«ФӔУУИНУН НИН КОДТОНЦӔ ӔЦӔГ АЙЙЕВАДӔ!..»
Нӕ республики Национ музейи ӕрӕги байгон ӕй зундгонд хузӕгӕнӕг Каджати Вадим ӕма скульптор Кӕсӕбити Андрейи аййевадон кустити равдист.
Каджати Вадими исфӕлдистадӕ, зӕгъун ӕнгъезуй, цӕйбӕрцӕдӕр зундгонд ӕй нӕ газеткӕсгутӕн – нӕ газети ӕрмӕгутӕ исфӕлгонц кӕнуни туххӕй нӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мухургонд цудӕнцӕ ӕ конд хузтӕ. Цхинвали Колити Аксой номхӕссӕг аййевӕдти лицей каст фӕууогӕй, е 2002 анзи ахур кӕнунмӕ бацудӕй Санкт-Петербурги Репини номхӕссӕг хузӕкӕнуйнади, скульптури ӕма архитектури институтмӕ, кӕций каст фӕцӕй хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ. Ахур ба кодта монументалон хузӕкӕнуйнади ӕрмадзи А.А. Мыльникови разамундӕй.
Аци равдисти ӕвӕрд ӕнцӕ ӕ куститӕй сӕдемӕ хӕстӕг.
Хонсариристойнаг зундгонд скульптор Кӕсӕбити Андрей ба аразуй цӕмӕдессаг композицитӕ гъӕдӕ ӕма бронзӕй. Кӕд ӕма ӕ рӕстӕги каст фӕцӕй Цхинвали аййевадон училище хузӕкӕнуйнади хайадӕ, уӕддӕр нур инсӕй анземӕй фулдӕр архайуй гъӕдӕбӕл хузӕфтудтитӕ аразунбӕл. Аци равдисти ӕ куститӕй фӕууинӕн ес: къостӕ, синонтӕ, силгоймӕгти фӕлиндӕнтӕ, лолитӕ, сауӕнгӕ ма кӕрдти композици дӕр.
– Вадим ӕма Андрейи куститӕ ку фӕууидтон, уӕд уайтӕккӕдӕр мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй зундгонд аййевадӕртасӕг Михаил Алпатови загъд: «Хузӕгӕнӕг – е ӕй ӕнӕгъӕнӕй дзиллӕ еу уодгоймаги медӕгӕ». Раст цума аци дууӕ адӕймагей туххӕй загъта, – уӕхӕн ӕй нӕ республики адӕмон хузӕгӕнӕг Дзбойти Михали гъуди аци равдисти фӕдбӕл. – Етӕ нин фӕууинун кодтонцӕ ӕцӕг аййевадӕ, исфӕлдистади ӕцӕг уӕлтӕмӕнадӕ.
ХӔМИЦАТИ Маринӕ.
Къартӕ исиста ШЕходанова Татьянӕ.