21 декабря 2024

ФУДГÆНÆГÆН Æ ФУДМИУТИ ФУДÆНХÆ ÆХЕБÆЛ ÆРЦÆУЙ…

22.07.2022 | 12:33

БАЛИКЪОТИ Тотраз, историон наукити доктор, профессор

Советон доги цæргæ кæмæн рауадæй, етæ ма ‘й хъæбæр хуарз гъуди кæнунцæ, нæ бæсти уæди еугур рауæнти дæр адæм, ка кæци адæмихаттæй æма циуавæр динбæл хуæст æй, уой зæрдхæларæй нимайгæй, цæйбæрцæбæл æхцул адтæнцæ кæрæдзебæл, цæйбæрцæбæл цæстуарзонæй кæрæдземæн аргъ кодтонцæ. Уæдмæ нæ кæддæри тухгин Цæдес фехалдæй, æма уомæй уайтæккæдæр фæппайда кодтонцæ, кæми ци æдзæстуарзонтæ адтæй, етæ æма сæ мæстæйдзаг миутæ аразун байдæдтонцæ. Уæди уæнгæ хæларæй æма кæрæдзей лæдæргæй ци адæмтæ цардæнцæ, уони фæккæрæдземæ кæнунбæл архайун байдæдтонцæ. Е дин Гурдзий националистон хилкъахæнтæ, уой фæсте ба Украини нацистти фур æнахъæл фудракæндтитæ…

Еугур адæмихæттити минæвæрттæ, сæ хæццæ ба иристойнæгтæй дæр хъæбæр беретæ, кæддæр хæларæй кæми цардæнцæ, æндæр рауæнтæй æрбацæуæг иуазгути хъæбæр зæрдрохсæй кæми исбоц кæниуонцæ, еци Украини æ нури фудзунд разамонгутæ сæ нигулæйнаг ахъелгути ардудæй ци æверхъаудзийнæдтæ аразунцæ, уой рæстзæрдæ адæймаг нецихузи балæдæрдзæнæй. Адæми зæрдрохс цæстингасæй кæддæри райдзаст Украинæ абони уинæн мæтъæлæй æма сагъæсхузæй, ходун æма игъæлдзæгдзийнадæ си фæццидæр æй. Ке фудæй, ке бæлахæй? Украини разагъди адæймæгутæ Богдан Хмельницкий, Тарас Шевченко, Леся Украинка, Ольгæ Кобылянская æма берæ æндæртæ сæ уодæй-уод кодтонцæ, цæмæй сæ Фидибæстæ фæсарæйнаг, уæлдайдæр ба Нигулæни тухгæнгутæй сæребарæ уа æма иннæ адæмти хæццæ æнсувæрдзийнади фæрци араза æ карни хабæрттæ, æ исонибон уа фæрнæйдзаг. Уой фæдбæл адтæй сæ тох аци адæми берæ фæлтæртæн, æма син уомæй ба уæлдай фулдæр æнтæстæй Советон Цæдеси æнсувæрон адæмти хæццæ æмархайди рæстæг.

Уой фæрци, куд фæззæгъунцæ, хиццагæй-хиццагдæрæй ивулдæй цард Украини. Фал уæдмæ, уой размæ дæр Украини берæ фидбилизти ка багæлста, еци Бандерæ æма уой хузæн æндæр «фæтæгти»  фæдонтæн – Шушкевичтæ, Зеленскийтæ æма æндæр нæуæг нацисттæн – сæ сæртæ разилдæнцæ æма Хорнигулæни, Америки Еугонд Штатти ардудæй сæ Райгурæн бæстæ дæр (кæд син Украинæ уотæ  исхонун æнгъезуй) æма уоми цæрæг адæмти дæр æверхъаудзийнæдти туфулти гæлдзунцæ.

Тарас Шевченко уотæ финста, гъома, Украинæ ке некæд бацæудзæнæй Европæмæ, Украинæй хуæздæр некæми неке ес. Гъо, æрæгити уæнгæ, ку зæгъæн, уотæ адтæй, фал нури украинаг «политиктæн» сæ сæризунд иннердæмæ низзилдæй, сæ бæсти адæмти гъезæмарæ кæнунцæ, сæ тог син калунцæ цалдæр анзей дæргъи. Е политологий, историй хуннуй – геноцид. Тогмондаг Гитлер дæр ма æхе адæми дуйнеуон тугъди азари амæттаг бакодта, уæддæр æй комкоммæ ба ку нæ цагъта.

Украини цитæ цæуй, уобæл зин дзорæн æй, фал сæбæл дзорун ба æнæмæнгæ гъæуй. Уомæн тугъдæндзаргутæ тæссагæй-тæссагдæр уавæрти, зæгъун æнгъезуй, берæ цæмæйдæрти ба исæвди къахбæл æрлæуун кодтонцæ айдагъ Украинæ нæ, фал Европи паддзахæдти  дæр. Америки Еугонд Штатти, сæ нуриккон «фæтæг» Байдени фудзунд бæлдæй фæндуй æнæгъæнæ дуйебæл дæр æлдареуæг кæнун, цæмæй еугурæйдæр уони унаффæй цæронцæ. Фал си, баруагæс уи уæд, неци рауайдзæнæй. Еу рæстæг куд адтæй, уой хузæн син нур куд нæбал æнтæсуй Уæрæсебæл урсеуæг кæнун, уотæ – Уæрæсе æ Президент Владимир Путини федардзийнади фæрци æгириддæр нецæмæйбал игъосуй сæ дзурдмæ. Нæ зæрдæ федарæй дарæн уобæл, æма Украини дæр уотæ уодзæнæй – украинæгтæ еумæйагæй райсгæй зундгин адæм æнцæ æма сæ бон исуодзæнæй, кæцæйдæр фæсарæнтæй «зундамонгути» унаффитæ сæ æгириддæр нæ багъæудзæнæнцæ, уотемæй сæхе зунди курухондзийнади фæрци сæ карнæ амондгунæй аразун. Богдан  Хмельницкий, Тарас Шевченко, Леся Украинка æма иннетæ, æ Фидибæстæ рæстзæрдæй ка уарзта æма æ амонди сæрбæлтау уодуæлдайæй ка архайдта, еци патриотти фæдонтæмæ разиндзæнæй нифс æма хъаурæ сæ уарзон Украини раздæри хузæн лимæнæй сабур цард кæнун. Æцæгæй син хуарздзийнадæ ке зæрди ес, еци Уæрæсей хæццæ бастдзийнадæ федар кæнун.

Еци гъуддаг, дзубанди дæр ибæл нæййес, аци бæсти æ сæргъæн разамонгути фудæй фæстаг рæстæгути ци æверхъаудзийнæдтæ æрцудæй, уомæ гæсгæ уоййасæбæл æнцон нæ уодзæнæй. Никки ба  ма бæстæбæл хæлæф кæнунцæ Америки Еугонд Штаттæ æма æ хъозæнттæ, ихæсти буни ‘й фæккодтонцæ, сæхе пайдайæн, НАТО-йæн ба иссæй æфсæддон, тугъдон полигон. Зеленский ба, нæуæг ахæст сирд скъæппæги куд рагæпп-багæпп фæккæнуй, уотæ даруй æхе. Украинæ Уæрæсей фæрци ке иссæй цардгъон республикæ, уæдта паддзахадæ, уой феронх æй.

Ном Украинæ фæззиндтæй ХIV-аг æноси, хæссуй географион нисан – кæрон, гъæугæрон, региони кæрон… Адтæй Мæскуйаг Украинæ, кæцимæ хаудтæнцæ Брянски, Калуги, Рязани зæнхитæ.

Адтæй литвайаг Украинæ – Полтава, Киев, Блацлав…

Айдагъ Хорнигулæни паддзахæдтæ нæ, фал туркаг æма тæтæйраг къуæрттæ дæр ахид «рабæрæг» кæниуонцæ Украинæ. Ами цардæй берæ дзиуиттæгтæ, фал сæ уацари нæ истонцæ, нæ сæ уæйæ кодтонцæ ихуæрсти, сæ кизгуттæ нæ хаудтæнцæ гаремтæмæ… Еци хабæрттæмæ гæсгæ уотæ уайуй, æма тæтæйрæгтæ зудтонцæ, уацари есгæ ка ‘й, уони.

Украинæ æ гъезæмарæгæнгутæй алкæддæр ергъæв кодта Уæрæсе, уой фæрци рахъæрттæй нури уæнгæ куд паддзахадæ, уотæ.

Еу рæстæг Украинæ адтæй Литвай хай, фал 1569 анзи ба Польшæ æма Литва еу паддзахадæ иссæнцæ, хецауеуæг си кодтонцæ ляхтæ, уой хæццæ ба ма Украини сæхе бæрнæхсти бакодтонцæ. Уæрæсей фарсмæ фæззиндтæй нæуæг хъаурæгин паддзахадæ – Речь Посполитайæ. Украинæ 1919 анзи дæр бабæй бацæй уони. Нæкæси, Польшæ æхуæдæгдæр уой размæ æртæ хатти дехгонд æрцудæй тухгиндæр паддзахæдти ‘хсæн.

Польший бæрнæхсти уогæй, Хорнигулæн Украини æхгæд цудæнцæ украинаг культури артдзæститæ, æхсæнадон организацитæ, ахурадон косæндæнттæ. Зæгъæн, 1919 анзи си адтæй 3600 украинаг скъолай, уонæй 1934-1935 анзмæ ба си байзадæй 457, 1939 анзмæ ба – 200 скъолай.

Люблини унийæмæ (1569 анз) гæсгæ Украини адтæнцæ Киеви æма Полтави губернитæ, Подольскæй хай (Браслави воеводство) æма Черниговай хай. Паддзах Алексей берæ рæстæг нæ хаста æ нифс Запорожий хъазахъæгти æрбайеу кæнунмæ. Уæд Польшæ, Швеци, Турк, Хъирим æма Римаг Парамамæ дæр сæхе фæндитæ адтæй уони туххæй.

Гетман Богдан Переяслови Ради агъоммæ, 1654 анзи æхе худта Приднепровий «уруссаг сæргълæууæг», адæммæ ба фæдздзурдта, цæмæй равзаронцæ еу паддзах – туркаг султанати, хъиримаг хани, польшаг къароли кенæ уруссаг паддзахи. Еци гъуддаг дæр уоййасæбæл æнцон райаразæн нæ адтæй – Украини кадæртæ уруссаги нихмæ адтæнцæ. Уогæ æвддæсæймаг æноси еунæг Украинæ нæ адтæй…

Хъæбæр берæ хæттити уруссаг паддзахæдтæ, ку зæгъæн, байергъæв кæниуонцæ украинæгти знагæй, еумæ дæр тох кодтонцæ сæ нихмæ. Советон доги ба Украинæ иссæй Советон Цæдеси гъæздугдæр республикитæй еу. Европи нæ, фал иннæ паддзахæдти зæрдæ дæр дзурдта æ хæзнатæмæ.

Германий нацисттæн уæлдай ахсгиаг адтæй Украини фарста. 1927 анзи Альфред Розенберг финста Киев æма Берлини еугонди туххæй. Сæ зæрдæ дардтонцæ украинаг национализм æма мæскуйаг большевикон режими фæккæрæдземæ кæнунбæл æма Украинæ Мæскуй «рæхистæй исуæгъди» гъуддаги. Еци Розенберг 1941 анзи 20 июни уотæ загъта: «Германий нисан – украинæгти сæребарæ. Мæскуйаг паддзахадæмæ кæсун гъæуй куд украинаг паддзахади тæссаг знагмæ…»

Гермайнаг нацизми идеолог Йозеф Геббельс ба 1941 анзи 16 июни æ бонуги ниффинста: «Уæрæсей хæццæ æмгустадæй мах ницъцъумур кодтан нæ намуси кодекс… Нур ба мах уомæй нæхе искæдзос кæндзинан…» Уæдта ма гермайнаг фашистон разамунди сосæг фæндæ дæр исгъæр кодта: «Нур ба нæ бон исуодзæнæй еци гъæздуг бæсти хомаги гæнæнтæй æнхæстæй пайда кæнун… Мадта, размæ. Украини гъæздуг будуртæ нæ сæхемæ хонунцæ…»

Уой хæццæ ба сæмæ ардигон адæми сагъæс æгириддæр нæ адтæй – етæ сæ гъудæнцæ куд хумæтæг косгутæ уотæ – сæ фæндæ уотæ адтæй, гъома, саугустæн ес «дзиуиттæгтæ æма польшæгтæ, уæдта украинæгтæ æма уруссæгтæ. Ка нæ кома, уæдта нæ бæзза, уони ба маргæ…»

Æма æцæгæйдæр уотæ рауадæй тугъди æнзти, сæ фæндæ  исæнхæст кодтонцæ.

Æма уой фæдбæл ба мæ дзубанди уодзæнæй мæ иннæ уаци…

Уодзæнæй ма.