25 апреля 2024

Номерæн

05.06.2021 | 09:31

Æцæгæйдæр  уотæ адтæй æнæгъæнæ Иристони дæр, уомæн æма Тæкъоти Алийи фурт Симонæн дзилли ‘хсæн адтæй хъæбæр устур кадæ, нимади лæг адтæй, æ дзурдбæл ин æууæндтæнцæ. Гъулæггагæн, еци уавæр æдзæстуарзонти, æцæгæй адæми знæгтæн сæ зæрдæмæ нæ цудæй, сæ фудзæрдитæй байархайдтонцæ æ фесафунбæл. Æма син сæ еци цъамар фæндæ исæнхæст кæнун кæд бантæстæй, уæддæр сæйрагдæр гъуддагæн ба – цæмæй дзиллæй Симони ном феронх уа – сæ бон неци бацæй. Абони Тæкъоти Симони ном нæй иронх, цæруй нæ арфиаг дзиллити зæрдити. Абони ‘й мах дæр имисæн ахсгиаг цауи фæдбæл – æрæги, 27 майи æ райгурдбæл исæнхæст æй фондз æма авдинсæй анзи (1876-1938). Уой фæдбæл æрмæг кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.