07 июля 2025

МÆ ФИДИ ЦИТГИЙНАГ ЦАРДВÆНДАГ

30.04.2025 | 20:04

ЦОПАНТИ Геуæрги тугъди рæстæги.

ЦОПАНТИ Геуæрги фæстугъд рæстæги.

Мæ цардвæндаги райевгъуд рæстæгутæмæ фæстæмæ ку ракæсун, уæд си кæцидæр  хабæрттæ зæрдæхцæуæнæй æримисун, кæцидæрти ба – фæсмойнагæй. Мæ зæрдæхцæуæн имисуйнæгтæ ба æнцæ – мæ сабийдоги бæнттæ мæ арфæгонд Стур-Дигори. Уони цæхъал мин алæмæти уодæнцойнæ хæссуй, уомæн æма Стур-Дигорæ мин уотид райгурæн гъæубæстæ нæй, фал мин æй,  мæ мадæ æма мæ фиди, мæ хуæрти æма ме ’нсувæрти къахвæдтæ кæбæл байзадæнцæ, еци фæрнæйдзаг зæнхæ.

Ку зæгъун, мæ ирисхъи райевгъуд рæстæгути мин фæсмойнагæй дæр цидæртæ ес, фиццагидæр мин зин æй, мæ хъазар мадæ æма фиди, нæ муггаг Цопанти, мæ  зæрдтагон хеуæнтти цардвæндаги хабæрттæ, абони мæ куд фæндуй, уотæ бæлвурдæй кæрæй-кæронмæ базонун мин ке нæ бантæстæй, е.

Фал уæддæр мæ зæрдæбæл ци бадардтон, уонæй мæ абони æримисун фæндуй мæ фидæ Цопанти Бадзей фурт Геуæргий рохс ном. Уой дæр уомæ гæсгæ, æма рæхги ке цуппаринсæй анзей бæрæгбон бæрæг кæндзинан, нæ еци Цитгин Уæлахези сæрбæлтау хъазауатонæй ка фæхъхъиамæт кодта, уонæй еу адтæй мæ фидæ дæр.

Цопанти Бадзей фурт Садуллæн адтæй цуппар фурти – Айдарухъ (райгурдæй 1917 анзи), Геуæрги (1919 анзи), Майрæн (1920 анзи) æма Лазæр (1922 анзи), уæдта дууæ кизги – Дзæнюхæ æма Батий. Сæ мадæ ба – Майрæнсаути Бордзеу (Борæхан). Архиви гæгъæдити куд финст æрцудæй, уотемæй Цопанти хæдзарæмæ 1935 анзи зæнхæ адтæй гектари цуппæрæймаг хаййи бæрцæ, дууæ гъоги, еу уæс, еу фус, еу хæрæг. Берæ бийнонтæ кæд æнцон цард нæ кодтонцæ, уæддæр сæ цардæй ба нæ гъаст кодтонцæ. Алкедæр си æ равгитæ æма гæнæнтæмæ гæсгæ архайдта, сæ исонибон зæрдæмæдзæугæдæр уодзæнæй, зæгъгæ, разæнгард адтæнцæ.

Фал уой æнгъæл си ка адтæй, æма исонибон ба уæлдай гъезæмайраг ке разиндзæнæй, сæ сабур цард син ке фехалдзæнæнцæ немуцаг-фашистон æрдонгтæ, нæ Райгурæн бæстæмæ гадзирахаттæй æрбалæборгæй… Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд.  Знаги нихмæ тохмæ фиццæгти хæццæ рандæнцæ æнсувæртæ Айдарухъ æма Майрæн… Гъулæггагæн, сæ тугъдон нæдтæ рауадæнцæ æгæр цубур – бæгъатæрæй фæммард æнцæ тугъди райдайæни.

Мæ фидæ, Цопанти Геуæрги, 1940 анзи адтæй Сурх Æфсади рæнгъити. Тугъди райдайæн æй æрæййафта Украини зæнхæбæл. Адтæй Хонсар-Нигулæн фронти, Киеви бунмæ. Уæд 6-аг æма 12-аг æфсæдтæ 1941 анзи августи райдайæни фашистти æрхъолай бахаудтæнцæ, мингай рæнгъон æфсæддонтæ æма комæндиртæ, сабур цæрæг адæм цагъди кодтонцæ. Еци карзæй-карздæр рæстæги ( 1941 анзи 16 августи) рацудæй бардзурд №270, æма си куд амунд адтæй, уотемæй советон тугъдонтæ цийфæндий уавæрти равзургæй дæр маймайиддæр ма бахауонцæ знагмæ уацари, сæхе гъæуай кæнонцæ уомæй.

Еци хабари æма уой хæццæ баст цаути туххæй кæддæр номдзуд финсæг Константин Симонов ниффинста уац «Уроки правды», мухургонд æрцудæй журнал «Наука и жизнь»-и 1988 анзи цуппæрæймаг номери. Знаги нихмæ тохгæнæг адæмæн мæлæт равзарун хуæздæрбæл нимад адтæй, уомæн æма уацайраг лæг нимад цудæй Фидибæстæ уæйæгæнæгбæл. Мингай æфсæддонтæ, уони хæццæ мæ фидæ дæр, 1941 анзи августи æрхъолай бахаудтæнцæ æма син уордæгæй райервæзуни фадуат нæбал фæцæй, равзурдæнцæ фашистон концлагери. Иннæ советон уацайрæгти хæццæ берæ маст, рист æма гъезæмæрттæ бавзурста нæ фидæ. Æ имисуйнæгти дзоридæ, куд æнæхатир, тогмондаг адтæнцæ гитлеронтæ. Адæмбæл концлагери стонг æма цъумурæй тиф исистадæй, мардæнцæ сæдæгæйттæй. Мадта систитæ дæр си уотæ исберæ ’нцæ, æма раст къæхти буни хæрст-хæрст кæниуонцæ.

Еу бон уацайрæгти сæ барактæй æндæмæ ракодтонцæ æма сæ фæрсунцæ, косарт кæнун си ка зонуй, зæгъгæ. Фиццаг неке æндиудта дзорун: алкедæр тарстæй, кæд нæ фехсуйнаг æнцæ, зæгъгæ. Фал уæддæр цалдæремæй, уони хæццæ мæ фидæ дæр, сæ нифс бахастонцæ, косарт кæнунмæ ке арæхсунцæ, уой иской кæнунмæ. Уотæ рауадæй, æма сæ косунмæ барвистонцæ уацайрæгтæн хуæруйнаг кæнунмæ. Æрбаласиуонцæ мард бæхтæ æма уацайрæгтæн уонæй хуæруйнаг кодтонцæ, цаййæн ба – салд къумбултæ. Геуæргий хæццæ Иристонæй дæр кадæртæ адтæй. Еу хатт мæ фидæ зонгæ лæгæн уæлдай цолпи хуæруйнаг æркодта. Немуцаг æй рауидта æмæ ’й хъæбæр æрцæфтæ кодта. Геуæргий æ бунатæй фендæ кодтонцæ. Фал немуцæн косгутæ нæ фагæ кодта, æма ’й фæстæмæ барвистонцæ хуæруйнаггæнгутæмæ.

Геуæргий хæццæ 1943 анзи концлагери Польши, Веселое, зæгъгæ, уæхæн гъæуи адтæй Созайти Дриси фурт Таймораз. Апърели уацайрæгти Польшæй баластонцæ Пугачеви гъæумæ, сахар Брести размæ.

Уацайрæгтæ раледзунмæ бæргæ багъавиуонцæ, фал син уæхæн равгæ ке нæ уидæ, уомæ гæсгæ фæстæтæрæ кодтонцæ. Уæхæн равгæ син фæцæй 1943 анзи майи æма сæ гандзайæй ралигъдæнцæ цалдæремæй. Раледзуни фæндæ, уæдта æ исæнхæст кæнунбæл байархайдта Созайти Таймораз. Ралигъдæнцæ æхсæвигон, æнæзонгæ рауæни уогæй. Немуц сæ сæ фæд-фæд расурдтонцæ. Æхстонцæ сæ. Цалдæремæй фæммард æнцæ, адтæй си цæфтæ дæр, фæццæф æй Созайти Таймораз дæр…

Мæ фидæ цалдæрей хæццæ Белоруссий партизантæмæ бафтудæй. Тухтонцæ гитлеронти нихмæ. Адтæнцæ И.В. Сталини номбæл бригади М.В Фрунзей къуари. Партизанти хæццæ ке адтæй, уой туххæй мæ фидæмæ адтæй æвдесæндар. Партизанти къуари фæцæй 1943 анзи 23 маййæй 1944 анзмæ 30 мартъимæ. Æ хæццæ ма адтæнцæ Æгъузарти Хаджимусси фурт Тасолтан, Хъойбайти Сандири фурт Доти, Будайти Басили фурт Агубе.

Мартъий мæйи Геуæрги фæццæф æй. Госпитæли фæцæй 1944 анзи 13 апърелæй 1944 анзи 26 июнмæ. Мæйи æмгъудæй æй рауагътонцæ хæдзарæмæ. 1944 анзи августи раздахтæй фронтмæ. Хуарзæнхæгонд  адтæй ордентæ æма майдантæй. Мæ фидæн тугъд фæцæй 1945 анзи 16 апърели, мини ’схъесæй æ галеу къах ку фæллух æй, уæд. Госпитæли фæцæй æртиндæс  мæйи. Стур-Дигорæмæ æрæздахтæй 1946 анзи. Уой фæсте 1950-1951 æнзти ахур кодта Цæгат Иристони базарадон-кооперативон скъолай. Райста бухгалтери дæснийадæ. Ци документ ин равардтонцæ, уоми ес айдагъдæр «фондзтæ». Куста хуæнхбæсти, Мæцути.

Фæстæдæр, 1957 анзæй æ мæлæти бонмæ, кæдзос къохæй, æнæсайд куст фæккодта Алагири дзолфицæн заводи хестæр бухгалтерæй. Уарзта цард, хеуæнттæбæл хъæбæр æновуд адтæй, æгадæ миуæ æ сæрмæ некæд æрхаста.

Геуæрги тугъди тумугътæй, концлагерти зин уавæртæй, партизанти хæццæ гитлеронти нихмæ тугъдтитæй уæлахезæй рацудæй, фал æ райгурæн зæнхæбæл ба ’й адзал æрæййафта – фæндаггон бæлахи фæммард æй.

Рохсаг уо, мæ цитгин фидæ Геуæрги, хеуæнттæн хъæбæр уарзон адæймаг! Ка дæ зудта, етæ цалинмæ уодмедæг уонцæ, уæдмæ дæ имисдзæнæнцæ.

 

ЦОПАНТИ Ритæ, филологон наукити доктор, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети ирон æвзаги кафедри профессор.