МАКÆД СÆ ФЕРОНХ КÆНÆ, ИРИСТОН!..
Кæрон. Райдайæн нæ газети 14-16-аг номерти.
Аци æрмæгæн нæ газети айразмæ номери ци хай ниммухур кодтан, уой кæронбæттæни дзубанди цудæй, советон æсгаргутæ сосæгцуди куд ранæхстæр æнцæ Рассветмæ – аци гъæуи знаг уотæ æрфедар æй, æма хъæбæр хъор кодта советон æфсæддон хæйтти размæцуд. Æма ин базонун гъудæй æ гæнæнтæ æма равгитæ, уæдта кутемæй æй фæссорæн ес уордигæй. Не ’сгаргутæн сæ раздзæуæг лейтенант Виталий Целиков сæ «балций» хабæртти туххæй уотæ имиста:
Куд исбæрæг кодтан, уотемæй Рассвети донибилæбæл ци хæдзæрттæ рарæнгъæ ’нцæ, уонæй немуц исаразтонцæ доттæ æма римæхст адтæнцæ арф. Махонтæ сæ ку æхсиуонцæ, уæд дотти бадæг æфсæддонтæ сæхе римахстонцæ сæ арф федæртти æдасдæр рауæнти. Дони сæрти бацæунмæ ку багъавианæ, уæд нæ æмæхст кæнун байдайиуонцæ знаги пулеметтæ æма иннæ тохæндзаумæуттæ. Нур балæдæрдтæн, федарæн комкоммæ æмпурстæй райсæн ке нæййес, уой, – фæрсæрдигæй есгæ адтæй…
Фал штаб?.. Уæддæр кæми æй?.. Алли хæдзари æй ку агорæн, уæд нæ сæртæ дæр нæбал фæййервæзун кæндзинан.
Мæнæ еу хæдзари къæразгæй мæнгæ рохс кæлуй. Рауидтан гъæуайгæнæги. Уазал думгæ ’й фарси аууонмæ батардта. Нæ къæхти гъæр ку фегъуста, уæд базмалдæй æма цидæр исдзурдта. Фал æ автоматæй фæппайда кæнунмæ ба нæбал исарæхстæй. Дзугай-фурт ин æ сæр райахæста æма ин æ бæрзæй исæздухта, иннæ денгизон ба ин æ кард æ реуи фæссагъта æма гъæуайгæнæг салд зæнхæбæл æрхъан æй.
Сабургай дуар бахуастон. Ракæсæг нæййес. Медæгæй цидæр æстуф райгъустæй, фал нæ размæ неке цæуй. Автоматæй къæразгæ батъæпп кодтон æма медæмæ багæлстон танкити нихмæ тохæн гранат. Хæдзари гранати исрæмугъди хуæдфæсте мах дæр къæразгæбæл медæмæ багæппитæ кодтан. Цуппар афицери си зæнхæбæл дæргъитæй рауидтан. Дзиппидаргæ фонари рохсмæ штаби гæгъæдитæ æма федари пълан ратумбул кодтан…
Штаби хæдзарæй еудзæвгарæ ку рауадан, уæд мæйдари цæхæр искалдтонцæ фæдеси ракетитæ. Уайтæкки мæ рæдуд балæдæрдтæн: штаби афицертæй кадæр æгасæй байзадæй æма нæ хуæдфæсте фæффæдес кодта. Ци гæнæн ма нин адтæй тугъди бацæунæй идарддæр.
Данилянц, Паршин æма Мамий-фуртæн райамудтон, уой размæ дот ци хæдзари бунмæ ракæдзос кодтан, уомæ, æма син загътон, нæ операций æнтæстдзийнадæ нур сумахæй кæнгæ ’й, тох кæнетæ знаги нихмæ æхе тохæндзаумæуттæй, цалинмæ къуар ардигæй райервæза, уæдмæ, зæгъгæ.
Мæ къуари дони ’рдæмæ нæ, фал гъæуи дæллæй нартихуари хумæмæ фæййаразтон. Нæхердæмæ нин нæ над æхгæд ке ’рцудæй, е мин лæдæрдгонд адтæй æма фæдфæлевæн нæдтæбæл гъæуама рацудайанæ.
Тугъд истухгин æй, гъæу исæнкъустæй.
– Фæппурхæ уотæ нартихуæртти, æма, кæмæн куд амал уа, уотемæй, нæхеуонтæмæ, – загътон ме ’мбæлттæн.
Ракетæй ниррохс æй нæ над. Пулеметти нæмгутæ сæ сæрти ехуарæгау кодтонцæ. «Документтæ фæстæмæ знаги къохти бафтуйуонцæ, уомæн неци хузи уæн ес!..» – уæхæн адтæй мæ сæйрагдæр мæтæ. Бон дæр цъæхтæ кæнун райдæдта.
Æнæнгъæлæги бахаудтæн еу уæрмæгонди дуармæ. Фуркатайæй си фæммедæг дæн, ефтигъд гранат мæ къохи, уотемæй:
– Ка айтæ? Уæ къохтæ исдаретæ!.. – фæгъгъæр кодтон, кæбæл, уой нæма зонгæй.
Мæ гъостæбæл рауадæй тарст сувæллæнтти кæун. «Кумæ бахаудтæн!» – иссугътон фонарь. Кæсун: дууæ силгоймаги сæ сувæллæнтти хæццæ кæунæй сæхе марунцæ. Уруссаг дзубанди ку райгъустæй, уæд минкъий сæ кæунæй фæссабурдæр æнцæ. Ку мæ базудтонцæ, уæд ма сæ цийнæн кæрон кæми адтæй! Сабийтæ мæбæл сæхе æрбатухтонцæ.
– Дон мин раттетæ! – загътон.
Фал марди рони кæрдзин ка агурдта, уоййау рауадæй мæ дзубанди. Ами, уæрмæгонди тæрегъæдæй ка мардæй, мæлæти къахбæл ка лæудтæй, уонæмæ цæй дон æма хуæруйнаг адтайдæ! Хом нартихуар хуардтонцæ æма уомæй ервазтæнцæ.
– Сурхæфсæддон дæ? – рафарста мæ сауцæстæ биццеу.
– Гъо, сурхæфсæддон дæн.
– Æма нæ рауадздзæнæ аци ахæстдонæй? Рамардзæнæнцæ нæ… Фæййервæзун нæ кæнæ!..
Æрбабон æй æма мин знаги фæскъилдунæй рацæунæн равгæ нæбал адтæй. Сауæнгæ талингæмæ еци уæрмæгонди фæдтæн æма мæ гъос дардтон фашистти федармæ. Уоми æзмæлд не ’рæнцадæй бон-изæрмæ.
Æхсæви æрбайервазтæн нæхеуæнттæмæ…
Кавказбæл тогуарæн тугъдтити фæууæлахезæн æ сæйрагдæр тухæ адтæй адæми æма Сурх Æфсади æндон еудзийнадæ, нæ Цæдеси аллихузон æвзæгтæбæл дзорæг адæмти æнсувæрдзийнадæ æма хæлардзийнадæ. Æнгом, æмдухæй ке лæудтан, е адтæй тугъди нæ сæйрагдæр нифс.
Дзæгъæли нæ фæффудæбон кодтонцæ Иристони фæллойнæгæнгутæ, знаги бомбити буни Сурх Æфсадæн сæ фæстаг къæбæр æма тоги æртæхтæ дæтгæй.
* * *
Нæ дзубанди æвзонг поэттæй райдæдтан. Уонæй абони не ’хсæн беретæ нæбал æнцæ. Æрдæгбæл раскъудæй сæ дессаги цардбæллон зар. Сæ ниййергутæ сæмæ, тугъд фæцæй æма нæмæ тагъд зиндзæнæнцæ, зæгъгæ, æнгъæлмæ кæсгæй байзадæнцæ. Фал… Сæ æхсаргин фурттæ син, нæ Фидибæстæмæ гадзирахаттæйф æрбалæборæг цъамар маргхæссæг хелæги-æн æ сæр ницъцъæлæ кæндзинани æнæмæнгæ, зæгъгæ, ци ард бахуардтонцæ, уой рæстуодæй исæнхæст кодтонцæ. Фал, сæ иннæ соми, гъома знаги тагъд ниддæрæн кæндзинан æма уæмæ уæлахезонтæй зиндзинан, зæгъгæ, сæ еци соми исæнхæст кæнун ба син нæ бантæстæй, уомæй сæ ниййергути, сæ бийнонти, сæ уарзон дзилли фæффудевгет кодтонцæ. Æма син е хатиргонд фæууæд – етæ сæ соми уомæ гæсгæ нæ исæнхæст кодтонцæ, æма сæ Райгурæн бæстæ, сæ Иристон багъæуай кæнунæн неци бавгъау кодтонцæ, сауæнгæ сæ цард раттуни уæнгæ дæр.
…Нæ абони сæребарæдзийнадæ æма амондгун царди сæрбæлтау тохи æ зинг кæмæн рахустæй, етæ минтæ, миллионгай бæгъатæртæ адтæнцæ. Сæ номерæн æнсувæрон циртдзæвæнтæбæл ци æносон æхседæрфтæ иссугъдæй, уони хузæн гъæуама нæ зунди, нæ зæрдити æностæмæ ма нидæн кæнонцæ сæ æхсаргин гъуддæгути азæлд, мингай-мингай æнзти син дзиллитæ гъæуама сæрустурæй дзоронцæ сæ рохс нæмттæ æма уинонцæ сæ федауцæй-федауцæдæр сорæттæ. Устур кадæ æма намуси аккаг æнцæ, нæ Фидибæстæ гадзирахаттæй æрбалæборæг знагæй фæййервæзуни сæрбæлтау æ цард ка иснивонд кодта, етæ дæр æма тугъди будурæй уæлахезонæй ка исæздахтæй, æма бæстæ нæуæгæй æ къæхтæбæл ислæуунбæл æновудæй ка фæхъхъиамæт кодта, етæ дæр.
Макæд сæ феронх кæнæ, Иристон!
ДЗАТТИАТИ Тотурбег, ГУБАТИ Чермен