30 декабря 2024

ХУАРЗÆН ДÆР Æ ХУАРЗ УÆЛАРВÆЙ НЕ ’РХАУЙ…

05.08.2023 | 13:43

Республики финансти министради разамонæг Исахъти Олеги загъдмæ гæсгæ, июли бюджетон къабази косгутæн сæ мизд æнхæстæй бафистонцæ. Гъæуама алли ведомстви дæр фарстатæмæ гъос даронцæ, мизд афойнадæбæл райсуни ести аййепдзийнæдтæ ку исæвзуронцæ, уæд адæмæн сæ бон æрбадзорæн æй уæхæн телефонæй: 53-25-25.

Аци хабар Исахъи-фурт фегъосун кодта æрæги нæ республики Хецауади кезуй æмбурди. Уой фæдбæл премьер-министр Дзанайти Барис еума хатт баханхæ кодта:

– Фæллойнæгæнгутæ гъæуама сæ мизд æма æндæр социалон феддонтæ афойнадæбæл æма æнхæстæй есонцæ. Е хъæбæр ахсгиаг æй æма уомæй бæрнон къабæзти разамонгути ’рдигæй имæ гъæуама уа еудадзугон лæмбунæг цæстдард, æгириддæр си гъæуама ма уа уотид минкъий къулумпидзийнæдтæ дæр.

Абони ахсгиаг социалон-экономикон фарстабæл нимад цæуй минкъий æма рæстæмбес амалгъонадæн гъæугæ хузи агъаз кæнун. Æма еци гъуддаги уавæр куд æй Цæгат Иристони, уой фæдбæл адтæй æ радзубанди экономикон ирæзти министр Кучити Заурæн. Куд фегъосун кодта, уотемæй амалгъонтæн сæ бон агъаз есун æй экономикон ирæзти, гъæууон хæдзарадæ æма хуаллаги, промышленности æма инвестицити, фæллойнæ æма социалон ирæзти министрæдти ’рдигæй, уомæй уæлдай ма – туризми комитетæй дæр.

Центр «Мæ бизнес»-и бундорбæл фæззиндтæй амалгъонадæн агъази гъæугæ инфрастуктурæ.  Ку багъæуа, уæд син ами консультацитæ искæндзæнæнцæ, фæййагъаз кæндзæнæнцæ амалгъонадон пълан ниффинсунæн, экспортмæ рахезуни æввонг сæ искæндзæнæнцæ. Еци гъуддæгути фæдбæл амалгъони цæмæй Дзæуæгигъæумæ цæун ма гъæуа, уой туххæй «Мæ бизнес»-и минæвæрттæ косунцæ еугур районти дæр.

Аци фарстай фæдбæл дзубандий кæронбæттæни Дзанайти Барис бафæдзахста, цæмæй фулдæр кæнонцæ лæдæрунгæнæн куст, амалгъонади берæ фарстатæ исæвзуруй адæймагмæ:

Региони нæмæ агъази фадуæттæ фагæ ес, гъæуама сæ адæммæ хъæртун кæнæн.

Аци æмбурди радзубанди кодта Национ проекттæ æнхæст кæнуни управлений разамонæг Томайти Фатимæ. Æма куд фегъосун кодта, уотемæй аци анз дууадæс национ проектемæн лæвæрд æрцудæй фараст миллиард соми. Нуртæккæ сæ исæнхæст кæнуни кассæ æй финддæс æма дууинсæй проценти, е уæрæсеуон рæстæмбес бæрцæй æй фараст проценти фулдæр.

Томайти Фатимæ куд радзурдта, уотемæй бюджетон фæрæзнитæн сæ 70 проценти лæвæрд æнцæ 150 объекти бундоронæй исцалцæг кæнунæн. Уонæй нерæнгæ инсæйеми еци куститæ фæуунтæбæл æнцæ, дууæ æма инсæй бал си уотемæй архайунцæ, иннæ 108 объектеми ба арæзтадон куститæ ма идарддæр цæунцæ.

Дзанайти Барис куд баханхæ кодта, уотемæй хатдзæгтæ зæрдæмæдзæугæ ’нцæ æма идарддæр дæр уотæ архаун гъæуй:

– Фари бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ национ проекттæ исæнхæст кодтан 99,8 проценти уæнгæ. Аци анз ба нæ гъæуй никки хуæздæр бакосун.

Дзанайти Барис ма куд фегъосун кодта уотемæй «Минкъий сахартæ æма историон цæрæнбунæттæ»-йи еугуруæрæсеуон конкурси уæлахездзаутæ аци анз иссæнцæ Алагири райони Нари гъæу, Æрæдони æма Дигори районтæ. Республики фæзуатмæ базелуни туххæй син радех кодтонцæ 200 миллион соми.

Хуарз хабæрттæ зæрдæн æхцæуæн куд нæ уодзæнæнцæ. Фал зæрдæбæл дарун гъæуй мæнæ ауæхæн курухон загъд: «Хуарзæн дæр æ хуарз уæларвæй не ’рхауй…» Гъома, хуарздзийнæдтæ нæмæ ке ес, е æхцæуæн æй, фал цæмæй фулдæрæй-фулдæр кæнонцæ, уой туххæй ба идарддæр никки æнтæстгиндæрæй архайун гъæуй, алкедæр ни, ци гъуддаг ин ихæсгонд æй, уой гъæуама гъæугæ хузи æнхæст кæна.

Æрмæг цæттæгонд æй нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-служби игъосункæнуйнæгтæмæ гæсгæ