21 ноября 2024

«НУРТÆККÆ СÆЙРАГДÆР ÆЙ, ЦÆМÆЙ НИСАНГОНД АРХАЙД ЦÆУА ÆНÆКЪУЛУМПИТÆЙ!..»

11.06.2021 | 20:34

Петербурги æхсæнадæмон экономикон форум арæзт цæуй 1997 анзæй фæстæмæ, 2006 анзæй фæстæмæ ба æ архайдмæ цæстдарæг æй Уæрæсей Президент Владимир Путин. Æма аци анзи форум дæр е байгон кодта. Æ радзубандий æргом раздахта нæ бæсти æма дуйней абониккон ахсгиагдæр фарстатæмæ: æ гъудитæ загъта, пандемий нихмæ тохи æма вакцинаци æнæмæнгæ кæнуни, нæ фидибæстон экономики идарддæри райрæзти, минкъий æма астæуккаг бизнеси туххæй. Нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло Владимир Путини радзубандий фæдбæл дзоргæй, загъта:

– Президент ци ихæстæ фæннисан кодта, етæ ‘нцæ бæлвурд æма лæдæрд.

Аци загъд уотæ лæдæрун æнгъезуй, æма еци ихæстæ æнхæст кæнунбæл гъæуама бæлвурд архайд цæуа.

Сергей МЕНЯЙЛО Петербурги æхсæнадæмон экономикон форуми.

Уой хинцгæй, цæгатиристойнаг делегаций иуонгтæн форуми рæстæги адтæй берæ фембæлдтитæ кустадон æма инвестицион компанити минæвæртти хæццæ, федералон æма регионалон ведомствити разамонгути хæццæ.

Уæхæн архайди фæткæмæ гæсгæ, Цæгат Иристони Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло æма Петербурги æхсæнадæмон экономикон форуми директор Алексей Вальков бафинстонцæ Æмгустади бадзурд.

Сергей МЕНЯЙЛО æма Алексей Валькови фембæлд.

Документ бафинсгæй, фембæлди архайгутæ куд фæннисан кодтонцæ, уотемæй еумæйаг хъауритæй бакосдзæнæнцæ Цæгат Иристони экономикон гъомус раргом кæнунбæл, республики кадæ бæрзонддæр кæнунбæл, устур инвесторти æргом Аланистонмæ раздахунбæл…

Компани «Фонд Росконгресс» рагæй зундгонд æй, куд агъазиаудæр дуйнеуон æмвæзади экономикон, æхсæнадон, спортивон æма культурон форумтæ исаразæг. Фондæн бундор æвæрд æрцудæй Уæрæсей Президенти унаффæмæ гæсгæ…

Сергей Меняйлойæн сæрмагонд фембæлд адтæй акционерон æхсæнадæ «Цæгат Кавкази курорттæ»-йи генералон директор Хасан Тимижеви хæццæ дæр. Дзубандий архайгутæ се ’ргом раздахтонцæ курортон комплекс «Мамисон»-и арæзтади фарстатæмæ, уæдта æрдзурдтонцæ компани «Цæгат Кавкази курорттæ» æма Цæгат Кавкази ирæзти корпораций бундорбæл еумæйаг ведомство исаразуни хъæппæрес федералон зилди регионти идарддæри райрæзтбæл куд фæззиндзæнæй, уобæл.

– Æрæги федералон ведомствитæ æма «Цæгат Кавкази курорттæ»-йи бæрнон косгутæ бабæрæг кодтонцæ Мамисони ком, сæхе цæстæй фæууидтонцæ, федæни курорти бунати ци куститæ цæуй, уони: подрядон компанитæ архайунцæ транспортон æма инженерон инфраструктури объектти арæзтадæбæл… Еугур куститæ дæр æнхæстгонд цæунцæ графики бундорбæл. Нуртæккæ сæйрагдæр æй, цæмæй еугур нисангонд архайд дæр æнæкъулумпийæй цæуа, – фæннисан кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг.

Евгъуд фæззæги унаффæ хаст æрцудæй акционерон æхсæнадæ «Цæгат Кавкази курорттæ» æма Цæгат Кавкази ирæзти корпораций бундорбæл еу инвестицион-кустадон ведомство исаразуни туххæй. Куд нисангонд цæуй, уотемæй агъазиаудæр нæуæг структурæ æ архайд комкоммæ араздзæнæй Цæгат Кавкази федералон зилди регионти идарддæри социалон-экономикон райрæзти фарстатæмæ, цæмæдессагдæр инвестицион проекттæ царди рауадзунмæ. Нæуæг ведомствой размæ æвæрд æрцæудзæнæнцæ æндæр нисантæ дæр. Еугур еци структурон нæуæгдзийнæдтæбæл æрдзоргæй, Сергей Меняйло æма Хасан Тимижев фæннисан кодтонцæ, хæстæгдæр рæстæг сæйраг æргом ци ахсгиагдæр цæгатиристойнаг инвестицион проекттæмæ раздахун гъæуй, уони. Уой хæццæ, Хасан Тимижеви дзубандимæ гæсгæ, нæуæг федералон ведомствой ’рдигæй регионтæн фиццаградон агъаз циуавæр къабæзти гъæудзæнæй, уой фæдбæл фæндитæ сæхуæдтæ гъæуама æрбадæттонцæ.

Фембæлди архайгутæ æркастæнцæ идарддæри æмгустади æндæр фарстатæмæ дæр.

ÆМВÆНДÆЙ РАСТ НАДБÆЛ КА ЦÆУА, ÆНТÆСГÆ ДÆР УОНÆН ФУЛДÆР КÆНУЙ!..

Сергей МЕНЯЙЛО æма Хасан ТИМИЖЕВИ фембæлд.

Нæ республики делегаций иуонгтæн форуми рæстæг ци æндæр фембæлдтитæ адтæй, уони хатдзæгтæ рауадæнцæ ахедгæ. Зæгъæн, Цæгат Иристон æма Сибийраг федералон зилди субъектти разамонгутæ бафинстонцæ базарадон-экономикон, наукон-техникон æма культурон æмгустади устур бадзурд. Аци документ исфедар кæнуни фембæлд арæзт æрцудæй регионти ’хсæн ассоциаци «Устур Сибир»-и экспозиций фæзуати.

Берæвæрсуг æмгустади туххæй документбæл сæ къохтæ æрæвардтонцæ Цæгат Иристони Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло, Алтайи республики Сæргълæууæг Олег Хорохордин, Омски облæсти губернатор Александр Бурков, Иркутски облæсти губернатор Игорь Кобзев, Тувай республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Владислав Ховалыг, Хакасий республики Сæргълæууæг Валентин Коновалов, Алтайи крайи губернатор Виктор Томенко æма Томски облæсти губернатор Сергей Жвачкин.

Фембæлди архайгутæ куд фæннисан кодтонцæ, уотемæй сæ зæрдæ дарунцæ, аци бадзурд Республикæ Цæгат Иристон-Алани æма Сибири федералон зилди субъектти ’хсæн урух æмархайд рапарахат кæнунæн зингæ агъаз ке фæууодзæнæй, уобæл.

Æмгустади уæхæн бадзурдтæ Цæгат Иристони минæвæрттæ бафинстонцæ регионти ’хсæн экономикон æмархайди ассоциаци «Сибийраг федуд»-и хæццæ, Уæрæсей наукити академий сибийраг хайади хæццæ æма æндæр структурити хæццæ.

Сибийраг федералон зилди регионти æма æндæр структурити минæвæртти хæццæ фембæлди фæсте Сергей Меняйло куд фæннисан кодта, уотемæй федаргонд документтæ урух фадуæттæ аразунцæ регионти ’хсæн комкоммæ бастдзийнæдтæ ахедгæдæр кæнунæн:

– Сибири федералон зилди регионти ци ахсгиаг фарстатæбæл косунцæ, етæ вазуггин æнцæ Цæгат Иристонæн дæр. Зæгъæн, Алтайи крайи хæццæ нæ республики фенгомдæр кæндзæнæнцæ туризм æма гъæууон хæдзаради идарддæри райрæзти еумæйаг проекттæ, Томски облæсти хæццæ ба бакосдзинан наукæ æма ахуради къабæзти… Уотæ, иннæ регионти хæццæ дæр иссердзинан, еумæйаг хъауритæй ци ахсгиаг гъуддæгутæ исараздзинан, уæхæнттæ.

Сергей Меняйло ма фембалдæй транспорти Национ ассоциаций президент Леонид Бондаренкой хæццæ. Фембæлди рæстæг етæ æрдзурдтонцæ Цæгат Иристони æхсæнадон транспорти къабази куст фæййахедгæдæр кæнуни нисантæбæл.

Сергей МЕНЯЙЛО æма Новосибирски облæсти губернатор Андрей Травникови фембæлд.

Леонид Бондаренко лæмбунæг радзурдта, ассоциаци берæ уæрæсейаг регионти транспорти хизæги кусти ци нæуæг нуриккон технологитæ æма проекттæй пайда кæнуй, уони туххæй. Æма фембæлди архайгутæ куд бадзубанди кодтонцæ, уотемæй ассоциаций минæвæрттæ, Цæгат Иристон бабæрæг кæнгæй, хатдзæгтæ искæндзæнæнцæ æма сæ фæндитæ бахæсдзæнæнцæ региони транспортон къабази идарддæри райрæзти фæдбæл.

Цæгат Иристони минæвæрттæн ма адтæй æндæр фембæлдтитæ дæр. Æма уони хатдзæгтæмæ гæсгæ етæ зингæ фæппайда уодзæнæнцæ нæ республики идарддæри социалон-экономикон æма культурон райрæзти архайдæн.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ