21 декабря 2024

Ӕ РӔСТУОДИ ТАЛАТӔЙ РАЙРӔЗТӔЙ ФАРНИ РӔЗБУН…

19.05.2022 | 16:32

КÆЛУХТИ Артур, фæллойни ветеран

Дзурддзӕугӕ лӕгтӕй еу уотӕ бахъонц кодта, гъома, уӕлдай зӕрдиаг ка ’й, уонӕй еске ку рамӕлуй, уӕд мӕ зӕрди дӕр еу къӕрт фегуппӕг уй… Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ‘й, уой ӕз мӕхуӕдӕг дӕр мӕхе уодбӕл бавзурстон… Ӕма бабӕй мӕнӕ нур дӕр уоййасӕбӕл зӕрдрист фӕдтӕн – Легойти Къӕлӕмурзи фурт Анатолий ке фӕззиан ӕй, уомӕй. Хъӕбӕр хъазар адӕймаг мин адтӕй, хӕстӕгдӕр ӕййафтан, фал уомӕй уӕлдай ба ма хуӕрзӕрдхуӕрдтӕ адтан, дууӕ хуӕрзӕнсувӕрей хузӕн адтан кӕрӕдземӕн.

Хъӕбӕр зин мин ӕй Анатолийи туххӕй «адтӕй», зӕгъгӕ, хузи дзорун. Фал мин ӕнӕзӕгъӕн дӕр нӕййес – ка ’й зудта, етӕ ’й, федарӕй ми ӕруагӕс кӕнуй, имисдзӕнӕнцӕ, ӕ рохс ном си иронх некӕд уодзӕнӕй. Фал рӕстӕг цӕуй, фӕлтӕртӕ фӕлтӕрти ӕййевунцӕ, ӕма исонибони ка фӕззиндзӕнӕй, етӕ дӕр гъӕуама базононцӕ – нӕ адӕми уой хузӕн фурттӕ, цийфӕнди рӕстӕгутӕ ку райевгъуйа, уӕддӕр гъӕуама нӕ дзиллӕй иронх ма уонцӕ. Гъе уомӕ гӕсгӕ мӕ бафӕндадтӕй мӕ зӕгъуйнӕгтӕ нӕ газет «Дигори» раргом кӕнун. Ка ’й зонуй, мӕ дзубандий еугур гъуддӕгутӕбӕл нӕ рахъӕртдзӕнӕн, фал, мӕ зӕрдӕ дарун, ци мин нӕ бантӕса ракой кӕнун, уони зӕгъунӕн дӕр мин фӕстӕдӕр ма равгӕ уодзӕнӕй…

***

Устур Фидибæстон тугъди хъазауатон Легойти Батæрбеги фурт Къæлæмурзи номерæнæн Дзæуæгигъæуи æвæрд æй сæрмагонд баннер. Къари: еци баннери размæ лæууй Къæлæмурзи фурт Ермак.

Е ‘носон дуйнемӕ банӕхстӕр уогӕй, Анатолий уоми куд не ‘сӕмбалдӕй, ӕ разӕй уордӕмӕ ӕ зӕрдтагон хеуӕнттӕй ка бацудӕй, уонӕбӕл дӕр – ӕ ниййергутӕбӕл, е ‘нсувӕртӕбӕл, ӕ хуӕртӕбӕл… Нӕ Исфӕлдесӕгӕй уӕлдай ӕй неке зонуй, циуавӕр рауадӕй сӕ исӕмбӕлд, фал федарӕй ба уобӕл ӕууӕндӕн, ӕма етӕ дӕр хъӕбӕр зӕрдристӕй ке бахъонц кодтайуонцӕ, е ӕ уӕлзӕнхон цардӕй ке фӕххецӕн ӕй, уобӕл… Хъӕбӕр хӕлар, кӕрӕдзебӕл ӕхцул бийнонтӕй  фӕццардӕнцӕ, кӕрӕдземӕн хъазар ӕма уарзон адтӕнцӕ… Ӕма, нур, Анатолийи туххӕй дзоргӕй, куд нӕ ӕримисӕн уони дӕр… Фиццагидӕр, ӕ ниййергути – ӕ фидӕ Къӕлӕмурзӕ ӕма ӕ мадӕ Бабулини…

Ӕз сӕ мӕхуӕдӕг дӕр еу гъӕуи цӕргӕй, куд нӕ зудтон, фал мӕ фӕндуй, аци хъиамӕтгун ниййергути бийнонти туххӕй сӕ хуарз зонгӕ, тугъдон лӕг, номдзуд журналист Тегати Сулейман кӕддӕр ци уац ниффинста, уомӕй дӕнцӕ ӕримисун. Е уотӕ финста:

– Легойти Къӕлӕмурзӕ… Уӕхӕн лӕгмӕ сӕ идардӕй зиннунцӕ евгъуд царди хабӕрттӕ, ӕ фӕллойни гургъахъ нӕдтӕ. Уӕлдайдӕр ба ӕ тугъдон хъиамӕттӕ.

Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд Легойти Батӕрбеги фурт Къӕлӕмурзӕ дӕр ранӕхстӕр ӕй фронтмӕ. Хуӕрзбон загъта ӕ бийнонтӕн – ӕ цардӕмбал Бабулинӕн (Перисати Майрӕни кизгӕ) ӕ фондз сабийемӕн – еу иннемӕй минкъийдӕр. Нӕ зонӕн, дууӕ  ниййерӕги уӕд цӕбӕл дзурдтонцӕ, циуавӕр зӕрдитӕ ӕвардтонцӕ кӕрӕдземӕн, фал уотемӕй дӕр лӕдӕрд адтӕй, цӕйбӕрцӕбӕл зин уодзӕнӕй ӕригон мадӕн уал фӕккӕсуйнаг сувӕллоней хӕццӕ. Фал уомӕ лӕги бӕрцӕ хъаурӕ ӕма фӕразондзийнадӕ разиндтӕй, ниффӕразта еугур зиндзийнӕдтӕн дӕр. Куд иннетӕ, уотӕ аци бийнонтӕ дӕр сӕ равгитӕмӕ гӕсгӕ сӕ царди хабӕрттӕ  аразтонцӕ. Адтӕй уӕхӕн цау дӕр: нартихуари зӕнхитӕ ӕхсӕдуни рӕстӕг ку ‘рхъӕрдтӕй, уӕд Бабулинӕ дӕр иннӕ силгоймӕгти хӕццӕ рацудӕй Силтанухъи будурмӕ ӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ:

Б. Легойти – Перисати Бабулинæ æ цæуæти хæццæ: æ рахес фарсæй – Алибек, æ галеу фарсæй ба Анатолий; сæ фæсте лæуунцæ Зойæ æма Олег.

– Бабулини куст нӕ нӕбал гъӕуй, ӕ  сувӕллӕнттӕмӕ кӕсӕд! Еу бон баунаффӕ кодтонцӕ бригади адӕм.

– Мӕ сӕрмӕ не ‘рхӕсдзӕнӕн ӕнцад бадун. Нӕ лӕгтӕ  тугъди будури сӕ тог калунцӕ, уонӕн махӕй зиндӕр ӕй. Ӕз дӕр гъӕуама бафӕразон, мӕ сувӕллӕнттӕбӕл дӕр хъӕртдзӕнӕн.

Ӕма фӕллойнӕ кодта Бабулинӕ. Хуасӕ кӕрдунмӕ дӕр ӕхецӕй хуӕздӕр неке арӕхстӕй.

Радаргъ ӕнцӕ Къӕлӕмурзи тугъдон нӕдтӕ дӕр. Уӕлдай карз уавӕрти бахаудтӕй Севастополь багъӕуай кӕнуни тугъдтити. Немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ сӕ сонт лӕбурдтитӕй гъавтонцӕ аци сахар байсунбӕл.

Фал син советон тугъдонтӕ карз нихкъуӕрд лӕвардтонцӕ. Уони ӕмрӕнгъӕ знаги нихмӕ бӕгъатӕрӕй тох кодтонцӕ Легойти Къӕлӕмурзӕ ӕма е ‘нсувӕр Муса дӕр. Дууемӕй дӕр еу дивизий адтӕнцӕ, фал син кӕрӕдзей хӕццӕ фембӕлуни фадуат ба нӕ фӕцӕй. Къӕлӕмурзӕ пулеметӕйӕхсӕг адтӕй.

Советон тугъдонтӕ бӕргӕ бӕгъатӕрӕй гъӕуай кодтонцӕ Севастополь, фал уӕддӕр аци намусгин сахар рӕстӕгмӕ уадзгӕ рауадӕй.  Тугъд тугъд ӕй, ӕма си алци адӕймаги фӕндон нӕ рауайуй. Уотӕ рауадӕй Легойти ӕнсувӕрти карнӕ дӕр.

Къӕлӕмурзӕ бахаудтӕй тугъдон госпитӕлмӕ. Е ‘нсувӕр Муса ба Севастополи рази тугъди будурӕй нӕбал исӕздахтӕй. Иннӕ ӕнсувӕр Сергей ба фӕммард ӕй уорсфиннӕгти тугъди.

– Мӕхуӕдӕг куд фӕййервазтӕн, уобӕл дес фӕккӕнун, – дзурдта мин Къӕлӕмурзӕ. – Ӕртӕ цӕфи фӕдтӕн, сӕ еу иннемӕй уӕззаудӕр. Равардтонцӕ мин хуӕрзеугутӕ дӕр.

Ӕрцудӕй Уӕлахези бон, ӕма ӕ хӕдзарӕмӕ исӕздахтӕй Къӕлӕмурзӕ.

ЛЕГОЙТИ Анатолий е ’мбæлтти хæццæ æ райгурæн бони фæдбæл фембæлди рæстæг.

Нур дӕ фӕллад гъӕуама исуадзай, тугъдон лӕг! Дӕ гъӕдгинтӕ дӕр гъӕуама байгас уонцӕ. Фал тугъдон лӕг нӕ бакумдта ӕнцад бадун, ӕ зӕрдӕ ристӕй тугъди фӕстеугутӕмӕ кӕсунӕй. Ӕма косун райдӕдта бригадирӕй. Уайтӕккӕ Къӕлӕмурзи бригади уӕлахези хабӕрттӕ райгъустӕнцӕ гъӕубӕстӕбӕл. Къӕлӕмурзӕ ӕхуӕдӕг алли анз дӕр никкӕрдидӕ ӕма ферми тургъи хуасӕ исамайидӕ ӕнӕгъӕнӕ рӕгътӕ. Колхози къӕбецмӕ сӕ хумзӕнхитӕй бригади иуонгтӕй фулдӕр нартихуар неке ӕрбаласидӕ, ӕма уони туххӕй Къӕлӕмурзи сорӕт нӕбал хецӕн кодта колхози, уӕдта райони Кади фӕйнӕгӕй. Ахид ӕй бахӕссиуонцӕ республики Кади фӕйнӕгмӕ дӕр, равардтонцӕ ин майдантӕ.

Уӕдмӕ рагъомбӕл ӕнцӕ Къӕлӕмурзи цӕуӕт. Сӕрди мӕйти етӕ дӕр  рацӕуиуонцӕ будуйрон куститӕмӕ. Фидӕ ӕ цӕуӕтӕн райсун кӕнидӕ къӕпетӕ кенӕ ба цӕвгутӕ, ӕхсирфтӕ. Уӕдмӕ ‘й ӕрӕстӕфтӕй: сӕ цӕуӕти хестӕрти еци куститӕй ӕгӕр ке исуаргъгин кӕнуй, е сӕ ахурбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ зиннуй, куддӕр ибӕл устурзӕрдӕ кӕнунцӕ.  Ӕма уӕд ниййергутӕ сӕ цӕуӕтмӕ  ӕнгомдӕр ӕрбалӕудтӕнцӕ, сӕ хӕццӕ син дзубанди байеудагъ ӕй. Ӕма Легойти цӕуӕт еугурӕйдӕр каст фӕцӕнцӕ скъола. Сӕ царди хабӕрттӕ тӕккӕ хуӕздӕр хузи аразтонцӕ, алкӕмӕн дӕр си фӕззиндтӕй бийнонтӕ…

Уогӕ уой фӕдбӕл бӕргӕ федауй лӕмбунӕгдӕрӕй рахабӕрттӕ кӕнун, фал абони нӕ дзубанди Анатолийи туххӕй ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба бӕлвурддӕрӕй уой туххӕй дзордзинан.

ЛЕГОЙТИ Анатолий æма Нинæ сæ кизгæ Альбини (астæуæй) хæццæ.

Анатолий райгурдӕй 1942 анзи январи Дигоргоми устурдӕр гъӕутӕй еуеми – Дзинагъай. Фӕстӕдӕр сӕ бийнонтӕ сӕ цӕрӕн бунат раййивтонцӕ Чиколамӕ, ӕма идарддӕри ахури хабар кодта ами астӕуккаг скъолай. Каст фӕцӕй Цӕгат Кавкази хуӕнхон-металлургон институт, райста инженер-аразӕги дӕсниадӕ. Ӕ профессионалон фӕллойни над ба райдӕдта Садони издий-цинки комбинати цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон управлений мастерӕй. 1972 анзи косун райдӕдта еугонд «Межколхозстрой»-и ӕфсӕнбетон конструкцитӕ уадзӕг заводи хестӕр инженерӕй, фӕстӕдӕр ба ‘й иснисан кодтонцӕ, уӕд аци еугонд поселок Заводтаги ци ӕфсӕнбетон конструкцити завод исаразта, уой сӕйраг инженерӕй.

Легой-фурт куд имиста, уотемӕй уӕди рӕстӕгути сӕ завод иссӕй тӕккӕ устурдӕр ӕма гъомусгиндӕр кустуӕттӕй еу. Кустонцӕ ӕртигай сменитӕй. Ци продукци уагътонцӕ, уомӕй пайдагонд цудӕй айдагъ нӕхе сахари ӕма республики арӕзтӕдти нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ Цӕгат Кавкази регионтӕ дӕр ластонцӕ ардигӕй цӕттӕ арӕзтадон ӕрмӕг.

Аци кустуати коллектив цӕйбӕрцӕбӕл амалгъон ӕма арӕхстгин адтӕй, уой туххӕй ӕрхӕсдзӕнӕн еу дӕнцӕ – уой туххӕй дӕр ӕ уаци Тегати Сулейман финста.

Цӕветтонгӕ, Дзӕуӕгигъӕуи Гугкай-фурти номбӕл гъӕунги Хӕлардзийнади монумент ку ӕвардтонцӕ, уӕд ӕ исфӕлгонц кӕнунӕн гъудӕй хъӕбӕр гранит ӕрлухтӕ кӕнун. Ӕма ӕмбурдтӕй еуеми уой фӕдбӕл, гъома, еци гъуддаг исаразунмӕ хуӕздӕр ка исарӕхсдзӕнӕй, зӕгъгӕ, дзубанди ку рацудӕй, уӕд республики колхозти арӕзтадон еугонди правлений сӕрдар Гусати Олег уотӕ:

– Нӕ еугонди завод ӕригон ке ӕй, уомӕ ма кӕсетӕ, рахӕссетӕ уӕ хъӕбӕр гранит, уой ралух кӕнунмӕ мах специалисттӕй хуӕздӕр неке исарӕхсдзӕнӕй.

Ӕма хъӕбӕр гранит ӕрбарвистонцӕ еугонди ӕфсӕнбетон конструкцити заводмӕ. Уоми ахсгиаг куст ӕнӕгъӕнӕй дӕр бабарӕ кодтонцӕ Легойти Анатолийӕн. Ӕма еци ихӕст тӕккӕ хуӕздӕр хукзи ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй.

Раст загъта Гусати Олег сӕ завод кӕд ӕригон адтӕй, уӕддӕр ӕ гъуддӕгутӕ уомӕй «хестӕрдӕр» кустуӕтти гъуддӕгутӕй лӕгъуздӕр нӕ цудӕнцӕ. Социалистон ериси дӕр сӕ ахид фӕууадзидӕ ӕ фӕсте.

Еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте уӕди еугонд «Севосетинпромстрой»-и разамунд Легой-фурти сӕхемӕ байагурдтонцӕ сӕ заводи (Дзӕуӕгигъӕуи ӕфсӕнбетон конструкцити заводи) сӕйраг инженерӕй. Дууӕ анзи бакуста еци бунати, уӕдта ‘й (1987 анзи) иснисан кодтонцӕ директорӕй ӕма си фӕккуста ӕ царди фӕстаг бони уӕнгӕ…

Разамонӕг исуогӕй, Легой-фурт фиццагидӕр архайун байдӕдта, кустуати равгитӕ ӕма гӕнӕнтӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр иснӕуӕг кӕнунбӕл – завод арӕзт ӕрцудӕй 1953 анзи ӕма си берӕ цидӕртӕ нӕуӕг рӕстӕгути домӕнти, куд фӕззӕгъунцӕ, нӕбал ӕййафтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба си куст къулумпитӕгонд цудӕй. Цидӕр адтӕй, уӕддӕр кустадӕ реконструкцигонд ӕрцудӕй. Уой фӕрци син берӕ фулдӕр ӕнтӕсун байдӕдта…

ЛЕГОЙТИ Анатолий æма Нинæ сæ кæстæрти кæстæрти хæццæ.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма евгъуд ӕноси 90-аг ӕнзти уӕнгӕ куста ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕ косгути нимӕдзӕ хъӕрттӕй 520 адӕймагей уӕнгӕ.

Фал уӕдмӕ ниддӕлӕлӕй кодтонцӕ еци сӕргъӕн «перестройки» миутӕ, ӕма, куд нӕ бӕсти еугур рауӕнти, уотӕ Цӕгат Иристони дӕр гъуддӕгутӕ усхъуммитӕ кӕнун байдӕдтонцӕ. Берӕ заманай кустуӕттӕ бунихӕлд фӕцӕнцӕ. Уӕззау уавӕри бахаудтӕй Дзӕуӕгигъӕуи ӕфсӕнбетон конструкцити завод дӕр. Фал ӕ коллективмӕ, сӕ сӕргъи Легойти Анатолий, уотемӕй хъаурӕ ӕма арӕхстдзийнадӕ разиндтӕй еци уӕззау уавӕрти дӕр бафӕразунӕн, сӕ кӕддӕри гъомусгин кустуат фӕккеун нӕ бауадзунӕн.

Ӕма  абони дӕр завод нимад ӕй, нури доги уавӕрти ӕнтӕстгинӕй ка архайуй, еци кустуӕттӕн сӕ раззагдӕрти хӕццӕ, сӕ продукций хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕ ба уоййасӕбӕл бӕрзонд ӕй, ӕма ‘й зӕрдиагӕй есунцӕ айдагъ нӕхе республики нӕ, фал ма сауӕнгӕ синхаг регионти арӕзтӕдтӕн дӕр. Цӕрӕн ӕма промышленнон арӕзтӕдтӕн ци дзаумӕуттӕ уадзунцӕ, еци номхигъди ес сӕдӕй фулдӕр номхунди.

***

Легойти Анатолий цӕйбӕрцӕбӕл искурдиадӕгин, алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст разамонӕг адтӕй, ӕма уой туххӕй дӕр, уӕдта ӕ хуӕрзӕгъдаудзийнади туххӕй, цӕйбӕрцӕбӕл устур кадӕ ин адтӕй айдагъ нӕхе республики нӕ, фал ардигӕй хъӕбӕр идард рауӕнти дӕр, уомӕн мӕхуӕдӕг ӕвдесӕн дӕн. Анатолий разамунд кӕмӕн лӕвардта, еци завод цемент ӕма ӕндӕр ӕрмӕгутӕ иста алли рауӕнтӕй. Ӕма сӕ исласиуонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи ӕфсӕнвӕндаги станцӕмӕ. Ӕз ба уӕд уой разамонӕгӕй кустон. Ӕма ’й хуарз гъуди кӕнун, ести къуӕхцӕ ку фӕззиннидӕ, уӕд нӕ дзорун кумӕ багъӕуидӕ, уоми ку базониуонцӕ гъуддаг Легой-фурти гъӕуй, зӕгъгӕ, уӕд, баруагӕс уи уӕд, уайтӕккӕдӕр алцидӕр тӕккӕ хуӕздӕр хузи арӕзт ӕрцӕуидӕ. Гъе уӕхӕн цӕстиварди адтӕй…

 

Мадта ӕ хуӕрзӕгъдаудзийнади туххӕй дӕр ӕрхӕсдзӕнӕн уӕхӕн дӕнцӕ, Мӕскумӕ мӕ ку раййивтонцӕ ӕма нӕ бӕсти ӕфсӕнвӕндӕгти министради центрон аппарати косун ку райдӕдтон, уӕд мӕ мадӕ ба ами поселок Заводтаги цардӕй. Ӕма кӕд неци гъӕуагӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй Анатолий еудадзуг рабӕрӕг кӕнидӕ, ӕхе мади хузӕн ибӕл ауодудта. Ӕма уӕхӕн гъуддӕгутӕ ба адӕймаг ӕ зӕрдӕбӕл куд нӕ бадардзӕнӕй.

***

Фӕллойнадон  коллективи разамонӕги ӕнтӕстгин ӕма арӕхстгин айдагъдӕр уӕд исхонун ӕнгъезуй, ӕма  ин ӕ еудадзугон архайди ӕмхузон ахсгиаг ку уонцӕ, куд кустадон фарстатӕ, уотӕ косӕг адӕймагбӕл ауодун дӕр. Уой сагъӕстӕ ин лӕдӕрд ку уонцӕ ӕма ин ӕ уодӕнцойнӕн равгитӕ ку араза, уӕд е дӕр, баруагӕс уи уӕд, зингӕ зӕрдиагдӕрӕй ӕнхӕст кӕндзӕнӕй ӕ ихӕстӕ, архайдзӕнӕй къӕндзӕстуг нӕ унбӕл. Ӕма еци менеугутӕй ба дессаги ӕнхӕст адтӕй Анатолий. Архайдта заводи косгути социалон фарстатӕ гъӕугӕ хузи аразунбӕл. Зӕгъӕн, уӕртӕ ма рӕстӕгутӕ берекетгундӕр ку адтӕнцӕ, уӕд анзмӕ 8-10 фатери лӕвӕрд ӕрцӕуидӕ косгутӕн. Адтӕй сӕмӕ, бийнонтӕй кӕми цардӕнцӕ, уӕхӕн ӕмдзӕрӕн. Мадта фӕлладуадзуни хабӕрттӕ дӕр хуарз ӕнхӕстгонд цудӕнцӕ – косгутӕй берети рарветиуонцӕ фӕлладуадзӕн ӕма хедзӕбӕхгӕнӕн рауӕнтӕмӕ. Уомӕ гӕсгӕ коллектив ӕнӕгъӕнӕй дӕр боз адтӕнцӕ сӕ разамонӕгӕй. Уой фӕдбӕл косгутӕй еу сауӕнгӕ ӕмдзӕвгӕ дӕр ма ниффинста. Ка ‘й зонуй, исфӕлдистади барӕнтӕй уоййасӕбӕл ӕнхӕст нӕй, фал зӕрдтагонӕй финст ӕй ӕма ‘й уомӕ гӕсгӕ мухур кӕнӕн.

 

«И ДЕЛА ТВОИ ВИДИТ НАРОД!..»

Посвящается
Легоеву Анатолию Каламурзаевичу

Ты пришел в свой родной коллектив

В тот момент, когда он зарождался,

Наш завод был тогда – негатив,

Но ты трудностей не испугался.

Ты отдал себя делу, труду,

Днем и ночью решая проблемы,

Никогда не сказал: «Не могу»!

От бессилья не прыгал на стены.

И своим плодотворным трудом

Ты поднял свой завод до вершины,

И завод тебе стал как свой дом,

Для завода ты стал его сыном.

Сыном тем, кто за домом следит,

Кто ему процветанья желает,

Кто в работе все время горит,

И о лучшем все время мечтает.

Ты вложил свои силы в завод,

Здесь оставил частицу здоровья,

И дела твои видит народ,

Ведь ты жертвовал, чуть ли не кровью.

Ты уходишь сегодня от нас

На другую большую дорогу

Пожелаем тебе без прикрас

Дел великих и крепких порогов.

Ты ведь наш Анатолий, на век,

Ты товарищ и брат наш по крови,

Будь всегда как сейчас человек,

И не хмурь ты без нас свои брови.

С великим сердцем ДУЛАЕВ А.Н.

***

Кустуати фӕллойнӕгӕнгутӕй уӕлдай ма хуӕрзауодундзийнадӕй беретӕ хайгин адтӕнцӕ нӕ республики – куд еугай адӕймӕгутӕ, уотӕ хецӕн коллективтӕ дӕр, уӕлдайдӕр ба исфӕлдистадон къабази ка архайдта, уонӕй. Арфгиаг си ӕй нӕ газети редакци дӕр. Ӕ загъд уотӕ адтӕй:

– Хъӕбӕр ӕхцӕуӕнӕй исӕмбӕлӕн газет «Дигори» алли номербӕл дӕр. Ӕ бакастӕй дӕр зӕрдӕ райдзаст кӕнуй, аййев фӕлгонцгонд фӕууй аллихатт дӕр. Хъӕбӕрдӕр ба уомӕн, ӕма си бакасӕн фӕууй, адӕймаги зӕрдӕ кӕмӕ фӕдздзоруй, газеткӕсӕги сагъӕсти ка бафтауй, ӕ берӕ фарстатӕбӕл ин ӕнхӕст ӕма  бӕлвурд дзуапп ка раттуй, уӕхӕн ӕрмӕгутӕ.

Ӕцӕг – газети уавӕр абони сагъӕссаг ӕй. Ӕма цӕмӕй ӕ карнӕ ӕнӕзӕрдӕдзоргӕ уа, уой фӕдбӕл фарстатӕ ба айдагъ хецаудзийнади ‘рдигӕй  аразгӕ нӕ ‘нцӕ. Гъай-гъай, уони бон дӕр ӕй берӕ цидӕртӕ исаразун, газети тираж цӕмӕй фӕффулдӕр уа, фал гъуддаг хъӕбӕрдӕр ба нӕхецӕй (Дигори дзиллӕй) аразгӕ ‘й. Еумӕ, ӕнгомӕй, кӕрӕдзей фарс хуӕцгӕй ӕрбалӕууӕн «Дигори» фарсмӕ.

Ӕма еци загъд зӕрдиагӕй ке адтӕй, уомӕн бӕлвурд ӕвдесӕн ӕй: ци гӕнӕн ӕма амал адтӕй, уомӕй нин берӕ гъуддӕгути фӕййагъаз кӕнидӕ. Ӕма ин арфиагӕй имисӕн ӕ рохс ном…

Анатолий анзи рӕстӕгутӕй уӕлдай фулдӕр уалдзӕг уарзта. Ӕрдзӕ ӕ зуймон фунӕййӕй ку райгъал уидӕ, ӕ цъӕх-цъӕхид фӕлустӕй ӕхе ку исаразуй ӕма си сӕнттадитӕ кӕнун ку байдайуй, уӕд ин уӕлдай ӕхцӕуӕн уидӕ ӕ дзӕхӕрадони  уалдзигон зелӕнтӕ кӕнун, сабийи хузӕн дестӕ-тӕмӕстӕ кӕнидӕ ӕ алфамбулай дессӕгтӕбӕл. Берӕ уарзта уалдзӕг… Ӕма зӕрдӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр исресуй уомӕй, ӕма ин аци уалдзӕг ӕ фӕстаг уалдзӕг ке иссӕй. Нӕ Исфӕлдесӕги, ӕвӕдзи, уотӕ бафӕндадтӕй  ӕма ин ӕ уӕлзӕнхон цардӕн кӕрон дӕр уалдзӕгмӕ исӕмгъуд кодта…

Ӕма раседзӕр ӕй ӕ дзӕхӕрадонӕ. Ӕ фӕлмӕн къохи рӕвдуд нӕбал бавзардзӕнӕй уоми зӕнхӕ, уоми рӕзӕ бӕлӕстӕ, деденгутӕ, халсартӕ…

Фал седзӕр нӕй ӕма некӕд уодзӕнӕй ӕ уӕлзӕнхон царди дзӕхӕрадонӕ. Уоми цардгъон талатӕй райрӕзтӕнцӕ, ӕ рӕстуодӕй ци арфиаг гъуддӕгутӕ исаразун ин бантӕстӕй, етӕ. Ӕнӕгъӕнӕ рӕзбун, кӕций рӕзӕй адгинӕй хинст ӕнцӕ хъӕбӕр берӕ адӕм. Ӕма уони зӕрдити ӕ рохс ном цӕрдзӕнӕй хуӕрзимисуйнӕгтӕй.

Ӕ рохс ном ӕма ӕ кадӕ, федарӕй ни ӕруагӕс кӕнуй, цӕрдзӕнӕй ӕ кӕстӕрти фӕрци. Ӕ цардӕмбал Нини (Биазӕрти Хъанамати кизгӕ) хӕццӕ исгъомбӕл кодтонцӕ дууӕ кизги ӕма фурт, уонӕн абони сӕхецӕн дӕр ес бийнонтӕ, кӕстӕртӕ. Ӕма зӕрдрохс уӕнтӕ сӕ фидӕ ӕма сӕ баба син ци хуӕрзтӕмӕ бӕлдтӕй, уомӕй хайгин уӕнтӕ.