22 декабря 2024

НОМДЗУД ИНÆЛАРИ КАДÆН

21.01.2023 | 20:11

Цæгат Иристони сæйраг сахари, Мамсурати Хаджи-Умари æма Леваневскийи гъæунгтæ кæми исеу унцæ, еци рауæни æрæги æвæрд æрцудæй  Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-майор Мамсурати Хаджи-Умари бюст.

Раст уодзæнæй, уотæ ку зæгъæн, æма нæ номдзуд æмзæнхони намусгин гъуддæгутæ æма цæмæдесаг æскъуæлхтдзийнæдтæй берæ цидæртæ зундгонд æнцæ айдагъ нæ Фидибæсти нæ, фал фæсарæйнаг паддзахæдтæй беретими дæр. Зæгъæн, номдзуд америкаг финсæг Эрнест Хемингуэй æ рæстæги ке ниффинста, еци игъустгонд роман «По ком звенит колокол»-и фæрци дæр – еци уадзимиси сæйраг хъайтар иссæй Мамсури-фурт, финсæг æй бавдиста, Испаний тугъди советон унаффæгæнæг уогæй, цæйбæрцæбæл арæхстгин æма æскъуæлхтгинæй тугъдон архайæг разиндтæй. Фал уæддæр зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæ номдзуд æмзæнхони туххæй кæд агъазиау берæ æрмæгутæ финст æрцудæй, уæддæр æ разагъди карни хабæрттæй берæ-берæ цидæртæ нерæнгæ æргомгонд нæма æрцудæнцæ, уæдта, æвæдзи, берæ рæстæги дæр сæ нæма исгъæр кæндзæнæнцæ, уомæн æма æнгом баст æнцæ нæ бæсти æдасдзийнади фарстати хæццæ, уомæ гæсгæ ба син койгæнæн нæййес. Фал уæддæр дзиллæ ке зонунцæ, еци хабæрттæ фагæ ’нцæ, цæмæй ин кадæ кæнæн,  æ рохс ном ин арфиагæй æносон кæнæн. Уомæн æвдесæн æй, мæнæ ин æрæги Дзæуæгигъæуи бюст æвæрд ке ’рцудæй, еци арфиаг гъуддаг дæр.

Бюст æвæруни фæдбæл кадгин мадзали архайдтонцæ нæ республики Сæргълæууæги æма хецауади администраций разамонæг Гобети Ибрагим, Дзæуæгигъæуи минæвæртти Æмбурди разамонæги ихæстæ æнхæстгæнæг Сæлбити Зитæ, Устур Фидибæстон тугъди ветеран Пагати Александр, ветеранти Республикон совети сæрдар Фриати Хъазбег, бæгъатæри кизгæ Мамсурати Заретæ, æхсæнадон организацити, ахургæнæндæнтти минæвæрттæ.

Зæгъун гъæуй уой дæр, еуцæйбæрцæдæр рæстæги размæ нæ номдзуд æмзæнхон æма разагъди æфсæддон архайæгæн циртдзæвæнтæ исæвардтонцæ Мадриди, Цхинвали, æ райгурæн Олгинскийи. Æма нур ба Дзæуæгигъæуи дæр бюст фæззиндтæй сахари бунæттон хеунаффæйади администраций разамонæг Милдзихти Вячеслави хъæппæресæй. Бюст аразгæ ба искодта Уæрæсей æскъуæлхт хузæгæнæг Дзукъати Никъала.

Цитгин мадзали рæстæг æ радзубандий Милдзихти Вячеслав куд загъта, уотемæй Мамсурати Хаджи-Умар æй кади лæг, бæгъатæр адæймаг:

– Олгинскийи гъæуæй рацæуæг хумæтæг лæхъуæн æ цæмæдесаг искурдиадæ æма разæнгарддзийнади фæрци исхизтæй бæрзонд бунатмæ куд тугъдон разамонæг, уотæ. Мах æй нæ иронх кæнæн, кадæ ин кæнæн. Гъæуама уогæ дæр уотæ уа, уомæн æма нæ фæндуй, цæмæй æй бæлвурдæй зононцæ, нерæнгæ ма æ карни хабæрттæ райдайуйнаг ка ’й, еци æригæнттæ дæр æма син уа бафæнзуйнаг.

Æ радзубандий Гобети Ибрагим райарфæ кодта, циртдзæвæн исаразун ке зæрдæбæл æрлæудтæй, ка ибæл бакуста, уонæн.

– Нæ номдзуд бæгъатæри фæстагæнттæ нуртæккæ æнцæ тугъдон операций, сæ ихæс кади хæццæ æнхæст кæнунцæ. Уомæ гæсгæ нин аци цау ахсгиаг æй. Абони ами нæ хæццæ æй не ’мзæнхони кизгæ æма ин мæ зæрдæ зæгъуй æнæнездзийнадæ, зæрдрохсдзийнадæ. Нæ дзиллæн ба арфæ кæнун, уæхæн намусгин лæги сæ зæрдæбæл ке дарунцæ, кадæ ин ке кæнунцæ, уой туххæй. Мамсурати Хаджи-Умар нæ иннæ номдзуд æмзæнхонти хæццæ уодуæлдайæй архайдтонцæ нæ Фидибæсти сæрбæлтау, цæмæй нæ адæми карнæ уа фæрнæйдзаг  æма амондгун. Æма етæ цæмæ бæлдтæнцæ, еци хуарздзийнæдтæй хайгин уæнтæ нæ адæм!..

Нæ уацхæссæг