МУДÆН СИ ÆМБАЛ НÆЙЙЕС
Биндзити мудæй адæймаг алли незтæй æхе дзæбæх кæнун базудта хъæбæр раги. 3500 анзей размæ мисийрæгтæ зудтонцæ мудæй цæфтæ дзæбæх кæнун.
Игъустгонд бердзейнаг дохтир Гиппократ 2500 анзей размæ æ киунугæ «Цæфти туххæй»-и финста мудæй пайда кæнуни рецепттæ.
Нуртæккæ дæр адæмон медицинæ урух пайда кæнуй мудæй аллихузон незти нихмæ. Мудæй бауæри цæф ку байсæрдай, кенæ цæфбæл мудæй компресс ку исæвæрай, уæд цæфмæ тог хъæбæрдæр цæун райдайуй, кæдзосгонд цæунцæ бауæри игургæ, æма тагъд исдзæбæх уй.
Муд хъæбæр агъаз кæнуй ахсæни незтæн. Хуæздæр æй, мæтъæл дони æй ниттайун кæнгæй, ниуазун сехуари æма рæфтади хуæрдæй 1-2 сахатти раздæр. Изæрæй ба муд ниуазун гъæуй æхсæвæрæй æртæ сахатти фæстæдæр.
Муд агъаз кæнуй нервити æнцойнæдзийнадæн, хуæздæр фунæй кæнунæн.
Мудæй пайда кæнунцæ зæрди, тогдадзинтти незтæн.
Кæнунцæ си аллихузон исæрдæнтæ цæститæ æма бауæри незтæн.
Адæймаги уазал ку бацæуа, уæд ин дæттун гъæуй тæвдæ цай, кенæ фунх æхсир, муд сæбæл никкæнгæй.
Еске зæгъдзæнæй аци рæстæги алцидæр хъазар ку æй, уæд пенсиесæгæн муд æлхæнун æ бон кæми бауодзæнæй.
Раст зæгъгæй, муд хъазар æй. Фал, афтекти ци хуастæ уæйæ кæнунцæ, етæ асландæр æнцæ? Нæ ’нцæ. Муд ба хæдзари уавæрти æфснайдæй дарæн ес дæргъвæтийнæ рæстæги, æма си багъæуаги рæстæги пайда кæнун нези нихмæ.
Æ фадуат кæмæн æй, е ба ’й аллибон дæр хуæрæд, æ зæрдæ куд агоруй, уотæ.
Дохтиртæ куд амонунцæ, уотемæй рацæргæ адæймаг сутки дæргъи 60-100 грамми муд ку хуæра (еци-еу хуæрдæ нæ), уæд е хуарз агъаз æй е ’нæнездзийнадæ, æ психикæ æма нервтæ федардæр кæнунæн.
Мадта хуæретæ муд, нæ хъазар хестæртæ, æма фулдæр цæрдзинайтæ æнæнез æма игъæлдзæгæй.