НÆ РЕСПУБЛИКИ КОНСТИТУЦИ – НÆ БАРТÆ ГЪÆУАЙГÆНÆГ
Дæс æма инсæй анзи æнхæст кæнуй 12 ноябри Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Конституцибæл. Аци цитгин бæрæгбони кадæн Цæгат Кавкази хуæнхон металлургон институти арæзт æрцудæй сæрмагонд Æхсæнадæмон наукон-практикон конференци, кæцимæн æ нисанеуæг адтæй нæ республики сæйраг закъони истори, медесдзийнадæ æма æ изолдæри парахатдзийнади фæдбæл.
Конференций архайдтонцæ Цæгат æма Хонсар Иристони зундгонддæр специалисттæ барæзонади æма наукити æндæр къабæзти ахургæндтæ. Уонæй еу – юстиций инæлар-лейтенант, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт юрист, юридикон наукити доктор, профессор Цæгат Кавкази хуæнхон металлургон институти хецауеуæггади æма дзиллон баради кафедри сæргълæууæг Цалити Александр. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Цалий –фурт адтæй нæ республики Конституци ка цæттæ кодта, еци косæг къуари иуонг. Уомæ гæсгæ ба, аци ахургæнæндони устур æргом æздахунцæ Цæгат Иристони сæйрагдæр закъони ахурадæмæ. Конституций хæццæ зонгæ ба кæнунцæ айдагъ ахургæнæн киунугути фæрци нæ, фал ма аразунцæ сæрмагонд наукон симпозиумтæ. Аци конференцимæ ци докладтæ бацæттæ кодтонцæ, уонæми дæр устур æргом æздæхт æрцудæй барадон акти аллихузон фæззелæнтæмæ.
Конференций архайгутæн райарфæ кодта ахургæнæндони разамонæги фиццаг хуæдæййевæг Галачити Светланæ. Куд баханхæ кодта, уотемæй нæ республики нури æма æ изолдæри райрæзти гъуддаги, куд Уæрæсей Федераций аккаг субъект, уотæ нæ Сæйраг закъон ахæссуй фиццаг бунат.
Цæмæдесаг докладтæ искодтонцæ уæлдæр ахургæнæндæнтти профессортæ Хъойбайти Барис æма Чеджемти Сергей, доцент Къаболати Владислав, Цæгат Иристони адæймаги бартæ гъæуай кæнуни фæдбæл минæвар Цгойти Тамерлан æма æндæртæ.
Радзубандигæнгутæн сæ еугуремæн дæр сæйраг медес адтæй е, æма Конституций ци 10 сæргонди æма 111 статьяй ес, уонæй федаргонд æнцæ нæ республики царди барадон бундори сæйраг æздæхæнтæ, куд паддзахадон баради субъект уотæ, æма цæргути сæйрагдæр бартæ æма ихæстæ æнхæст кæнуни фæткитæ.