НАСӔ
Насӕ ӕй хъӕбӕр рагон зайӕгой. Сауӕнгӕ фондз мин анзей размӕ дӕр ӕй зудтонцӕ Мексики. Ахургӕндтӕ куд исбӕлвурд кодтонцӕ, уотемӕй наси муггаг Европӕмӕ ӕрбафтудӕй Цӕгат Америкӕй XVI ӕноси. Нуртӕккӕ насӕ зайуй еугур континентти дӕр аллихузон ӕрдзон уавӕрти.
Аци зайӕгой хумӕтӕги уарзон нӕй адӕмӕн. Берӕ си ес пайдайаг органикон бауӕргъӕдтӕ. Уӕлдайдӕр ба сӕкӕр, ӕрхи, ӕфсӕйнаг ӕма магнийи цӕнхитӕ. Гъӕздуг ӕй витаминтӕ В, Р, С ӕма ӕндӕртӕй.
Беретӕ насӕ уарзунцӕ арти кенӕ аги фунхӕй. Хуарз ӕй пириндз ӕма мӕнӕуи касити хӕццӕ. Раздӕр ӕнзти нӕ республики консервгӕнӕн заводтӕ насӕй уагътонцӕ еугӕф (икра), аллихузи консервтӕ, адгин дӕнттӕ. Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма алли адӕмихӕттитӕ насӕй кӕнунцӕ хецӕн хуӕруйнӕгтӕ.
Махмӕ ба хестӕр фӕлтӕри адӕмтӕй насӕ беретӕ уарзунцӕ цивзиндзоси хӕццӕ. Хуарз ӕфсийнӕ си насгутӕ ку ракӕна, уӕдта сӕмӕ мард дӕр ма рабаддзӕнӕй. Уӕлдай хуӕрзадӕ дӕр ба насӕн ӕ нӕппитӕ ӕнцӕ. Берӕ си ес хуайраги хуӕрзгъӕдӕ зети. Махмӕ ӕхсинӕни зети куд уадзунцӕ, уотӕ Румыни ба кӕнунцӕ наси зети, ӕма ӕвӕрд ӕй промышленнон бундорбӕл.
Куд загътан, уотемӕй наси хуасӕгӕнӕн менеугутӕ ӕнцӕ дзӕвгарӕ. Фулдӕр хӕттити си пайда кӕнунцӕ зӕрдӕ ӕма тогдадзинтти незти нихмӕ, адӕймаг ӕгӕр нард ку фӕууй кенӕ фӕттасӕнтӕ ку фӕрресунцӕ, уӕд. Насӕ ӕй агъазиау хуасӕ ахсӕни, масти, игӕри нези нихмӕ дӕр.
Бафеппайун гъӕуй уой, ӕма, наси фӕлмӕнти клетчаткӕ берӕ нӕййес, фал гъӕздуг ӕй органикон бауӕргъӕдтӕй. Етӕ хуӕрзӕрдӕмӕ зиннунцӕ ӕййевӕн процессти. Хурфидзаумӕуттӕ ракӕдзос унцӕ бактеритӕ, аллихузон маргхӕссӕг бӕуӕргъӕдтӕй. Насӕ ку хуӕрай, уӕд хуарз агъаз кӕнуй хӕлӕртти кустӕн дӕр. Зӕгъӕн, фӕлварӕнти хузи фонси ахсӕн ӕма тъӕнгти наси органикон бауӕргъӕдтӕ (пектин) ку бауадзӕн, уӕд стори хурфидзаумӕуттӕ ӕнӕнездӕр фӕуунцӕ.
Сауӕнгӕ астӕуккаг ӕностӕй нурмӕ адӕм пайда кӕнунцӕ наси еугур хуасӕгӕнӕн менеугутӕй дӕр. Е ба уотӕ ‘й, ӕма наси нӕппитӕ муди хӕццӕ исхӕлӕмулӕ кӕнгӕй ӕй агъазиау хуасӕ, листӕг кенӕ тъӕпӕн золкъитӕ ӕ хӕлӕртти кӕмӕн фӕууй, уӕхӕн сӕйгитӕн. Бӕлвурддӕр зӕгъгӕй ба, наси нӕппитӕ, уӕлдайдӕр ба сӕ цъӕх агъоди, берӕ ес донгӕнӕн еугӕндтӕ. Уони фӕрци золкъитӕн сӕ бон нӕ фӕууй хӕлӕртти фӕрстӕбӕл ниццӕфсун ӕма адӕймаги хурфӕй ӕнцонтӕй фесӕфунцӕ.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй адӕмон хуасӕ дзӕвгарӕ лӕмӕгъдӕр ӕй нуриккон медицинон фӕрӕзнитӕй, фал уой хигъд бауӕрӕн неци зиан ӕрхӕссуй. Наси нӕппитӕ ӕхсинун хуарз агъаз кӕнуй игӕри, ургти ӕма ӕндӕр оргӕнти незтӕн дӕр. Уогӕ, аци зайӕгой айдагъ хуӕрунӕн бӕзгӕ нӕй. Декоративон муггӕгтӕ дӕр си ес, ӕма си пайда кӕнунцӕ аллихузон хӕдзари дзаумӕутти арӕзтади.
Мӕнӕ идарддӕр ци цубур ӕмбесонд мухур кӕнӕн, уой ба нӕмӕ Лескенӕй исӕрвиста Хайти Ларисӕ, химион наукити кандидат, профессор. Куд ахургонд, уотӕ ӕ финст ӕрмӕги испайда кодта наукон лӕдӕрунгӕнуйнӕгтӕй дӕр.