ӔНОСОН ЦАРДӔН РАВГӔ УОДЗӔНӔЙ?..
Цард æносон æй, зæгъгæ, æмбесонди загъдмæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæууй еу рагфидтæлтиккон таурæхъ.
Хуцау, дан, цæрæгойти ку исфæлдиста, уæд адæймагæн цæрæнбонæн бахай кодта дæс æма инсæй анзи. Адæймаг ба æнæфсес æма æнарази кæд нæ адтæй – минкъий имæ фæккастæнцæ æ царди æнзтæ æма Хуцауæн бауайдзæф кодта:
– Уæхæн минкъий цæрæнбонтæ мин цæмæн бахай кодтай?
– Кæд дин нæ фагæ кæнуй, уæд дæлæ хæрæги æнзтæй райсæ, – загъта ин Хуцау.
Рацудæй адæймаг хæрæгмæ æнзтæ корæг. Равардта ин си, фал имæ етæ дæр фагæ нæ фæккастæнцæ.
Хуцау бабæй ин уотæ:
– Дæлæ куййи æнзтæй дæр райсæ.
Райста куййи æнзтæй дæр адæймаг. Фал уæддæр арази нæ адтæй Хуцауи унаффæй.
Бацудæй бабæй имæ. Е дæр бабæй ин загъта:
– Гъома дин кæд фагæ нæ ’нцæ, уæд дæлæ маймулий æнзтæй дæр райсæ.
Райста бабæй адæймаг маймулий æнзтæй дæр. Фагæ имæ нæ фæккастæнцæ æ цæрæнбонти æнзтæ уæддæр, фал Хуцаумæ бацæун æма ма си æнзтæ ракорун æ цæсгон нæбал бахуæстæй.
Уæдæй фæстæмæ адæймаг æ царди бæнттæ æрветуй лæги, хæрæги, куййи æма маймулий цардæй: сувæллонæй бийнонтæн фæууй æлдари бунати, ци хуæздæр бахуæра, ци хуæздæр искæна бæл ин фæййархайунцæ. Æ лæги карæмæ ку бацæуй, уæд си агорунцæ хæрæги куст. Уой фæсте ба æнæхъаурæй некебал фæгъгъæуй æма куййи хузæн алцæмæ дæр æнгъæлмæ кæсуй; бустæги зæрондæй, нези буни ку фæууй, æ зундæй дæр ку фæккеуй, уæдта маймулий цард фæккæнуй.
Адæймагæн æ фурзудæ фудзинтæ куд расайдта…
Аци таурæхъ, ка ’й зонуй, кæмæдæрти æгæр гурумухъ фæккæсдзæнæй. Фал адæймаги уодиконд æцæгæйдæр уотæ нæй – цийфæнди зæруамæ ку фæццæрай, цийфæнди ку ниххотхæ уа, уæддæр ма цæруни æнзтæмæ бæллуй…
Адæймаг а дуйнебæл куддæр фæззиндтæй, уæдæй ардæмæ цæунцæ дзубандитæ, æ цард æносон куд исуа, уомæн гæнæн æма амал ку нæ уа, уæдта уæддæр сæдæ æма фулдæр æнзти дæргъи куд цæра, уой фæдбæл.
Аци фарстатæ æносон кæд æнцæ, уæддæр сæбæл, куд фæззæгъунцæ, сæ сæртæ састонцæ æма нерæнгæ дæр ма сæттунцæ берæ фæлтæртæ, уæддæр сæбæл бæлвурд дзуапп ба нæма рантæстæй… Уæддæр абони бавзарæн геронтологий (адæймаги цард дæргъвæтийнæ кæнуни) ахургæндти къохи ци æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй, уонæбæл æрдзорун. Алкедæр æй зонуй, адæймаг цæмæй фулдæр цæра, уой туххæй фиццагидæр байархайун гъæуй, цæмæй зæронд ма кæна, æригон тог æхседа æ бауæри. Æма аци гъуддаг ба рагæйдæр ахургæндтæн уæлдай сагъæссагдæр фарста æй. Æнцон нæй æрдзи сосæгдзийнæдтæмæ къох бакæнун. Ка ’й зонуй, исонибони уой фæдбæл никки æнхæстдæрæй пайдагонд цæудзæнæй наукон-техникон райрæзти æнтæстдзийнæдтæй. Адæймаги дæргъвæтийнæ царди сосæгдзийнæдтæ ку раргом уонцæ, уæд дуйней цæргутæ кенæ бæлвурд фæййамондгундæр уодзæнæнцæ, кенæ ба син фæззиндзæнæй цидæр сагъæссаг фæстеугутæ дæр.
Алли гъуддаги дæр берæ аллихузон цæлхдортæ фæууй райдайæнти. Адæймаги бауæр цæмæй зæронд ма кæна, æ цард дæргъвæтийнæ уа, уой туххæй ес берæ мадзæлттæ, фал сæ еугур зундгонд нæ ’нцæ ахургæндтæн. Адæймаг, зæгъæн, исхизтæй дуйней устурдæр хонхи цъопп Эверестмæ, уæд, денгизи æмвæзадæй 8848 метри бæрзæндæй кæсгæй, зингæ хуæздæр зиннуй дуйне, æ æрдзи исконд. Цидæр цæмæдесаг зæрдæскъæфæнтæй байдзаг уй æ уод. Уогæ ба, дуйнебæл алцидæр куд хумæтæг æй! Фал цæйбæрцæ фудæбон кæнун багъæуй еци хумæтæгдзийнади сосæгдзийнæдтæ базонуни туххæй.
Мадта геронтологи дæр, æвæдзи, æ ирæзти бæрзæндæй уотæ хумæтæг æма лæдæрдгонд уодзæнæй, куд æрдзæ æхуæдæг. Фал науки аци вазуггин къабазæ нерæнгæ ма, уæхæн æнæлæдæрд æй, æма си гипотезитæй уæлдай бæлвурд нецима ес. Косгæ ба ибæл бæргæ кæнунцæ беретæ: дохтиртæ æма биологтæ, химиктæ æма физиктæ, математиктæ æма æндæр аллихузон дæсниæдти минæвæрттæ.
Математикти гипотезæмæ гæсгæ, адæмаги цард 30 процентей бæрцæ фæццубурдæр уй базæронди фудæй нæ, фал аллихузон незти азарæй.
Æцæгæйдæр, нуриккон медицинæн фулдæр хатт æ бон неци исуй зæрдæ æма тогдадзинтти, сæкæри диабет, рак æма æндæр æверхъау незти нихмæ.
Цард мастæй дæр, цийнæй дæр – идзаг
Уогæ фæстаг æнзти ахургæндтæ æргъуди кодтонцæ, адæймаги организм цæмæй зæронд ма кæна, уомæн агъаз ка ’й, уæхæн хуастæ. Фармацевтон промышленность уадзун райдæдта декамевит, оркамин, квадент, черентал æма æндæртæ. Аци хуастæмæ хъæртун кæнунцæ, аллихузон бауæргъæдтæ кæми ес, уæхæн витаминтæ. Фал сæмæ уæддæр гъæугæ фагæ хъаурæ нæййес адæймаги бауæр æригондæр кæнунæн.
Нерæнгæ адæймаги рæстæмбес царди рæстæг 100 æма фулдæр æнзти бæрцæ фæддаргъдæр кæнуни мадзал нæма ес. Гъæуй тæккæ нæуæгдæр ахедгæдæр мадзæлттæ. Ахургæндти къохи етæ исонибони ке бафтуйдзæнæнцæ, е дузæрдуггаг нæй. Исонибони адæймаги цард исуодзæнæй æносон.
Раст ку зæгъæн, уæд каргунтæй берети бон фæууй хæдзари зелæнтæ кæнун. Боливий цæрæг силгоймаг Макаранже ма 103-анздзудæй дæр адтæй кустгъон. Пьер Дефурнель 120-анздзудæй уосæ ракурдта æртиккаг хатт. Е ’ртæ фурти адтæнцæ XVII, XVIII æма XIX æности игурдтæ. Венгрий цæрæг Джон æма Сарра Равел рамардæнцæ 1925 анзи – лæгбæл цудæй 172 анзи, силгоймагбæл – 164, сæ фуртбæл ба исæнхæст æй 116 анзи.
Турккаг силгоймаг Фатимæ Эдигер ба еугурей дæр деси бафтудта. 1964 анзи ин 95-анздзудæй райгурдæй дууæ сувæллони, æ лæгбæл ба цудæй 127 анзи. Мадта Азербайджани хуæнхаг гъæуи цæрæг Ширали дæр дзæвгарæ фæццардæй – 150 анземæй фулдæр.
Уогæ ахургæндтæ дузæрдуг кæнунцæ аци хабæртти æцæгдзийнадæбæл. Адæймаг æма цæрæгойти хузтæй алкæмæн дæр цæрунæн ес бæлвурд рæстæг. Зæгъæн, миститæ цæрунцæ 2 анзи, берæгътæ – 10-12, бæх – 30, халон ба 100 анзи. Мадта кæфхъундар æма уæртгун хæпсæ (черепаха) ба фæйнæ 300-гай æнзтæ ке цæрунцæ, е дæр уи баруагæс уæд.
Адæймаги дæргъвæтийнæ цард аразгæ ’й аллихузон æууæлтæй. Зæгъæн, е ’нæнездзийнадæмæ циуавæр цæстæй кæсуй, куд æнхæст кæнуй хегигиени амунддзийнæдтæ. Хуæруйнаг, куд æнгъезуй, уотæ хуæрун дæр æй æнæнездзийнади хуæздæр мадзæлттæй еу. Хе гъæуай кæнун фæгъгъæуй зианхæссæг бактеритæй, хуæцгæ незтæй, зæрдристæй æма уæд адæймаги цæрæнбон берæ кæнуй.
Каргун адæм дуней кæмити ба нæййес!..
Кавкази цæргутæ нæ бæсти адæмти ’хсæн бæрцæй æнцæ цалдæр проценти. Фал, ами 100 анземæй фулдæр кæбæл цæуй, уæхæн адæймæгути нимæдзæ ба иннæ регионтæй æй дзæвгарæ фулдæр. Уой хæццæ ба ма ардигон, каргун адæймæгутæ фæуунцæ иуонгрæуæг æма цардбæллон. Раздæр æнзти Абхазти республики адтæй 90-анздзуд зæрæндти хореографион ансамбль. Концерттæ лæвардта фæсарæнти дæр.
Айдагъ Кавкази нæййес, берæ цæрæнбон кæмæн ес, уæхæн адæймæгутæ. Хуæнхон Алтайи 100 мин цæрæгемæй 100 анземæй фулдæр кæбæл цæуй, етæ ’нцæ 57, Таймыри – 91. Мадта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий дæр каргун адæм минкъий нæййес.
Алагири райони Пенсион фонди хайади нин куд радзурдтонцæ, уотемæй 80 æма уомæй фулдæр æнзтæ кæбæл цæуй, уæхæнттæ сæмæ цæруй 168 адæймаги. Игъæлдзæгæй æма амондгунæй æрветæнтæ сæ бæнттæ, кадæртæ ма си фондзинсæй æма уомæй фулдæр æнзтæ ке бацæрдзæнæнцæ, уобæл дузæрдуг нæ кæнæн. Цæмæн, зæгъгæ, ку фæрсайтæ, уæд аци райони æрдзон уавæртæ лæгъуз нæ ’нцæ берæ цæрунæн. Мизури райгурдæй æма 150 анзи фæццардæй Мæрзойти Ко (рамардæй 1922 анзи). Мадта Кæсæбити Æнду æма Госæзей кой дæр, фегъустайайтæ. Цъамади цæргæй, сæ цардиуаги фадуæттæ хуарз кæми адтайуонцæ, уæддæр еу æносæн ба сæттун нæ бакумдтонцæ. Хестæртæ ку дзурдтонцæ, уотемæй дууæ къаййи фæццардæнцæ фæйнæ 150 анзи, сæ уæлзæнхон цардæй ба рахецæн æнцæ къуæрей бонмæ. Рагон хабар нæй – Æнду æма Госæзей цæуæти цæуæт нур æнцæ хестæр кари.
Райони будуйрон гъæути дæр, берæ ка фæццардæй, уæхæнттæ минкъий нæййес. Зæгъæн, црайуаг Сопойти Мидзæ фæццардæй 125 анзи, е ’мгъæуккæгтæ Гæздæнти Афæхъо – 114 анзи, Сохити Басил, Созæти Микъо æма Хъалæгати Аминæти цард дæр æносæй фулдæр адтæй.
Уæддæр циуавæр карæ исхонæн ес зæронд?..
Зундгонд уруссаг æфсæддон разамонæг Александр Суворов æнæмæлгæ бæгъатæрдзийнадæ æвдиста 70-анздзудæй, финсæг Лев Толстой велосипедбæл ахур кодта 60-анздзудæй, паддзах Иван Грозный рамардæй 53-анздзудæй, Бонапарт Наполеон ба 51-анздзудæй.
Уæрæсей æртасгутæ Л.А. Гаврилов, Н.С. Гаврилов, В.Н. Носов куд исбæлвурд кодтонцæ, уотемæй нæлгоймаги рæстæмбес царди рæстæг нæ бæсти æй 68 анзи, силгоймаги – 70 анзи. Еске фæрсдзæнæй: мадта XX æноси адæймаги цæрæнбон ку нæ фæффулдæр æй, уæд ма геронтологий æнтæстдзийнæдтæ цæй медæгæ ’нцæ.
Æцæгæйдæр, науки æнтæстдзийнæдтæ нерæнгæ ма берæ нæ ‘нцæ. Геронтологи бал равдиста, уодæгас организмæн æрдзæ ци равардта, уомæй хуæрзминкъий фулдæр цæрæнбонæй уæлдай ин ке нæййес, уой. Фал ахургæндтæ рартастонцæ адæймаг, цæмæй зæронд кæнуй уони, æма æруагæс ни кæнуй, мадзæлттæ иссердзæнæнцæ æрдзи римæхст сосæгдзийнæдтæ раргом кæнунæн.
Аци уац мухурмæ цæттæ кæнгæй пайдагонд æрцудæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити æрмæгутæй.