СÆРУСТУР СИ АН НÆ ЕУГУР ДÆР

БАТÆРТИ Мухтари фурти кизги биццеу ТУГЪАНАТИ Марат.
Устур Фидибæстон тугъд – XX æноси тæккæ æгъатирдæр æма тогкалæндæр тугъд кæдæй фæцæй, уæдæй ардæмæ рацудæй цуппаринсæй анзи. Берæ ’нцæ æви минкъий? Еци æнзтæ историй анзфинстмæ гæсгæ цанæбæрæг æнцæ. Фал еци цуппаринсæй анзи уæлдай хецæндæр дарунцæ, уомæн æма еци æнзти дæргъи цæрæн сабур цардæй, æнæ тугъдæй…
Алли адæмихаттæн дæр сæ устурдæр гъæздугдзийнадæ ’й сæ национ хелæдæрундзийнадæ, сæ культурæ, сæйрагдæр ба, ке зæгъун æй гъæуй, æнцæ сæ дзиллитæ, кæцитæ ниууадзунцæ уæлдай арфдæр, ирддæр æма фæнзуйнагдæр фæд. Æма еци адæми нимæдзæмæ хауй мæ фиди фидæ Батæрти Авдий фурт Мухтар (Гæзæ) .
1937 анзи Мухтармæ фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ. Службæ кæнгæй, ахур кодта кæстæр командирти цæттæгæнæн скъолай. 1939 анзи ба, куд зæрдæргъæвд, дæсни кæстæр командир, уотæ æрвист æрцудæй Сталингради тугъдон бастдзийнади училищемæ. Училище æнтæстгинæй каст фæцæй 1941 анзи. Æма кæстæр лейтенант Батæрти Мухтар æрвист æрцудæй Фæсбайкали тугъдон зилдмæ, кæци æрбунат кодта Китайи арæнмæ хæстæг. Уоми е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй ин равардтонцæ уолæфуни рæстæг. Æхе цийнæгæнгæй цæттæ кæнун райдæдта æ фидиуæзæгмæ иссæунмæ. Цуппар анзей дæргъи нæ фæууидта æ ниййерæг мадæ Борæхани, æ хеуæнтти, е ’мбæлтти… Фал æ бæллецтæ æ къохи нæ бафтудæнцæ. Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд…
Мæ баба хъæбæр гъенцъун кодта, уомæн æма службæ кæми хаста, е изол адтæй тохæг фронтæй, кæцими лæгæвзарæн тугъди знагæн карз нихкъуæрд лæвардтонцæ æ хæстæгутæ, е ’мгæрттæ, е ’мгъæуккæгтæ…
Цалдæр хатти бæргæ балæвардта курдиадæ уæлдæр командæкæнуйнади номбæл, цæмæй æй рарветонцæ фронтмæ, фал нæ æма нæ…
Æ фæндæ æнхæстгонд æрцудæй 1943 анзи. Æрвист æрцудæй тугъдон-телеграфон станцæмæ сæргълæууæгæй, уой фæсте ба ’й раййивтонцæ 2-аг Украинаг фронти, 40-аг Æфсади, цуппæрæймаг æхсæг корпуси бастдзийнади æфсæддон хаййи командирæй. Ами райдæдта Батæрти Мухтари тугъдон биографи. Ци устур, ахсгиаг ихæсæвæрд ибæл ес, уой хъæбæр хуарз лæдæрдтæй. «Федар бастдзийнадæ тугъди медæгæ хъæбæр æхсицгæ гъудæй, минкъий къулумпидзийнадæ дæр æрлæуун кодтайдæ æфсæддон хæйтти ’хсæн бастдзийнадæ, æма уæхæн гъуддаг æруадзæн неци хузи адтæй», – имиста мæ баба.
Тæккæ зиндæр уидæ бастдзийнадæбæл дзуапдæттæг æфсæддон ротæн цæугæдæнтти сæрти телтæ уадзун ку багъæуидæ, уæд. Еу ихæсæвæрд иннемæй зиндæр… Бастдзийнади роти æфсæддонтæ дæр æсгаргути хузæн алкæддæр цудæнцæ разæй, бастдзийнадæ уадзгæй, сæйраг æфсæддон тухти цæугæдони сæрти иннæ билæмæ бацæун ку гъæуидæ, уæд. Батæрти Мухтар, куд роти командир, уотæ фиццагидæр архайдта æ дæлбарæ ци æфсæддонтæ адтæй, уони дони сæрти бацæунæн ци сæрмагонд дзаумæуттæ гъудæй, уæдта косæн æрмæгæй исефтонг кæнун. Уотæ адтæй цæугæдон Днепри сæрти хезгæй дæр. Фашисттæ сæ нæ уагътонцæ дони сæрти хезун, æнæнцайгæй сæ æхстонцæ, нæмгутæ сæ сæрти скъот кодтонцæ, уотемæй бастдзийнади æфсæддонтæ бæлæгътæбæл размæ цудæнцæ, телефони тел ивазгæй. Æма сæ къохи бафтудæй. Цæугæдон Днепри сæрти æнтæстгинæй бахезун сæ бон ке иссæй, уой туххæй мæ баба Батæрти Мухтар хуарзæнхæгонд æрцудæй Сурх Стъалуй орденæй. 1944 анзи Советон æфсæдтæ размæ ’мпурстонцæ Венгрий территори знагæй исуæгъдæ кæнуни туххæй.
Уæд еци рæстæг, капитан Батæрти Мухтари бастдзийнади роти æфсæддонти размæ æвæрд адтæй ихæслæвæрд: цæугæдон Дунайи сæрти бахезгæй, исефтонг кæнонцæ тугъдон хæйтти радио-телефонон бастдзийнадæй. Цæмæй Советон Æфсади размæцуд æрлæуун кæнонцæ, уой туххæй знаг дони буни фæккодта сæ ахæст бунæттæмæ бацæуæнтæ. Астæуи уæнгæ уазал дони лæугæй, Батæри-фурти раст унаффи фæрци, сæ къохи бафтудæй сæ размæ æвæрд ихæс исæнхæст кæнун: æфсæддон хæйттæ ефтонггонд æрцудæнцæ бастдзийнадæй. Устур бæгъатæрдзийнадæ ке бавдистонцæ бастдзийнади æфсæддонтæ, уой туххæй син лæвæрд æрцудæй тугъдон хуæрзеугутæ, мæ баба уæлдай бæгъатæрдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй ин сæрмагондæй лæвæрд æрцудæй Фидибæсти тугъди орден.
Батæрти Мухтар (Гæзæ) фашистон æрдонгтæй уæгъдæ кодта Румыни æма Чехословакий зæнхитæ. 1947 анзи уæнгæ службæ хаста Венгрий советон æфсæдти исконди медæгæ ци контролон къамис адтæй, уоми. Адтæй ма сахар Ниредхази комендант дæр. 1947 анзи капитан Батæрти Мухтарæн Советон Æфсади рæнгъити е ’фсæддон службæ уадзгæ ’рцудæй, æ мадæ Борæхан ке фæссæйгæ ’й, уомæ гæсгæ.

БАТÆРТИ Мухтари бийнонтæ.
Æнæгъæнæ дæс анзи мæ баба не ’сæмбалдæй æ фидиуæзæгбæл. Дæс анзей медæгæ мадæ нæ фæууидта, æ сæрбæттæн æнгон бастæй ци еунæг фуртæн фæддардта, уой. Æдеугур бабабæл дууæ анзи цудæй, уотемæй е ’ригон фидæ Авдий ин мæрсинтæбæл сæ тургъæмæ ’рбахастонцæ. Кедæр къохæй æ цард раскъудæй. Седзæр биццеу алкæддæр хицæ кодта фидæ кæмæн адтæй, æ еци æмгæрттæмæ. Мади рæвдуд гъæуагæ нæ адтæй, раст уагæбæл æй бæргæ гъомбæл кодта седзæргæс уосæ, фал уæддæр ирæзгæ биццеуи нæлгоймаги федар усхъæ, амунддзийнæдтæ гъæуагæ дæр куд не ’ййафтайдæ. Хуцау хуарз æма æ царди уæхæн æцæг лæг разиндтæй – е адтæй мæ бабайæн æ мади æнсувæр Гокъоти Азамат. Баба си æ мæлæти уæнгæ дæр арфиагæй байзадæй. Ахид ин имиста æ хуарз менеугутæ, ци устур агъаз ин фæцæй царди медæгæ, еци хабæрттæ. Уомæн дæр æнæ зæгъæн нæййес æма Азамат æхуæдæг дæр адтæй æхсæз хуæрей еунæг æнсувæр æма хуæрти цæуæтæй алкедæр æ уозæлд æхебæл æнкъардта.
… Æма нур æхцæуæн хабар. Борæханæй амондгундæр ма кæми адтæй а бæстæбæл… Фал еци цийнæдзийнади æууæл тар кодта фудхабар – Борæхани хуарæ Темурти Барий æхсæз фурти тугъди будурæй нæбал исæздахтæнцæ…
Батæрти Мухтар берæ рæстæг æгустæй нæ фæллæудтæй. Куст ба фагæ адтæй еци зин фæстугъди рæстæг. Фæлтæрдгун тугъдон лæг нисангонд æрцудæй Ирæфи райони бастдзийнади хайади сæргълæууæгæй, фæстæдæр еумæйаг хæдзаради разамунд лæвардта партион организацийæн.
Фæстугъд советон разамунд æма Коммунистон парти уæлдай устурдæр æргом æздахта фæсевæди ’хсæн тугъдон-патриотон гъомбæладæ парахатдæр æма бæрзонддæр кæнунмæ. Æма уæд райони хецауади унаффæмæ гæсгæ мæ баба косун райдæдта Чиколай астæуккаг скъолай тугъдон цæттæдзийнади ахургæнæгæй. Фиццагидæр æ куст райдæдта уомæй, æма фæммадзал кодта гъæугæ ахурадон косæн дзаумæуттæ, уони нимæдзи тохæндзаумау, противогазтæ.
Æ кустмæ бæрнон цæстæй кастæй æма, æвæдзи, уомæ гæсгæ æ уроктæ адтæнцæ уæлдай цæмæдесдæр, ахурдзаутæ имæ алкæддæр æнгъæлмæ кастæнцæ. Скъолай мæ баба фæккуста дууадæс анзи. Еци рæстæг хуарзæнхæгонд æрцудæй берæ Кади грамотитæй аллихузи ведомствитæй. Нур дæр, кæд æма æ уæди ахурдзаутæн сæ сæртæ раги исуорс æнцæ, уæддæр ма ’й абони дæр имисунцæ, куд курухон, карз, фал рæстзæрдæ адæймаг, уотæ.
Евгъуд æноси æвдайæймаг æнзти Батæрти Мухтар æвзурст æрцудæй гъæууон совети сæрдари хуæдæййевæгæй. Цалдæр хатти æй е ’мгъæуккæгтæ равзариуонцæ райони æма гъæууон Совети депутатæй. Æма син сæ устур æууæнкæ некæд фæссайдта. Алкæддæр син сæ бартæ гъæуай кодта. Пенсимæ рацæуни размæ ма разамунд лæвардта Чиколай гъæуи доргæнæн заводæн, дондзæуæн хæдзарадæн.
Кумæдæриддæр æй æрвиста уæлдæр хецауадæ, парти, цидæриддæр кусти сæргъи лæуд адтæй, алкæмидæр æ кадæ адтæй бæрзонд, æ размæ æвæрд ихæстæ цæсгонгинæй, æдзæстхезæй, хуæздæр уагæбæл æнхæст кодта, адæми зæрдихудти некæд бацудæй. Æ ном иронх нæй абони дæр берæ æнзти дæргъи ке хæццæ фæллойнæ кодта, еци адæмæй. Имисунцæ ’й дзурддзæугæ, тугъди æма фæллойни æхсист, фæлтæрдгун, курухон хестæри æ уарзон синхбæстæ…
Мæ баба Мухтар æма мæ нана Фатъимæт (Надгерийти Аслæнбеги кизгæ) исгъомбæл кодтонцæ цуппар фурти: Таймораз, Владимир, Славик, Марат æма еу кизгæ Аминæти. Сæ цæуæти царди раст надбæл ниввардтонцæ.
Мах, Батæрти Мухтари байзæдтæгтæ, нæ бон цæйбæрцæ ’й, уойбæрцæ архайæн царди алли фæззелæни дæр уой хузæн лæгдзийнадæй æнхæст, моралон æгъдауæй хъаурæгин, арф зонундзийнæдтæ есунбæл, Фидибæстæн æцæг патриот унбæл.
Мæ бабайæн æ еугур царди над дæр æй дæнцæни аккаг. Нæ сæртæ бæрзæндти хæссæн нæ кадгин хестæрæй. Æ кади ном иронх нæй æма некæд уодзæнæй махæй. Бонвæрнон стъалуй хузæн нин æ ирд сорæт нæ над рохс кæнуй! Нæ сæртæй ниллæг ковæн айдагъ нæ бабайæн нæ, фал Устур Фидибæстон тугъди ка бацарæфтуд æй, не ’хсæн ма ка ’й, ка нæбал æй, еци ветерантæн!
Бийнонти номæй БАТÆРТИ Аланæ.