18 октября 2024

НИГКОТИ АМЕРИКДЗАУТÆ

28.09.2024 | 20:12

Нигкоти Бидзо цардæй Къæмунти гъæуи, адтæй ин цуппар фурти: Бекир сæ хестæр, дуккаг Сослан, æртиккаг Дзабо æма сæ кæстæр Бола.

Революций размæ дууæ кæстæр æнсувæри раййивтонцæ сæ цард, æма æрцардæнцæ æнæ бийнонтæй Хъарман-Синдзигъæуи.

Бидзой хестæр фурт Бекирæн адтæй дууæ фурти: Хадзимæт (Гагу 1883-1961) æма Хангерий (Гадзо 1893-1951).

Бекири фурт Хадзимæт (Гагу) æма Сослани фурт Темурхъан (Гъуллæ 1883-1951) рандæнцæ Америкæмæ 1913 анзи кусти фæдбæл, æхца косунмæ. Фæстæмæ исæздахтæнцæ 1916 анзи, хæдзари нæлгоймкаг ке некебал байзадæй уой туххæй, медбæсти зæнхи куст æма фонс дарунмæ.

Цудæй тугъд Уæрæсе æма Германий ’хсæн (1914-1917), тугъдмæ сæ ракодтонцæ, фал 1917 анзи Революци ке райдæдта, уой туххæй исуæгъдæнцæ. Революций рæстæги агъаз кодтонцæ революционертæн. Советон власти рæстæги колхозтæ аразтонцæ хонхи 1935 анзи, æма сæ мæлæти уæнгæ фæккустонцæ колхозти.

Бекири фурт Хангерий (Гадзо 1893-1953), Хадзимæти кæстæр æнсувæр, 1915 анзи рандæй Америкæмæ æма исæздахтæй 1923 анзи.

Финст æрцудæй Нигкоти Хадзимæти фурт Кермени дзубандитæмæ гæсгæ.

*  *  *

Нигкоти Кермен нин ци хабæрттæ ракодта, уомæ гæсгæ нæ бафæндадтæй, нæ адæми царди анзфинсти зингæ бунат ка ахæссуй, еци фæззинди туххæй бæлвурддæрæй ракой кæнун. Цæветтонгæ, Цитгин Октябри размæ Иристонæй беретæ, сæ царди уавæртæ ами бустæги æгудзæг ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ кустагор цудæнцæ æцæгæлон бæститæмæ, фулдæр Америкæмæ. Сæ рабалций нисан ба адтæй – кæдимайди ба исамал кæниуонцæ сæ царди равгитæ фæррæвдзæдæр кæнунæн фæрæзнитæ.

Еци гъуддаги фæдбæл нæмæ финст æрцудæй, куд наукон куститæ, уотæ публицистон уацтæ дæр. Зæгъæн, берæ цæмæдесаг æрмæг иссерæн ес историон наукити доктор, профессор Дзидзойти Валерийи киунугути. Цалдæр анзей размæ ба Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти институти рауагъдон-полиграфион хайадæ рауагъта  Гусити  Александри очерк «Осетины в Америке». Кадæртæ уи, ка ’й зонуй, бакастайуонцæ аци киунугæ, кадæртæ ба ин æ кой игъосгæ дæр нæ фæккодтонцæ. Уомæ гæсгæ ба уæ зонгæ кæнæн, æ ниффинсæги æрвадæ Гусити Таймораз уой фæдбæл кæддæр ци уац ниммухур кодта, уой хæццæ (еуцæйбæрцæдæр цубуртæгондæй).