ӕма Хъарати Мӕжитӕн. Шахмӕттӕй гъазгӕй Батӕрти Хушин, Гуӕцӕлти Ахмӕт, Тотойти Рамазан ӕма ӕз мӕхуӕдӕг районти ӕма республикон еристи байахӕссианӕ раззагдӕр бунӕттӕ.

Ленини фӕскомцӕдеси 30 анзей туххӕй мӕн 1948 анзи исхуарзӕнхӕ кодтонцӕ республики Сӕйраг Совети Кади гӕгъӕдийӕй, ФЕЛКЦ-и обкоми фиццаг секретарь Хъулумбегти Мария Григорийи кизги хъӕппӕресӕй ба ӕрвист ӕрцудтӕн облӕстон партион скъоламӕ, хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ ’й каст фӕдтӕн ӕма мӕ рарвистонцӕ Ирӕфи районмӕ фӕскомцӕдеси райкоммӕ фиццаг секретарӕй.

Мӕ зӕрдӕбӕл алкӕддӕр дардзӕнӕн, райони ке хӕццӕ кустон, еци хъазауат фӕскомцӕдесонти: Будтути Тамби, Уанити Рамазан, Махъоти Хамзат, Елджарти Цӕрай, Цорити Джимурхан, Цирихати Екатерини…

 

Рацудӕнцӕ берӕ ӕнзтӕ, фал нӕ фӕскомцӕдесон ӕрдхуарддзийнадӕ нӕ нидӕндӕр кодта, ӕма 2000 анзи Уӕлахези кади бонмӕ мӕ хъӕппӕресӕй республики ветеранти Хӕдзари арӕзт ӕрцудӕй раздӕри фӕскомцӕдесонти къуари хӕццӕ фембӕлд ӕма еци рӕстӕг исистан, мӕнӕ абони ци хузӕ мухур кӕнӕн, е дӕр. Фиццаг рӕнгъи бадунцӕ (галеуӕрдигӕй рахесӕрдӕмӕ): Дзедати Тазӕрет, Будтути Рамазан, Хуадонти Мӕхӕмӕт, еци ӕмбурди цитгин иуазӕг, инӕлар Гайдук Николай, Хуадонти Ехиа, Золойти Тамарӕ (Гулути Хизири цардӕмбал), Лекъти Морат, Гӕтийти Сулейман, Цӕрикъати Мӕхӕмӕт. Дуккаг рӕнгъи лӕуунцӕ: Будтути С.И., Будтути Омар, Гулути Хизир, Батӕрти Адӕлбий, Гулӕрти Батӕрбег, Гулути Адулгерий, Баликъоти Батӕрбег, Батӕрти Дзамалдин. Ӕртиккаг рӕнгъи: Будтути Рамазан, Цӕголти Омар, Будтути С.Т., Текъити Василий, Дзагурти Абисал.