22 декабря 2024

ХУÆРЗЕУÆГ АДÆЙМАГÆН ÆХЕЦÆЙ ЦÆУЙ!..

10.02.2024 | 15:54

ЦÆЙ ТУХХÆЙ  ФÆББОСТÆ ÆЙ БУНАТИХЕЦАУ…

БЕЖАНТИ Вадими конд хузæ.

Хуцауи æлгъист фæцæнцæ еу лæгæн æ фурттæ. Маст кодта хæдзари уа, гъæунги уа… Æ уоди бон си нæбал адтæй фидæн, се ’наккаг миути туххæй æндæмæ ракæсун дæр нæбал æндиудта.

– Гъенур ма уи къæсæрæй æндæмæ ка ракæса, уомæн æз фæууинун кæндзæнæн!.. – бартхъерæн кодта еу бон æ цæуæтмæ.

Сæумæраги раистадæй. Кæсуй æма тургъæй мети фæд рацудæй. Рамæстгун æй фидæ, æ фурттæ имæ ке нæ байгъустонцæ, уобæл. Райста фæрæт æма фæд-фæд фæццæуй. Фал æй гъæдæмæ бакодта æма уоми еу бæласи рази фесавдæй.

– Аци бæласæ мæ фидбилиз æй! – исдзурдта лæг.

Уалинмæ имæ бæласи сæрæй дзорунцæ:

– Ци косис, хуарз лæг?

Лæг фесхъиудтæй.

– Кæци дæ?

– Дæ Бунатихецау.

– Æма уоми ци агорис?

– Дæ цæуæтæй мæ уод исунгæг æй: сæхе дæр æма сæ  кæрæдзей дæр нæ лæдæрунцæ. Гъема уин уæ хæдзарæ уæхе барæ ниууагътон!

Мадта бийнонтæ кæрæдзей ку нæ фæууарзунцæ, уæд сæ дзиуари хай дæр нæ фæууарзуй.

 

АЛЛИ БУНАТÆН ДÆР ХЕЦАУ ЕС

Еу бæлццон изæрдалингити гъæди къохмæ бахъæрттæй. Бæласи буни æ пæлæз æритудта, æ ходæ исиста æма æхе бунати хецаубæл бафæдзахста:

– О бунати бардауæг, табу дæхецæн, де ’уазæг мæ бакæнæ, дæ буни æруолæфтæн æма дæбæл мæхе фæдзæхсун.

Бæлццон  рæдзæ-мæдзæ кæнун ку байдæдта, уæд æ гъостæбæл цидæр дзубанди рауадæй:

– Ардæмæ рацо, нæ Нихæсмæ.

– Нæ! Иуазæг мæмæ ес, æхе мæбæл бафæдзахста, æма ’й куд ниууадзон? – дзуапп равардта, ци бæласи буни уолæфунмæ æрбадтæй, уой сæрæй.

Лæг фиццаг къехæй райзадæй, фал си бæласи сæрæй ци дзуапп фегъуста, е имæ нифс бауагъта, æма уайтæкки рафунæй æй.

Уотæ алли бунатæн дæр ес хецау, æма дæхе æ иуазæг ку бакæнай, уæд дæбæл ауоддзæнæй.

 

ЛÆГЪУЗ УОСÆ

Гъæди, надгæрон бадтæй давгути къуар. Кæсунцæ æма надбæл æрбацæуй федартæарæзт лæг æ дессаг  саулох бæхбæл, тохæнгарзæй ба æнхæст. Æ бакаст уæхæн адтæй, æма имæ давгути къуар сæ нифс нæ бахастонцæ.

Дуккаг бон бабæй лæг фæстæмæ ’здахтæй аци надбæл. Æ бакаст адтæй ревæд нимæти хузæн. Давгутæ ин æнцонтæй байстонцæ æ тохæнгарз, æ бæх.

Бæхгин сæмæ дзоруй:

– Рамаретæ мæ.

Фал давгути æ рамарун нæ бафæндадтæй. Æрæгиау æй давгути хестæр фæрсуй:

– Æзинæ дин уæхæн бакаст адтæй æма дæмæ нæ бандиудтан, абони фæстæмæ здæхгæй ба ди нæ фæттарстан. Цæмæн уотæ ’й?

Æма син бæхгин дзуапп равардта:

– Лæгъуз уосæ мин ес, рахецæн си уайнæ, фал нæ сувæллæнттæ ба ци фæууодзæнæнцæ?.. Æзинæ иуазæгуати цудтæн, цийнæ кодтон, мæ бийнойнагæй еу бон ке бауолæфдзæнæн, æма мæ хъаурæ мæхемæ ’рцудæй. Абони бабæй нæуæгæй фембæлдзинан – еци гъуди мин мæ хъаурæ расаста. Уомæн мæмæ бандиудтайтæ сумах дæр. Рамаретæ мæ, мæ тогæй кæд мæ ходуйнаг нихснинæ!

Давгути хестæр ин равардта æ тохæнгæрзтæ, бæх æма загъта:

– Цо изолдæр дæ надбæл.

 

ХУАРЗ УОСÆ – ЛÆГГÆНÆГ

Кадæ æма ради хæццæ, намус æма фарни хæццæ цардæй æма адтæй еу зæронд лæг.

Синх, гъæубæстæ æма ’й æнæгъæнæ ком ци гъуддаги туххæй нæ агурдтонцæ, уæхæн нæ адтæй. Еудзурдæй, адтæй коми лæг. Фал хъисмæт ниддæлæ-уæлæ кодта, æма æ цардæмбал, æ цæуæти ниййерæг, æ къæбæргæнæг рамардæй. Æгъдауи хæццæ ’й байвардтонцæ, ке зæгъун æй гъæуй. Еугур комбæстæ дæр си лæггадæгæнæг адтæнцæ.

Рацудæй рæстæг. Зæронд лæг дуккаг уосæ æрхудта. Æма син  цард байеудагъ æй. Гъе, фал лæг феронх æй комбæстæй, гъæубæстæй, синхæй. Некебал æй фарста зундæй, æгъдауæй. Уомæн æма æ дуккаг уосæ разиндтæй фудсилæ, æнæуагæ æма ин æ кадæ, æ намус думгæмæ ниддардта. Комбæсти ’хсæн æй фегадæ кодта.

Дзæгъæли нæ фæззæгъунцæ:

– Хуарз уосæ лæггæнæг, лæгъуз уосæ – æгадæгæнæг.

 

АЛКЕДÆР Æ АМОНДМÆ ГÆСГÆ РАЙГУРУЙ

Паддзахмæ, дан, еу уосæ агъазагор бацудæй. Уæд æй паддзах фæрсуй:

– Хуарз уосæ, æма дин неке ес, мæнæй æндæр дин ка фæййагъаз кæна, уæхæн? Цæуæт, хæстæгутæ?

– Куд нæ, куд нæ! Авд фурти мин ес, фал сæ фадуат нæ амонуй.

– Æма дæ авд фурти цæмæн багъудæй? Мæнæ дин еу мæн хузæн фурт ку исæнтæстайдæ, уæд дæ  мæгургор цæун нæ гъудайдæ.

– Дæу хузæн? Дæу хузæн фурт паддзахæй игурд гъæуама уа. Ду дæр дæ лæгдзийнæдти фæрци паддзах нæ дæ, фал дæ  мадæн паддзахæй исæнтæстæ. Дæ амонд уæхæн адтæй, æндæр мæн фурттæ дæуæй лæгъуздæр  нæ ’нцæ! Фал сæ фидæ зæнхкосæг адтæй. Сæ амонд уæхæн æй.

Паддзах уоси æргом дзубандибæл арф ниххудтæй, æ зæрдæмæ фæццудæнцæ æма ин фæййагъаз кодта.

 

МУЛК СИН ИССÆЙ СÆРИНЕЗ

Цардæнцæ æма адтæнцæ дууæ синхаги. Сæ еу бонгин – фонсæй сæудегергæнæг, иннæ мæгур – зæнхкосæг. Гъæздуги хæдзарæ адтæй æддæгуæле, мæгурæн ба – минкъий къæс. Агъазиау тургъæ еудадзуг адтæй мæтъæл, игъæлдзæг адæймаги унæр си некæд райгъустæй. Мæгури тургъæй ба игъустæй царди гъæр. Бийнонтæ æдзохдæр цидæртæ архайдтонцæ, хæдзари зилдтитæ кодтонцæ, цудæй сæмæ иуазгутæ, хæстæгутæ, æма сæ игъæлдзæгдзийнади хæлхъой сæ синхонтæмæ дæр игъустæй.

Бонгини уосæ сæмæ, æхе къæлæтгинбæл рауадзгæй, сæрæй бунмæ ахид кастæй, æма сæ игъæлдзæгдзийнадæй æ зæрдæ рохс адтæй, хицæ сæмæ кодта. Гъудити ранигъулидæ, мах гъæздуг ку ан, алцæмæй æнхæст, уотемæй æрхун, сагъæсхуз, царди адæ ку не ’нкъарæн; етæ фургуст ку ’нцæ, марамæлай къæбæрæй ку цæрунцæ, уæд сæмæ еци цæруни нифс æма разæнгарддзийнадæ кæцæй цæуй? Еууæхæни еци фарста равардта æ лæгмæ, æма ин е уотæ зæгъуй:

– Етæ игъæлдзæг уомæн æнцæ æма мæгур æнцæ. Мулки уæзæ æнцон хæссæн нæй. Фæндуй дæ, æма син æз сæ игъæлдзæгдзийнадæ фæссорон?

– Куд? Лæгъуздзийнадæ син маци бакæнæ! – фæттарстæй уосæ.

– Нæ. Анзи æмгъудмæ син инсæй сугъзæрийнæ соми æфстау ратдзæнæн, уæхецæн си ести фæппайда кæнетæ, зæгъгæ, æндæр неци.

Лæг куд загъта, уотæ бакодта. Æма уайтæкки мæгур лæги тургъæ æнкъард кæнун райдæдта. Бийнонтæ катай æма сагъæси бацудæнцæ еци инсæй сугъзæрийнæ сомей туххæй. Еуемæй куд си испайда кæнонцæ, уобæл гъуди кодтонцæ, иннемæй ба син радавунæй тарстæнцæ æма мæти бацудæнцæ…

 

«БИЙНОНТÆ ДÆР – КИНДЗИ ЦÆРА, КИНДЗÆ ÆХУÆДÆГ ДÆР – ÆХЕ ЦÆРА…»

Еугæр нæ дзубанди рацудæй бийнонти цард амондгунæй аразуни гъуддаги силгоймаги ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау æй, уæд, æвæдзи, зæгъун гъæуй æндæр бийнонтæй сæмæ ка æрбакъахдзæф кæнуй, уони туххæй дæр, гъома, киндзити туххæй дæр. Уой фæдбæл дæр æримисдзинан еума таурæхъ.

Еу нæуæг киндзæ косуни æгъдауæй æ къох дони дæр некæд ратулдта: хæдзарæ не ’фсайдта, хуæруйнаг дæр нæ кодта, сæумæй афойнадæбæл некæд исистадæй. Уæд хæдзари хестæртæ – зæронд лæг æма зæронд уосæ – исфæндæ кодтонцæ сæ киндзи бавзарун. Еубон тургъи гъæрæй хилæ кæнунцæ. Сæ хъæлхъоймæ нæуæг киндзæ къæразгæй ракастæй æма сæ фæрсуй:

– Цæбæл гъæр кæнетæ, ци ’рцудæй?

– Мæнæ нæ федауæн, нæ еу дæр «дон æз исдавдзæнæн», нæ иннæ дæр «нæ, æз æй исдавдзæнæн», зæгъуй.

– Гъома, уобæл хилæ кæнун цæмæн гъæуй: раздæр уи æй уæ еу исдавæд, уæдта уе ’ннæ, – загъта син киндзæ.

*  *  *

…Еу хæдзарæмæ фæд-фæди æрцудæнцæ дууæ киндзи. Цанæбæрæг рæстæг си рацардæнцæ, уотемæй си еу гъаст кæнуй иннемæн:

– Айæ циуавæр хæдзарæ ’й, циуавæр? Адæймаг си æхе сор хесæрфæнæй нæ ниссæрфдзæнæй.

– Сæумæй раздæр исистисæ æма сор хесæрфæнæй дæхе сæрфдзæнæ, – адтæй инней дзуапп.