НÆ НИФСДÆТТÆГ – НÆ ФИДТÆЛТИ УОДВАРНИ ДЕССАГИ БУНДАЙРАДÆ…
Нæ рагфидтæлтæй нин зæрдæдарæнæн бундайрадæн ци уодварни хæзнатæ байзадæй, уони устуйрадæй куд сæрбæрзонд ан, уотæ син сæ идарддæри карнæбæл æновудæй ауодæг дæр гъæуама уæн. Уомæй ихæсгин ан, кæд нæ адæми исонибонбæл сагъæс кæнæн, уæд. Индий фарни лæг, номдзуд финсæг, философ Рабиндранат Тагор кæд-дæр уотæ загъта: «Æнамонд æй, æ евгъуд бонти тиллæг ка нæ багъæуай кодта, еци наци, уомæн æма е фæццох æй æ евгъуд бонтæй дæр æма æ абонæй дæр. Байтаунæн имæ муггаг нæййес æма мæгургори хизин райста, цæмæй судæй ма рамæла. Мах гъæуама нæ зæрдæбæл дарæн, æ историйæй æнæ хай ка фæцæй, еци адæмтæй ке нæ ан… Æндæр адæмти дæрдгун дзаумæуттæ æмбурд кæнун ходуйнаг æй, æма ’й гъæуама нæ сæрмæ мабал хæссæн…»
Æма цæмæй нæ фидтæлтиккон уодварни хæзнатæ æнæгъæнæй гъæуайгонд æрцæуонцæ, цæмæй сæ хъазарæй-хъазардæр бундойра-дæй нæ адæми исониккон фæлтæр-тæбæл исæмбæлонцæ, еци гъуддаг ба фиццагидæр аразгæ ’й абони махæн нæхецæй.
Раст зæгъгæй, еци фарстати фæдбæл нæ республики фæстаг æнзти зингæ фулдæр гъæугæ мадзæлттæ арæзт цæуй. Уæлдай лæмбунæгдæр æргом еци гъуддагмæ æздæхт цæуй фæстаг рæстæг, уæлдайдæр ба, Аланий исаргъуди 1100 анзей бæрæгбонмæ Иристони ци цæттæгæнæн мадзæлттæ гъæуама æнхæстгонд æрцæуонцæ, уони æмвæзади.
Еци ахсгиаг историон-культурон цаумæ цæттæ кæнуни фарстатæ-бæл сæ косæг фембæлди рæстæг æрдзурдтонцæ Цæгат Иристони Сæргълæууæг Битарти Вячеслав æма культури уодварни хæзнатæ гъæуайкæнун æма си пайда кæну-ни республикон Комитети сæрдар Æгайти Эмилия.
Аланибæл исаргъуди 1100 анзи бæрæгбонмæ цæттæгæнæг федералон æма республикон организацион комитеттæ нури уæнгæ иснисан кодтонцæ берæ аллихузон рохситауæн-культурон мадзæлттæ. Куд нисангонд цæуй, уотемæй аци ахсгиаг юбилейи агъоммæ æма æ рæстæг Цæгат Иристони арæзт æрцæудзæнæй фестивалтæ, равдиститæ, киунугути презентацитæ æма уотæ идарддæр.
Бæрæгбонмæ цæттæгæнæн кустити фæлгæти сæрмагонд цæсдард ес культури уодварни объектти цалцæг æма райаразунмæ. Зæгъæн, реставратортæ æма аразгутæ базелдзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи Ирон аргъауæнмæ, Ирæфи райони Уæхъæци гъæуи Сугъдæг Георгий аргъауæнмæ, Хетæгкати Къостай хæдзарæ-музеймæ, Ирон литератури музей æма æндæр бæстихæйттæмæ.
Куститæ циуавæр фæткæмæ гæсгæ æнхæстгонд цæунцæ, уой туххæй Æгайти Эмилия лæмбунæг радзурдта. Æ дзубандимæ гæсгæ, уæлдæр амунд объекттæн сæ уа-вæр фæйнæ хузи æй – еуетæ си хуæздæр уавæри ’нцæ, иннетæмæ ба лæмбунæгдæр базелун гъæуд-зæнæй. Уой нимайгæй, федаргонд цæунцæ, алли объектбæл дæр ка косдзæнæй, еци цалцæггæнæг æма реставрацигæнæг къуæртти иуонг-тæ.
Цæгат Иристони Сæргълæууæг комитети сæрдарæн байихæс кодта, цæмæй кустити хуæрзгъæдæд-зийнадæмæ уа тæккæ лæмбунæгдæр цæстдард.
– Еугур куститæ дæр гъæуама æнхæстгонд цæуонцæ рагагъоммæ федаргонд бæстон пълани бундорбæл. Реставраци æма цалцæги пъланмæ хаст объекттæн сæ фулдæр рагон дзаманти арæзт ке æрцудæнцæ, уомæ гæсгæ сæмæ æвналун гъæудзæнæй уæлдай арæхстгай æма гъæуайгæнгæй. Еци объекттæ ’нцæ нæ истори æма культури хæзнатæ, етæ нин гъæздугдæр кæнунцæ нæ абони цард дæр. Фал айдагъ е нæ. Еци культурон хæзна-ти реставраци æма цалцæг федæни гъæуама фæззиннонцæ республи-кæбæл экономикон æгъдауæй дæр – еци аргъауæнтæ æма музейтæ нæуæгæй сæ хузæ ку искалонцæ, уæд, ке зæгъун æй гъæуй, исуодзæ-нæнцæ æндæр регионтæй æрбаф-туйæг туристтæн сæрбæрзондæй ке æвдесдзинан, уæхæн объекттæ, фæннисан кодта Битарти Вячеслав.
Кæронбæттæни ба ма уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан Рабиндранат Тагори еума загъд: «Кæцифæнди наци дæр гъæуама æ зунди цирагъ хуссун ма уадза – цæмæй иннæ нацити хæццæ еумæ рохс кæна дуйне. Æ цирагъ кæмæн расæттуй, еци адæмæн дуйнеуон бæрæгбони бунат нæбал фæууй. Æнамонд æнцæ, цирагъ кæмæн нæййес, еци адæм, фал мин хатти æнамонддæр æнцæ, рохс кæмæ адтæй, фал æй кæмæн байстонцæ, кенæ ба ’й æхуæдæг æвæгæсæгæй ка ниууагъта, еци адæм…»
Æма аци гъуди нæхецæн зундамонæнæй райсгæй, уодуæлдайæй байархайæн, нæ фидтæлтæй нæмæ ци фарни рохс æрбахъæрдтæй, уой нидæн кæнун нæ бауадзун, æма нин нæ размæцуди над рохсгæнæг уа…