21 декабря 2024

КАВКАЗИ СÆРБÆЛТАУ

14.01.2023 | 20:26

Цæгат Иристони зæнхæбæл немуцаг-фашистон æрдонгти нихмæ тугъдтити рæстæг ами сæ тугъдон æма исфæлдистадон ихæстæ уодуæлдайæй æнхæст кодтонцæ зундгонд советон финсгутæй беретæ: Илья Эренбург, Константин Симонов, Петр Павленко… Уæди цаути туххæй ци æрмæгутæ ниффинстонцæ, уонæй кæцидæрти хæццæ нæ газеткæсгути амæй размæ дæр зонгæ кодтан нæ газети фæрстæбæл. Абони ба мухур кæнæн Илья Эренбурги уацтæй еу.

 

Кавказ – дзиллити авдæнæ. Рагæй-æрæгæмæ дæр æ рæсугъддзийнадæй деси æфтауй адæми. Таурæхъмæ гæсгæ хъиамæти фæсте Нойи бæлæгъ Араратбæл æрлæудтæй. Кавкази къæдзæхтæй еуебæл федар рæхистæй баст æрцудæй, хуцæуттæй зинг ка радавта, еци Прометей. Кавказ – æмбесонди бæстæ; кæдзос си æй уæлдæф, кæдзос си æй уарзондзийнадæ; мегътæ фонси дзогти хузæн æрæхсæвеуат кæнунцæ фиййауи дæлфæдтæмæ, хуæнхаг æхсæрдзæнтæ æвæллайгæй зарунцæ царди æносондзийнадæбæл; сæумæраги игъусуй еунæг бæхгини сонт æстуф.

Уруссаг поэзи Пушкин æма Лермонтовæй ба Маяковский æма Тихонови уæнгæ хумæтæги нæ агурдта уæлтæмæн Кавкази хуæнхти. Метсæр хуæнхтæ айдагъ сæ федауцæй нæ сайдтонцæ сæхемæ Цæгати бæдæлтти: Кавказ адтæй ковæндони хузæн кæдзос, кадæ æма намуси бæстæ. Уæхæн æй абони дæр. «Нæхе Кавкази сæрбæлтау, нæ сæребари сæрбæлтау!..» – уæхæн нифсгун разæнгарддзийнади хæццæ абони уруссæгтæ æма украинæгтæ знагæй гъæуай кæнунцæ Терки билгæрæнттæ. Кавкази бæдæлттæ ба тох кæнунцæ Сталингради æма Мурмански. Фæууинæн син ес Ленингради бунмæ æма Старая Руссайи рази. Ленинградмæ бацæуæн нæдтæ гъæуай кодта Николай Джиния. Мæлгæ-мæлун е кастæй фæлорс цæгатаг арвмæ æма ин еци арв æхе Гурдзистони арви хузæн иссæй хеуон. Гогашвили Клахо рамардта дæс немуцаги. Е сæрустурæй загъта:

– Сталингради фарсмæ æз Гурдзистон гъæуай кæнун. Цалинмæ мæ цæстæ æрттева, цалинмæ ме ’уæнгти тог цæуа, уæдмæ нæ ниууадздзæнæн мæ тох…

Старая Руссайи бунмæ немуци дæрæн кæнуй рæстзæрдæ артиллерист Георги Елизашвили. Ржевмæ хæстæг гвардий инæлар-майор Чанчибадзе равардта цубур бардзурд: «Мæрдти байвæретæ, цæфти фронти къилдунмæ рарвететæ, иннетæ – размæ!..»

Дæс æма авдинсæй немуцаги ниццагъта сæрустур Иристони бæгъатæр фурт Милдзихи-фурт. Нæ бæсти кæци кизгæ нæ уодзæнæй уомæй арфиаг!.. Капитан Хъазий-фурт немуци дæрæн кодта Варшави алфамбулай 1915 анзи, 1918 анзи ба – Режицæмæ хæстæг. Нур ирон лæхъуæн Хъазий-фурт нæуæгæй тохуй немуци нихмæ. Æ нæмгутæ тæхунцæ æ нифсæйдзаг зæрди рæбунæй.

Абдула Сефербенов фронтмæ ку æрбахъæрдтæй, уæд загъта:

– Дагестайнæгтæ тохæнгарз уарзунцæ, æхсунмæ си хуарз арæхсунцæ. Нури уæнгæ æз гъæддаг хутæбæл цауæн кодтон, нур ба, Хуцауæй уин ард хуæрун, немуцаг сирдтæбæл цауæн кæндзæнæн…

Дагестайнаг тугъдон æ дзурдæн хецау æй. Раст еци бон Абдула Сефербенов æвддæс немуцаги рамардта. Магомед Жамалдин карз адæймаг адтæй, цонгæй ба – федар. Пулеметæй берæ финнти ниццагъта.

Е ’мбæлттæ медбилти ходгæй сæрустурæй фæззæгъунцæ:

– Нæхе Магометбæл нæ зæрдæ дарæн!..

Сержант Мусса Мамедов зæгъуй:

– Хъæбæр дзæбæх цардан, алцидæр нæмæ адтæй. Мæ хестæр æнсувæр Александрæй устур лæг рауадæй. Финстæг мæмæ æрбарвиста: «Муссæ, немуцбæл ма ауæрдæ!..» Баруагæс уи уæд, Бакумæ сæ кæд хъæбæр фæндуй, уæддæр имæ нæ бахъæртдзæнæнцæ!.. Дууæ бони цауæн кодтон. Æхсæз фрици бал рамардтон, никкидæр ма си рамардзæнæн…

Сталингради бунмæ Азербайджани аккаг фурт Багуслан Абасов ниццагъта дæс æма æртинсæй немуцаги. Уæрæсей цæгатварс Балейда Мамедов нимад æй хуæздæр гъавæгбæл, æ фæрци  дзармадзан æзнагмæ арæзт ку æрцæуй, уæд уомæн еуварс раледзуни мадзал нæбал фæууй. Е ард бахуардта, е ’мбал Чихалийи æма æ Райгурæн бæсти маст фашисттæй ке райсдзæнæй, уомæй.

Сомехаг бæдолæ, хуæрзконд, сауцæстæ сержант Акопян фæммард æй бæгъатæрæй. Хестæр лейтенант Васильевбæл немуц æртухстæнцæ, уой ку фæууидта, уæд Акопян æзнæгтæбæл æхе ниццавта. Рамардта си æхсæрдæс. Уæззау цæфæй хустæй Смоленскмæ хæстæг талингæ азгъунсти. Еуафони æхе ку æрлæдæрдтæй, уæд тæккæ фиццагидæр рафарста: «Васильев æгас æй?..»

Мæздæгмæ хæстæг Аманат Айрапетян тохи будурæй рахаста 250 цæф тугъдони. Сомехаг тугъдонæн арфитæ кæнунцæ, ке фæййервæзун кодта, уони урайлаг æма сибийраг мадтæлтæ.

Кавказ фæййагъаз кæнунмæ фæззиндтæй Цæгатмæ, æма нур æнæгъæнæ Уæрæсемæ ардбахуæрди хузи дзоруй: «Æзнаги къохмæ ма раттæн нæ сæрустур нифс – Кавказ!..»

Ка гъавуй Кавкази хуæнхтæмæ? Нецæййаг фрицтæ, цал хæдзари басугътонцæ, цал кизгемæй фæггириз кодтонцæ, уони æ финсæн киунугути сæрустурæй ка бæрæг кæнуй, еци æцæгæй гъæддаг адæм. Цуппæрдегъон сæртæ æма кæсалги цæститæ кæмæн ес, еци пигмейтæ, æнæфсес къалбасхуартæ… Уотемæй ба сæхе дуйней хецæуттæ хонунцæ. Нæ, Кавказ фрицти некæд уодзæнæй!.. Хуæнхаг хæдзари фарнæ дæлæмæдзуд къалбасхуарти некæд бауодзæнæй!.. Хуæнхаг дзенет, дзæгъæлхæтæ фрицтæн æвгъау æй!..

Кавказ гъæуайгæнгутæ, уæ къохти айдагъ нефть, айдагъ хумзæнхитæ нæ ’нцæ – уæ къохти æй сæребарæ зæнхæ. Сумах фрицтæн раревæд кæндзинайтæ сæ зудæ дзæмбутæ. Кавкази сæрбæлтау!..

Райгурæн бæсти сæрбæлтау!..

Сæребари сæрбæлтау!..

Илья ЭРЕНБУРГ, (1891-1967)
финсæг.