21 ноября 2024

ӔРДЗӔ ИН Ӕ ИСКОНДИ ХӔЗНАТӔ ХАРАКЕТТӔЙ ӔРГОМ КОДТА…

27.11.2021 | 11:50

НОМДЗУД ГЕОЛОГ МУДОЙТИ ЦӔРАЙИ ФУРТ ГЕУӔРГИЙ РАЙГУРДБӔЛ ИСӔНХӔСТ ӔЙ ӔХСӔЗИНСӔЙ АНЗИ (1901-1991)

___________________________

БОГАЗТИ Умар

ЧЕРЧЕСТИ Геуӕрги

___________________________

Ӕрдзи ес уӕхӕн къумтӕ ӕма адӕймаг деси бафтуйуй – куд ӕдзӕрӕг, куд мӕгур ӕй! Уотӕ дзоридӕ алкедӕр Мангышлак фӕууингӕй дӕр, кенӕ уой туххӕй киунуги бакӕсгӕй. Цума ӕрдзӕ ести хӕрандзийнади туххӕй барӕй ниммӕгур кодта еци зӕнхӕ, уотӕ зиннуй ӕрдӕгсакъадах – нӕ си фӕууиндзӕнӕ цъӕх кӕрдӕги халӕ, нӕ си игъусуй сауӕдӕнтти сур-сур. Фал мӕгур зиннуй айдагъдӕр ӕндегӕй бакӕсгӕй.

– Мангышлакки федӕн райдзаст бони хузӕн ирд ӕй, – зӕгъуй не ’мбӕстон Мудойти Геуӕрги. – Еци зӕнхӕ советон адӕмӕн ратдзӕнӕй берӕ хӕзнатӕ, ӕ нефти ӕвӕрӕнтӕн кӕрон нӕййес.

МУДОЙТИ Геуæрги

Мудойти Геуӕрги Мангышлакки адтӕй Казахти АССР-и Наукити академий комплексон экспедиций сӕргълӕууӕг. Фӕлтӕрдгун разамонӕг, ӕрдзӕй искурдиадӕгин – уӕхӕн адӕймагӕй зонунцӕ не ’мбӕстаги Казахстани.

Ка нӕ фегъуста махмӕ Карагандай ӕвзалуй бассейни кой! Ӕнӕ Карагандай ӕвзалуйӕй нӕ адтайдӕ Урали металлургийи ирӕзт. Урали устур металлургон заводтӕ аразун ку райдӕдтонцӕ, уӕд советон адӕми размӕ адтӕй ихӕс ӕвӕрд – артаги базӕ. Еци дзамани Уралмӕ тӕккӕ хӕстӕгдӕр бассейнбӕл нимадтонцӕ Кузбасс. Фал Кузбассӕй Урали заводтӕмӕ ӕвзалу ласун адтӕй зин ӕма хъазар гъуддаг.

Ӕма 1930 анзи фӕззиндтӕй уӕхӕн адӕймаг, уотӕ ка загъта: ес ӕвзалу Карагандай, уомӕн ӕ бон ӕй берӕ ӕнзти дӕргъи Урал хуӕрзгъӕдӕ артагӕй ӕфсадун: е ’взалуй ӕвӕрӕнтӕ ‘нцӕ 1300 квадратон километри. Еци адӕймаг адтӕй Мудойти Геуӕрги.

Геуӕрги райгурдӕй Дигорай. Ӕ фидӕ Цӕрай адтӕй карз адӕймаг, ӕма ӕ фурти дӕр уотӕ ахур кодта – фӕлмӕн, рӕвдауӕн дзубандий бӕсти си агурдта царди зиндзийнӕдтӕн фӕразон ун – уадзӕ е ба си лӕг рауайа! Фал ӕ фиди фидӕ ба адтӕй дессаги фӕлмӕнзӕрди хецау, биццеуи ӕнӕ рӕвдудӕй некӕд ниууагъта.

Геуӕрги зӕронд Гугабӕл уотӕ исахур ӕй, ӕма е ’мбӕлтти хӕццӕ гъазуни бӕсти, ӕ рӕстӕг фулдӕр ӕрветидӕ ӕ бабай хӕццӕ. Биццеу ахид цудӕй зӕронди хӕццӕ хуӕнхбӕстӕмӕ: Гугайӕн ӕ лӕдзӕг ӕ къохи, уотемӕй ӕнцонтӕй исхезидӕ бӕрзонд рауӕнмӕ, биццеу дӕр си фӕстегӕй нӕ изайидӕ.

Зӕронд лӕг ӕ цӕстӕ радаридӕ рӕсугъд хуӕнхтӕ ӕма фӕзтӕбӕл, ӕ цӕсгонбӕл фӕззиннидӕ цийни ӕнгӕс ӕма игъӕлдзӕгӕй биццеуӕн дзурдта:

– Кӕсай, мӕ хори тунӕ, куд рӕсугъд ӕй нӕ Иристон!.. Нӕ фидтӕлти зӕнхӕ… Етӕ ’й уарзтонцӕ… Ӕма сӕ уарзондзийнадӕ махӕн дӕр бафӕдзахстонцӕ.

Фӕстагмӕ зӕронди цӕстити фӕззиндтӕй карздзийнадӕ, ӕвӕдзи, ӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕнцӕ е ’ригон бонтӕ, фӕдесмӕ ӕ бӕхбӕл саргъ ку багӕлдзидӕ ӕма хуӕцӕнгарз куд иста, еци рӕстӕг.

– Берӕ бӕлӕхтӕ бавзурстонцӕ ирон адӕм, – арф ниууолӕфтӕй Гуга. – Берӕ тог никкалдӕй сӕ сӕребарӕдзийнадӕ ӕма хуӕдбарӕдзийнади сӕрбӕлтау… Уонӕн иронхгӕнӕн нӕййес… – Зӕронд ӕхе къӕдзӕхи дорбӕл уӕззау ӕруагъта ӕма биццеуи ӕхемӕ ӕрбалхъивта. – Райгурӕн зӕнхӕ уарзун гъӕуй, ӕнӕ уомӕй цард нӕййес. Ку ислӕг уай, уӕд дӕ ахур кӕнунмӕ рарветдзинан. Ку исахур кӕнай, уӕдта адӕмӕн агъаз кӕнӕ…

Зӕронд Гуга, ӕхуӕдӕг ӕнахургонд уогӕй, бӕлдтӕй, цӕмӕй ӕ кӕстӕртӕ дохтири дӕсниадӕ райсонцӕ ӕма адӕми дзӕбӕх кӕнонцӕ. Уомӕ дохтир адтӕй устур ӕвӕрди. Сахатгай бадидӕ минкъий Геуӕргий фарсмӕ ӕма кастӕй биццеу сабургай дамугъатӕ куд финсуй, уомӕ. Цума цӕбӕл гъудитӕ кодта уӕд? Ка ’й зонуй, ӕ дзамани уомӕн ахури фадуат ке нӕ адтӕй, уобӕл. Ка ’й зонуй, ӕ рази ци биццеу финста гӕгъӕдибӕл, уой уидта кӕсӕнцӕстити дохтирӕй. Еу дзамани сӕ гъӕумӕ уӕхӕн дохтир ӕрбацудӕй…

Фӕцӕй Геуӕрги гъӕууон скъола каст. Ӕма зӕронд Гуга загъта ӕ фурт Цӕрайӕн:

– Ӕз фегъустон, горӕти, дан, устур скъола ес. Лӕхъуӕни уордӕмӕ фӕлласун гъӕуй. Уадзӕ е ба исахур кӕна.

Цӕрай неци загъта. Фал цалдӕр боней фӕсте мадӕ ӕ цӕстисуг калгӕ биццеуӕн дзурдта:

– Фудаг ма кӕнӕ, мӕ бӕдолӕ, дӕхе гъӕуай кӕнӕ…

Зӕрондӕн е зин адтӕй ӕма имӕ дзоруй:

– Силгоймагӕн ӕ кӕун алкӕд ӕ хъури бадуй, айдагъ дӕр ин рӕуонӕ уӕд. Мӕрдтӕмӕ нӕ цӕуй, ахурмӕ ’й ӕрветӕн, цийнӕ кӕнӕ…

Фал мӕгури фӕндитӕ кӕми рӕстмӕ кӕнунцӕ: скъолай хецау ӕргом ӕнӕнвӕрсонӕй худтӕй Цӕрайбӕл:

– Цӕмӕн гъӕуй дӕ фурти ахур кӕнун? Ӕ къохтӕ, ӕ къӕхтӕ федар ку уонцӕ, уӕд си хумӕгӕнӕг рауайдзӕнӕй…

Нӕ бахаудтӕй Дзӕуӕгигъӕуи скъоламӕ, ӕма ’й уӕд фӕлласта Грознамӕ.

Геуӕргийӕн Грознай райдӕдта ӕ нӕуӕг цард, фӕллойнӕ, ӕнӕкӕрон фӕллойнӕй идзаг ка адтӕй, е. Ахур кӕнун ин зин адтӕй – цанӕбӕрӕг зудта уруссаг ӕвзаг дӕр. Фал ӕ нифс некӕд басастӕй. Биццеу ахуради адтӕй ӕновуд, цӕмӕдес. Берӕ уарзта киунугӕ, ӕма имӕ алли киунуги бакаст дӕр кастӕй ӕнӕкӕрон дессӕгти дуйне, уотӕ имӕ кастӕй, цума ӕ хъаурӕ фӕффулдӕр ӕй, ӕ нифсбӕл нифс никкидӕр бафтудӕй.

Каникулти Геуӕрги сӕхемӕ ку ‘рцудӕй, уӕд ӕй зӕронд Гуга хийнӕ фарст бакодта:

– Ахур фӕдтӕ?

Геуӕрги зӕронди гъӕбесмӕ ӕхе багӕлста:

– Нӕма!

Ӕма уӕд Гуга дӕр рӕвдаугӕ исдзурдта:

– Тӕрсгӕ ма кӕнӕ, мӕ биццеу, ахур кӕнун дортӕ хӕссун нӕй. Дортӕ хӕссунӕй адӕймаг губур кӕнуй, ахурдзийнадӕй ба ибӕл базуртӕ зайуй. Кӕсӕ киунугутӕ ӕма устур лӕг исуодзӕнӕ…

Ка ’й зонуй, берӕ исахур кӕнун нӕ бафтудайдӕ Геуӕргий къохи, фӕллойнӕгӕнгути цӕуӕтӕн институтмӕ надбӕл берӕ цӕлхдортӕ ӕвӕрд адтӕй фиццаг дзаманти. Фал уӕди царди ӕгъдӕуттӕбӕл арази нӕбал кодтонцӕ адӕм, уотӕ дӕр син берӕ бафӕразтонцӕ. Ӕма 1917 анзи Уӕрӕсей уад исистадӕй. Бахъӕрдтӕй Иристонмӕ дӕр еци уад ӕма фӕллойнӕгӕнӕг ирон адӕймаг ӕ бартӕ райсуни надбӕл ниллӕудтӕй.

Цӕрай Геуӕргий ӕрласта сӕхемӕ: ӕзмӕнст дзамани ма ахурбӕл ка адтӕй. Биццеу лӕдӕрдтӕй: адӕм исистадӕнцӕ сӕребарӕ царди сӕрбӕлтау.

– Ехх, мӕ бӕдолӕ, фиццаги хъаурӕ ма мӕмӕ ку уидӕ, – дзурдта зӕронд Гуга, – уӕд ӕз дӕр мӕ бӕхбӕл бӕргӕ рабадинӕ, бӕргӕ исласинӕ мӕ хъӕма!..

– Нӕ дууемӕн дӕр нӕ фӕррӕстмӕ ’й нӕ гъуддаг – ӕз ӕгӕр раги базӕронд дӕн, ду ба нурма ӕгӕр ӕригон дӕ, – ӕ сӕр батилдта Гуга.

– Сослӕнбеги хузӕн бӕхбӕл партизанти разӕй тӕхӕ! – иссугъдӕй ӕнахур арт Геуӕргий цӕстити: Тауасити Сослӕнбег, партизанти бӕгъатӕр командир исунмӕ уӕд ка нӕ бӕлдтӕй!

– Ӕз дӕ гъӕуама фӕууинон бӕгъатӕрӕй бӕхбӕл бадгӕй! – ӕрхуаста лӕхъуӕни усхъӕ Гуга.

Фал уой фӕууинун ӕ къохи нӕ бафтудӕй. Гъӕумӕ ӕмпурстонцӕ Шкурой ӕфсӕдтӕ. Цӕргутӕ лигъдӕнцӕ гъӕдӕмӕ. Гуга нӕ бакумдта:

– Ӕз берӕ фӕццардтӕн ӕма мӕхе нӕбал римӕхсун. Гъӕуама ӕзнаги хӕццӕ лӕгӕй-лӕгмӕ исӕмбӕлон. Сумах Хуцауи иуазӕг уотӕ…

Шкурой ӕфсӕдтӕ гъӕумӕ ку ‘рбалӕбурдтонцӕ, уӕд ма си цӕргутӕй ка байзадӕй, уони тардтонцӕ итигъд будурмӕ. Фал син Гуга нӕ бакумдта:

– Сумах гъӕддаг сирдтӕ айтӕ, уӕ бон ӕй мӕн рамарун, фал уӕ мӕхецӕй гириз кӕнун нӕ бауадздзӕнӕн – уӕддӕр уе ’сӕфти бон ӕрхъӕрдтӕй…

Гуга фӕммард ӕй бӕгъатӕрӕй.

Рӕстӕг цудӕй. Адӕм райстонцӕ, фидӕй-фуртмӕ цӕмӕ бӕлдтӕнцӕ, еци сӕребарӕ цард, зӕнхӕ, скъолатӕ… Геуӕрги исфӕндӕ кодта ӕ ахур идарддӕр рахъӕртун кӕнунмӕ… Дзурдтонцӕ ин: нурма зин рӕстӕг ӕй, аллихузон незтӕ, стонг дзаман. Фал биццеу некӕмӕ игъуста. Бацудӕй гъӕусовети сӕрдармӕ.

– Гӕгъӕди мин радтӕ?

– Кумӕ, Мудой-фурт?

– Устур горӕтмӕ ахур кӕнунмӕ цӕун. Мӕ асӕмӕ мин ма кӕсӕ.

Совети сӕрдар гӕгъӕди ниффинста ӕма имӕ ’й равардта:

– Е дин гӕгъӕди. Ӕцӕг игъосис – лӕгъуз ку ахур кӕнай, уӕд нӕ фӕхходуйнаг кӕндзӕнӕ. Фӕстӕмӕ уотемӕй ку раздӕхай, уӕд ма рагъаст кӕнӕ.

Гъе уӕхӕн нистауӕнти хӕццӕ рандӕ ‘й Геуӕрги Дзӕуӕгигъӕумӕ. Ӕма ӕ гъӕубӕстӕ нӕ фӕхходуйнаг кодта: кӕд ин цийфӕнди зин адтӕй, уӕддӕр ӕхебӕл нӕ аурста. Ахургӕнгутӕ уидтонцӕ зӕрдӕргъӕвд ӕма фӕллойнӕуарзагӕ лӕхъуӕни. Ӕма ’й 1922 анзи рарвистонцӕ Петроградмӕ.

…Фӕтӕн Невай проспект… Гъӕунги фӕйнӕ фарси бӕрзонд рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Гъӕунги фӕццӕуй ниллӕггомау биццеу ӕнахур хъӕппӕлти. Цудӕй сабургай, кастӕй устур донмӕ, устур хӕдзӕрттӕмӕ. Цӕугӕ цӕун ескӕбӕл дӕр ӕхе искъуӕридӕ, фал имӕ етӕ гъаргӕ дӕр нӕ кодтонцӕ.

Не ’ргъуди кодта, нур цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг ӕ фӕсте ци студент цудӕй, уой дӕр. Геуӕрги еу устур хӕдзари дуармӕ фӕккомкоммӕ ’й скульптурӕмӕ. Хӕстӕгдӕр имӕ бацудӕй ӕма берӕ фӕккастӕй, хӕдзарӕ ӕ усхъитӕбӕл кӕмӕн лӕудтӕй, еци уӕйугмӕ. Биццеу ӕрлӕудтӕй тӕккӕ гулфӕн рауӕн ӕма ’й адӕм ӕсхуститӕ кодтонцӕ. Еууӕхӕни размӕ еу къахдзӕф ракодта ӕма кедӕр реубӕл ӕхе искъуӕрдта. Геуӕрги фӕстӕмӕ фӕккастӕй. Ӕ рази лӕудтӕй бӕрзонд студент, кастӕй имӕ ӕма ӕ медбилти худтӕй.

– Ка дӕ? – бафарста ’й ӕнӕзонгӕ.

– Ӕз Мудойтӕй дӕн… Ду ба ка дӕ? – Геуӕрги ӕрӕгиау рагъуди кодта, ӕнӕзонгӕ студент ӕй иронау ке бафарста ӕма ин ӕхуӕдӕг дӕр иронау дзуапп ке равардта, уобӕл.

– Борухъати Рамазан адтӕн, – худтӕй студент, – ӕма мин ӕхцӕуӕн ӕй, ме ’мбӕстагбӕл ке исӕмбалдтӕн, е.

Рамазан Геуӕргий ӕ хъури никкодта.

Уотӕ райдӕдта Мудойти Геуӕрги ӕма Борухъати Аслӕнбеги фурт Рамазани лимӕндзийнадӕ. Нур фондз ӕма дууинсӕй анзей бӕрцӕ цӕунцӕ фӕрсӕй-фӕрстӕмӕ алке ӕхе надбӕл, фал еу нисанмӕ – ӕрдзи тухтӕбӕл фӕууӕлахез унмӕ ӕма ин ӕ хӕзнатӕ адӕми пайдайӕн раргом кӕнунмӕ. Дууемӕй дӕр иссӕнцӕ устур ахургӕндтӕ, иссӕнцӕ нӕ бӕсти зундгонд геологтӕ, паддзахадон премий лауреаттӕ. Хуӕнхон Институти ирон студенттӕ Борухъати Рамазан, Гокъоти Александр, Бутати Харитъон, Мудойти Геуӕрги, Таботи Соломон ӕма Дзӕрӕхохти Гагудз лимӕнӕй цардӕнцӕ еу ӕмдзӕрӕни. Еумӕ цӕттӕ кодтонцӕ сӕхе фӕлварӕнтӕмӕ, еумӕ ӕрвистонцӕ сӕ уӕгъдӕ рӕстӕг, еумӕ цудӕнцӕ ӕхца бакосунмӕ дӕр: еци дзамани студенттӕн айдагъ стипендийӕй зин фӕццӕрӕн адтӕй, уӕд институти адтӕй студентти фӕллойнадон артельтӕ.

Фал зинтӕ нӕ басастонцӕ биццеути хъаурӕ, сӕ нифс. Нӕ, фал ма федардӕр кодтонцӕ, никки фулдӕр сӕхецӕй агурдтонцӕ ахури гъуддаги. Геуӕрги фӕнзуйнаг адтӕй сӕ еугуремӕн дӕр – е, ахургӕнӕг ци киунугутӕ амудта, айдагъ уони нӕ кастӕй, фал ма берӕ рӕстӕг ӕрвиста киунугӕдони, ӕмдзӕрӕнмӕ дӕр ма ӕрбахӕссидӕ гъӕбесидзаг киунугутӕ.

Еухатт Геуӕргийӕн ӕ бон не ’ссӕй ахургӕнӕги фарстайӕн дзуапп раттун.

– Рагон грекъаг ӕвзаг ку зонисӕ, уӕд дӕ бон уидӕ ӕнцонӕй дзуапп раттун, – ӕхенимӕр дзорӕгау загъта ахургӕнӕг.

Еци изӕр Геуӕрги ӕмдзӕрӕнмӕ ӕрбахаста никки фулдӕр киунугутӕ. Дзӕрӕхохти Гагудз ӕй ку фӕууидта, уӕд ниддес кодта:

– Уруссаг ӕвзагбӕл ку нӕ ’нцӕ, уӕд си ци кӕнис?

Геуӕрги гъуддагхузӕй дзуапп равардта:

– Кӕсдзӕнӕн сӕ…

– Кӕци ӕвзагбӕл? – нӕбал ӕй уагъта Гагудз.

– Рагон грекъагбӕл…

– Ӕма ’й ку нӕ зонис!

– Базондзӕнӕн ӕй, – загъта Геуӕрги. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, базудта биццеу рагон грекъаг ӕвзагбӕл, сауӕнгӕ ма дзорун дӕр.

Уӕлдай лӕмбунӕгдӕр ахур кодта ӕма зудта геологи. Ӕ ахургӕнӕг Дмитрий Василийи фурт Наливкин – ССР Цӕдеси Наукити академий федӕни академик – алкӕд арази адтӕй Геуӕргий зонундзийнӕдтӕй ӕма ин еухатт гъазӕнхузи загъта:

– Еу семестр ма ку рацӕуа, биццеу, уӕд ма дӕ цӕбӕл ахур кӕндзинан – алцидӕр зондзӕнӕ…

Геуӕрги бӕлдтӕй тагъддӕр ӕ зонундзийнӕдтӕ гъуддаги равдесунмӕ, фал тарстӕй, ку нӕ исарӕхса, уомӕй.

– Къӕбинети бадгӕй нецӕмӕй тухсун, – дзурдта ӕ сосӕгдзийнӕдтӕ е ’мбалӕн, – нӕуӕг игурӕнтӕ куд агорун гъӕуй, уой зонун, уӕдта кӕми, уой дӕр, ранимайдзӕнӕн дин сӕ менеугутӕ, фал будури, хуӕнхти куд уодзӕнӕн, уой мӕ зунд нӕ ахӕссуй…

Ма тухсӕ, рагацау дӕхе ма тӕрсун кӕнӕ, нӕ фӕррӕдуйдзӕнӕ, – зӕрдитӕ ин ӕвардта Рамазан. – Ӕз дӕр тарстӕн, фал гъуддаги ку бацудтӕн, уӕд куст мӕ зӕрдӕмӕ уотӕ фӕццудӕй, ӕма мӕ раздӕри тарстӕй нецибал байзадӕй…

Ӕрбалӕудтӕнцӕ фиццаг практики бӕнттӕ. Геуӕргий хъӕбӕр фӕндадтӕй, ӕ райгурӕн Кавказмӕ ’й ку рарвистайуонцӕ, е. Фал ӕ гъуддаг нӕ рауадӕй ӕма ин уӕд Рамазан фӕййагъаз кодта Донбасмӕ рандӕ унмӕ.

Фиццаг практики студентти уойбӕрцӕ устур гъуддӕгутӕ нӕ фӕууй. Цӕуй геологи хӕццӕ, ӕ къохи дзӕбокӕ. Геолог ахид ӕрлӕууй ӕма цубурӕй радзоруй:

– Къӕрт си расӕттӕ.

Студент къӕдзӕхдорӕй къӕрт расӕттуй, гӕгъӕди ибӕл банихасуй цубур финстити хӕццӕ, дзӕкъоли ’й исӕвӕруй ӕма бабӕй геологи хӕццӕ фӕрраст уй. Уотӕ бонӕй-бонмӕ, къуӕрейӕй-къуӕремӕ. Ӕндегӕй бакӕсгӕй – нецӕййаг куст, берӕ студенттӕ ’й ӕнӕдзоргӕй фӕккӕнунцӕ. Ӕма уобӕл сӕ практикӕ фӕууй. Фал Геуӕргийӕн уӕхӕн уодигъӕдӕ нӕййес. Е ӕ разамонӕг Сергей Сергейи фурт Смирнови (нуртӕккӕ академик ӕй) фарстати буни фӕккӕнидӕ. Ахургӕнӕг берӕ уарзта, цӕмӕдес биццеуи ӕма ин ӕ зонундзийнӕдтӕ не ’вгъау кодта. Практики кӕронмӕ Геуӕрги ӕ разамонӕги ӕнӕ еу дзурдӕй дӕр лӕдӕрун байдӕдта.

Иннӕ анз практики размӕ Смирнови фӕндӕмӕ гӕсгӕ ахургӕнӕг Н.Г. Кассин Геуӕргимӕ ӕхемӕ фӕдздзурдта:

– Ӕвӕдзи дӕу Кавказмӕ цӕун фӕндуй?

– Хъӕбӕр мӕ фӕндуй, – бацийнӕ кодта Геуӕрги.

Николай Григорийи фурт ӕ сӕр ӕруагъта:

– Мадта, ӕвӕдзи, мӕ гъуддагӕй неци уайуй.

– Ӕма дӕ ци фӕндадтӕй?

– Мӕ зӕрди адтӕй дӕу Борухъай-фуртмӕ хӕстӕгдӕр рарветун – Казахстанмӕ. Агъазгӕнӕг, коллектор мӕ гъӕуй… Нӕ дӕ фӕндуй?

– Фӕндуй! – ӕвеппайди исарази ‘й Геуӕрги…

Ӕма 1927 анзи Мудойти Геуӕрги базонгӕ ‘й Казахстани хӕццӕ. Еци практикӕ ин хъӕбӕр фӕййагъаз ӕй. Разамонӕг ин адтӕй фӕлтӕрдгун ахургӕнӕг, цӕстуарзон адӕймаг Николай Кассин. Кассин фиццаг бонӕй фӕстӕмӕ Геуӕргий ӕхемӕ ӕрбахӕстӕг кодта.

Кассин геологи берӕ уарзта ӕма ӕхе хузӕн ка адтӕй, уонӕн ӕ уод дӕр не ’вгъау кодта. Кӕд ескӕмӕй уотӕ зӕгъӕн ес – амӕн ӕнӕ геологийӕй фӕццӕрӕн нӕййес, уӕд фиццагдӕр Кассинӕй.

Кассинӕн е ’ригон агъазгӕнӕг ӕ зӕрдӕмӕ цудӕй. Алци ка зудта, ӕхецӕй арази ка адтӕй, уӕхӕни каст нӕ кодта. Николай Григорийи фурти зӕрдӕмӕ цудӕй, биццеу минкъий менеугутӕмӕ гӕсгӕ дӕр ӕрдзӕ «кӕсун» куд зудта, ӕ сосӕгдзийнӕдтӕ ин куд бӕрӕг кодта, уомӕй…

Коллектор гъӕуама ци район сгара, уомӕн исараза геологон картӕ. Геуӕрги ци фиццаг картӕ искодта, уомӕ Кассин ку ‘ркастӕй, уӕд ӕгириддӕр неци загъта. Ӕ хӕццӕ ка адтӕй, еци студенттӕ куд дзурдтонцӕ, уотемӕй, ахургӕнӕг ке неци исдзурдта, е адтӕй аразий дзуапп.

Еухатт Николай Григорийи фурт ӕригон коллектори архайдмӕ лӕмбунӕг фӕккастӕй ӕма ӕхенимӕр рагъуди кодта: «Арф кӕсуй алли гъуддагмӕ. Хуарз геолог си рауайдзӕнӕй».

Нӕ фӕррӕдудӕй фӕлтӕрдгун ахургӕнӕг.

Иннӕ анз дӕр бабӕй Геуӕрги коллекторӕй адтӕй Кассинмӕ, фал ӕртиккаг анз Кассин загъта, цӕмӕй Мудой-фуртӕн байхӕс кӕнонцӕ сӕрмагонд парти. Геуӕргий иснисан кодтонцӕ прорабӕй, партий разамонӕги бартӕ ин радтетӕ, уотемӕй. Ӕма ӕ фиццаг фӕлварӕн рауадӕй хъӕбӕр хуарз.

Еци экспедиций хабӕрттӕ ӕ зӕрдӕбӕл ку ‘рбалӕуунцӕ, уӕд нур дӕр ма ӕнӕ нихходгӕ нӕ фӕллӕууй. Къуари адтӕй фондз адӕймаги, цуппар бӕхи ӕма бричкӕ. Гъӕуама еци къуар исбӕрӕг кодтайдӕ, Карагандай райони ӕвзалуй ӕвӕрӕнтӕн ци федӕн ес, уой. Уӕлдӕр куд загътан, уотемӕй еци ӕвӕрӕнтӕн уӕд устур ахедундзийнадӕ адтӕй ӕригон Советон бӕсти промышленности ирӕзти гъуддаги.

Къуар бричкӕбӕл рараст ӕй Карагандамӕ. Уӕд уогӕ Караганда нӕма адтӕй. Ӕнӕкӕрон будури лӕудтӕй дууӕуӕладзугон дорин хӕдзарӕ ӕма сарай, уонӕй еуӕндӕс километри идарддӕр ба минкъий гъӕу – Большая Михайловка, ӕдеугурӕй си ӕртӕ гъӕунги.

Уӕд Геуӕргийӕн, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕ гъудий дӕр нӕ адтӕй, уой «фудӕй» уордӕмӕ тагъд рӕстӕги берӕ адӕм ке ‘рцӕудзӕнӕнцӕ ӕма си устур горӕт, шахтерти горӕт, ке исуодзӕнӕй. Уоми адтӕй цалдӕр ӕрдӕгкалд шахти, англисӕгтӕй ка байзадӕй, уӕхӕнттӕ.

Центрон Казахстани ӕвзалу ке ес, е зундгонд адтӕй евгъуд ӕноси кӕрони дӕр. Ӕрбахъӕрдтӕй сӕмӕ сауӕнгӕ фӕсарӕйнаг капитал дӕр. Искъахтонцӕ цалдӕр шахти ӕма ӕвзалу ластонцӕ бӕхтӕбӕл ӕма галтӕбӕл. Фал уӕди дзамани специалисттӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, Казахстани ӕвзалу минкъий ес ӕма ибӕл цийфӕнди берӕ хӕрзтӕ ку бакӕнайтӕ, уӕддӕр неци пайда ратдзӕнӕнцӕ.

Инсӕйӕймаг ӕнзти еци районмӕ ӕ гъос ӕрдардта профессор Александр Александри фурт Ганеев ӕма исбӕрӕг кодта, зӕгъгӕ, ӕвзалуй ӕвӕрӕнти бӕрцӕ ӕй 300 квадратон километри. Уомӕй специалистти зӕрдӕ барохс ӕй. Ӕ бакосӕггаг цӕйбӕрцӕбӕл ислӕудзӕнӕй, уой ку банимадтонцӕ, уӕд балӕдӕрдтӕнцӕ, ӕ коййи аргъ дӕр ке нӕй.

Раст, гъеуӕд арвнӕрӕгау райгъустӕй ӕригон геолог Мудойти Геуӕргий федар загъд: Карагандай ӕвзалуй ӕвӕрӕнтӕ ‘нцӕ берӕ фулдӕр, 1300 квадратон километри ӕй, кокс кӕмӕй рацӕудзӕнӕй, уӕхӕн хуӕрзгъӕдӕ ӕвзалуй игурӕн.

(Уодзӕнӕй ма).