НÆ МЕДИЦИНИ – НÆУÆГ РАВГÆ
Æрæги Дзæуæгигъæуи республикон онкологон диспансери бундорбæл компанити Къуар «МедИнвестГрупп» байгон кодта ядерон медицини Центр ПЭТ-Технолоджи. Цæгат Иристони медицинон къабазæн е иссæй хъæбæр агъазиау цау – уой фæрци амæйфæстæмæ уодзæнæй равгæ онкологийæй сæйгитæн сæ незихатт никки растдæр рартасунæн æма сæ уой фæрци сæ незæй æнхæстдæрæй дзæбæх кæнунæн.
Центр кадгин уавæри байгон кæну-ни мадзали архайдтонцæ нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав, агъазиау медицинон проекттæ царди рауадзунбæл ка архайуй, еци уæрæсейаг компанити Къуар «МедИнвестГрупп»-и президент Сергей Нотов æма аци компаний минæвæрттæ.
ПЭТ-КТ æй медицини нуриккондæр фæрæзнæ. Еугур иннæ медицинон фæ-рæзнитæй, сауæнгæ компьютерон томогрæфæй дæр е никки растдæр æма бæлвурддæр рартасуй онкологийæй сæйгитæн сæ незихатт æма æ уавæр, гъома, æ фæрци онкологийæй сæйгитæн æвæрд цæуй тæккæ растдæр æма æнхæстдæр диагностикæ. Дзубанди дæр ибæл нæййес, цийфæнди незихатт дæр афойнадæбæл раст æвзурст ку æрцæуа, уæд сæйгæн æ незæй фæййервæзуни гæнæнтæ дæр дзæвгарæ фулдæр фæуунцæ.
Битарти Вячеслав компаний минæвæрттæн æма онкологон диспансери, уæдта ядерон медицини Центри косæг дохтиртæн зæрдиагæй райарфæ кодта æма æ радзубандий загъта:
– Аци центр Дзæуæгигъæуи ке байгон æй, е республикæн æма æ цæргутæн æй, раздæр нæмæ ка некæдма адтæй, уæхæн ахгсиаг æма агъазиау къахдзæф адæми æнæнездзийнадæ гъæуайгæнæн къабази райрæзти гъуддаги, бæлвурдæй ба, онколо-гон сæйгитæн фадуат уодзæнæй сæ незæй исдзæбæх унæн нуриккондæр гæнæнтæй пайда кæнунæн. Æнæмæнгæ, аци инвестицион проекти фæрци хуæрзгъæдæ медицинон агъаз бахъæртдзæнæй, е ’нæнездзийнади уавæрмæ гæсгæ ке багъæуа, еугур еци адæммæ дæр. Уæхæн сæйгити нимæдзæ ба нæмæ, гъулæггагæн, минкъий нæй. Уомæ гæсгæ аци центри фæззинд æй хъæбæр ахсгиаг. Нурæй фæстæмæ нæ республики цæргути сæ незихатт исбæлвурд кæнуни туххæй кумæдæр æндæр рауæнтæмæ цæун нæбал гъæудзæнæй. Онкологон незти фудæй ка бастъæлуй, уæхæн сæйгити нимæдзæ нæмæ цæмæй минкъийæй-минкъийдæр кæна, е нæ республики разамундæн æй æ сæйрагдæр ихæстæй еу, æма ’й тæккæ гъæугæдæр хузи æнхæст кæнунбæл идарддæр дæр æновудæй архайдзинан.
«МедИнвестГрупп»-и президент Сергей Нотов æ радзубандий райарфæ кодта, Цæгат Иристони ядерон медицини Центр байгон кæнунбæл æма аци ахсгиаг проект исæнхæст кæнунбæл ка бакуста, уонæн:
– Мах нури уæнгæ дæр аллихузон проекттæ æнхæст кæнунбæл кустан Дагестани, Цæцæни, фал Цæгат Кавкази республикитæй ауæхæн Центр тæккæ фиццаг игонгонд цæуй Цæгат Иристони. Æма е хумæтæг бæрæггæнæн нæй. Е дзорæг æй, республики разамунд адæми æнæнездзийнадæбæл æновудæй ке тухсуй æма нуриккондæр медицинон гæнæнтæ республики парахатдæрæй пайда кæнуни фадуæттæ унбæл еудадзуг ке архайуй, уобæл. Онко-логон незтæ рартасунбæл æма сæйгитæн хуæрзгъæдæ медицинон лæггадæ кæнунбæл нæ компани косуй дуйнеуон æмвæзадæбæл. Уомæй уæлдай е æй фармацевтики къабази агъазиаудæр холдинг дæр ма.
Сергей Нотов куд загъта, уотемæй нæ бæсти ядерон медицини Центртæ æдеугурæй ес æстдæс. Нури уæнгæ Цæгат Иристонмæ тæккæ хæстæгдæр уæхæн центртæ адтæй Стъараполи æма Ростови. Æма республики цæргути багъæуаги цæун гъудæй уордæмæ. Амæйфæстæмæ ба уæхæн рацо-бацотæй уæгъдæгонд уодзæнæнцæ, нæхемæ уæхæн ядерон медицини Центр ке фæззиндтæй, уой фæрци. Аци Центр лæггадæ кæнун райдайдзæнæй аци анз октябри æма æ равгитæмæ гæсгæ анзмæ лæггадæ кæндзæнæй æхсæз мин сæйгемæн.