21 декабря 2024

ИРИСТОЙНÆГТÆ ЦАДÆ ХАСАНИ ТУГЪДИ

29.07.2023 | 22:27

Нæ Фидибæсти тугъдон намуси æвдесæнтæй еу æй, Идард Скæсæни цадæ Хасани рæбун Сурх Æфсад япойнаг-маньчжураг æрдонгтæ ку ниддæрæн кодта, еци ахсгиаг уæлахез. Фондз æма цуппаринсæй анзей размæ, 1938 анзи 29 июли етæ гадзирахаттæй æрбампурстонцæ нæ бæстæмæ, Хасани цади рази байахæстонцæ Заозерный æма Æнæном обæуттæ. Арæни сæрти æрбахезгæй, япойнаг самурайтæ доргин фæхстæбæл уайтæккæ къахун райдæдтонцæ акъоппитæ, аууон кодтонцæ сæ дзармадзантæ æма пулеметтæ.

ССР Цæдеси Гъæуайкæнуйнади Адæмон Комиссари бардзурд æнхæст кæнгæй, Идардскæсæйнаг фронти Тугъдон Совет 39-аг æфсæддон корпуси тухтæ исаразта æрбампурсæг знæгтæн бæрзæйсæттæн цæфтæ никкæнунмæ. Арæнгъæуайгæнгутæн фæййагъаз кæнунмæ ка фæффæдес æй, еци æфсæддон хæйтти адтæнцæ иристойнæгтæ дæр.Уони туххæй æ рæстæги финста зундгонд тугъдон историк, историон наукити кандидат Худæлти Темирсолтан. Е ке туххæй финста, уонæн сæ еугурей туххæй радзоруни фадуат нин нуртæккæ нæййес, фал ин æ бацæттæгонд æрмæгутæй испайда кæнгæй, абони уин радзордзинан нæ еци бæгъатæр æмзæнхонтæй дууей туххæй.

Уонæй еу – Темурти Елхъани фурт Кермен – райгурдæй Ирæфи райони Секери гъæуи. 1937 анзи каст фæцæй Орджоникидзей Сурхтурусагин æфсæддон скъола. Æригон лейтенанти идарддæр службæмæ рарвистонцæ Идардскæсæйнаг Хецæн Сурх Æфсади 40-аг Сурхтурусагин дивизий 120-аг полкмæ. Кермен ами командæ кодта курсантти взводæн. Хасани тугъди размæ ба нисангонд æрцудæй полкки пулеметон роти командирæй.

Адтæй фæлладуадзæн бон. Ротæ æрæнцадæй гъæдрæбун. Æфсæддонтæ кастæнцæ газеттæ æма журналтæ, ахæстонцæ кæсалгæ, кодтонцæ спортивон гъæзтитæ. Æвеппайди – фæдес! Сæхе рарæвдзæ кодтонцæ. Ротæ фæрраст æй Хасани цади ’рдæмæ.

Знаги хæццæ тохи бацæуни размæ корпуси æфсæддон хæйтти адтæй партион æма фæскомцæдесон æмбурдтæ. Уоми федар дзурд лæвардтонцæ, еунæг сурхæфсæддон дæр тохи ке нæ фæккеудзæнæй, Райгурæн бæсти зæнхæй еунæг гæппæл дæр знагæн ке нæ ратдзæнæй. Уæхæн æмбурдтæ адтæй Темури-фурти пулеметон роти дæр. Фæскомцæдесон æмбурди æригон лейтенант командæкæнуйнадæн зæрдæ байвардта, зæгъгæ, роти пулеметти нæмгутæ самурайтæбæл уайдзæнæнцæ ехуарæгау, ротæ алцидæр бакæндзæнæй фестæг æфсæдти размæ бампурстæн над ракæдзос кæнуни туххæй.

Е адтæй 6 августи 16 сахаттебæл. Советон уæззау хуæдтæхгутæ япойнæгтæбæл никкалдтонцæ бомбитæ. Лейтенант Темури-фуртæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй æ пулеметон ротæ фадуæттæ исараза Заозерныймæ æмпурсæг фестæг æфсæддон хæйттæн. Е æнцон гъуддаг нæ адтæй. Хасани цадæ къуар рауæнеми арф бацудæй къæдзæхгин бунæттæмæ. Самурайтæ сæхе æрфедар кодтонцæ уæхæн æдас бунæтти. Пулеметтæй æхсгути цæун гъудæй астæумæ дони. Заозерныйи байеудагъ æй тогкалæн тугъд. Синдзгун телтæ лух кодтонцæ кæрдæнæй, рæмугътонцæ сæ гранаттæй. Пулеметæйæхсгутæн агъаз кодтонцæ артиллеристтæ, уотемæй цудæнцæ размæ. Арв æма зæнхæ байеу æнцæ. Фестæг сурхæфсæддонтæ пулеметæйæхсгути хæццæ еумæ æхсæвæ бампурстонцæ размæ. Обауи сæрмæ исфеллаудта Сурх туруса.

Исфеллаудта уæлахези туруса. Айдагъ Темури-фурт нæ адтæй обауи сæрмæ. Лæгæй-лæгмæ атаки бацæугæй, Кермен разæнгард кодта иннети дæр, фал æй баййафта знаги нæмуг. Рахаудтæй. Æ сæрмæ – стъалугин арв. Сæнттæ ’й фæххастонцæ райгурæн Иристонмæ, цума Секери бæхтæ хезгæй, æхе уæлгоммæ кæрдæгбæл æруагъта… Æ тог калдæй, уой лæдæрдтæй, фал æ бон фезмæлун нæ адтæй, е ’мбæлтти уæлахези «ура» ин æнцондæр кодта æ рист.

Владивостоки госпитæлæй ку рацудæй, уæд Темури-фурти реубæл фæззиндтæй Тугъдон Сурх Турусай орден. Устур Фидибæстон тугъди æнзти Кермен куста Владивостоки тугъдон комиссаради.

Хасани тугъди бæгъатæрдзийнадæ равдиста сурхдигойраг лейтенант Биазæрти Михали фурт Сергей. Взводи æригон командир фæммард æй Æнæном обаубæл тохи. 32-аг фестæг дивизий æфсæддон газет финста Биазæрти æхсаргин лейтенанти туххæй. Сергейи взвод мæрдтæмæ барвиста дæсгай самурайти. Æнæном обауи фæхстæбæл атаки цæуæг æригон лейтенанти размæ февзурдæй япойнаг афицер æхсаргард æлвæстæй. Биазæри-фурти дамбацай нæмуг нæбал адтæй. Æхсаргарди мæлæтдзаг цæфи фæсте лейтенант æвеппайди æрбамбурд кодта æ фæстаг хъауритæ, фæллæбурдта самурайи къобалæмæ æма ’й ниххорх кодта. Æрбалæборгутæмæ Сергейи маст уотæ хъæбæр рахсистæй, æма е ’нгулдзитæ знаги къобалæй исуæгъдæ кæнун нæбал кумдтонцæ.

ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указмæ гæсгæ Биазæрти Сергейæн æ тугъдон намуси туххæй лæвæрд æрцудæй Ленини орден. Сурх-Дигори ба ин æ гъæуккæгтæ исæвардтонцæ номерæн цирт.

Хасани тугъди япойнаг самурайтæ дæрæнгонд æрцудæнцæ 1938 анзи еуæндæсæймаг августи. Фал уæд махæй алке нæма зудта Заозерный æма Æнæном обæуттæбæл тугъдтити фæсте нæ Райгурæн бæстæмæ никки агъазиаудæр фæлварæн ке æнгъæлмæ кастæй. Нæ сæрмæ сау мегътæ æмбурд кодтонцæ Нигулæнæй. Хасани, Халхинголи æма уорсфиннæгти хæццæ тугъдтитæ адтæнцæ сæ уацхæсгутæ. Æма Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд æхсист хасайнæгтæ кæронмæ рандæнцæ сæ намуси надбæл.

Хасани тугъди бæгъатæр Биазæрти Сергейи æнсувæртæ Цæрай æма Амурхан гитлерон фашистти нихмæ тохти равдистонцæ æхсарæ æма лæгдзийнадæ. Цæрай адтæй батальони комиссар, Амурхан ба знагæй æ маст иста партизанти къуари Украини зæнхæбæл.

Циртдзæвæн БИАЗÆРТИ Сергейæн Сурх-Дигори бæрæгастæу парки.

Хасани цади рæбун тугъдтити ма фескъуæлхтæй ном дзуд тæхæг Сигов Дмитрий Ивани фурт. Уæлдай æхсаргинæй ба æхе равдиста  Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Цæгат Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни тугъдтити. Фæмард æй 1942 анзи 26 октябри, байвардтонæ *й Беслæни. Абони æ рохс ном хæссунцæ гъæунгтæ Беслæни, Донбасси, Новосибирски…

Хасани тугъди не ‘мзæнхонтæй ма бæргæ гъæуама архайдтайдæ нæ номдзуд æфсæддон раздзæуæг Хетæгкати Ивани фурт Геуæрги дæр. Цæветтонгæ, майор Хетæгкай-фурт 1937 анзи августи нисангонд æрцудæй Хабаровски Идардскæсæйнаг æфсæддон округи Сæйраг командæкæнуйнади резерви, уæд нæуæгæй исарæзт 181-аг артиллерион полкки командирæй. Сурх Æфсади инсæй анзей бæрæгбони хуæдразмæ, 1938 анзи 17 феврали не ’мзæнхонæн афонæй раздæр лæвæрд æрцудæй болкъони цин. Еци анзи мартъий ба ’й рарвистонцæ Ленинградмæ Ф.Э. Дзержинскийи номбæл академий рази Уæлдæр академион къурситæмæ. Хъæбæр разæнгардæй си бæргæ ахур кодта, фал ин си кæронмæ ахургæнгæ нæ рауадæй: уæдмæ цадæ Хасани рази тугъд ке райдæдта, уомæ гæсгæ имæ фæстæмæ уордæмæ фæдздзурдтонцæ. Æма Хабаровскмæ æрбаздахтæй, тугъд æ тæккæ карзи ку адтæй, уæд. Раст вакзалæй фæннæхстæр æй округи штабмæ. Уоми ба ин загътонцæ: «Дæ полк цурхæ эшелонти æма цæугæ Биробиджанмæ!..» Е адтæй 1938 анзи 11 августи æхсæвæ, сæумæй ба япойнаг æрбалæборгутæ фæлледзæги ’нцæ æма уоййадæбæл еци тугъди хабæрттæ фæцæнцæ, япойнæгтæ фæммулдбæл исарази ’нцæ.

Хасани тугъди фæдбæл нæ абони дзубанди фæууогæй нæ газеткæсгутæй корæн, кæд уи ескæмæ ес æрмæгутæ, не ’мзæнхонтæй уоми ка архайдта, уони туххæй, уæд нæмæ фегъосун кæнетæ…

Япойнаг самурайти нихмæ цадæ Хасани рази тугъди рæстæг Идард Скæсæни арæнтæбæл советон æфсæддонтæ ци намуси æскъуæлхтдзийнæдтæ равдистонцæ, етæ иронхгæнгæ нæ ’нцæ, уæлдайдæр ба син ахиддæр сæ кой кæнун гъæуй, цæмæй, абони дæр нæ Фидибæсти нихмæ тохмондаг æрра фæндитæ ке сæртæг сæрти æвзурунцæ, етæ æрæскъетонцæ æма ’й лæдæронцæ, ци сæ хезуй махмæ лæборгæй, уой…