26 декабря 2024

КАВКАЗБӔЛ ТОХИ БӔГЪАТӔРТӔ

19.05.2022 | 16:13

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл немуцаг-фашистон тогмондаг ӕрдонгти нихмӕ карзӕй-карздӕр тугъдтити ӕгӕрон бӕгъатӕрдзийнадӕ бавдистонцӕ нӕ бӕсти еугур адӕмихӕттити минӕвӕрттӕ дӕр. Хъӕбӕр беретӕ си уоййасӕбӕл фескъуӕлхтӕнцӕ ӕма син аккаггонд ӕрцудӕй нӕ Райгурӕн бӕсти тӕккӕ уӕлдӕр хуӕрзеуӕг – Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри цитгин ном. Уони рохс нӕмттӕ абони дӕр иронх нӕ ’нцӕ нӕ адӕмӕй. Ӕма уин си цалдӕрей туххӕй радзоруйнаг ан абони.

 

Ӕхсаргин тӕхӕг Смирнов Николай Федори фурт, райгурдӕй 1915 анзи 22 майи нури Иванови облӕсти, сахар Кинешли косӕг бийнонти ’хсӕн. Устур Фидибӕстон тугъди архайдта ӕ тӕккӕ райдайӕнӕй фӕстӕмӕ. Фӕскавказаг фронти 4-аг уӕлдӕфон ӕфсади 219 бомбитӕгӕлдзӕг авиадивизий 366-аг авиаполкки звеной командир хестӕр лейтенант Николай Смирнов 1942 анзи ноябри уӕнгӕ 300 хатти истахтӕй уӕлдӕфмӕ тугъдон ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ. Уонӕй 153 хатти айдагъ бомбитӕ знаги бунӕттӕбӕл гӕлдзунмӕ нӕ, фал знаги фӕскъилдуни ци куд ӕй, циуавӕр ӕфсӕддон тухӕй имӕ кӕми ци ес, уони исбӕлвурд кӕнунмӕ дӕр.

Мӕздӕги алфамбулай тугъдтити рӕстӕг 1942 анзи 21 августи Смирнов, разведки уогӕй, исбӕрӕг кодта, знаги мотомеханизацигонд колоннитӕ Пятигорскӕй Хонсарӕрдӕмӕ куд ӕмпурстонцӕ, уой. Смирнов ӕрбатахтӕй нӕ аэродроммӕ, хуӕдтӕхӕг «байефтигъта» бомбитӕй, фӕстӕмӕ балӕудтӕй знаги колоннити сӕрмӕ ӕма сӕбӕл ӕргӕлста бомбитӕ. Знагбӕл ӕрцудӕй устур зиантӕ.

Николай Смирнов 5 сентябри исбӕрӕг кодта, фашисттӕ Мӕздӕгмӕ хӕстӕг Терки сӕрти хедтӕ кӕмити аразтонцӕ, уой. Фӕстӕмӕ ’здӕхгӕй, Мӕздӕгӕй минкъий ӕндӕдӕр Смирновбӕл сӕхе рандзарстонцӕ дууӕ немуцаг хуӕдтӕхӕги. Еци тугъди си ӕргӕлста еу «Фоке-Вульфи». Ӕхуӕдӕг фӕстӕмӕ сӕрӕгасӕй ӕрбаздахтӕй нӕ аэродроммӕ. Фӕстӕдӕр Смирнов ӕ звеной хӕццӕ ниппурхӕ кодта, Мӕздӕгӕн ӕ хонсарӕрдигӕй знаг цӕугӕдони сӕрти ци хедтӕ райаразта, уони.

Смирнов 1942 анзи октябри кӕрони уӕлдӕфӕй исиста, Солдатскаяйи станици фарсмӕ знагӕн ци аэродром адтӕй, уой хузӕ. Ӕма си ци 50 хуӕдтӕхӕги адтӕй, уони еци бон нӕ хуӕдтӕхгутӕ ниппурхӕ кодтонцӕ.

Гизӕли фарсмӕ тугъди архайгӕй ба Смирнов 1942 анзи ноябри дӕрӕн кодта знаги танкитӕ ӕма хуӕдтолгитӕ. Еубон ниппурхӕ кодта фондз танки ӕма цуппар хуӕдтолги. Ӕдеугурӕй ба тугъди алли фронтти ниппурхӕ кодта 55 танки ӕма 300 хуӕдтолгемӕй фулдӕр, ӕфсӕнвӕндаги 45 вагони фашистон ӕфсӕддонтӕ ӕма техники хӕццӕ. Устур бӕгъатӕрдзийнадӕ ке равдиста, уой туххӕй ССР Цӕдеси Сӕйраг Совети Президиуми Указмӕ гӕсгӕ 1943 анзи 1 майи Н.Ф. Смирновӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Тугъди фӕсте Н. Смирнов службӕ кодта ӕфсӕддон авиаций. Каст фӕцӕй Ӕфсӕддон-уӕлдӕфон академи (1949 анзи). Генштаби Ӕфсӕддон академи (1956 анзи), фӕстӕдӕр ба ахургӕнӕгӕй куста Ю.А. Гагарини номбӕл Ӕфсӕддон-уӕлдӕфон академий. Болкъон Н.Ф. Смирнов ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй 2000 анзи 4 январи, байвардтонцӕ ’й Мӕскуй облӕсти сахар Мониной Гарнизонон уӕлмӕрдти.

***

Азаров Сергей Семени фурт райгурдӕй 1915 анзи 25 сентябри Брянски облӕсти гъӕу Соколовой зӕнхкосӕг бийнонти ’хсӕн. Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Цӕгат Кавкази немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ тугъдтити архайгӕй бавдиста агъазиау лӕгдзийнадӕ. 1942 анзи сӕрди гитлерон ӕфсӕддон разамунд Цӕгат Кавказмӕ ӕрбагӕлста сӕ номдзуд тӕхгути, худтонцӕ сӕ «Асы». Сӕ фӕззинди фиццаг бӕнтти пайда кодтонцӕ «психикон атакитӕй», кӕцити худтонцӕ «Нихӕй-нихмӕ таран», «Таран-Туй». Еци атакитӕн не ’схъаурӕ кӕниуонцӕ нӕ ӕригон тӕхгутӕ, сӕ фуркатайӕй рӕдудтитӕ ӕруадзиуонцӕ ӕма уой фудӕй фӕммард уиуонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба фӕлтӕрдгундӕр тӕхгутӕ федарӕй исунаффӕ кодтонцӕ: «Тохмӕ айдагъдӕр «зӕрӕндтӕ» цӕунцӕ!.. Ӕригӕнттӕ ба бал зӕнхӕбӕл ахур кӕнӕнтӕ!..» Фашистон «сау хъӕрццигъати» фӕззинди цуппӕрӕймаг бон сӕбӕл уӕлдӕфи комкоммӕ исцурӕвӕрӕ ’й Сергей Азаров дӕр. Уонӕй еу, цъидагъи хузӕн сау-сауид, уотемӕй Азарови хуӕдтӕхӕги нихмӕ ниййарцӕ ‘й. Фал си е ӕгириддӕр нӕ фӕттарстӕй, комкоммӕ имӕ исаразта ӕ машинӕ. Бустӕги бахӕстӕг ӕнцӕ кӕрӕдземӕ, уӕд тарсти тарст ба фашистон тӕхӕг фӕккодта. Уайсахат ӕ них фӕххӕрдмӕ кодта, ӕма уотемӕй е ’нӕгъӕуайгонд «губун» фергом кодта… Ӕма дӕ балгъетӕг уотӕ!.. Немуцаг тӕхӕгӕн ма тухамӕлтти бантӕстӕй парашюти хӕццӕ рагӕпп кӕнун… Дууӕ боней фӕсте Сергеймӕ фӕдздзурдтонцӕ фронти штабмӕ. Уоми фӕууидта еци уацари бахауӕг тӕхӕги – разиндтӕй болкъон, Рыцӕйраг дзиуарӕ, зӕгъгӕ, фашистон Германий уӕлдӕр хуӕрзеуӕг хӕссӕг. Уӕди уӕнгӕ ӕ лӕгдзийнӕдтӕй сӕрбӕрзонд уогӕй, хъӕбӕр ӕрмӕтъӕл ӕй, уоййасӕбӕл ӕригон тӕхӕг (Азаровбӕл уӕд цудӕй авд ӕма инсӕй анзи) тӕхӕг ӕй ке ’ргӕлста, уой базонгӕй.

Цӕгат Кавказ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕй исуӕгъдӕ кӕнуни сӕрбӕлтау тугъдтити Сергей Азаров ма берӕ хӕттити фескъуӕлхтӕй. Авд ӕма дууинсӕй хатти уӕлдӕфи знаги авд хуӕдтӕхӕги ӕргӕлста, е ’мбӕлтти къуари хӕццӕ еумӕ ӕмтох кӕнгӕй ба – никкидӕр ма аст хуӕдтӕхӕги. Цуппар хуӕдтӕхӕги ба ниппурхӕ кодта знаги аэродромти.

Сергей Азаров ци 57-аг кунӕггӕнӕг авиаций адтӕй, уой 1943 анзи апърели раййивтонцӕ Краснодармӕ ӕма уоми архайдта немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ карз тугъдтити. Уой туххӕй еугур хабӕрттӕ ракӕнуни равгӕ нин ке нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба си уӕддӕр еуей кой ракӕндзинан. Эскадрилий командир, гвардий капитан В.Солдатов, гвардий хестӕр лейтенант ӕма ма дууӕ тӕхӕги ратахтӕнцӕ станицӕ Абинскийи алфамбулайти сӕрмӕ уӕлдӕфи знаги бомбӕгӕлдзгути нихмӕ. Фронти рӕнгъӕмӕ хӕстӕг сӕ багъудӕй знаги ӕхсӕз кунӕггӕнӕги нихмӕ тохи бацӕун. Знаги хуӕдтӕхгутӕ дӕрӕн кӕнгӕй, Азаров еу рӕстӕг рауидта, Солдатови хуӕдтӕхӕгбӕл фашистти хъӕрццигъатӕ куд исфарс ӕнцӕ ӕма ’й куд ӕргӕлстонцӕ. Азаров ӕхе фӕййеуварс кодта е ’мбӕлттӕй ӕма ӕ них исаразта, Солдатов парашюти фӕрци кӕми ӕрбадтӕй, уордӕмӕ. Уоми ӕрбадгӕй, Солдатови райвардта ӕ хуӕдтӕхӕги, ӕма ’й уотемӕй фӕййервӕзун кодта знаги дзӕмбутӕмӕ бахаунӕй.

Сергей Азаров аэродроммӕ ку ’рбахъӕрттӕй, айдагъдӕр уӕд базудтонцӕ е ’мбӕлттӕ, ӕхуӕдӕг дӕр уӕззау сугъдтитӕ ке ’й, уой. Уайтӕккӕдӕр ӕй госпитӕлмӕ бӕргӕ бахъӕртун кодтонцӕ, фал… Уоми дууӕ боней фӕсте – 1943 анзи 10 майи рамардӕй…

ССР Цӕдеси Сӕйраг Совети Президиуми Указмӕ гӕсгӕ ин ӕ фӕсмӕрдӕ 1943 анзи 2 сентябри аккагонд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном. Кустадон еугонд «Брянски машинӕаразӕн завод»-и фӕзуати ин ӕвӕрд ӕрцудӕй циртдзӕвӕн.

***

Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тугъдтити рӕстӕг устур бӕгъатӕрдзийнадӕй фескъуӕлхтӕй Кучерявый Герасим Евсейи фурт. Е райгурдӕй 1903 анзи 4 мартъий Новосибирски облӕсти нури Тӕтӕйраг райони гъӕу Николаевки.

Цӕгат Кавкази тугъдтити архайдта 1942 анзи августи мӕйӕй фӕстӕмӕ. Герасим устур лӕгдзийнадӕ бавдиста, Алханчурти дӕлвӕзти ци устур тугъдтитӕ цудӕй, уоми.

Не ’фсӕдтӕ знаги нихмӕ атаки бацудӕнцӕ. Гъӕуама нимпурстайуонцӕ. Фал е хъӕбӕр зин адтай – сӕр исдарӕн нӕ адтӕй знаги нӕмгутӕй. Хайади командир ку фӕммард ӕй, уӕд  уой рауингӕй Герасим Кучерявый нигъгъӕр кодта:

– Мӕ фӕдбӕл, размӕ!..

Ӕма нӕ тугъдонтӕ еци разӕнгардӕй нимпурстонцӕ фашистти раззаг позицитӕбӕл. Етӕ дӕр ледзӕги фӕцӕнцӕ. Ӕртей ба си Герасим уацари райста.

Никкидӕр ма еу къуар ӕвдесӕни Герасими бӕгъатӕрдзийнади туххӕй. 1942 анзи октябри карз тугъдтити рӕстӕг ӕнӕбауорамгӕ ӕбуалгъ сӕлфунӕг кодта, еу уӕхӕн уодхӕссӕг бони фашисттӕ еу инней фӕдбӕл аразтонцӕ атакитӕ, фал син лейтенант Синельникови ротӕ аллихатт дӕр карз нихкъуӕрд раттидӕ. Фондз сахаттей дӕргъи ӕнӕрӕнцайгӕй цудӕнцӕ тогкалӕн тугъдтитӕ ӕнӕном обаубӕл. Махонти  ӕнӕгъӕнӕ гарнизонӕй ма цардӕгасӕй байзадӕнцӕ айдагъдӕр дууемей – пулеметчиктӕ Герасим Кучерявый ӕма Николай Ветчинин. Дууемӕй дӕр адтӕнцӕ цӕфтӕ, фал сӕ еудӕр тугъди будур нӕ ниууагъта. Знаги ӕфсӕдтӕ кунӕгӕй-кунӕгдӕр кодтонцӕ.

Пулемети гилдзитӕ ку фӕцӕнцӕ, уӕд Герасим ӕма Николай райстонцӕ топпитӕ ӕма се ’хсунӕй не ’нцадӕнцӕ.

Фашисттӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ бангъалдтонцӕ, пулеметчиктӕ фӕммард ӕнцӕ, зӕгъгӕ, ӕма гъӕргӕнгӕ се ’мпурст исаразтонцӕ ӕнӕном обаумӕ. Раст еци рӕстӕг Герасим ӕма Николай ӕмӕхст фӕккодтонцӕ, ӕма дууӕ фашистти зӕнхӕмӕ ӕрхаудтӕнцӕ. Фал уӕддӕр немуцӕгтӕ размӕ тундзтӕнцӕ. Николай Ветчинин фӕммард ӕй. Обаубӕл ма байзадӕй айдагъдӕр Герасим. Аллирдигӕй ибӕл знаги ӕфсӕддонтӕ ӕмбурд кӕнун райдӕдтонцӕ, гъавтонцӕ бӕгъатӕр ӕфсӕддони уодӕгасӕй уацари райсунмӕ. Гъӕр имӕ кодтонцӕ, дӕхе раттӕ, зӕгъгӕ. Фал бӕгъатӕр ӕфсӕддон еу къахдзӕф дӕр фӕстӕмӕ нӕ ракодта. Знаги ӕфсӕддонти хӕстӕг ӕрбауагъта, гранат исрӕмугъта ӕма ма си рамардта цуппарей. Фӕммард ӕй ӕхуӕдӕг дӕр…  Еци ӕверхъау хабар ӕрцудӕй 1942 анзи 11 ноябри… Ӕфсӕддон цитӕ исаразгӕй ӕй, байвардтонцӕ Горячеключевский райони станцӕ Пятигорскийи.

Герасим Кучерявыйӕн ССР Цӕдеси Сӕйраг Совети Президиуми Указмӕ гӕсгӕ 1943 анзи 31 мартъий ӕ фӕсмӕрдӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном. Сахар Горячий Ключи гъӕунгтӕй еу хӕссуй ӕхсаргин тугъдони ном. Ци обауи сӕрбӕл тох кодта е ’мтугъдон ӕмбӕлтти хӕццӕ, уоми игонгонд ӕрцудӕй Ӕнӕном мемориалон комплекс.

Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Герасим Кучерявый ци ӕфсӕддон хаййи службӕ кодта, уой номхигъдмӕ ӕ ном ӕностӕмӕ бахастонцӕ, ӕфсӕддон хаййи музейи ӕвӕрд ӕрцудӕй ӕ бюст, ами ӕнцӕ ӕ бӕгъатӕрдзийнадӕ ӕвдесӕг документтӕ дӕр.

Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ