21 декабря 2024

ГУРЖИБЕКТИ Иринæ: «КУД ИДАРДБÆЛ ÆЙ ХУÆНХАГ ЛÆГÆН Æ ЗУНД, Æ УОД ДУЙНЕЙÆН УАРЗОНÆЙ КУ ГЪАРА!..»

17.12.2022 | 18:19

Æмзæл – куд рæсугъд дурусон дзурд æй!.. Уæлдай зæрдæмæдзæугæ ба уæд исуй, æма адæймаги царди ку рабæрæг уй дзубандитæ æма гъуддæгути еудзийнадæй. Хъæбæрдæр ба е хауй исфæлдистадон косгутæмæ – аййев дзурдæй адæми ка разæнгард кæнуй.

Æма абони мæ бон æй федарæй зæгъун: нæ Исфæлдесæг кæд еске фæххайгин кодта царди гъуддæгутæ рæстзæрдæй хæссун æма адæми рæсугъд гъудитæй рæвдаун, уæд уонæй сæ фиццæгтæй æй Гуржибекти Геуæргий кизгæ Иринæ. Кæддæр раги е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста:

Фæндуй мæ ехбæл дзонæгъæй бурун,

Фæндуй мæ стайау таргъæди хæтун,

Фæндуй мæ арвмæ уарий хæццæ ’стæхун…

Цума фæндун ци дзийнадæ ’й? Цæрун!..

Цæрун… Æцæг фæрнæйдзаг цардæй. Федауцæ цардæй. Еци цæстæй кæсуй Иринæ æ исфæлдистадон нисанеуæгмæ, æ поэзий нисанæвæрд уомæй бæлвурд кæнуй. Е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финсуй:

Мæнгæ дуйней ци нæ ’й мæнгæ?

Поэзий дзæнгæрæг.

Айдагъ ма е дæттуй æууæнкæ…

Кæнуй хъилма дзæгæрæг…

Æма хъилмай дзæгæрæг цæмæй рæзæ ма радта, цæмæй дуйнебæл азарæй ма рапурхæ уа, уобæл архайуй æ зундгин дзурдæй. Архайгæ ба уотæ æновудæй æма æвæллайгæй кæнуй, æма имæ адæймаг хицæ дæр æркæнуй – æ уоди æригондзийнадæ æма хъаурæмæ.

Райгурдæй Бакуй 1937 анзи 22 декабри. Æ фиццаг æмдзæвгитæ мухури фæззиндтæнцæ Бакуй скъолай æма нæуæгдзаути лагери фарсбæл газетти.

Æ киунугутæй еуей («Горы помнят») раздзурди уотæ финста: «1943… Мне шесть лет. Пионерский лагерь в пригороде Баку. Здесь не рвутся снаряды, не падают бомбы. Но нетвердой, неумелой рукой я вывела в стенгазете каракули:

Я песню пою и Москву я люблю.

Пусть пуля ворвется в сердце врагу.

Пусть ярче горит пионерский костер.

Пусть шапки фашистов сгорят…

Почему шапки? Наверное, особую мою ненависть вызывали каски немецких солдат, мелькавшие в документальных кадрах на экране.

Бабушка, застывшая от еще неосознанной потери, держащая в руках пилотку сгоревшего в танке сына. Газетная страница со статьей о Зое Космодемьянской. Голос Левитана. Скудный паек, принесенный мамой из рабочей столовой. Это была война…»

Мах хумæтæги нæ ракодтан Ирини имисуйнæгтæй аци хабæртти кой. Уомæн æма нæмæ уотæ кæсуй, цума абони дæр тугъд цæуй. Рæстдзийнадæбæл. Нæ адæми хуæздæр цардарæзти фæдбæл. Нæ Фидибæсти кадæ æма намуси сæрбæлтау. Нæ фидтæлтæ нин ци уодварни хæзнатæ ниууагътонцæ, уони кæдзосдзийнадæ багъæуай кæнунбæл. Æ еци раздзурди размæ Иринæ эпигрæфæн хумæтæги нæ ниввардта æ фурти хæццæ дзубандитæй мæнæ ауæхæн хабар:

– Нана, тугъди адтæ?

– Гъо.

– Гæрр, уотæ зæронд дæ?

– Æз фронти нæ адтæн, тугъди ба еугурæйдæр адтан…

Уотæ абони дæр тугъди ан. Æма ни гъæуама алкедæр æвдеса уоди федардзийнадæ. Мæнæ Гуржибекти Иринæ куд, уотæ сæрæнæй. Æ æригони бæнттæй ба абони уæнгæ.

Устур Фидибæстон тугъди фæсте Гуржибекти бийнонтæ Бакуйæй ралигъдæнцæ Дзæуæгигъæумæ, ами Иринæ æнтæстгинæй каст фæцæй 27-аг астæуккаг скъола. Уой фæсте ба – Мæскуй М.В. Ломоносови номбæл паддзахадон университети филологон факультет.

Гуржибекти Иринæ 1961 анзи косун райдæдта республикон газет «Социалистическая Осетия»-йи (абони «Северная Осетия»). Æхе равдиста арæхстгин, искурдиадæгин журналистæй, æма ’й тагъд рæстæги фæсте иснисан кодтонцæ газети культури хайади сæргълæууæгæй.

Иринæ газети косгæй е ’ргом уæлдай хъæбæрдæр ба æздахта поэзимæ. Æ публицистон уацти хæццæ е ’мдзæвгитæ, поэмитæ  ахид мухури цудæнцæ нæ республики газетти, журналти æма центрон мухури дæр. Е ’мдзæвгитæй ин еу цикл нæ бæсти æригон искурдиадæгин поэтти еумæйаг æмбурдгонд «Зар, бæллец æма уарзт»-мæ дæр бахастонцæ, æма уоми æ муггаг Бэллæ Ахмадулинайи æма иннæ зундгонд поэтти фарсмæ ку фæууидта, уæд æ зæрдæ æгæрон цийнæдзийнади байдзаг æй, æма е ’ргом никки хъæбæрдæр раздахта поэзимæ.

Поэт æ зæрди уедæгтæй ци уадзимистæ финста æма финсуй абони дæр, етæ урух над иссирдтонцæ адæми зæрдитæмæ. Кæрæдзей фæдбæл ин мухури фæззиндтæнцæ æ поэтикон уадзимисти æмбурдгæндтæ: «След на тропе», «Пожелай добра», «Родные черты», «Жажда непокоя», «Горы помнят», «108 мыслей о стиле рубай», «Люди и горы»… Композитортæй ин беретæ æ поэтикон уадзимистæмæ гæсгæ ниффинстонцæ дæс æма инсæй заремæй фулдæр. Ирини æмдзæвгитæй беретæ тæлмацгонд æрцудæнцæ украинаг, болгайраг, англисаг æма æндæр фæсарæйнаг æвзæгутæмæ.

Гуржибекти Ирини исфæлдистадæ ’й берæвæрсуг. Æ лирикон хъайтар æй хуæдæфсармæ, федар æма хъаурæгин, Терки æмбохгæ дони уолæнти хузæн æмпурсуй размæ. Æ хъайтар уæлдай æнæкæрондæр уарзтæй ба уарзуй æ райгурæн Иристон æма æ цъетегун хуæнхтæ.

Поэтæн æ раттæг Иристон уотæ хъазар æй æма ’й дун-дуйнетæбæл нециуавæр хæзнатæбæл баййевдзæнæй:

Ирыстон… Æвзонг хæххон сылгоймаг –

Æрыгон чындз дæ – мæ урссæр мад,

Чысыл дæ, фæлæ дæ цъупмæ

Нæу сæххæссын мæ бон.

Поэтæн Иристон кæд æгæрон хъазар ’й, хецæн уарзтæй æй уарзуй, уæддæр æй нæ еумæйаг Фидибæстæй нæ хецæн кæнуй. Поэзий сауæдони игурæнтæ кæцæй цæунцæ, æмдзæвгитæ финсунмæ дæ хъæбæрдæр ци исразæнгард кæнуй, зæгъгæ, Ирини ку бафарстан, уæд нин уæхæн дзуапп равардта:

– Поэзий исæнтæсунбæл политикæ хæццæ æма æхсæнадон царди хабæрттæ æма цаутæ уæддæр ести хузи ку фæббæрæг уонцæ, фал  æ бæрзондзиæйнадæ  ба æгириддæр уонæй арзагæ нæй, уомæн ин уони хæццæеумæйагæй неци ес. Æмдзæвги рæнгъитæ райгурунцæ зæрди арфæй. Поэзий сауæдонæ ба ’й поэти зæрдæ. Поэзий над дæр уордигæй райдайуй. Адæймагæн æ тухгин æнкъарæнтæ, бæлдитæ, сагъæстæ зæрди арфи ку нæбал фæццæунцæ, уæд дæ ку нæ фæндæуа, уæддæр сæхуæдтæ сæхецæн реуæй æндæмæ над райгæрдунцæ æма уорс бæлæути хузæн истæхунцæ уæларвмæ. Царди ести тухгин нинкъуститæ, æверхъау цаутæ, бæлæхтæ ку ’рцæуй, уæд адæмæй ка кæугæ фæккæнуй, ка тарсти ахæсти бахауй. Поэт ба уæхæн уæззау рæстæги æ зæрди туппуртæ исуадзуй æмдзæвгитæ финсунæй.

Ку фенай хур сæумæраджы – фæхуд,

Ку фенай стъалы мæйдары – фæхуд.

Æууæнд æмгар: æрвдунейы тъæпæнты

У алы стъалы, алы дур дæр уд.

Берæ дзорæн ес Гуржибекти Ирини берæвæрсуг исфæлдистади туххæй. Уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ, æма  æ исфæлдистади ин сæйрагдæр æнцæ, ци Зæнхæбæл райгурдæй æма исгъомбæл æй, уоми ин нæ Исфæлдесæг ци дзилли хæццæ цæрун исаккаг кодта, уони æхсæнхæлардзийнади æма æнсувæрдзийнади муггæгтæ таун.

Æма абони нæ цæстæ лæмбунæг ку радарæн Гуржибекти Ирини берæвæрсуг исфæлдистадæбæл, æ карни хабæрттæбæл, уæд нæ бон æй уотæ зæгъун, æма æ поэзий дзæхæрадони фæлмæн мæри ци берæ поэтикон æвзартæ исæвзурдæнцæ, етæ ке рауадæнцæ бæркадгин æма рæбуйнаг бунат ке æрахæстонцæ адæми зæрдити. Е æй æ исфæлдистадон бæрцбарæн. Хумæтæги æ киунугутæй еуемæн («Стих и меч») эпигрæфæн нæ ниффинста мæнæ ауæхæн рæнгъитæ:

Зачем рождаются стихи?

Чтоб выпустить на волю пламя,

Которое, себя не зная,

В душе таинственно молчит.

Зачем рождаются стихи?

Чтоб музыку сказать словами,

Обычному поудивляться

И волшебства добавить в быт.

Зачем рождаются стихи?

Чтоб любовь увековечить,

Чтобы совпало с ритмом сердца

Звучанье неуклюжих фраз…

Нæ уарзон, нæ еузæрдиуон æмбал, искурдиадæгин поэт Гуржибекти Геуæргий сæрæн кизгæ Иринæн æ кадгин юбилейи фæдбæл кæнæн зæрдиаг арфæ. Нæуæг анзи къæсæрбæл райгурдтæ, æма Нæуæг анзи бæрæгбони хузæн цийнæйдзаг æма амондгун уæд цард, дæ кæстæрти  хуарздзийнæдтæй зæрдирохс уо!..

ЧЕРЧЕСТИ Хъасболат,
САКЪИТИ Эльбрус.