27 июля 2024

Мӕрзойты Сергей радзырд

22.04.2022 | 14:57

ХАХУЫР

Сабитӕ ӕмӕ зӕрӕдты ӕвджид баззад хъӕу. Уӕртӕ иу зӕронд ус ног цагъд къуымбил ӕлвисы. Урс дадали йын йӕ рус амбӕрзы. Саби фелвасы ӕлхуый, ратты йӕ нанамӕ ӕмӕ та йӕ цуры хъултӕй хъазынмӕ фӕвӕййы. Хус, ӕгъуыз, ӕнцъылдтӕ уадул царды фӕдау у уырынгтӕ. Азты гаччытӕ ӕгъатыр сты, не змӕлынц, туг сӕ нӕ хъазы. Царды уӕззау уаргъ ӕруагътай зӕхмӕ, фӕлӕ зӕрдӕйы тыхлӕмӕрст, къухты тӕппӕлтӕ ӕмӕ цӕсгомы ӕмпылдтӕ баззайынц мыггагмӕ. Цӕст нӕ фефсӕды цӕрынӕй: саби хъазы – хурыскаст, чидӕр зары – удӕнцой…

 

Айрӕз, айрӕз – хъуысы зарӕг –

Ды мӕ цӕсты хау, мӕ дарӕг.

Ӕз дын хъарм цъындайаг ‘лвисын,

Ӕз дын авӕрдзынӕн мисын.

 

Хӕрӕг йӕ сӕфтджытӕ ныссагъта. Баурӕдта лӕг йӕ уӕрдон: ам дӕр  акала йӕ марг, ам дӕр сирвӕза цъӕх арт. Хъусы зӕрондмӕ: кӕд уыдзӕн ацы зарӕгӕн кӕрон?

– Уый Хъахырман куы дӕ, раст дӕр! – къухы аууонӕй кӕсы. – Уӕд кӕдӕм тулы дӕ уӕрдон?

– Кӕдӕм? Хъырымбеджы хӕдзармӕ…

– Цӕмӕн ӕй бахъуыди чыргъӕд?

– Хӕдзар – мыды къус, чыргъӕдхъуаг ма уыди. Ӕмбисӕхсӕв мӕм ссыд, лӕгъстӕ, ӕртхъирӕн…

– Дӕ сӕры зонд фӕцыд – сырдтӕм хӕстӕгдӕр цӕрыс махӕй. Хъырым дыккаг мӕй рынчындоны хуыссы, ды та йыл тугтӕ мысыс!

Хӕрӕг хӕрды балвӕста йӕ тӕнтӕ, лӕг йӕ лӕдзӕг не ‘руагъта уӕддӕр.

СÆБАНТИ Степани конд хузæ.

«Мӕ фыдфын фест, зӕронд бирӕгъ, фыдӕмбӕлӕгӕй тарстӕн ӕмӕ йыл ӕнӕнхъӕлӕджы мӕ къах куы скъуырдтон. Йӕ хӕстӕг ма уӕд. Цъиуджын каркау ратахт, мӕ цӕстытӕ мын къахта, саугырм бауа. Йӕ иу къахӕй ингӕны лӕууы, йӕ фӕстаг бонтӕ ‘лвисы, уӕддӕр хъыхъхъаг куыдзау хӕдзары дуармӕ бады. Дӕ хисты кӕд нӕ ныззарон, уӕд-иу мыл арв ӕрфӕлдӕхӕд, гыццийы ӕхсыр мын марг фестӕд… Цом дарддӕр, мӕ цъӕх хӕрӕг, ам махӕн нӕй фысым. Фӕлӕ нӕ балц ӕнӕпайда нӕ, уыдзӕн. Тебийы иууылдӕр дӕсны фӕхонынц. Ӕдылы къоппатӕй йӕ талынг къуым нӕма сафтид уыдаид. Уый нӕ хъуамӕ бамбара… Ӕнӕмӕнг… Хъырымӕн хостӕ не скодта, уый рынчындоны хуыссӕд. Фӕлӕ хъӕуккагыл стырзӕрдӕ кӕнын худинаг у. Ӕмӕ йын сау карчы туг рауадзӕнт, кӕнӕ та йын хохаг дзыгъуыр хъӕдурӕй йӕ хъысмӕт равзарӕд. Уадз зоной адӕм, уӕрыччы фыд ӕмӕ мыдӕй кӕй бахсыст йе стӕджы магъз сӕ буц сӕрдарӕн… Мах дӕр та, мӕ хорз цъӕх хӕрӕг, ногӕй агурдзыстӕм нӕ амонд!»

Хъӕдгӕс йӕхимӕ фау ӕрхӕссын нӕ бауадздзӕн. Адӕмы исбон йӕ бӕрны. Фӕныхилынмӕ та… Хонӕг ӕрвитын ӕй никуыма бахъуыд. Ӕмӕ кӕркуасӕнтӕ фесты. Кӕмӕн йӕ суджы уӕрдон акалы, кӕмӕн йӕ фӕрӕт байсы, кӕмӕй та… Ӕхца дӕр райсы. Кӕд ӕй «уӕлейӕ» бӕрӕггӕнӕг нӕ вӕййы, уӕд фӕткӕвӕрӕг дӕр йӕхӕдӕг ныллӕууы. Хъаст, уӕлдай ныхас – дӕ хӕдзар сарӕзтай: бад ӕнӕ сугӕй, гом кӕртӕй…

Фӕлӕ абон кӕмдӕр афӕстиат. Йӕ бӕстыхайыл зилын куы байдыдта, уӕддӕр ма йӕ хӕлар мыддар Хъахырман фынтӕ уыдта. Уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ бауыгъта. Лӕг фӕстаг фынтӕй атонын нӕ куымдта – йӕ зачъе дӕр ма йын сивӕзта (ӕндӕр уавӕры хъӕдгӕс йӕ къухтӕ йӕхимӕ дарын зыдта!) Уый йӕ фындзӕй ӕхситгӕнӕн сарӕзта вси-хх-вси-хх. Хъахырманы зачъетӕ йын кӕддӕриддӕр худӕджы хос уыдысты – йӕхинымӕр йӕ хӕларыл уӕлӕхох кодта. Нӕ йын ӕмбӕрста йӕ хъӕддаг цард, зондхъуагыл ӕй нымадта. Йемӕ ӕрмӕстдӕр хъуыддаджы фӕдыл дзырдта. Сӕфт ӕмӕ сӕфт… Цы дзы домыс? Нӕ дӕ хъыгдары, ма йӕ хъыгдар. Зиан никӕмӕн хӕссы, колхозӕн та ма йӕ мыдыбындзытӕм дӕр зилы гуыбыны хардзыл.  Никуы райста йӕ мызд  – даринаг ын нӕй, йӕхи зӕрдӕ дӕр ницӕмӕуал ӕхсайы. Хӕрам хӕссы кӕмӕдӕрты, тынгдӕр та сӕрдармӕ – нӕ бары уӕлдай митӕ. Уӕлейӕ ӕруадзгӕ лӕг. Ӕгӕстӕ ӕмӕ мӕрдты ӕхсӕн хъеллау кӕны. Нӕй, ницы! Лӕг нӕу…

– Уӕлӕмӕ фест, хӕрӕг! – ныттылдта та йӕ хъӕдгӕс. – Зӕй рацыд, зӕй, ӕмӕ дӕ ласы! Агуындӕйы фӕндыры цагъдмӕ дӕр дын де стӕгдар нал ссардзыстӕм.

– Фӕдис у, ӕви цы сӕрра дӕ? – Агуындӕйы коймӕ рабадт лӕг. Дӕ абырджыты хъахъхъӕн, мӕн дӕ ныхтӕ цы ныссагътай?

– Фӕдис? Ноджы фыддӕр! Хӕст райдыдта, хӕст…

– Хӕст… – Хъахырман бирӕ фӕбадт ӕнӕдзургӕйӕ. – Хӕст…  Уӕд  кӕимӕ?

– Немыц нӕм ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдонимӕ.

– Хӕст! – ӕртыккаг хатт загъта мыддар. – Дӕ сӕрдасӕн дӕхимӕ нӕй?

– Дӕхи ӕфсадмӕ ма ӕрцӕттӕ кӕнай? – хъӕдгӕсы ныппыррыкк кӕнынмӕ бирӕ нал бахъуыд, фӕлӕ йӕхиуыл фӕхӕцыд.

– Ӕз ӕдзухдӕр хӕсты вӕййын. Ӕхсӕвӕй, бонӕй, сӕрдӕй, зымӕгӕй, – дӕрзӕг хъӕлӕсӕй сдзырдта Хъахырман, стӕй йӕм ахӕм знӕт, ӕнӕуынон цӕстӕй бакаст, ӕмӕ хъӕдгӕсы хуыз фӕцыд…

Фӕссихор Хъахырман булкъдастӕй (сӕрӕй, зачъейӕ – ницӕуыл бацауӕрста!) хъӕусоветы фӕзынд. Нал ӕй базыдтой йӕ хъӕуккӕгтӕ. Хӕрзуынд, урсцъар цӕсгом, цыбырӕлвыд рихиджын лӕппулӕг ӕнӕфснайд, хъӕддагхуыз Хъахырман у, уый сӕ фӕсоны ӕрхӕджы дӕр нӕ уыд. Ноджы ма йӕ бӕзджын сау ӕрфгуыты къӕлӕтты бынӕй дынджыр цӕстытӕ фендджын ӕмӕ зонаг адӕймаджы каст кодтой, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хицауыл банымадтой.

Фӕлӕ йӕ Хъырым уайтагъддӕр базыдта: Уымӕй арӕхдӕр ыл ничи ӕмбӕлдаид? Сӕрдарӕн колхозы ӕнӕсгӕрст къуымтӕ нӕй. Ӕмӕ уый дӕр ницы сдзырдта. Фӕрсӕгау, ӕнӕууӕнкӕй каст лӕгмӕ. Фӕдисы фӕстӕ ма йӕ бӕхыл саргъ чи авӕрдта, ахӕм хъӕбатыр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.

Хъахырман бамбӕрста: сӕ тох нӕма фӕци, нырма ныр сцырын ис, гъеныр, гъе,  чи фӕуӕлахиз уа,  уый уӕлахиз!

Хъырыммӕ ӕндӕр хъуыдытӕ уыд. Йӕ кӕддӕры гуырысхотӕ раджы  атадысты. Иуӕй-иу хатт ма йӕм хардзау дӕр кастысты: лӕг фӕдзӕгъӕл, ӕз та ма йын исты ӕнхъӕлӕй ӕцӕг знаджы аргъ кодтон. Абон та йӕ бынтондӕр дисы бафтыдта: йӕ хӕрв аппӕрста, адӕмы хъӕр йӕ хъустыл ӕрцыд, лӕгӕтӕй рухсмӕ рабырыд. Зын заман тӕппуд дӕр цӕргӕс фесты, цӕсгом ӕмӕ ӕфсарм кӕмӕ ис, уыдон сӕ хъарм хуыссӕнтыл сӕ къух сисынц.

– Алыбон ӕгас цу, Хъахырман!

Адӕм ыл сӕ цӕстытӕ ӕрӕвӕрдтой: дис, цымыдис, хынцфарст, цыргъ ныхас, ӕлхысчъытӕ. Хъахырман сыл ахуыр нӕу, ӕмӕ йӕ сӕр разил-базил кӕны дзурджытӕм: кӕмӕн дзуапп лӕвӕрдта, кӕмӕ худгӕ кодта, сӕ ныхӕстӕй йын чи хъыг фӕци, чи та масты хос…

Тарф рынчын фӕстинонӕй сыгъдӕг уӕлдӕфы куыд фӕсӕрзилӕджын вӕййы, афтӕ уыд. Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕдмӕ уаты ничиуал аззад. Иутӕ райстой сидты гӕххӕтт, иннӕтӕ барвӕндонӕй цӕуынц ӕфсадмӕ ӕмӕ сӕ курдиӕттӕ балӕвӕрдтой… Советы сӕрдар ӕмӕ ма Хъырым ӕнхъӕлмӕ кастысты Хъахырманы ныхасмӕ.

– Ӕз та? – ӕнӕнхъӕлӕджы афарста лӕг, – сӕ цуры зыбыты иунӕгӕй кӕй афӕстиат, уымӕй фӕтарст.

– Ды та, Хъахырман, дӕ цӕнгтӕ бафистӕг кӕн! Ӕгӕр дӕр ма дын у бындзыты дыв-дывмӕ хъусын, – уый хъӕусоветы сӕрдар загъта.

– Ды та, Хъахырман, стурвосы фермӕ дӕр дӕхимӕ райс! – уынаффӕйы хуызӕн алыг кодта Хъырым.

Алы райсом дӕр Хъахырман ӕртӕ хатты уад дугъы. Бындзыты-иу абӕрӕг кодта, стурвосы фермӕмӕ-иу бауад, стӕй советмӕ. Йӕ куыстытӕ йӕ нӕ домдтой. Мыдыбындзытӕн сӕ куыст амонын нӕ хъӕуы. Рӕстӕг хорз, сӕхӕдӕг амалджын сты. Стуртӕ дӕр афтӕ – йӕ сӕр сыл не срыстаид. Ӕрдыгътой сӕ, хизынмӕ сӕ аскъӕрдтой…

Хъӕусоветы лыстӕг каст алкӕмӕ дӕр ӕмӕ алцӕмӕ дӕр. Ревизор цыма уыд, уыйау-иу йӕхинымӕры анымадта: фондз трактористы, дыууӕ шофыры, фӕсивӕд иууылдӕр… Цал лӕджы араст ӕфсадмӕ, чи сты, цы сты. Куыдфӕстӕмӕ йӕ номхыгъды (йӕ сӕры йӕ дардта!) баззадысты сйлгоймӕгтӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ. Ӕмӕ ма… хицӕуттӕ цалдӕрӕй. Гъе уый уыд йӕ ревизийы сӕр, уымӕ уыд йӕ хъавд: кӕд ралӕудзӕн уыдон рад та? Сӕ рад кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл гуырысхо нӕ кодта: хӕст нырма йӕ тӕмӕны, куыд уыдзӕн, цы уыдзӕн, уый бӕрӕг нӕу. А дыууӕ боны хицӕутты хал дӕр схаудзӕн.

– Тынг тыхст уыд Хъахырман, Хъырым сӕ хӕдзарӕй куы рараст, уӕд. Йӕхи дӕр нӕ ныддаста уыцы бон. Хистӕртӕ йӕм сыкъа авӕрдтой ӕмӕ скуывта:

– Уастырджи дӕ галиу фӕрсты цӕуӕд. Хетӕджы Дзуар, рӕствӕндаг ӕй фӕкӕн. Цыргъобау, Тӕтӕртупп, уӕ рӕзты цӕуы нӕ бӕлццон ӕмӕ хӕрзӕмбӕлӕг ут. Куывдтӕ уын куыд фӕкӕнӕм уӕлахизы фӕстӕ, Хуыцау уыцы амонд саккаг кӕн. Кӕддӕриддӕр бӕхджын, лӕгджын куыд уӕм. Тымыгъ ныл куыд нӕ сыста. Куы сыста, уӕд та саухъӕдыл. Саухъӕд куы афӕлдӕха, уӕд та хус сугтыл физонджытӕ куыд кӕнӕм. Тбауы Уациллайы быдыртӕ хорджын куыд уой!.. Бындар фидар куыд уа… – бакаст Агуындӕмӕ.

Хъырым йе ‘мбӕлттимӕ комы фӕзилӕны куы фӕаууон, уӕд йӕхинымӕр  загъта:

– Ныр комы дуар ӕхгӕд у.  Йӕ дӕгъӕлтӕ та – мӕ дзыппы. Хъӕуы хицау ӕз  мӕхӕдӕг дӕн, иу лӕгӕй… Хӕстмӕ иу хорздзинад ис: адӕмы иу барӕнӕй бары. Ивылд дон нӕ февзары хорз ӕмӕ ӕвзӕры. Хистӕрӕй ӕмӕ кӕстӕрӕй, хицауӕй, хуымӕтӕг гутондарӕй, нывджын, ӕнамондӕй –  се ‘ппӕтдӕр райсынц иу гӕххӕтт, иу уӕрдоны фӕраст вӕййынц, иу хал ахӕрынц: кӕнӕ сӕрсӕфӕн, кӕнӕ цӕнкуыл, кӕнӕ та уацар. Сӕ иуыл хъисын, иннӕйыл… Хъӕу дӕр ма цы уӕлдай у? Кӕрдзыны мурӕн алы хӕдзары дӕр табу кӕнынц. Дзӕрна, цӕкуытӕ, цӕхӕрайы фых, цӕхх, сапон ӕмӕ фӕтӕгенмӕ къуыригӕйтты рады лӕууынц… Иуӕн цы уа, иннӕмӕн дӕр уый!

Хъахырман йӕхимӕ райсдзӕн хъуыддаг: хъуамӕ ӕмхуызон уой адӕм. Нырмӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй хъӕрзыд, ныр та иууылдӕр тъизынц. Ӕмӕ уадз ӕмӕ иу уа сӕ хъысмӕт. Маст маст у ӕмӕ йӕ адӕмыл се ‘ппӕтыл дӕр байуарын хъӕуы. Зӕрдӕхудт… йӕхицӕй йӕ нӕ зоны? Цал азы фӕхаста уӕззау къӕлӕт! Ӕмӕ мӕнгарддзинад нӕ бары. Хъӕубӕстӕ йӕ ахӕм сӕрӕнӕй нӕ зыдтой. – Лӕгты раивта  йӕхӕдӕг, саргъӕй нал хизы дӕлӕмӕ.

– Лӕг райгас, ногӕй райгуырд…

– Адӕмы мӕты бацыд…

– Йӕ саутӕ систа…

– Стыр бӕллӕхы бон ницӕйаг дӕр йӕхи равдисы!

Хъуыста сӕм Хъахырман ӕмӕ йӕ рихи даудта. Йӕхи зӕрдӕмӕ дӕр цӕуын байдыдта: бирӕ фӕкӕстӕрхуыз, йӕ цармы нал цӕуы, лӕппуйау цӕрдӕг ӕмӕ ӕвзыгъд. Хъӕуы ма адӕймаг йӕ цӕст кӕуыл ӕрӕвӕра, уый Хъахырман. Зелим советӕй уӕлдай колхозы бӕрны дӕр бацыд ӕмӕ уый ӕнӕвдӕлон у. Хъахырман та… Алкӕйы дӕр йӕ цардӕй афӕрсы, алкӕмӕн дӕр алӕггад кӕны. Ӕрмӕст мыдыбындзытыл кӕй фӕрыст, уый дӕр бирӕйы аргъ у. Фӕкуыдта, рӕстӕджы бӕллӕхтӕ фӕнымадта:

– Сӕкӕры къӕртт нӕй, сӕхи мыд бахордтой ӕмӕ бацарӕфтыд сты… Тӕригъӕдӕй мардтой!

Бонвӕрнонмӕ нал банхъӕлмӕ каст Хъахырман. Доны был бӕрз сугтыл зынг бафтыдта. Аг фыцы – фыхдон хӕссынӕй бафӕллад. Чыргъӕдтӕ сдыв-дыв кӕнынц, тӕф фӕстӕмӕ слӕбуры, фӕлӕ бындзытӕ азгъӕлынц рӕгъӕд гагатау. Мӕлӕт ӕгъатыр у, сӕ базыртӕ ма батилынц, фӕлӕ кӕм… Нымӕц сын нӕй! Фӕци сӕ куыст. Фӕллойӕ бафсис дӕр нӕ зыдтой, ныр хъилтӕй баззадысты. Хӕсты дӕр адӕм афтӕ сӕфынц, ӕцӕгӕлон быдырты халӕттӕн ӕхсынинаг сты ӕнӕныгӕд мӕрдтӕ… О, мӕнӕ се ‘лдар! Карз уыд, ӕмӕ йӕм хъуыстой. Ӕгуыстӕй бадыс – амардтӕ сыдӕй, кӕнӕ та райсом къӕхты бын дӕ мард, – Хъахырман ма йӕ лӕдзӕгӕй дӕр фӕрӕхуыста. – Уый та Хъырым. Ӕрфӕлдӕхт уый дӕр. Ӕгъгъӕд ын уӕд!

«Фервӕзтӕн ӕнӕхайыры бындзытӕй. Мӕ къухтӕ ӕмӕ мын мӕ къӕхтӕ сбастой. Ныр уӕгъдибар дӕн… Фӕхастой мӕ ацауал азы, мӕхи ма-иу уыдонимӕ аирхӕфстон. Фӕлӕ ӕндӕр у рӕстӕг. Мыггагмӕ уыдонимӕ  архай. Ныр мӕхион райсдзынӕн. Ӕз дӕн! Ӕз дӕн уӕ хицау, хъӕубӕстӕ, ӕгъдау ӕмӕ фӕтк дӕр – мӕ ныхас. Хъусут? Нӕ фехъуыстон – ма зӕгъут! Хъахырман абон йӕ бартӕ йӕхимӕ райста! Фӕндыр! Кӕм сты кӕстӕртӕ? Фӕндырдзӕгъдӕг ӕрхонут!»

Дымгӕ ӕнкъард зарӕг ӕрбахӕссы. Доны ӕддейӕ рувджытӕ зынынц. Бонивайӕн, изӕрдалынг – ӕндӕр рӕстӕг нал зонынц.

«Сӕ усгуртӕй сӕ фӕиртӕстой ӕмӕ стурты уаст кӕнынц! «Германы хӕсты – мӕ сауцӕст уарзон, йӕ туг ныккалдта…» Ау, сӕ уарзондзинад   иууылдӕр хӕстмӕ арвыстой сӕ къуымбил цъындатӕ ӕмӕ ницӕйаг  къухмӕрзӕнтимӕ? Мӕнӕн дзы ницы фӕуагътой? Тӕхуды, ӕмӕ фӕндыры цагъд фехъус! Кӕд ма истӕмӕй ӕнамонд дӕн, уӕд уымӕй. Бындзытӕм мӕ куы ахастой, уӕд ууыл нӕ уыдтӕн. Кӕмӕндӕр цины хос уыди, ӕмӕ дзы ме сӕфт федтон. Ныр сӕрибар дӕн, ӕмӕ та нӕй! Сау гӕххӕттытӕ куы иумӕ бадӕттынц, куы иннӕмӕ. Ӕмӕ рагон ӕгъдауыл хӕст адӕм бамыр сты: искӕй ӕфсӕрмӕй чызг фӕндыр нӕ райсдзӕн. Зарынц ӕмӕ уый дӕр… хъарӕг. Мӕн та уыдӕттӕ не ‘ндавынц. Мӕн цӕрын фӕнды! Кӕдӕй-уӕдӕй лӕг дӕн. Хӕст мӕ амондӕн расидтысты, ӕмӕ мӕ нӕ фӕнды фӕндыр уымӕл къуымы ӕмбийа, уый!»

Фӕтарст Хъахырман, алырдӕм кӕсы. Хъӕдгӕс ма фӕзынӕд, тӕвд дон цалынмӕ байсыса, уӕдмӕ. Стӕй йе ‘взаг нӕ бӕззы хуырым къодахӕн. Истӕййаг куы уаид, уӕд афонмӕ фронты стӕлфыдаид. Ныр смудаг куыдзау разил-базил кӕны…

ДЗИУАТИ Батрази конд хузæ.

«Ронбӕгъд ма разын, мӕнӕй уый, адӕмы хорз куы зоныс. Ӕууӕнк сыл нӕй. Мыд нӕ, марг дын ауадздзысты дӕ хъуыры… Ӕмӕ уӕдӕ мӕхӕдӕг мӕхи хурхыл бахӕцон? Фӕллад дӕн… Мадзурайӕ фӕцӕр… Хъӕр кӕнын мӕм цӕуы! Фӕдис: ӕз дӕн!.. ӕз дӕн!.. Сыдӕй мӕлынц, цӕкуыйыл ахуыр не сты. Сӕ амонд былӕй атылд. Ӕз та? Мӕ уӕнгты тых нырма ныр бацыд. Цы нӕ мын бантыст, уый хъуамӕ бафта мӕ къухы. Хъӕу байдзаг цӕнкуылтӕй, ӕнӕ къах ӕмӕ ӕнӕ къухтӕй, суанг ма ӕнӕ  хъус ӕмӕ ӕнӕ фындзтӕй дӕр. Ӕз иунӕг хатт ацыдтӕн стӕры ӕмӕ ӕнӕ къабазӕй цӕрын. Иунӕг уыдтӕн. Ныр мын фӕзынд ӕмбӕлттӕ алы хӕдзары дӕр… Хӕстмӕ иу хорздзинад ис – ӕмхуызон сты адӕм… Нӕры хӕстӕгӕй, ардӕм ӕй хъӕуы… Дӕттӕ ӕмӕ хӕхтӕ, хус быдыртӕ ӕмӕ къогъоджын цъымаратӕ сӕ нӕ баурӕдтой. Уӕд ма сӕ ӕз цӕнкуылтимӕ аздахдзынӕн? Нӕры хӕстӕгӕй… Ӕрра богъау, йӕ сыкъатыл кӕй нӕ сисдзӕн?»

Ӕмбарын байдыдта йӕ буары ризын, йӕ сурхид тагъд-тагъд асӕрфта, фӕлӕ куыддӕр бампылд.

«Мӕнӕн мӕ фыдбылызтӕ фӕхаста. Зул цӕст нал уынын, дӕрзӕг ныхас нал хъусын. Гуырысхотӕ… Гуырысхотыл куы уыдаиккой, уӕд нын немыц нӕ къӕсӕртӕ нӕ сӕттиккой. Ӕгӕр ӕууӕнкджын систы адӕм. Фӕлӕ уыцы нӕрын… Тӕрсын… Уыдон афтӕ ронбӕгъд нӕ разындзысты. Уый тыххӕй нӕ фӕлӕгӕрстой ардӕм. Ауындзӕнтимӕ бырынц кӕлмытау. Ӕз дӕр сын – ахуыйӕн. Ӕндӕр ницы. Хъӕуы хицау… Пъӕлицӕ… Бӕллиццаг нӕу! Ныртӕккӕ мӕм ехсӕй уӕддӕр ничи ӕвзиды, уыдон та мӕ топпысыдзӕй схойдзысты. Нӕрӕд уал, нӕрӕд… Мӕн цӕрын фӕнды, мӕ рыстытӕ ссӕуой. Бындзытӕн хорз фӕдӕн, Хъырымы та уыдон бар уадз! Ау, иу нӕмыг нӕ разындзӕн Хъырымӕн? Уӕд хӕст нӕу, хъултӕй хъазт… Арв дӕлӕмӕ ӕрхауӕд! Сылгоймаджы хъӕстӕ нӕма дӕн. Кӕй бауырндзӕн? Мӕ фыдбылыз – Агуындӕйы рӕсугъд… Ӕз уымӕн баззадтӕн «идӕдзӕй». Уый цот ныккодта, ӕз – хӕтӕнхуаг… Уый цардӕй бафсӕст, ӕз та нырма ныр федтон боны рухс. Мӕ цӕстытӕ, мӕ цӕстытӕ… Кӕд саугуырм нӕ уыдысты».

Кӕсы каурӕбынӕй Хъахырман. Афтид кӕрт. Агуындӕ иунӕгӕй бады. Суагъта йе ‘гънӕджытӕ. Риу сласта, урс хӕмпус риу. Сывӕллон ӕй цъиры ӕмӕ цъиры. Кӕд ын йӕ туг нуазы, уӕддӕр ын, адӕймаг кӕй у, уый ӕмбарын кӕны, ӕмӕ худы. Хурау рухс у, фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой йӕ цӕстӕнгас. Маст нӕй цӕстыты. Риутӕ, урс риутӕ…»

Аздӕхт лӕг, уадзыгау фӕци.

«Уый йӕ цард дӕтты ӕндӕрӕн, уый рӕдау ӕмӕ хъӕздыг у. Иу фырт, иннӕ, ӕртыккагӕн хӕсты нӕрынмӕ йӕ ӕхсыр – царды хосау  ныр дары. Ӕз ӕнӕ бындар, хӕтӕнхуаг. Никуы федтон ӕмӕ… Циу сывӕллон? Циу цы амонд? Ницы федтон, ницы зонын… Ӕмӕ уӕд мӕныл цӕуылнӕ акодта ахӕм бон? Ӕз, ӕз ӕрмӕст сӕргой фӕдӕн йӕ уындӕй».

– Доны къусау у нӕ цард, Агуындӕ… Сау гӕххӕтмӕ кӕс ӕнхъӕлмӕ… Нӕй Хъырымӕй дӕр хабар, ӕмӕ, чи зоны, нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд йӕхи удӕгӕстӕй ныгӕнӕм? Ӕдылы ми… Бауырнӕд дӕ, ӕз дӕ цӕрайӕ цӕрын. Никуы дыл сивтон мӕ зӕрдӕ.

– Расыг дӕ, ӕнхъӕлдӕн, ацу, суадз дӕ фӕллад.

– Никуы схастон нозт мӕ дзыхмӕ.

– Уый  та ноджыдӕр фыддӕр. Уӕд дӕ  сӕры зонд фӕдзӕгъӕл.

– Байхъус, курын дӕ, Агуындӕ! Де скъӕфӕг… Уый ӕз уыдтӕн. Скъахтой дӕ мӕ къухтӕй, мӕ зӕрдӕ мын мӕ риуӕй стыдтой, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ руайын ӕдзардӕй…

– Ӕнаккаг дӕ… Дӕ хӕрв ныр аппӕрстай уӕдӕ? Лӕгау лӕгтӕ сӕ туджы мӕцынц, ды та къӕбылайау мӕ къӕхты бын атылдтӕ ӕмӕ дӕ сырды цӕсгом суагътай! Фесӕф, фесӕф, залиаг калм…

– Байхъус иучысыл, Агуындӕ! Ма мӕ фесхой сӕрсӕфӕнмӕ. Ӕз ӕргом дзырд дӕн… Дӕу тыххӕй… Фос ӕз аскъӕрдтон кӕддӕр! Маст мӕ райсын хъуыд кӕмӕйдӕр.

– Тугӕй ӕхсад у дӕ цӕсгом!

– О, мӕ туг фӕкалдтон. Мӕ амондмӕ кӕсын ӕнхъӕлмӕ. Фондз… дӕс азы. Хӕст хӕст у. Хъырым кӕм и? Бахуд мӕм ӕрмӕстдӕр мидбыл, ӕмӕ уӕд дӕ къухӕй дзӕнӕтмӕ фӕраст дӕн.

– Айс дӕхи. Фаджысы фӕбадтӕ! Ныр адӕмы ӕккой сбадтӕ, ӕмӕ чъизи тӕф кӕныс.

– Ныббар мын…  Зӕхх… Хуыцау… Ӕвдисӕн мӕ нӕ хъӕуы.

– Фесӕф тагъд! Мӕ хӕдзар уаллӕттыл ахуыр нӕу. Чъизивӕд, мӕнгард, дыдзӕсгом се  сӕфт уыдтой махӕй.

Хъахырман ӕй йӕ хъӕбысы ныккодта. Агуры йын йӕ былтӕ, риумӕ ӕвналы. Сывӕллоны цъӕхахст сирвӕзт: усы къухты уыд ӕмӕ ныр Хъахырманмӕ аззад.

«Цӕмӕн мӕм авӕрдта йӕ хъыбылы? Ӕууӕнкӕн, ӕвдисӕнӕн? Мӕнӕ диссаг!»

Агуындӕ йыл дуарӕхгӕнӕн ӕруагъта. Афӕлдӕхти, бауадзыг. Сывӕллон ыл мардыл кӕуӕгау кӕуы. Дзагъырцӕстӕй ма скаст.

– Кӕм дӕн?.. Агуындӕ!

Ус ӕй ӕлгъгӕнгӕйӕ уынгмӕ раласта. Бонивайӕнты ӕрчъицыдта, йӕ фазыл хъӕрзгӕ ӕмӕ кӕйдӕр ӕлгъитгӕ абырыд. Йӕ хӕдзар ссардта, фӕлӕ уӕнгты тых басаст. Кӕрты рыг кӕрдӕгыл бахауд. Арвмӕ ныдздзагъыр, афтӕмӕй бирӕ фӕхуыссыд. Сыхӕгты куыдз йӕ алывӕрсты сцоппай. Иу афоны йӕм лӕг разылд, фемдзаст сты ӕмӕ хъусой лидзынмӕ фӕци. Уыйбӕрц марг ӕрӕмбырд уыдаид иу уды, уый та кӕй бауырныдтаид.

 

Уодзӕнӕй ма.