МÆ ФИДИ ТУРКМЕНАГ ÆНСУВÆР
Адæймаг циуавæрдæр зæрдæмæдзæугæ гъуддагмæ рæстуодæй ку хицæ кæна, уæд, мæнмæ гæсгæ, хуарз æй – уомæн æма е дæр архайдзæнæй æ бафæнзунбæл, кенæ ба æндæр ести арфиагдзийнадæ исаразунбæл дæр. Гъе уотæ æз дæр ахид æрхицæ кæнун берæ цæмæдæрти. Уæлдайдæр ба мæ фидæ, Хæмицати Морис, советон цардарæзти хабæрттæ имисун ку байдайуй, цæйбæрцæбæл дессагдзийнæдтæ си адтæй, уæлдайдæр ба си аллихузон адæмихæттити ’хсæн æмзунд æма æмунаффæ æмдзарди æгъдау цæйбæрцæбæл тухгин адтæй, уой имисун ку байдайуй, уæд… Уой фæдбæл радзоруйнаг дæн еу хабар.
Цитгинæй мæ рафæндараст кодтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ…
Айразмæ мæмæ мæ фидæ бавдиста, Советон Æфсади рæнгъити ку адтæй, уæд æ уæдиккон æмслужбæгæнæги хæццæ ци къарæ исиста, уой.
Аци лæхъуæн ба ка ’й, зæгъгæ ’й, ку рафарстон, уæд мин уæлдай æхцæуæнхузæй загъта:
– Мæ туркменаг æнсувæр…
– Кутемæйти æнсувæр?.. Ду – дигорон, е – туркменаг…
– Ме ’нсувæр, мæ кизгæ, ме ’нсувæр!.. Е сумахмæ, нури кæстæртæмæ, æнахур кæсуй, фал адтæй уæхæн рæстæгутæ, æма, еу тогæй нæ уогæй, æнсувæрдзийнадæ ку разæгъиуонцæ, еци фæткæ аллихузон адæмихæттитæмæ хъæбæр цитгийнагбæл нимад адтæй. Уæлдай хъæбæрдæр ба ми е баруагæс æй, Советон Æфсади ку адтæн, уæд.
Уæди рæстæги æфсæддон ихæс банхæст кæнун нæ фæсевæдмæ хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæй. Уæхæн равгæ – кенæ е ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ, кенæ ба æндæр лæдæрд уавæртæмæ гæсгæ кæмæн нæ уидæ, етæ ба уомæй сæхе, зæгъун æнгъезуй, æфхуæрди бунати æнгъæлиуонцæ. Еузагъдæй, алкедæр ни уæд е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнунмæ цудæй разæнгардæй æма æхцæуæнæй, еци гъуддагæй фæттиллеф кæнун си æ зæрди арфдæр къуми некæмæн уидæ. Уогæ уæхæнттæ дæр разиннидæ, æма иссериуонцæ аллихузон рæуæнттæ, цæмæй сæ æфсадмæ ма рарветонцæ. Фал етæ бустæги ефстæгтæ адтæнцæ æма бæрæг нæ дариуонцæ…
Мæхе туххæй ку зæгъон, уæд мæн карнæ ба уотæ рауадæй, æма Цæгат Иристони паддзахадон университети филологон факультет каст ку фæдтæн, уæд нæмæ нæ къурси разамонæг æрбахаста, нæ республики скъолатæй мах дæсниадæбæл ахургæнгутæ кæми гъудæй, уони номхигъд. Æз равзурстон цæмæдæр гæсгæ Хæтæлдон. Ка ’й зонуй, Дзæуæгигъæумæ еугуремæй хæстæгдæр ке адтæй, æви мæмæ æ ном цидæр æнахур фæккастæй… Магъа, фал еци гъæуи рарвистон мæ ахургæнæги кусти фиццаг рæстæг.
Æртæ мæйей дæргъи хæтæлдойнаг биццеутæ æма кизгутти ахур кодтон уруссаг æвзаг æма литератури сосæгдзийнæдтæбæл. Уæдта дин мæмæ æфсæддон комиссариатæй гæгъæди ку ’рбацæуидæ – исæнхæст кæнæ, хуарз лæг, дæ граждайнаг ихæс, еузагъдæй, байагурдтонцæ мæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ.
Нæхецæй, Толдзгунæй, мæ рафæндараст кодтонцæ мæ мадæ æма мæ фидæ, косарт ракодтонцæ, синх, гъæубæстæ ’рхудтонцæ, арфитæ, кувдтитæ, зæрдибунæй дзубандитæ… Уæди рæстæг нæдæр исуйнаг æфсæддонтæ, нæдæр сæ ниййергутæ нæ зийнадæ кодтонцæ служби догæмæ – федар паддзахадæн е ’фсади дæр федар æгъдау æма фæткитæ адтæй, фæстаг рæстæгути нæ фидибæстон æфсади ци æверхъау, зæрдæзмæлæн миутæ цудæй æма ма си нерæнгæ дæр, гъулæггагæн, рауайуй, уæхæнттæн си сæ кой дæр нæ адтæй…
Ку нæхстæр кодтон, уæд мæ, куд иннетæ, уотæ мæ фиди æнсувæр Къансау дæр æ хъури никкодта. Цидæр æнахур мæтъæл адтæй æ цæсгон, æ цæститæ ба дони разилдта… Цума ’й лæдæргæ кодта, кæрæдзей фæстаг хатт уинæн, уой… Мæ службæ кæронмæ хъæрттæй, уотемæй мæмæ ниффинстонцæ нæхецæй – мæ фиди æнсувæр фæндаггон уæззау фидбилизи бахаудтæй, нæбал фæййервазтæй. Не ’фсæддон хаййи ка службæ кодта, еци биццеутæ – дигорæнттæ, ирæнттæ, сауæнгæ ма нæ дзæбæх туркменаг æмбал дæр сæ хæццæ, уотемæй мæмæ ’рбацудæнцæ æма мин тæфирфæс кодтонцæ…
Службæгæнгæ мин рауадæй Сомехи, Арарати хонхмæ хæстæг. Гъæуай кодтан ССР Цæдеси хонсайраг арæнтæ уæлдæфон æрбампурстæй. Адтæй нæмæ хуæдтæхгутæ кунæггæнæн ракъетитæ. Хъæбæр бæрнон адтæй нæ куст. Ести минкъий рæдуд æруагътай, зæгъгæ, уæд устур бæлах æрцудайдæ. Гъуди ма ’й кæнун, мæ размæ си æрцудæй уæхæн цау.
Еу æригон æфсæддон приборти фæйнæгбæл агори æрæвардта, цæмæн æй багъудæй, магъа. Æма еци агори æрхаудтæй, цидæр цирагъ расаста, æндегæй, акъоппи ракъетæ искуста, истахтæй æ астъонæй æма сахари ’рдæмæ ку ниццæвидæ… Хуарз æма командæгæнæн пункти исарæхстæнцæ, радиой сигнали фæрци æй уæлдæфи фехалдтонцæ, æндæра берæ фидбилизтæ исаразтайдæ…
Ахсгиагбæл нимадтан кæрæдзей хæццæ хæларæй цæрун…
Мах, алли рауæнтæй æрцæуæг лæхъуæнтæ, аллихузон адæмихæттити минæвæрттæ не ’фсæддон ихæстæ æнхæст кодтан куд æнгъизтæй, зæгъгæ, ку зæгъон, уæд е фагæ нæ уодзæнæй. Уомæн æма æфсæддон хабæрттæй уæлдай ма мах нæхецæн ахсгиагбæл нимадтан кæрæдзей нимайун, хæларæй цæрун æма хуарзæй фæнзун.
Аци рауæн мæ фидæ фæууорæдта æ дзубанди, еуцæйбæрцæдæр цæбæлдæр ниссагъæси ’й, уæдта, уæззау нийнæфгæй, загъта:
– Уогæ нæ рæстуодæй федауцæ æфсæддон бийнонти ’хсæн хъамилæнгæстæ дæр разиндтæй. Абони дæр ма мæ зæрдæ исресуй, еу уæхæн фиргъæун ци фудракæндæ исаразта, уой ку раймисун, уæд.
Цæветтонгæ, нæ бæрнæхсти ци ракъетитæ адтæнцæ, етæ лæудтæнцæ устур бетонгонд акъоппити. Еухатт, мæнæ фиргъæунтæ ке исхудтон, еу уæхæнттæ си ниййахæстонцæ даргъ уорс хелагæ, бензин ибæл никкалдтонцæ, уæдта ибæл сæ еу содзгæ спичкæ ниггæлста. Абони дæр ма уайуй мæ цæститæбæл, е куд тæбар-тубур кодта, куд архайдта ескумæ раледзунбæл, содзгæ æхсердарф куд фестадæй. Нæ зæрдитæ бæргæ ристæнцæ уомæ кæсгæй, фал ин нæ бон нецæмæй адтæй фæййагъаз кæнун – æгæр æрæгиау рауидтан еци фудмиуи исарæзт. Хелагæбæл ка бандзарста, е ходæгæй бакъуæцæл æй, махæй ба хъип-сун неке кодта, лæдæрдтан, цæйбæрцæбæл устур тæрегъæддаг гъуддаг бакодта, уой… Уæдæй фæстæмæ нин еци фудлæг фенадæ ’й, æхемæ ни æй неке уагъта хæстæг… Æдзæсгондзийнадæ нин еминæ æвдиста…
Раст зæгъгæй, уæхæнттæ нæмæ хъæбæр ефстæгтæ бахауиуонцæ, æма си уæддæр еуцæйбæрцæдæр æфсармæ кæмæ уидæ, етæ сæхе, куд фæззæгъунцæ, æрлæдæриуонцæ, фæррæстмæ уиуонцæ. Æма син æнæгæнæн дæр нæ уидæ – æфсæддон бийнонти цардиуаги фæткитæ уотæ амудтонцæ æма си гъæуама цæрай рæстзæрдæй, хуæрзæгъдауæй, кæрæдземæн аргъ кæнгæй. Уомæй нæ ихæсгин кодта нæ уодиконд, не ’фсæддон цардиуагæ.
Мæнæ дин ци æведауцæ цауи кой ракодтон, уой ба уомæ гæсгæ æримистон, æма еци æнауæрдон лæхъуæни хузæн æндзаргутæ нæмæ, куд фæстæдæр, уотæ æгæр берæ кæнун байдæдтонцæ æма син, адтæй нæ адтæй, уæддæр бантæстæй нæ царди райдзастдзийнадæбæл бандзарун æма нæ уоййасæбæл цардгъон Цæдес ниффæруакæ ’й… Еци арт ба абони дæр ма – уæд еу рауæн, уæд иннæ рауæн – æнамондхæссæгæй исцæфсуй кæддæр лимæндзийнадæхæссæг адæмти ’хсæн… Уомæй зиндæр ма ци уа…
Ку зæгъун, не ’фсæддон ихæс æнхæст кодтан еумæ цалдæр адæмихаттей минæвæрттæ.
Æнæ ести хæлхъой дæр кæми нæ уидæ – биццеутæ биццеутæ ’нцæ – фал кæрæдземæ æнауæрдонæй бавналун, нæмун, кенæ æндæр ести хузи бафхуæрунæн ба си æ кой дæр нæ адтæй, уой ни æхецæн неке аккаг кодта. Уой хæццæ ба ма уæхæн миутæ ракæнунæй тæрсгæ дæр куд нæ кодтайанæ – уæдиккон æфсади хъæбæр карзæй кастæнцæ уæхæн хабæрттæмæ.
Уогæ еци тасдзийнадæ нæ гъудий уоййасæбæл нæ адтæй. Сæйрагдæр е адтæй, æма æцæгæй зæрдтагон адтан кæрæдземæн нæ уодигъæдæй. Уомæ гæсгæ ба мах, нæ Цæдеси еугур рауæнтæй уоми ка бамбурд æй – уруссæгтæ, украинæгтæ, гурдзиæгтæ, белорустæ, таджиктæ æма æндæр адæмихæттити минæвæрттæ – æнсувæрти цард кодтан. Æз гъе уæд фæллимæн дæр туркменаг лæхъуæни хæццæ, æ ном Бяшим, муггагæй ба Курруков. Е дæр мæн фиди хузæн службæ кодта айдагъдæр еу анз. Уæлдæр ахурадæ имæ ке адтæй, уомæ гæсгæ Бяшими бийнонтæ цардæнцæ Туркмений ССР-и сахар Марымæ хæстæг, бæмпæги куст ка кодта, уæхæн совхози. Æ хеуæнттæ ин ахид æрбарветиуонцæ æхца, гъæуагæ ’й нæ уагътонцæ. Æфсæддон хуæрæндони цанæбæрæг дессаг хуæруйнæгтæ адтайдæ, адæймаг си зæрдцъæх рауидæ. Æма мæ изæрæй ба Бяшим буфетмæ бахонидæ, балхæнидæ адгийнæгтæ, ести дзæбæх хъæбунтæ, дæнттæ. Уæгъдæ рæстæг нин ку уидæ, уæдта уолæфæн уати шахмæттæй гъазианæ, кæрæдземæн нæ хабæрттæ кодтан – æз нæ ирон-дигорон адæми ейæ ба туркменæгти цардиуагæ, æгъдæутти туххæй. Еухатт ба мин Бяшим уотæ зæгъуй:
– Морис, мæнæ не ’службæ фæууодзæнæй, алке ни æхе бæстæмæ рандæ уодзæнæй, æма ин ка ци зонуй, кæрæдзей ма кæд фæууиндзинан. Гъæйдæ, нæ адрестæ нур раттæн кæрæдземæн æма, ци нæ фæууй, ескæд бабæй исæмбæлдзинан… Æз дууæ нæбал загътон, равардтон ин мæ адрес Иристони, е ба мæнæн Туркмений. Абони хузæн гъуди кæнун Бяшими адрес: Туркменти ССР, Марыйи облæсть, Тельмани номбæл бæмпæгикустгæнæг совхоз.
Фæцæй не служби рæстæг, хъæбæр гъенцъунгæнгæй рахецæн ан Бяшими хæццæ, фал ци гæнæн адтæй! Алке ни рандæй æ бунатмæ. Æз иссудтæн нæхемæ, еуцæйбæрцæдæр рæстæг неци кустон, мæ фидæ, мæ мадæн хæдзари агъаз кодтон. Уæд дин мæмæ еу бон мæ фидæ Зелимхан цуппар тумани ку раттидæ æма мæ Дигорамæ ку рарветидæ, нæ уæрдундони сæр æййевун гъæуй æма уомæн шифертæ исласæ, зæгъгæ.
Æз дæр фæннæхстæр дæн Дигорамæ, раздæр æй Киристонгъæу худтонцæ. Фал уордæмæ нихъхъæртгæй, автобусæй нæ рахизтæн, фал рандæ дæн Дзæуæгигъæумæ – уоми мæ цидæр гъуддæгутæ адтæй, æма, зæгъун, уони бал ракæнон, уæдта фæстæмæ раздæхгæй ба Киристонгъæуи шифер дæр исамал кæндзæнæн. Фал мæ еци фæндитæй неци рауадæй…
Æма Киристонгъæуи бæсти равзурстæн идард Ашхабади…
Сахари сæйраг проспектбæл цæугæй исæмбалдтæн мæ рагон зонгитæбæл, берæ цидæртæ æримистан. Не ’мбæлттæй кедæрти раймистан, æма гъе уæд мæ зæрдæбæл æрбалæудтæй Бяшим, æ кæддæри загъд, гъома, кæд ма исæмбæлдзинан, зæгъгæ…
Нæ зонун, ци мæ фæрразæнгард кодта, фал уайтæккæ фесхустон автовокзалмæ. Минводмæ билет райстон, æ аргъ адтæй дууæ соми æма æрдæгмæ хæстæг. Нихъхъæрттæн уордæмæ изæрæрдæмæ.
Минводти аэропорти рафарстон, Ашхабадмæ хуæдтæхæг кæд уодзæнæй, уæдта билет цæй аргъ æй, зæгъгæ. Мæхемæ ба нæдæр паспорт, нæдæр æндæр документ. Уæдта сæ агоргæ дæр неке кодта, алцидæр адтæй дзæбæх, фæндон. Ашхабадмæ хуæдтæхæг тахтæй æхсæви дууадæс сахаттебæл, устур ИЛ-18.
Дузæрдуг дæр ракæнинæ, раст кæнун æви нæ, зæгъгæ, фал… уæддæр балхæдтон билет 8 сомей аргъæй.
Куддæр æмбесæхсæвæ ралæудтæй, уотæ устур хуæдтæхæг æхе арви бæрзондмæ исиста, разилдæй æма æ них исаразта идард Туркменимæ. Цалдæр сахаттей фæсте ба Ашхабади аэропорти æхе æруагъта. Цæстифæнникъулдмæ, зæгъæн ес, Астæуккаг Азий равзурдтæн!
Цубурдзурдæй, мæнæ аргъæутти горцъе-хуæдтæхæг адæми, кæми сæ гъудæй, уоми куд балæуун кæнидæ, мæн гъуддаг дæр уотæ рауадæй. Хатгай мæмæ мæ миутæ, мæ хабæрттæ дессаги фуни хузæн дæр фæккæсиуонцæ. Фал, куд фæззæгъунцæ, дони банадтæ, уæд накæ кæнæ!.. Аэропорти райдзаст хæдзари даргъ къелабæл мæхе æруагътон, мæ къурткæ мæ сæри буни бази бæсти бакодтон æма рафунæй дæн…
Райгъал дæн, сæумон хор арвбæл дзæвгарæ ку исуадæй, уæд. Æндеггæй къранти бунмæ мæ цæсгонбæл уазал донæй исцъæппитæ кодтон, зали къуми еуминкъий буфети цидæр æнахур хъæбун райстон, æ адæ дæр ин нæ равзурстон, цай еуминкъий агувзи – уобæл мæ сехуар фæцæй. Уæдта бацудтæн пости хайадæмæ æма телеграммæ рарвистон Бяшиммæ: «Ашхабади дæн, аэропорти æма дæмæ ами æнгъæлмæ кæсун. Морис». Уæдта æндæмæ рацудтæн æма алфамбулай дуйнебæл фæлгæсун райдæдтон. Арвбæл мегъи пъæсту нæ, хор æнæвгъауæй æрвиста æ содзгæ тунтæ зæнхæмæ, фал, дессагæн, уоййасæбæл хъæбæр тæвдæ ба мæмæ нæ фæккастæй. Идарди бæрæг дардтонцæ Копет-Даги рагон хуæнхтæ.
Адтæй нæ адтæй, уæддæр æнæ исæмбæлгæ нæ фæцан…
Уæддæр мæ фулдæр каст ба адтæй аэродроми будурмæ.Рæстæгæй-рæстæгмæ æрбадиуонцæ, бунæттон рейстæ ка æнхæст кодта, уæхæн минкъий хуæдтæхгутæ. Æз уæлдай æдзинæгдæрæй ме ’нгæс дардтон Мары сахарæй ка уидæ, еци хуæдтæхæгмæ, кæд си, миййаг, Бяшим æрхезидæ, зæгъгæ. Фал нæ разиндтæй. Уæддæр æнæмæтæ адтæн, берæ нæ бадзебæл уодзæнæй, кæд телеграммæ райста, уæд.
Бон райевгъудæй, дуккаг бон, æртиккаг, лæг зиннæг нæййес. Мæ катаййи бацудтæн, æхца дæр мæмæ нæбал адтæй, сауæнгæ цаййи агувзи аргъ дæр. Фунæй ма куддæрти-муддæрти кодтон аэропорти бæлццæнтти зали бадæнбæл. Цуппæрæймаг бон дæр рæфтæмæ ку неке разиндтæй, уæд еу уруссаг лæхъуæнмæ бацудтæн, афицери дарæси – бæрæг адтæй, кæмæдæр æнгъæлмæ кастæй. Мæ уавæри хабæрттæ ин ракодтон, æма, куд кæнон, уой нæ зонун, зæгъгæ. Фегъуста мæмæ, уæдта æнæдзоргæй æ дзиппæмæ нивналдта, финддæс соми си исиста æма мæмæ сæ æрбалæвардта. Мæ фурдесæй ма ци исдзурдтайнæ, уой нæ зудтон, уæдта имæ дзорун, дæ адрес мин зæгъæ, уайтæкки дин сæ рарветдзæнæн нæхецæй, зæгъгæ. Лæхъуæн æ сæр батилдта, нæ гъæуй, зæгъгæ, уæдмæ хуæдтæхæгæй еу хуæрзконд силгоймаг æрхизтæй, æвæдзи, æ бийнойнаг æма уой хæццæ рандæнцæ.
Еуминкъий мæхебæл фæххуæстæн, фал уæддæр сагъæс кодтон, фæстæмæ мæ нæхемæ æздæхун ку гъæуй, фæндаггагæн ци ’ргъуди кæнон, зæгъгæ. Фæндзæймаг бон сæумæй райистадтæн мæ хуссæн къелайæй æма исфæндæ кодтон, ескæми рæстæгмæ куст байагорун – нади харзи фагæ фæммадзал кæнунæн.
Рахизтæн залæй æндæмæ, кæсун æма мæбæл мæ цæститæ ратартæ ’нцæ – уартæ дин мæн æрдæмæ еу устур сумки хæццæ гъуддагхузæй æрбауайуй… Бяшим! Æрбахъæрттæй мæ размæ, æз ба цавддорау лæуун… Ку мæ рауидта, уæд сæхълæуд фæккодта, кæсуй мæмæ æма неци дзоруй, æ цæститæ ниуустур æнцæ. Æрæгиау ба уотæ:
– Морис ду дæ?
– Æз дæн, дзæбæх биццеу, æз, – дзорун имæ сабур гъæлæсæй. – Уотæ нæ дзурдтай, иуазæгуати мæмæ ’рцæудзæнæ, зæгъгæ? Уæд Бяшим æ сумкæ фæггæлста æма мин зæрдиагæй нихъхъури кодта…
Æрбадтан еу минкъий бассейни рази даргъ къелабæл бæлæсти аууони. Мæ хабæрттæ ин кæрæй-кæронмæ ракодтон. Хъип-сун дæр не ’скодта, уотæ æдзинæг мæмæ игъуста. Æрæгиау ба дин уотæ:
– Æз дæу бæрæгæн æгириддæр неци зудтон, ардæмæ мæхе гъуддæгути фæдбæл исуадтæн. Телеграммæ нæ райстон, неке мин неци загъта… Фал, Хуцау хуарз, æма дæбæл исæмбалдтæн!..
Бяшим уайтæккæ такси райста æма цубур рæстæгмæ Ашхабади устурдæр иуазæгуæттæй еуемæ бахъæрттан. Ци уат мин райста, уоми мæхемæ базилдтæн, мæ кеми ’рцудтæн еуминкъий. Уæдта мæ ресторанмæ ниххудта, дзæбæх фæббадтан, фæдздзубандитæ кодтан, æримистан не служби хабæрттæ, не ’фсæддон æмбæлтти – узбекаг Пулат Шарофутдинови, хъазахаг Саатбек Ишенкулови, украинаг Алексей Коломийчуки, уруссаг Гена Фролови, иннæ биццеути, нæ полкки хецау болкъон Астафьеви, мах æй Батя худтан…
Ку æризæр æй, уæдта мæ Бяшим фæххудта Ашхабади сæйраг фæлладуадзæн паркмæ, адтæй си аллихузон аттракционтæ, берæ фæсевæд. Адтæнцæ игъæлдзæг, цæрдхуз, бакастгин.
Нæ фусунуатмæ фæстæмæ ку бацудан, уæдта мин Бяшим уотæ:
– Морис, исон цæуæн махмæ, Марымæ, уадзæ, æма дæ мæхеуонтæ дæр базононцæ, æхцæуæн син уодзæнæй…
– Нæ, Бяшим, уомæн гæнæн нæййес, æндæр хатт уæмæ фæццæудзæнæн. Айфонмæ, мæ мадæ æма мæ фидæ сæ сагъæсæй кудтитæ кæнунцæ, е мæ цæститæбæл уайуй. Хатирæй уæд, фал мин æнæ цæуæн нæййес…
Нецибал загъта мæ туркменаг æнсувæр, балæдæрдтæй мæ. Дуккаг бон мин хуæдтæхæгмæ билет райста Минводти уæнгæ, мæ хæццæ дæр ма мин нади хæрзтæн æхца равардта, æма сæумæ дæс сахаттебæл ратахтан Цæгат Кавказмæ. Изæри æхсæз сахаттебæл ба Толдзгуни гъæугæрон æрхизтæн нæ синхаг гъæуккаг лæги рæуæг хуæдтолгæй – е мæбæл Минводти аэропорти фембалдæй æма мæ исхъæртун кодта нæхемæ.
Гъæубæстæ дæр æма бийнонти дæр катаййи бафтудтон…
Ка мæбæл рамбæлидæ нæ гъæуæй, етæ «нæхе амæттаг уо», зæгъгæ, мæбæл ниццийнæ уиуонцæ, æвæдзи, фæххабар æй, Морис цалдæр бони некæцæй зиннуй, зæгъгæ. Хуарзау нæбал адтæн, раст зæгъгæй.
Нæхемæ ку бахъæрттæн, уæд ма горени сæрти тургъæмæ бакастæн. Мæ мадæ Катя æма мæ фидæ Зелимхан, нæбал нин æнцæ, рохс дзенети уæд сæ бунат, уоми уæрдундони къуми мæтъæлæй бадтæнцæ. Бахизтæн медæмæ. Мадæ мæ ку рауидта, уæд искудтæй, æ хъури мæ никкодта. Фидæ ба мæмæ æдзинæг никкастæй æма мæ бафарста, кæми адтæ, зæгъгæ.
– Ашхабади, мæ лимæн Бяшими, зæгъун, рабæрæг кæнон… Дзæбæх æнцæ… Мæнæ син сæ газет дæр исластон, – æма имæ æвдесун «Туркменская искра», зæгъгæ, уæхæн газет.
Нецибал исдзурдта фидæ, арф нийнæфтæй æма хæдзарæмæ бацудæй…
Мæ фидæ мин æхуæдæг кæд неци загъта, уæддæр æй лæдæрдтæн, куд хъæбæр мæмæ исмæстгун адтайдæ, уой… Фæстæдæр куд базудтон, уотемæй, æвæдзи, æ тингунæй ку фæффæлмастдæр æй, уæд нæ мадæн ба загъта: «Сæргъæн миутæ ке ракодта, уомæй раст нæй, иннемæй ба арази дæн, æгайтима æрдхуардбæл уоййасæбæл еузæрдиуон æй, нимади имæ ’й…»
* * *
Морис æ дзубанди ку фæцæй, уæд æй бафарстон:
– Æма куд банифс кодтай уотæ изолмæ æнæ ести документ, æнæ ’хца еунæгæй рандæун?.. Нæ тарстæ?..
Е бахудтæй:
– Æма гъæуама цæмæй тарстайнæ? Уæди доги Советон Цæдеси кæмидæр адтайсæ – иуазæг нæ адтæ, хеуон, советон. Мæнæ нур фæккæрæдземæ ’нцæ кæддæр æнсувæртæй цæрæг адæмтæ, кæрæдземæн цæсти синдзæ фестадæнцæ. Растдæр зæгъгæй ба – уотæ сæ ахъелунцæ сæ нури «бодзотæ».
«Бяшим, мæ адрес ма мин гъуди кæнис?..»
Тæккæ дессагдæр ба е æй, æма аци хабæрттæ нæ еци дзубандитæбæл нæ фæцæнцæ. Еубонæ мæмæ мæ фидæ телефонæй дзоруй æма мин цийнæгæнгæй загъта:
– Зонис, мæ кизгæ, мæ туркменаг лимæни иссирдтон, æгас ма ’й, цæруй æ райгурæн бæсти, Марыйи облæсти. Æнæгъæнæ дæс æма дууинсæй анзи кæрæдзей бæрæгæн неци зудтан…
Фæстæдæр ба мин бæлвурддæр рахабæрттæ кодта. Цæветтонгæ, Гизæли нæ зонгитæй кæмæдæр дууæ туркменаг биццеуи кустонцæ, хæдзарæ ин цалцæг кодтонцæ. Мæ фидæ сæ хæццæ исæмбæлгæй сæ бафарста, кæцæй айтæ, Туркмений кæци рауæнæй айтæ, зæгъгæ, уæд лæхъуæнтæй еу загъта Марый сахарæй. Æма син уæд Морис ракодта Бяшими хабæрттæ, балигъстæ син кодта, æ бæргутæ мин базонайтæ, зæгъгæ. Уой фæсте дуккаг æви æртиккаг бон лæхъуæн Морисмæ фæдздзурдта æма имæ телефон æвдесуй:
– Мæнæ е æй Бяшим Курруков, кæд дæ фæндуй, уæд радзорæ æ хæццæ…
– Еу усмæ исдзорунгъон дæр нæбал адтæн – уотæ дессаг мæмæ фæккастæй – мæхе цæститæй уинун: мæ дзæбæх туркменаг лимæн, æнсувæри цард ке хæццæ кодтан, е дæлæ бадуй фæлмæн къæлæтгини хæдзарон дарæси æма ходæзмолæ кæнуй, уомæн дæр æхцæуæн куд нæй, кæрæдзей бабæй ке иссирдтан, цардæгас ма ке ан… Фæккаргунхуз æй, гъай-гъай, фал æй уæддæр базудтон. Уæдмæ мæмæ æхуæдæг дзоруй: «Зонун æй, Морис, агурдтай мæ, фарстай мæбæл ме ’мбæстонти, арфиаг уо, хъæбæр æхцæуæн мин æй!»
Æз æй фæрсун:
– Бяшим, мæ адрес ба ма мин гъуди кæнис?
Е дин уайтæккидæр уотæ: «Северо-Осетинская АССР, Ирафский район, село Толдзгун…» Гæгъæдимæ дæр не ’ркастæй, уотемæй! Ракодта мин æ бийнонти, цæуæти, цæуæти цæуæти дзæбæх хабæрттæ, æз дæр ин радзурдтон мæхе, мæхеуонти туххæй. Бадзубанди кодтан, амæйфæстæмæ, кæдмæ цæрæн, уæдмæ дæр кæрæдзей куд некæд иронх кæндзинан, ахиддæр ке игъосдзинан кæрæдзей дзурд – бастдзийнади гæнæнтæ кæд адтæнцæ нури хузæн!
Хæлардзийнадæ, лимæндзийнадæ, æнгарæбæл æхцул – адæймаги еци хиццаг менеугутæн алкæддæр уæлдай кадгин бунат уидæ адæмти царди. Æма, æвæдзи, изолдæр дæр гъæуама уотæ уа…
ХЕКЪИЛАТИ Маринæ, журналист