«МӔ УОД – ДӔ НИВОНД, АЙЙЕВАДӔ!..»
АДÆМОН кæфтити ансамбль «Алан» адтæй Сау денгизи билæбæл гастролти. Зилдæй сахартæ æма фæлладуадзæн бунæттæбæл. Адæми зæрдитæ рохс кодта æ аййевадæ. Еууæхæни, концерти размæ кадæр фæххабар кодта: «Хъантемурати Терезæмæ Иристонæй тел». Ци финст си адтæй, уой неке ма зудта, уотемæй алкæмæ дæр цидæр тæссаг гъуди бацудæй: «Циуавæр æвæстеуат хабар æй цума! Тел рарветун, цума, цæмæн багъудæй!»
Хабар Терезæмæ ку бахъæрттæй, уæд уайтæкки æ мадæ Нинæ æма æ хуæрæ Тинæ æ зæрдæбæл æрбалæудтæнцæ: «Маке си маци кæнæд!» Зæрдæ æхе къолтæбæл ниххуаста. Тел арæхстгай райхалдта æма си бакастæй: «Тагъд æрбаздæхæ Иристонмæ, Мæскумæ училищемæ дæ ахур кæнунмæ цæун гъæуй». Æ цæсгонбæл медбилхудт ку фæззиндтæй, уæд е ’мбæлттæ æ алливарс рамбурд æнцæ. Ра ’й фарстонцæ, ци хабар æй, зæгъгæ.
– Ахурмæ мæ хонунцæ, театралон училищемæ. Мæ фæлварæн дзæгъæли нæ фæцæй!
Аййевади æхцæуæндзийнади сосæг ту-хæ Терези æхемæ рагæй æлваста. Ирон гъазти ралæуун, ирон фæндури цæгъдтитæмæ байгъосунæй хуæздæр æригон кизгæн маци радтæ. Лæмбунæг кастæй кафгути иуæнгти истмæ, сæ фезмæлдтитæмæ. Æма æхуæдæг кафун куд райдæдта, уой зонгæ дæр нæ бакодта. Е ’мгарæ кизгутти хæццæ фæнзта хестæрти. Фæстæдæр ин фадуат ку фæцæй, уæд кæсæ æма бабæй иригъæуккаг аййевадæуарзагæ кизгæ гъазти астæу е ’уæнгтæ райвазта. Æртиндæсæймаг скъолай ахур кæнгæй зæрдиагæй архайдта хехъæппæресадон къуари, уæдта – профтехахуради адæмон кæфтити ансамбли. Ами ин е ’рдзон искурдиадæ, æ уарзондзийнадæ аййевадæмæ æрлæдæрдтæй ансамбли разамонæг зундгонд кафæг Доййати Осетин æма имæ е ’ргом раздахта. Æвæллайгæй куста æ хæццæ, зæрдиагæй ин амудта æ арæхстдзийнадæ. Кизгæ къæрцгъос адтæй æ алли феппайуйнагмæ дæр. Æма ибæл цубур рæстæгмæ аййевадæуарзгутæ сæ цæстæ æрæвардтонцæ. Финддæсанздзудæй æй дзæгъæли хумæтæги ансамбль «Алан»-мæ кафунмæ нæ райстонцæ – ансамбли разамонгутæ ин фæууидтонцæ æ ирæзгæ искурдиадæ æма федæни æ гæнæнтæ. Уотемæй Терезæ аст къласи каст фæууни фæсте царди агъазгъон фæцæй æ седзæргæс мадæн.
Рагъуди кæнæн уæд: æригон кизги рагбæллец исæнхæст æй. Рагæй æ медзæрди ци фæндæ адтæй, е царди æ тухи бацудæй – кафуй æ уарзон ансамбли. Нуриуæнгæ сценæмæ кæмæ кастæй æма хицæ кæмæ кодта, еци артистти æмрæнгъæ ралæудтæй баргин ирон симди. Боз си адтæнцæ æ хестæртæ, зонгитæ. Æрдзæф ин кæнунцæ Иристони дзиллитæ нæ, фал æ кади иуазгутæ, синхаг республикити фæллойнæгæнгутæ. Еугур дæр имæ фун фæууинæгау кастæнцæ. Фал, дессаг æй адæймаги уодигъæдæ! Еу æнтæстдзийнадæй иннемæ, еу бæллец имæ игурун кæнуй инней. Уотæ ку уайдæ, уæд имæ цард дессаг нæ кæсидæ, æма ибæл нæ цийнæ кæнидæ. Терези зæрдæ дæр цæмæдæр гæсгæ дзурдта Ирон театрмæ. Дзурди аййевадæ ин æзмæлун кодта е ’нкъарæнтæ. Спектакли фæсте æ гъостæбæл уадæнцæ Тæбæхсæути Балой, Сланти Къостай, Саламти Къолай, Гъæргинти Варвари арæзт сорæтти дзубандитæ, æ цæститæбæл уадæнцæ сæ фезмæлдтитæ, гъæлæсиуаги хæццæ сæ цæсгон куд æййивта, е. Уæд фæццалх æй æмдзæвгитæ кæсунбæл дæр. Театралон аййевадæ ин æнцойнæдзийнадæ нæбал лæвардта.
Æма театралон училищемæ ахур кæнунмæ æригон ирон фæсевæд равзаруни туххæй Мæскуйæй къамис ку иссудæй, уæд е дæр адтæй, сæ тухтæ æвзарæг кизгуттæ æма биццеути хæццæ. Æфсæрмхузæй æрлæудтæй къамиси иуонгти размæ.
– Гъæйдæ, циуавæр хузæ бацæттæ кодтай, равдесæ дæ арæхстдзийнадæ, – дзоруй фæлварæнтæ есгутæй кадæр.
– Æз кафунæй уæлдай неци зонун, фал мæ театри артист исун хъæбæр фæндуй, – адтæй æ дзуапп.
Ракафун æй кодтонцæ. Е ’уæнгти райст æма фæндури цагъди еудзийнадæ, æ аййев кафт сæ зæрдæмæ фæццудæй.
– Æмдзæвгæ бакæсæ. Поэти æнкъар-æнтæ зæгъун зонис?
Къамиси иуонгти гъæлæсиуагæмæ гæсгæ кизгæ фæннифсгундæр æй. Кочисати Мухарбеги æмдзæвгæ «Сау цæститæ» кæсун райдæдта. Фиццаг дууæ рæнгъи фæсте си æрбайронх æй фæлварæнтæ дæттуй е – ранигъулдæй æмдзæвги гъудити. Каст фæцæй. Къамиси иуонгтæй æхе кадæр нæбал бауорæдта æма нирдзæф кодта. Кизгæ фефсæрми æй, æма ‘й уайтæккæ фервистонцæ.
Ци нифсæй рацудæй Терезæ фæлварæнтæй!
– Иуонгмард æма губурæй, – дзурдта æхуæдæг. – Ци равдистон! Æгæр мæгур хумæтæг этюд дæр нæ бацæттæ кодтон. Уомæн æма фæлварæнтæ куд фæййесунцæ, уой дæр нæ зудтон. Иннæ кизгуттæ æма биццеутæ куд цæттæ адтæнцæ, уомæ гæсгæ, мæ фæлварæн дзæгъæли ке адтæй, уобæл дузæрдуг дæр нæ кодтон. Æма «Алан»-и хæццæ рабалци дæн Сау денгизи билæмæ.
Ахури анзи райдайæнмæ байрæги кодта аййевадæуарзагæ кизгæ, фал æй уæддæр райстонцæ училищемæ. Зæрдирайæй, разæнгардæй, цийни хæццæ бавналдта æ ахурмæ. Анз кæбæлти райевгъудæй, уой зонгæ дæр нæ бакодта.
Дуккаг къурси æ гъуддаг нæ фæррæстмæ ‘й. Царди уавæртæмæ гæсгæ ’й багъудæй фæсаууонмæ ахур кæнунмæ раййевун. Æма косун райдæдта, растдæр зæгъгæй ба, æхе æвзурста ирон театри. Спектакли архайдта уарзон артистти хæццæ. Ахур син кодта сæ фæлтæрддзийнадæбæл.
– Гъæргинти Варварæ мæ деси æфтудта æ аййев гъазтæй, – дзурдта Терезæ. – Æмхузон арæхстæй трагеди æма комедий. Æ арæзт сорæтти кæрæй-кæронмæ ранигъулидæ, æ уод си цирен кодта.
Æвæдзи, хъæбæрдæр Варвари искурдиадæй, гъомусæй фæххайгин æй, аййевадæмæ уой зæрдиуагæ райста Терезæ. Мæтъæлæй ин æ кой хумæтæги нæ ракæнидæ. Уой амунддзийнадæ нæ, фал фæлтæрддзийнадæ ибæл базуртæ сагъта, æма æвæллайгæй куста æ алли сорæтбæл дæр. Театрдзау ибæл фиццаг хатт æ цæстæ æрæвардта спектакль «Амран»-и Нифси роли. Æ баргин æма цæрæццаг дзубанди нифс уагътонцæ, рохс федæнбæл æууæнки æнкъарæнтæ æвзурун кодтонцæ спектакли сæйраг бæгъатæр нæ, фал театрдзаутæмæ дæр. Хуæрзконд – æ бакаст æма уодигъæдæй дæр.
Аци роли фæббæрæг æй æ сценикон искурдиади тухæ, æма имæ се ’ргом раздахтонцæ режиссертæ. Дæттун ин райдæдтонцæ сæйраг рольтæ. Æма радаргъ æй æ арæзт фæлгонцти номхигъд: «Хабос æма Аминæт»-и – Аминæ, «Арвнæрд»-и – Катеринæ, «Давид – Сослан»-и Тамарæ, «Нæ федæни намус»-и – Зæли, «Царди буни» – Василисæ, «Æртæ хуæри» – Машæ, «Талингæдзийнади æлдареуæгади» – Анисия, «Фатимæ»-йи – Фатимæ, «Уосгор» – Зæрæда, «Зæнхон хуцæуттæ»-йи – Битарон æма æндæртæ.Театрдзаутæ æма аййевадæртасгутæ син устур аргъ искодтонцæ. Спектакльтæ «Арвнæрд» æма «Æртæ хуæри» æвдист цудæнцæ Мæску æма Ленингради, «Царди буни» ба – сахар Горькийи. М. Горькийи райгурæн бони кадæн арæзт Еугурцæдесон фестивали байахæста дуккаг бунат. Театралон аййевади е ’скъуæлхтдзийнади туххæй Хъантемурати Терезæн исаккаг кодтонцæ кадгин ном «Цæгат Иристони АССР-и æскъуæлхт артисткæ».
Уал сæйраг бæгъатæрей сорæти, уал уодигъæди, меддуйнейи, уал медзæрди æнкъарæнтæ равдесун къохи æнцонтæй нæ бафтуйуй. Алкæбæл дæр си нервтæ, хъаурæ æма зонундзийнæдтæ бахарз кæнун гъæуй, дæ уоди къæрт си гъæуама ниггæлдзай, дæ зæрди гъар си бауадзай. Сæ намус, сæ бæлдитæ, дузæрдуг гъудитæ, маст æма æфхуæрддзийнадæ, сæ карни сæхецæн сæ медтæрхон син гъæуама балæдæрай. Айдагъдæр уотемæй ес нифси хæццæ, театрдзауи размæ рацæуæн, айдагъдæр уотемæй ес æ тæрхонмæ дæ фæллойнæ рахæссæн. Сорæт аразгæй, кæмидæр дæхебæл фагæ нæ бакустай, базийнадæ кодтай, дæ зæрдæ ин нæ равардтай – фæлорс æма æнæуод рауадæй. Еу хатт фæссайдтай театрдзаути – е ’ууæнкæ ин тагъд рæстæги нæбал иссердзæнæ.
Театралон аййевади æма царди еци хумæтæгдзийнæдтæ æма ахсгиаг менеугутæ раги ниффедар æнцæ Терези зундирахасти. Адтæй сæбæл еузæрдиуон. Уой ку уинидæ, æма кадæртæ цийфæнди цæстингасæй кæсунцæ сæ æнæмæнгæ бакæнуйнаг ихæстæмæ, уæд уони хæццæ ба уидæ карздзурд, кæмидæр ба, æвæдзи, æгæр æгъатир дæр – æгириддæр нæ бухстæй фæливддзийнадæ æма дудзæсгондзийнадæн. Уотемæй ба еци домагæ менеугути хæццæ адтæй дессаги хæларзæрдæ, багъæуаги фæййагъаз кæнунмæ алкæддæр цæттæ, ести базонун ке фæндидæ, еци кæстæрти хæццæ бакосунмæ. Уомæн æма, куд зæгъидæ, хуæздæрмæ тундзундзийнадæ кæмæ ес, е раст надбæл цæуй æма, ци цæлхдортæбæл, къулумпидзийнæдтæбæл исæмбæлдзæнæй, уони фудæй нифс цæмæй ма сæтта, уой туххæй æ фарсмæ æрбалæуун фæгъгъæуй. Зин рæстæги дæ фарсмæ еске æрбалæудтæй, зæгъгæ, еци цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй, уой ба искурдиадæгин артисткæ æхуæдæг хуарз зудта æхе карнæй.
Хъалæгати Федя æма Хурумти Урузмæг сценæбæл содзгæ кодтонцæ, зæгъгæ, зæгъидæ Хъантемурати Терезæ. Сценæбæл содзидæ æхуæдæг дæр. Е бæлвурдæй зиндтæй æ арæзт алли сорæти дæр, сценæмæ æ алли рацудбæл дæр. Мæ аци загъдмæ гæсгæ мæ зæрдæбæл æрбалæууй спектакль «Гъæздуг хæдзарæ»-йи ци сорæт исаразта, е.
Гъæздуг хæдзари бундари кизгæ Гониони карнæ багæлста кæрæф æма дорзæрдæ лæг Солими къохти. Лæгæн æ царди нисан адтæй бонгин исун. Уой сæрбæлтау нецæбæл ауæрдуй, нимади дæр имæ нæй намус, цæсгон, уарзондзийнадæ силгоймагмæ æма сауæнгæ æ бæдолæ дæр.
Гонион, æгъдæутти сæрти ма рахезон, зæгъгæ, æгомуг фонси хузæн æмдзо кæнуй æ хæццæ, коммæгæс ин æй æрмахури хузæн. Уотемæй ба æ хурфи фицуй æ маст, æ æрдзон рæсугъд æнкъарæнтæ ин æ зæрдæ тонунцæ. Æма ин æ фурти исæфти фæсте æ туппуртæ исуадзунæн фадуат ку фæцæй, уæд цæстисугæй æхе æхснун райдæдта, ратудтонцæ æндæмæ æ зæрди арф æвæрд зæгъуйнæгтæ. Æ зæрдæ ниддор æй.
Æгъатир æй сауæнгæ æ хуæрзæригон кизгæмæ дæр, æ сахъат фуртмæ дæр. Еци медхъурдохæнгæнæг уодигъæди фæззиндтитæ равдесунмæ дессаги æнхæстæй исарæхстæй Хъантемурати артисткæ.
Искурдиадæгин артисткæ Хъантемурати Терезæ театралон аййевади, цæйбæрцæ рæстæг ин лæвæрд æрцудæй, уой дæргъци рацудæй еу сорæтæй иннемæ ирæзгæй, еу æнтæстдзийнадæй иннемæ æскъуæлхгæй, неци æвгъау кодта уой сæрбæлтау – æ царди медес адтæй. Иссæй æ карнæ, уодуæлдайæй ин нивонд кодта æ еугур хъаурæ, æнкъарæнтæ, æ уоди мондæгтæ. Æма æ фæллойнæй æ зæрдæ минкъий ку барохс уидæ, уæд æхецæн фæззæгъидæ: «Мæ уод – дæ нивонд, аййевадæ!..»