21 декабря 2024

МÆЗДÆГИ РАЙОНМÆ – УÆЛДАЙ ФУЛДÆР ÆРГОМ

18.05.2024 | 22:38

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Парламенти совети адтæй радон æмбурд, аци хатт – Мæздæги райони.

Депутаттæн сæ ихæс адтæй райони социалон-экономикон уавæр равзарун æма æ идарддæри ирæзти нисантæ исбæрæг кæнун. Евгъуд анзи еци уавæри бæрæггæнæнтæ циуавæр рауадæнцæ, национ проекттæ район куд исбæрæг кодта æма сæмæ аци анзмæ циуавæр пълантæ ес, уой фæдбæл радзурдта  Мæздæги райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæги ихæстæ æнхæстгæнæг Станислав Никифоров. Район ци национ пректтæ æма программитæ æнхæст кæнуй, уони ’хсæн е ранимадта «Минкъий æма рæстæмбес амалгъонадон хъæппæрестæн агъаз кæнун», «Цæрæнуæттæ æма алфамбулай фæзуæттæ», «Ахурадæ», «Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæ», «Экологи» æма æндæртæ, æма алли рауæн дæр къохи циуавæр бæрæггæнæнтæ бафтудæй, уонæбæл лæмбунæг æрлæудтæй. Æ радзубандимæ гæсгæ, евгъуд анзи райони бюджети æфтуйæггæгтæ æдеугурæй рауадæнцæ 2,3 миллиард соми.

Райони экономики уавæри æма æ идарддæри нисанти фæдбæл дзубанди кодта Парламенти закъонæвæрунади, закъонадæ æма бунæттон хеунаффæйади комитети сæрдар Черчести Аслан. Куд загъта, уотемæй экономикон æма социалон къабæзти размæцуди ес хуарз æййивддзийнæдтæ, уой хæццæ, ес уæлдай æргом æздæхт ка домуй, уæхæн гъуддæгутæ дæр, уонæй еу – гъæууонхæдзарадон нисанеуæги зæнхитæн сæ хаццони феддонтæ ке исберæ ’нцæ, е. Уомæй уæлдай, фæххæуæздæр кæнуйнаг æнцæ, зæнхи гъуддæгути хæццæ баст закъонæвæрунадæ куд æнхæстгонд цæуй, зæнхитæн сæ нисанеуæг æййевуни, сæ кадастрон аргъ фæнниллæгдæр кæнуни æма æндæр фарстатæ.

Социалон политикæ райони куд æнхæстгонд цæуй, уой фæдбæл адтæй æ радзубанди Парламенти национ политикæ æма фæсевæди гъуддæгути фæдбæл Комитети сæрдар Джиоти Георгийæн. «Мæздæги район республики иннæ районæй хецæн кæнуй, берæнацион ке ’й, уомæй. Хæларæй си цæрунцæ 45 адæмихаттей минæвæрттæй фулдæр», – загъта дзубандигæнæг æма е ’ргом разахта нацити ’хсæн рахастдзийнæдти фæсевæдон, социалон политики, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, ахуради, культури, физикон культурæ æма спорт, туризми фарстатæмæ. Аци къабази дæр евгъуд анзи дæргъи цудæй æма нур дæр цæуй æййивддзийнæдтæ, арæзт цæунцæ нуриккон домæнтæн дзуапдæттæг нæуæг объекттæ. Фал сагъæссагбæл банимайуйнаг æй демографион фарста: 2022 анзи хæццæ рабаргæй, евгъуд анз райони цæргути нимæдзæ, уой хæццæ, сувæллæнтти нимæдзæ дæр фæмминкъийдæр æй.

Еугур радзубандити фæдбæл дæр фарстатæ адтæй Тускъати Тайморазмæ, Парламенти Сæрдари хуæдæййевæг Доййати Светланæ æма Ортабайти Тимурмæ, депутаттæ Хæдарцати Аслæнбег æма Реуазти Ларисæмæ.

Æмбурди фæсте Парламенти Сæрдарæн адтæй фембæлд Мæздæги агропромышленнон комплекси минæвæртти хæццæ. Райони гъæууон хæдзарадæн æ уавæр, еумæ райсгæй, куд æй, циуавæр лухкæнуйнаг фарстатæ си ес, уой фæдбæл дзурдта райони бунæттон хеунаффæйади администраций гъæууон хæдзаради управлений разамонæг Æлхъацати Заур. Куд загъта, уотемæй сæ уæлдай хъæбæрдæр тухсун кæнунцæ донхуарæггæнæни гъуддаг гъæугæ хузи райаразуни хæццæ баст фарстатæ.  Нæ республики иннæ рауæнти хæццæ рабаргæй, Мæздæги райони зæнхитæн сæ фулдæр æнцæ хъæбæр хургин, сæрдигон мæйти син дон нæбал фæффагæ кæнуй. Æма зæнхæ донгъæуагæй æгæр сор ку уа, уæд циуавæр тиллæг гъæуама ратта? Райони гъæууонхæдзарадон къабази косгутæ сæ гъос хъæбæрдæр дарун байдæдтонцæ зайæгойтæмæ, фонсдарунади куст кæнун ке фæндуй, уæхæнттæ ’нцæ хуæрзминкъий, уомæн æма нæййес фагæ  хумгæндтæ, хезæнтæ, хуасгæрцитæ. Фембæлди архайгутæй алкедæр дзурдта, хъæбæрдæр сæ ка тухсун кæнуй, еци фарстатæбæл. Сæ сæйрагдæр æй, зæнхи, фонси куст кæнун ке фæндуй, уæхæнттæ берæ ке нæбал ес, уой. Ес нæмæ аграрон университет, уотемæй ба агрономтæ, зооинженертæ, гъæууонхæдзарадон æндæр специалисттæ нæййес фагæ. Сауæнгæ ма нæ фагæ кæнунцæ хумæтæг трактористтæ дæр, кæд сæ мизд аккаг æй, уæддæр. Дзубанди цудæй зæнхити хаццони аргъ фæнниллæгдæр кæнунбæл дæр. Фарстати фæдбæл сæ гъудитæ загътонцæ Мæздæги райони муниципалон исконди сæргълæууæг Гугити Геннади, Парламенти аграрон æма зæнхи политики, экологи æма æрдзон фæрæзнити комитети сæрдар Качарати Олег æма промышленности, транспорти, бастдзийнадæ æма амалгъонади комитети сæрдар Кисити Мурат. Тускъати Таймораз куд загъта, уотемæй уавæр равзаруни, фонсдаргутæн агъази уæлæнхасæн мадзæлттæ исаразуни æма иннæ фарстатæ ралух кæнуни туххæй арæзт æрцæудзæнæй парламентон байгъуститæ. Уони фæдбæл закъонæвæрунади бундорбæл рахæсдзæнæнцæ гъуддагæн агъазгæнæг унаффитæ æма исфедар кæндзæнæнцæ бæлвурд кустити пълан.

Райони агропромышленнон къабази косгути хæццæ фембæлди фæсте Тускъати Таймораз бабæрæг кодта, гъæу Комаровойи ка ’рбунат кодта, еци куройнæ. Исаразта ’й æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Мука Ставрополья». Æ хецау Андрей Узловенко радзурдта кустуати туххæй. Куд загъта, уотемæй, гъуддаг æ райдайæнæй æ кæронмæ цæмæй исирæзтайдæ, уомæн багъудæй айдагъдæр анз, уæдта ма паддзахади агъаз дæр. Е лæвæрд æрцудæй «Гъæууон хæдзаради, агропромышленнон къабази æма хомагкустгæнæг промышленности райрæзт»-и паддзахадон программи фæлгæти. Куройнæ искуста евгъуд анзи декабри мæйи. Архайуй си айдагъдæр 20 адæймаги, уомæн æма еугур куститæ дæр æнцæ автоматизацигонд. Хуари æма инсади хуæзгъæдæдзийнадæ бæрæг кæнунæн си ес сæрмагонд лаборатори. Æ гъомусмæ гæсгæ куройнæ еу мæйæмæ хæссуй мæнæуи æртæ мин тонни. Инсад ласунцæ Уæрæсей алли регионтæмæ, уой хæццæ, фæсарæнтæмæ дæр.

Мæздæги райони æ косæг балций рæстæг ма Парламенти Сæрдар бабæрæг кодта Мæздæги бæстæзонæн музей, æма фарæ бундорон цалцæггонд ка ’рцудæй, Мæздæги еци 8-аг астæуккаг скъола.

МАЛХЪАРТИ Зæлинæ