25 апреля 2024

ХАХУЫР

29.04.2022 | 15:38

Идарддæр.
Райдайæн 12-, 13-аг номерти.

Агуындӕ постласӕджы уӕрдоны хордзентӕ ӕмӕ ӕмпъызт голджытӕ бакалдта, стӕй гуыффӕмӕ схызт ӕмӕ хосыл ӕрбадт. Йӕ сывӕллоны кӕлмӕрзӕны атыхта, цӕмӕй йӕ хур ма судза. Зӕронд лӕгмӕ фӕрсӕгау бакаст, ӕмӕ уӕд фӕраст сты… Хъахырман кулдуары аууонӕй былысчъилӕй бахудт: йӕ маст исинаг у, хуыздӕр фадат ма йын кӕд уыдзӕн? Хъуызгӕцыдӕй алӕгӕрста рыджы. Сӕниатмӕ сарӕзта йе ‘ргом.

«Сӕхимӕ разынӕд, стӕй йӕ мӕ бар уадзут. Ау, сылгоймагимӕ ныхас кӕнынмӕ нӕ сарӕхсдзынӕн? Уӕд мард дӕн».

Ус йӕ размӕ рауад хыссӕдзаг къухтимӕ.

– Мидӕмӕ рахиз, Хъахырман. Цы хур, цы къӕвда?.. Хорз хабар хӕссӕг фӕу! Рагӕй нал уыдтӕ нӕ сыхы.

– Нӕ фӕрӕзтон, – схуыфыд, – низ иунӕгмӕ ӕмхиц у.

– Кӕд та, зӕгъын, дӕ бындзытӕм фӕлыгъдтӕ?

Бындзытӕ нал, бындз амарди, Сӕниат. Сӕ маст сӕ пайдайӕ фылдӕр уыд. Гуыппы тыххӕй сӕ дардта дӕ сиахс. «Мыдыкъусау – нӕ цард», – афтӕ-иу дзырдта. Ӕмӕ чыргъӕдтӕ балхӕдта Мӕздӕджы. Уӕдӕ! Къус хъуамӕ афтид ма уа.

– Дӕ ныхас мӕм дӕрзӕггомау кӕсы. Низ дӕ бадомдта, ӕнхъӕлдӕн. Ӕруадз дӕхи. Лӕг азымджын куы уа, уӕддӕр ӕм хъама макуы слас. Хъырым тӕссаг балцы фӕцыд. Йӕхи нӕ бамбӕхста тыхст заман, йӕ риу фыдгулы нӕмгуытӕм дары.

– Хатыр, Сӕниат, нӕ мӕ бамбӕрстай. Хъырым мӕнӕн мӕ сыхаг куы у, ме ‘рдхорд. Иумӕ рӕзыдыстӕм. Сылыйы къус, кӕрдзыны мур дӕр уӕрст никуы уыди не ‘хсӕн. Йӕ дзӕбӕхдзинад мӕн дӕуӕй къаддӕр нӕ фӕнды.

– Дӕ цӕрӕнбон бирӕ.

– Фӕлӕ хӕсты цы нӕ ‘рцӕуы!..

– Исты фехъуыстай? Хабар дзы нӕй, ӕмӕ… – фӕтарст Сӕниат, йӕ къухтӕ риумӕ систа.

– Хабар дзы нӕй. Ӕз дӕр ӕндӕр ницы зонын. Кӕйдӕртау мӕ хъустӕ хъилӕй нӕ дарын, мӕ цӕстытӕ, кӕм не ‘мбалы, уым нӕ тъыссын.

– Ӕргомдзырд дӕ фӕхонынц. Дӕлгоммӕ ныхас ма кӕн, – усы зӕрдӕ цӕмӕдӕр фехсайдта, лӕгӕй нал исы йӕ цӕстӕнгас, фӕлӕ йӕм уый комкоммӕ нӕ кӕсы.

– Мӕ цыды сӕр дын, Сӕниат, зӕгъдзынӕн, – аивӕй акаст уынгмӕ Хъахырман. – Дӕуӕн, ӕрмӕст дӕуӕн… Агуындӕйыл нӕ сӕмбӕлдтӕн, сӕхимӕ нӕй.

– Быдырмӕ нӕ мадырвадӕлтӕм ацыд. Кӕд иучысыл нартхор йӕ къухы бафтид. Зымӕг – нӕ уӕлхъус. Зӕйнад фӕндагыл ма йын хорхӕссӕг кӕм уыдзӕн? Къӕбӕрхъуаг сабиты тӕригъӕд та хӕрам у. Фӕлӕ дӕ ныхас… Удхарӕй мӕ ма мар!

– Рӕствӕндаг уӕд Агуындӕ, – ныуулӕфыд Хъахырман, ӕмӕ ныллӕг хъӕлӕсӕй загъта: – Хъырымы кой фӕкӕнынц къуымты. Дзӕгъӕлдзыхтӕн закъон фыст нӕй. Суагътой се ‘взӕгтӕ ӕмӕ уасынц. Уӕлӕсыхы миты къуыбар фехс ӕмӕ йӕ хъӕуы бын хӕдзарыйасӕй ссардзынӕ.

Цы дзурынц уагӕр, дзӕбӕхӕй йӕ куы мысынц.

– Бӕлвырдӕй ницы зонын, фӕлӕ, дам… – Хъахырман дуар ассыдта, усмӕ йӕхи хӕстӕгдӕр байста, фӕлӕ, дам, cay хъӕды ӕмбӕхсы. Хӕсты быдырӕй ралыгъд.

Ус уадулы дзӕхстӕй цыма фӕцӕйхауд, уыйау фӕстӕмӕ акъахдзӕф кодта. Хыссӕйӕдзаг къухтӕ цӕсгомыл ӕрхаста, тас ӕмӕ ӕнӕууӕнк кӕрӕдзийы ивтой цӕстӕмгасы, суадон ӕмӕ змӕст доны уылӕнтау.

– Хахуыр ныхас… Уый тугтӕ мысы чидӕр! – йе ‘нгуылдзтӕ ӕрбатымбыл сты Сӕниатӕн, – хъусыс, зӕгъ сын, зӕгъ сын!.. – йӕ хъуыры цыдӕр фӕбадт, хурхыуадындзтӕ адымстысты. Стӕй йӕ сӕр бӕрзонд систа ӕмӕ сӕрыстырӕй загъта:

– Хъырым ӕгады бӕсты йӕхиуыл топп ныццӕвдзӕн! Йӕ цард зын сахат ӕрдумӕ дӕр нӕ фӕдары, лӕгдзинад кӕм бахъӕуа, уым ӕй агурӕнт дывзагонтӕ!

– Мӕнӕн ӕй амоныс, Сӕниат, йӕ къухы ахаст ын мӕхиуыл бавзӕрстон…

– Цы дам, цы? Нӕ дӕ ‘мбарын.

– Лӕппуйӕ-иу хъӕбысхӕсты уӕлахиз ӕдзухдӕр уый кодта. Цӕй, хорз! Сонты бонтӕ мысынӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд. Уыдонӕй лӕг йӕ цард нӕ сараздзӕн. Фӕлтау, Сӕниат, абон ӕмӕ сомыл бафтауӕм нӕ сагъӕстӕ. Цы нӕ вӕййы!.. Бӕллӕх нӕ ронбӕгъдӕй куы ӕрӕййафа.

– Ӕз дам-думтыл нӕ зилын, нӕ мӕ ӕндавынц ӕппындӕр.

– Сӕ уидӕгтӕ куы ныххуыскъ уаиккой, уастӕн. Хъусма, – ныллӕг хъӕлӕсӕй дзуры Хъахырман. – Ахсӕв джигул кӕндзысты хъӕуы.

Усы зӕхмӕ ӕрхауыммӕ бирӕ нал бахъуыд, йӕ цӕсгом ахъулӕттӕ, фырадӕргӕй тыргътӕм фӕзылд: «Джигул? Кӕмӕ? Агуындӕйы хӕдзары? Кӕд хахуыр кӕнынц, уӕддӕр дын дӕ рӕбынтӕ исчи къахӕд. Дӕ фыдкой айхъуысӕд. Цы ма уа уымӕй ӕнамонддӕр хабар».

– Хъахырман, ӕз мӕ ныфс хӕссын… Хъырымы тыххӕй…

Хъахырман ӕм комкоммӕ каст, усы хъуыдытӕ хорз ӕмбӕрста. Фӕстаг цӕф ын хъуамӕ йӕ гуырысхотӕ фесафа ӕмӕ йӕ йемӕ сбӕтта – йӕ хойы ныхмӕ бар-ӕнӕбары рацӕудзӕн Сӕниат!

– Лӕг дывыдон арты куы судза, уӕд ӕм цы зонд ӕрцӕудзӕн, уый чи зоны? Немыцӕн сӕ сармадзанты гыбар-гыбур Ӕрджынарӕгӕй Арвыкоммӕ хъуысы. Тӕргӕбӕхӕй нӕ хӕхтӕм схӕццӕ сты.

– Йӕ уӕлкъӕсӕр дӕр райсдзӕн уый мӕлӕт!

– Нӕ мӕм хъусыс, Сӕниат, дзӕгъӕлы нӕ рӕстӕг сафӕм.

– Цы дӕ фӕнды? Агуындӕйӕн зӕгъон? Ӕмӕ йӕ уый ссардзӕн? Кӕд ам ис, уӕд… Фӕлӕ мӕ уый нӕ уырны, Хъахырман, – йӕ кӕуын нал баурӕдта ус.

– Уӕдӕ афтӕ. Хъырым ӕдылы къоппа нӕу. Йӕ бинонты нӕ сафы. Хӕстӕг сӕм не ‘рцӕудзӕни, – дзырдта Хъахырман, ӕмӕ йӕ Сӕниат дӕр фембӕрста: «Ау, уӕдӕ ӕцӕг сты йӕ ныхӕстӕ?» – Дзаума ахсӕв бамбӕхс. Куы никӕй ссарой, уӕд сӕ маст тӕлӕт кӕнынӕй исдзысты. Мах та ма цӕрын хъӕуы. Алчи рагӕй ӕмбӕхсы йӕ исбон. Уӕрмытӕ къахынц, сӕ хор ӕфснайынц. Зынаргъ дзаума ӕцӕгӕлоны цӕстӕй цас дарддӕр уа, уыйас хуыздӕр.

Сӕниат нындзыг, йӕ къухтӕ ӕууӕрды, зӕххӕй нал исы йӕ цӕстытӕ. Хъахырман та хионау зондамоныныл нал ауӕрды:

– Сарӕхс. Бонӕй сыбыртт дӕр нӕ. Ахсӕв – уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг. Хӕстӕджытӕм уал фӕхӕссут уӕ дзаума. Ӕнӕмаст ут! – лӕг уынгмӕ тагъд-тагъд ахызт, йӕ цӕф къах дӕр ма дуарыл скъуырдта.

«Цы нӕ бавзӕрстой нӕ мӕгуыр сӕртӕ! Хӕст ӕмӕ хӕст, ӕххормаг азтӕ. Стӕй цард иучысыл йӕ къахыл слӕууыд. Агуындӕ ссардта йӕ амонд. Ӕмӕ та… хӕст! Мингӕйттӕй ныхъуыры адӕмы. Охх, тӕхуды, кӕд уыдзӕн кӕрон нӕ хъизӕмӕрттӕн?» – Хъахырманы фӕстӕ уымӕлцӕстӕй бирӕ фӕкаст Сӕниат. Мӕрдджынау йӕ рустӕ ныттонид, йӕ уӕрджытӕ сцъӕхтӕ кӕнид, йӕ хъарджытӕм хъӕу дзыназид, фӕлӕ йӕ ӕрра куы схоной…

Хъахырман саргъыбӕхыл абадт ӕмӕ комы дымӕгмӕ фӕраст. Бӕх хуссӕртты йӕ фаг фӕхызти, къорийау ӕмдымбыл сси. Йӕ тӕнтӕ ӕлвӕст, згъӕллаггӕмттӕ дӕндагӕй схъауы, ногсагъд цӕфхӕдтӕй цӕхӕртӕ скалы. Йӕ барӕджы рогӕн скъӕфы, йӕ даргъ барц халоны базырау стӕхы. Цӕмӕй зоны, цы ис йӕ хицауы сӕры, цавӕр уаргъ ыл сӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ кӕдӕм хӕссинаг у, уымӕн. Тӕхы. Фӕндӕгтыл згъорын, дымгӕимӕ хъазын бирӕ уарзы. Барӕг та… Нӕ, уый ницы уарзы, никӕй уарзы… Цӕмӕн ын хойы уӕдӕ йӕ фӕрстӕ? Бӕх йӕхӕдӕг нал зоны развӕд ӕвзарын? Схойын ӕй никуы хъуыд…

Хъахырман чысыл афӕстиат милицӕйы дуармӕ – ӕвдисӕн ӕй нӕ хъӕуы, хион ын йӕ къамтӕ сӕмтъеры кӕндзӕн. Бӕхбӕттӕны алыварс ӕрзылд, йӕхи ӕрцагъта, дугъонӕн цыма сайӕн агуры, уыйау кӕрты къуымтӕм бакаст. Ӕвӕццӕгӕн, ӕрӕгмӕ куы зынд (рудзынгӕй йӕ чидӕр кӕй федта, уый бафиппайдта), уӕд йӕ размӕ рацыдысты.

– Хонӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? – бафарста йӕ бӕзӕрхыг лӕппулӕг.

Асинтыл быцӕутау ӕрсагъта йе ставд къӕхтӕ, йӕ синты сӕртыл ӕрхӕцыд. Уымӕн ӕмӕ йын лӕууын зынгомау уыд – сырхбӕрзӕй, хӕстулӕфтӕй гуыбын адымсы, къахӕй къухмӕ базмӕлы, йӕ хъуыр куы асыгъдӕг кӕны, уӕд. Лыстӕг цъӕх цӕстытӕн ма сӕ кӕрӕттӕ зынынц, нарст цӕсгомӕн аив хуыз раттын сӕ бон нӕу. Цыбыр схъӕлфындз ӕмӕ ӕгъуыз ӕрфгуытӕ нымады не сты. Бӕхы, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уд баззад – рӕсугъд фын фенӕгау йӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕдта, стӕй аздӕхт, йӕ къух ауыгъта: ома, мӕ фӕдыл рацу.

Хъахырман ӕй баййӕфта стъолы уӕлхъус бадгӕ. Цыма йӕ хуылфмӕ каст ӕмӕ а дунейыл ӕндӕр ницы уыдта, ӕндӕр ӕй ницӕй мӕт уыд, афтӕ дардта йӕхи. Йӕ бӕрзӕйы хид ныссӕрфта, ӕмӕ йӕ уӕд уазӕгмӕ равдӕлд.

– Дзур. Ӕз дӕумӕ хъусын!

Лӕг рудзынгмӕ азылд – йӕ зӕрдӕ бӕхмӕ ӕхсайдта. Цыма Хъахырман бӕхуӕйгӕнӕг у, уый та – бӕхӕлхӕнӕг.

Хъахырман ӕртыккаг «хуындмӕ» нал банхъӕлмӕ каст – лӕг йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд.

– Ӕз хохӕй, уӕлӕ Бӕрзыхъӕуӕй ӕрцыдтӕн.

Ницы сдзырдта хицау, ӕмӕ Хъахырман ӕнӕнхъӕлӕджы ӕдылы ныхӕстыл схӕцыд.

– Уӕлӕуӕз цӕрӕм, арв нӕм бынтон хӕстӕг у, донӕн йӕ сӕртӕ мах сисӕм.

Хицау схуыфыд. Хъахырманы хъустӕ фӕсырх сты.

– Нӕ кӕддӕры сӕрдар… Фехъуыстаис ын йӕ кой. Хъырым…

Хицау йӕ сӕр батылдта. Зын дзурӕн уыд Хъахырманӕн ӕмӕ йӕ ныхас фӕцыбыр кодта:

– Хӕстӕй ралыгъд!

Афтӕ рог ӕмӕ сӕрӕн у, уый ӕнхъӕл ын нӕ уыд Хъахырман.

– Чи ралыгъд? Кӕд ралыгъд? Куыд ралыгъд? – ныккалдта йыл хицау.

Бырауцӕстытӕ фезмӕлын нӕ уагътой Хъахырманы. Ставд лӕджы нуӕрттӕ ӕрбалвӕстӕуыд, ӕмӕ йӕхи ныццӕвынӕввонг акодта.

«Лӕджы сулӕфын дӕр нӕ бауадздзӕн, цӕстыфӕныкъуылдмӕ йын йӕ хӕйрӕджы ном гӕххӕттыл афысдзӕн», – Хъахырман иуӕй ӕдас нӕ уыд, иннӕмӕй та йӕ бауырныдта, йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый.

– Чи загъта?

– Ӕз ӕй мӕхи цӕстытӕй федтон. Ӕхсӕвы фӕзыны… йӕ рӕсугъд усмӕ. Бонивайӕнты та хъӕдмӕ асхойы.

Хицау йӕ бӕзджын былтӕ ӕхсынын байдыдта, фӕлӕ ӕнӕууӕнк кӕй кӕны, уый бӕрӕг уыд – нӕ сӕ асдӕрдта. Хъахырман уымӕй тарст, ӕмӕ ӕнӕбарыгомау загъта: – Кӕд дӕ нӕ уырны, уӕд ахсӕв рацӕут.

Хицау ӕрдӕбоны хуызӕн гӕппӕввонг аци.

– Кӕмӕй дӕ? Цы кусыс? Хорз… – кӕронмӕ йӕм нал байхъуыста. – Цу! Ахсӕв мачердӕм фӕу. Агурын дӕ ма бахъӕуӕд!

Хъахырман рараст: куы ма дзы фервӕзид.

– Гъей, йӕд та… Бӕх кӕй бӕх у?

– Колхозӕн ӕй Мӕскуыйы равдысты балӕвар кодтой.

Лӕг туаг ӕхсынцъы аныхъуырдта.

– Уӕд… дӕ къах кӕм фӕкъуылых?

Хъахырман ӕнӕбары бахудт: ау, дӕхӕдӕг ӕй не ‘мбарыс?

– Цу, – хицауы ницӕмӕнуал бахъуыд дзуапп.

…Хъахырман куыдзы фӕллад ныккодта. Рагӕй нал сбадт саргъыбӕхыл. Цӕстыхаутӕ кӕрӕдзийыл аныхӕсынц, фӕлӕ уыцы мадзура хицау йӕ зӕрдыл куы ‘рбалӕууы, уӕд йӕ хуыссӕг фӕлидзы.

Уодзӕнӕй ма.