НУРИ ÆНТÆСТДЗИЙНÆДТÆ – РАЗМÆЦУДÆН НИФСДÆТТÆГ
Цæгат Иристони Хецауади цæугæ æмбурди Дигори райони куд райгъустæй, уотемæй райони ирæзтæн аци анз радех кæндзæнæнцæ 1,3 миллиард соми. Министрти кабинет, сæ сæргъи – æ разамонæг Дзанайти Барис, уотемæй бакустонцæ Дигори райони.
Раздæр бал республики разамунд бабæрæг кодтонцæ Дур-Дури 2-аг скъола, объектмæ паддзахадон программæ «Гъæууон цæрæн фæзуæтти еумæйаг ирæзт»-мæ гæсгæ зелунцæ. Гъуддæгутæ кæронмæ конд æрцæудзæнæнцæ 2024-2025 æнзти. Фæууидтонцæ кълæстæ, спортивон зал, хуæруйнаг цæттæ кæнæн бунат.
Дигорай сахари Кокий-фурти гъæунги ци берæфатерон хæдзари нæуæг бæстихай фæззиндтæй, уой дæр фæууидтонцæ. Кæлæдздзаг цæрæнбунæттæй æрбалигъдæнцæ 100 адæймаги, гъома, 27 бийнонти. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради министр Тамати Майрæн куд радзурдта, уотемæй нæуæг цæргутæн хемæ æрбайсуни хигъдтæ исаразунмæ фæккæсдзæнæнцæ.
Хецауади Сæрдар ма бабæрæг кодта К. Маркси æма Акъой-фурти гъæунги ’хсæн центрон сквер. Е бантæстæй, Дигорай сахар еугуруæрæсеуон конкурси ке фæууæлахез æй, уой фæрци. «Минкъий сахарти фадуатгин уавæртæ аразун»-и байахæста раззагдæр бунат. Сквер æнхæст æй гъæугæ уавæртæй, се ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ сæ равналæнтæ цубур кæмæн æнцæ, уонæн си ес сæрмагонд æрбацæуæнтæ, пандустæ.
Хецауадон балций рæстæг дзубанди цудæй Дигори райони социалон-экономикон ирæзти фарстатæбæл. Фарæ еугур бæрæггæнæнтæ дæр рауадæнцæ хиццаг. Промышленнон кустади индекс исхизтæй 109 процентей уæнгæ, гъæууонхæдзарадон продукций бæрцæ 21 проценти фæффулдæр æй, инвестицитæбæл бафтудæй 24 проценти, еумæйаг бюджети æфтуйæгтæбæл бафтудæй 28 проценти, рауадæнцæ 704 миллион соми.
Райони социалон-экономикон ирæзти программæ идарддæр дæр æнхæстгонд цæудзæнæй, уомæн дехгонд æрцæудзæнæй 1,3 миллиард соми. Дзанайти Барис куд фегъосун кодта, уотемæй тагъд бавналдзæнæнцæ Дур-Дури рæвдауæндони арæзтадæмæ, е скъолай цæуй райарæзт. «Црау-Фалдон»-и над дæр исцалцæг кæндзинан, Дигорай дони хизтæ дæр баййевдзинан. Бугъдæнтти фæзуæттæ райараздзинан. Æригон бийнонтæн фатертæ дæттуни программæ идарддæр æ куст кæнуй. Амалгъонадæн фæййагъази кæнуни федералон æма регионалон мадзæлттæй пайда кæнун гъæуй. Уордæмæ бахæссæн ес гранттæй агъаз, гъæууонхæдзарадон продукциуадзгутæн субсидитæ дæттун, социалон бадзурдтæ искæнун æма æндæр равналæнтæ. Уонæй Дигори район дæр гъæуама пайда кæна», – загъта Хецауади Сæрдар.
Дигори райони сæргълæууæг Туккати Рустам райарфæ кодта республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн æма министрти кабинетæн, сæ районæн алливæрсуг агъазгонд ке цæуй, уой туххæй. Еумæйаг æмбурди рæстæг уоми архайæг еугур министртæ дæр радзурдтонцæ, сæ ведомствитæ Дигори райони циуавæр программитæ æма проекттæ æнхæст кæнунцæ, уæдта идарддæр циуавæр нисантæбæл бакосдзæнæнцæ, уой туххæй. Сæ алке размæ дæр Дзанайти Барис исæвардта бæлвурд ихæстæ æма сæ исæнхæст кæнуни æмгъудтæ.
ХЕКЪИЛАТИ Маринæ