21 ноября 2024

НÆ КÆСТÆРТÆЙ СÆРУСТУР КУД УÆН!..

30.11.2022 | 21:39

Нæ абони цардиуаги тæккæ ахсгиагдæр, зæгъун æнгъезуй, сагъæссагдæр æнцæ нæ ирæзгæ фæлтæрти аккаг хузи гъомбæлади хæццæ баст фарстатæ. Уой фæдбæл адтæй сæ дзубанди Бичилти Алетæ æма Баликъоти Тотразæн.

Алетæ: Алли догæ дæр адæми цардиуагæмæ æхе æййивддзийнæдтæ хæссуй, æма етæ ба æнæфæззингæ нæ фæуунцæ кæстæрти зундирахастбæл дæр, уой дæр цæмæйдæрти лæгъузæрдæмæ. Æма хестæртæ афойнадæбæл ку нæ батухсонцæ, кæстæрти еци лæгъуздзийнæдтæй багъæуай кæнунбæл, цæмæй син сæ зундирахаст ма исусхъуммитæ кæнонцæ æма царди раст нæдтæбæл цæунæй ма фæккеуонцæ. Уомæй ку байрæги кæнæн, уæд куд фæззæгъунцæ, сæринезтæй байдзаг уодзинан…

ТОТРАЗ: Дæ хæццæ арази дæн.  Уæдта дин дæ тухст дæр лæдæрун – фæстаг рæстæгути нæ кæстæрти уодварнон гъомбæлади гъуддæгутæбæл еуцæйбæрцæдæр устурзæрдæ ке иссан, уомæ гæсгæ си  цидæр зулундзийнæдтæ зиннун байдæдтонцæ. Уой дæр, кæстæрти гъомбæлади сæхе ка исреформатортæ кодта, уони «зундамундтити» фудæй. Ци хузи концепцитæ æма программитæ ба не ’ргъуди кæнунцæ æма сæ туххæй дæр æхсæнади хъури тъунсунцæ.

Хатгай мæмæ уотæ дæр фæккæсуй, æма уони ка æргъуди кæнуй, етæ нæмæ, æвæдзи, нæ зæнхæй хъæбæр идард ка ’й, уæхæн æндæр планетитæй фæззиндтæнцæ, æма догæй-догæмæ нæ адæми еугур фæлтæрти цардгъон ка кодта, нæ фидтæлтиккон еци æгъдæуттæн,  æгириддæр неци зонгæй, сæ сæргъæн унаффитæбæл нæ туххæй дæр гъæуа-нæгъæуайæй баууæндун кæнунбæл архайунцæ. Сæ еци унаффитæ цæйбæрцæбæл нецæййаг æнцæ, е ба хъæбæр тагъд рабæрæг уй – царди æцæгдзийнадæ син æхуæдæг рахæссуй æ тæрхон.

РАСТ ЦИ УА, УОЙ ФÆЛТÆРÆЙ-ФÆЛТÆРМÆ УИНÆГ ДÆР ÆМА ФÆНЗÆГ ДÆР ГЪÆУАМА УА!.. 

Алетæ: Уотемæй ба кæстæрти гъомбæлади ес берæ уæхæн берæ гъуддæгутæ, кæцитæн сæ цардгъондзийнадæ исбæрæг æй нæ фидтæлти фæлтæрддзийнадæй. Æма сæмæ уæд абони лæмбунæг цæмæннæ æркæсæн æма си нæ нуриккон цардиуаги уавæрти хæдзардзиндæрæй цæмæннæ пайда кæнæн?!

Тотраз: Раст зæгъис. Æцæгæйдæр, нæ фидтæлти фæлтæрддзийнадæмæ лæмбунæг цæмæннæ æркæсæн æма си хуарзæй æма бафæнзуйнагæй ци ес, уомæй цæмæннæ гъæуама пайда кæнæн нæ еумæйаг фæрнугади сæрбæлтау. Уæлдайдæр ба – нæ ирæзгæ фæлтæрти гъомбæлади гъуддаги.

Æрхæсдзæнæн мæнæ ауæхæн дæнцæ. Кæддæр, Цитгин октябри революций размæ нæмæ уагъд цудæй газет «Терские ведомости». Æма уой ку рахатæн, уæд си берæ æрмæгутæ ес иссерæн, мах адæммæ кæстæрти гъомбæладæ куд æвæрд адтæй, уой туххæй дæр. Зæгъæн, уоми мухургонд уацтæй еуеми уотæ финсунцæ:  «При воспитании детей население держится принципов горского воспитания: при старших не выражать своих суждений, оказывать старшему всевозможные услуги, уступать старшему место, когда он подходит, не садиться без приглашения…» Уæхæн домæнтæмæ гæсгæ ба кæстæртæ æгъдау лæдæрдтæнцæ æма æгъдаугинæй сæхе æвдистонцæ: «Почтение детей к родителям чрезвычайно велико: сын при отце в присутствии посторонних никогда не сядет, никогда не ввяжется в разговор, а говорит тогда, когда его спросят…»

Алетæ: Æма еци æгъдау нæ абони кæстæртæн бафæнзуйнаг нæй? Ниййергутæ сæ кæстæрти цæмæннæ нæ гъомбæл кæнунцæ еци хузи? Уой фудæй ба нури кæстæртæй ес уæхæнттæ, æма сæмæ хестæр – кæмидæрти ба сæ ниййергутæ дæр – нимади нæ ’нцæ…

Тотраз: Абони нин пайдахæссæг ка уидæ, нæ фидтæлти еци фæлтæрддзийнади туххæй нæ ахургæндтæй беретæ, нæ исфæлдистадон къабæзти косгутæй бацæттæ кодтонцæ цæмæдесаг æрмæгутæ. Уонæй еу – Гостити Ларисæ, не ’гъдæутти туххæй берæ бундорон берæвæрсуг æсгарæн куститæ ка бацæттæ кодта, еци зундгонд ахургонд Гостити Хъазбеги кизгæ. Хъазбег абони, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд… Æ кизгæ Ларисæ  æнтæстгинæй  архайуй, æ фидæ уоййасæбæл кæми фескъуæлхтæй, еци наукон гъуддаги. Æ берæ уацтæй ин æримисуйнаг дæн еуей – хуннуй «Куд гъомбæл кодтонцæ сæ сабийти нæ фидтæлтæ». Кæд финст хъæбæр раги æрцудæй, уæддæр, ци æрмæг си ес, е лæмбунæг æркæсуни аккаг æй.

Æ уаци тæккæ райдайæни Ларисæ раст баханхæ кодта: ирæзгæ фæлтæри гъомбæлади хæццæ баст фарстатæ цæйбæрцæбæл хуæздæр æвæрд æма лухгонд цæуонцæ, уойбæрцæбæл æнтæстгиндæрæй арæзт цæудзæнæнцæ æхсæнадæн æ цардарæзти еугур социалон-экономикон гъуддæгутæ дæр. Æма бæлвурд дæнцитæ æрхаста, нæ фидтæлтæ ба куд æма цæбæл ахур кодтонцæ сæ цæуæти.

Мах адæммæ гъомбæладон гъуддаг арæзт цудæй, кæрæдземæй фæххецæнгæнæн кæмæн нецихузи адтæй, уæхæн дууæ хаййей фæрци – хæдзари гъомбæл кæнун æма æхсæнади ’хсæн гъомбæл кæнун. Хæдзари гъомбæл кæнун, бийнонти астæу ирæзун – уæхæн фæткæн æ нисанеуæг агъазиау æй, уомæн æма еци уавæри кæстæр кæсуй хестæрмæ æма ин уой менеугутæ зæрдæмæдзæугæ исунцæ, æхецæн сæ бафæнзуйнагæн райсуй.

Сувæллонбæл цалинмæ авд-аст анзи рацудайдæ, уæдмæ гъомбæл кодта æ хæдзари, æ бийнонти ’хсæн, биццеутæ дæр æма кизгуттæ дæр ирæзтæнцæ еумæ, æмвæрстæ. Уони гъомбæл кæнуни гъуддаг фулдæр адтæй кенæ мадæ, кенæ ба зæрæндти – нанатæ æма бабати – бæрни. Етæ, еуемæй, косгæ нæ кæниуонцæ, иннемæй ба уæлдай æхцул уиуонцæ сæ цæуæти бæдæлттæбæл. Уобæл дзорæг æнцæ нæ фидтæлтиккон берæ зундгин æмбесæндтæ: «Зæнæги зæнæг адгин æй», «Зæнæги зæнæг – зæнги магъз», «Зæнæг – тæскъæ, зæнæги зæнæг – муд».

РÆВДУД ДÆР Æ БÆРЦÆЙ ПАЙДА ÆЙ!..

Алетæ:  Кæстæртæ сæ бабатæ æма нанатæбæл æхцулдæр ке фæуунцæ, уой ни алкедæр зонуй – зæрæндтæ син алцидæр бухсунцæ, имонау сæ кæнунцæ. Берæ цидæртæ син хатир кæнунцæ, æгириддæр цæмæн не ’нгъезуй, уæхæн «гиризтæн» дæр. Уой фудæй кæстæртæн æ  сабийæй уотид пъæр-пъæр миуи хузæн ци фæууй, е æ сæри зунди бацæуй, гъома, æнгъезуй мин мæхе уотæ дарун, зæгъгæ, гъуди. Æма ку рабайлæгъ уй, уæдта ин фудзунди хузи исфедар уй æ уодиконди, фидбилизтæ дæр расайуй. Гъе уотемæй кæстæрти хевæндæдзийнæдтæн хестæрти æнæбунати бухсундзийнади фудæй гъомбæлади домбайдзийнадæ киуддæр кæнуй…

Тотраз: Æцæгæйдæр, кæстæртæн хестæрти фуррæвдуд хаттæй-хатт нæ фæррæстмæ уй. Уой фæдбæл ма  мæ бон уотæ зæгъун дæр æй, æма хестæртæ цардиуаги алли гъуддаги дæр куд домагæ адтæнцæ, гъе уотемæй кастæнцæ сабийти гъомбæладæмæ дæр, сауæнгæ листæг фарстати уæнгæ дæр. Уомæн æма си ке бафæндадтæй, æ кæстæр, уæлдайдæр ба æ цæуæти цæуæт нецæййагæй исирæза.

Æцæг уотæ зæгъæн дæр нæййес, æма хестæртæ алкæддæр æма алцæмæй дæр карз адтæнцæ, фулдæр æфхуæруни мадзæлттæй пайда кодтонцæ. Нæ, сæ уæззау, идæрдтæбæл гъудигæнагæ зундæй игурдæй сæ уайдзæф…

ЗУСТ ÆМА ХИЛИ БÆСТИ БАГЪÆУАГИ ФÆЛМÆН ДЗУРД ТУХГИНДÆР РАЗИННУЙ!..

Уой фæдбæл æрхæссæн бæлвурд дæнцæн. Зундгонд  финсæг Бицъоти Гриси финст документалон уацау «Ставд-Дорти-йи бакастæн мæнæ ауæхæн хабар. Цæветтонгæ, гъæуккаг биццеутæй еу, Токати Ким сæ синхаг биццеу Бортников Адольфи хæццæ фæллимæн æй. Уой мадæ Иринæ зæнхи куст кæнунмæ дæсни адтæй. Халсари муггагæй сæ дзæхæрай алцидæр ирæзтæй. Тамаку дæр байтауидæ. Карстæй æй агувзитæй уæйæ кодта. Адольф ин  æ тамакутæй радавта æма Кими хæццæ исдумдтонцæ. Æма еци миуæбæл фæццалх æнцæ. Еууæхæни бабæй, нартихуари хуми куд думдтонцæ, уотемæй сæ Кими мадæ Дзæго баййафта. Ким хуарзау нæбал фæцæй, фæннæмдзæнæй мæ, зæгъгæ, фæттарстæй. Мадæ æ фурти сæхемæ фæххудта. Еу уайдзæф дæр ин не ’скодта, фал ин рæвдаугæ гъæлæсæй уотæ бакодта:

– Еунæг биццеу мин дæ, æма хекарст тамаку цæмæн гъæуама думай?

Еци загъди хæццæ æ дзиппæй æхцатæ исиста æма ин сæ равардта:

– Цо æма къоппити конд тамакутæй балхæнæ…

Туканмæ «осмушкитæ» æрластонцæ – устур лæгтæ ке думдтонцæ, уæхæн тамакутæ. Æма си Ким балхæдта. Кæдмæ ин исфагæ ’нцæ, уæдмæ фæддумдта æргомæй. Тамакутæ фæцæнцæ æма цæйбæрцæдæр рæстæг нæбал бадумдта. Мадæ ин уотæ:

– Цæмæннæ думис?

– Нæбал мæмæ ес, – загъта биццеу.

– Думгæ кæнæ, – загъта мадæ. – Нæ гъог дæр рауæйæ кæндзинан, уæддæр дæ тамаку ма ниууадзæ.

Мадæн æ еци загъд кæд фæлмæн хузи адтæй, уæддæр си ци маст, ци катайтæ игъустæй, уой куд нæ балæдæрдтæй Ким. «Тамаку цæмæй думон, уой туххæй нæ гъог гъæуама рауæйæ кæна?»  – искатай æй биццеу. Æма уайтæккæдæр æхецæн карзæй ислух кодта: «Нæбал бадумдзæнæн, нæбал…» Мадæн дæр федарæй дзурд равардта, ке нæбал бадумдзæнæй, уой туххæй.

Нур ба уæхуæдтæ расагъæс кæнетæ, куд зундгин разиндтæй еци силгоймаг, уобæл. Гæнæн адтæй, æма æ фуртæн, хъæбæр фæххилæ кодтайдæ, нæмгæ дæр æй ракодтайдæ, фал ин уотемæй тамаку думун ниууадзун кодтайдæ?.. Магъа-магъа…

Нæ фидтæлтæ уæлдай устур æргом æздахтонцæ, цæмæй кæстæртæ æнхæст уонцæ, царди æнæмæнгæ ка гъудæй æма федауцæ кæмæй кодта, уæхæн гъуддæгутæй дæр: хестæртæн кадæ кæнун, хуæдæфсармæ, æнæсайд æма рæстзæрдæ адæймаг ун, райгурæн бæстæбæл æновуд ун… Æгъдаубæлхуæст хестæртæй неке ниббухстайдæ нæдæр æхе цæуæтæн, нæдæр ба сауæнгæ синхбæсти дæр æма гъæубæсти дæр æндæр кедæр кæстæртæн дæр æведауцæдзийнадæ.

Алетæ: Нæ дзубандий кæронбæттæни ба ма, Тотраз, уой зæгъуйнаг дæн, æма  нæ фидтæлтæмæ кæстæрти гъомбæлади æгъдæуттæн сæ зингæ-зингæдæр хай абони дæр æй ахсгиаг æма бафæнзуни аккаг. Куд хуарз уидæ, етæ нæ нури рæстæги, берæ цæмæйдæрти нин нæ фæсевæди ка дзæгъæлтæ æма рæдуйунтæ кæнуй, еци уавæрти ку исцæрæццаг уиуонцæ æма сæ фарнæ тæккæ агъазиаудæрæй ку фæббæрæг уидæ нæ кæстæртæн сæ зундирахастбæл, сæ цардиуагæбæл… Кутемæй?.. Еци фарстæн, ка ’й зонуй, алкæмæ дæр разиндзæнæй æхе дзуапп. Фал уæддæр еумæйагæй ба уотæ зæгъæн ес, æма фиццагидæр архайун гъæуй, цæмæй хестæртæй алкедæр гъæуама æхе хуæрзæгъдауæй дæнцæ уа кæстæртæн, цæмæй кæстæртæ хуарз æма лæгъуз æртасунгъон уонцæ æма фæнзонцæ, сæ карнæ син федауцæй аразунæн хуæздæр ци фæййагъаз уодзæнæй, уой.

Аци æрмæг мухургонд æрцудæй газет «Дигорæ»-йи 2020 анзи 24 августи.