САУ ХӔЛӔРДЗИ
Хӕлӕрдзи хауй дорсӕтгути (камнеломковых) къуармӕ. Ӕ къотӕрти бӕрзӕндӕ хъӕртуй 1-1,5 метремӕ. Ӕ зӕнгӕй къалеутӕ кӕмӕн рацӕунцӕ, уӕхӕн бӕласӕ нӕй. Гъо, фал аци рӕнгъити финсӕг 1940 анзи Сӕйраг Тяньшани хуӕнхти фӕууидта агъазиау бӕласхузӕ ка ‘дтӕй, сау хӕлӕрдзий уӕхӕн хузтӕ дӕр. Сӕ бӕрзӕндӕ адтайдӕ 3-4,5 метри ӕма уӕхӕн бӕлӕстӕй ӕртониуонцӕ 2-3 къибилай гагатӕ. Уӕхӕн хӕлӕрдзи ма фӕууидтон Бӕрзӕфцӕги дӕллӕй Хъоди коми дӕр. Уоми устур доррӕдзӕгъдтӕбӕл задӕй ӕма нур дӕр фӕууинӕн ес бӕласӕнгӕс уӕхӕн агъазиау хъӕлӕрдзитӕ. Уомӕ гӕсгӕ, ӕвӕдзи, хӕлӕрдзий райгурӕн бунӕттӕ ‘нцӕ Кавказ ӕма Тяньшани хуӕнхтӕ.
Берӕ ахургӕндтӕ куд бафеппайдтонцӕ, уотемӕй сау хӕлӕрдзи циуавӕр мӕрон климатон уавӕрти зайуй, уомӕ гӕсгӕ си фӕууй 4-12 проценти сӕкӕр, 2,9-3,8 проценти уӕгъдебарӕ тауӕггӕдтӕ, 4 процентей бӕрцӕ пектини бауӕргъӕдтӕ, 0,39 – 1,4 проценти азоти бауӕргъӕдтӕ, 0,33-049 проценти ӕлдугъон (дубильные) бауӕргъӕдтӕ, 0,60-0,95 проценти фунук.
Хӕлӕрдзий гагатӕ хуарз ӕнцӕ хуфӕг, цӕсти незтӕ ӕма ахсӕнтъӕнгти незтӕ дзӕбӕх кӕнунӕн. Уой туххӕй хуӕрун гъӕуй нӕуӕгтунд гагатӕ, ӕ сифтӕ ӕма къубӕрттӕй фунх дон. Ӕ сифтӕй ин ахид пайда кӕнунцӕ хуӕргӕнасӕ цӕхгун кӕнгӕй. Гагатӕй аразунцӕ вареннӕ, наливкитӕ, желе, сӕнӕ, ликертӕ ӕма ӕндӕртӕ.
Тӕккӕ хъазардӕр ӕй, сау хӕлӕрдзий гагай цингай нихмӕ ци витамин С ес, е. Ӕ муггаг ӕма кӕми зайуй, уомӕ гӕсгӕ гагати 100 граммеми еци витамин фӕууй 100-400 мг. Мандарини хӕццӕ рабаргӕй си витамин С си ес 2,5-3 хатти фулдӕр, хъалгъӕнӕй 3,5 хатти фулдӕр, мӕнӕргъӕй ба 8,16 хатти фулдӕр. Сау хӕлӕрдзий еци дессаги менеугутӕ зудтонцӕ рагдзаманти дӕр. Адӕймаг хумӕтӕги не ‘взурста гъӕддаг зайӕгойти хуӕздӕр хузтӕ ӕма сӕ кодта хӕдзарон. Нӕ республики сау хӕлӕрдзи зайун кӕнунцӕ, рӕзи куст ка уарзуй, уӕхӕн хецӕн адӕймӕгутӕ.
Къотӕрӕнгӕс гагарӕзӕй уалдзӕг тӕккӕ раздӕр сау хӕлӕрдзи базмӕлуй. Гъар рӕстӕг 5-8 градусмӕ ку исхъӕртуй, уӕд ӕ къубарӕ райдайуй нӕрсун ӕма ихӕлун. Уомӕ гӕсгӕ къотӕртӕмӕ зелуни куститӕ гъӕуй рагацау райдайун. Фариккон талати 1,2 кенӕ 1,3 хаййи гъӕуй фӕццубурдӕр кӕнун, лӕмӕгъ къалеутӕ ба бустӕгидӕр ракъуӕрун. Хуарз рӕзӕ хӕссӕг анздзуд къалеутӕй еу къотӕри 4-5-ӕй фулдӕр ниууадзун не ‘нгъезуй. Уой фӕсте ралух кӕнунцӕ 6-7- анздзуд къалеутӕ, уомӕн ӕма фӕззӕронд унцӕ, тиллӕг хуӕрз минкъийӕй ӕндӕр нӕбал ратдзӕнӕнцӕ.
Хӕлӕрдзи ӕхсӕдгӕй ӕнӕмӕнгӕ расагъӕс кӕнун гъӕуй, цӕмӕй алли къалеуӕн дӕр фагӕ уа хори рохс. Уой хӕццӕ син сӕ рӕбунтӕ искӕдзос кӕнун фӕгъгъӕуй хӕмпӕлгӕрдӕг ӕма бугътӕй, уӕдта сӕмӕ базелун гъӕцӕнтӕй. Алли къотӕрбӕл дӕр гъӕуй никкӕнун 40-50 грамми аммиаки селитрӕ, кенӕ ба 3 къотӕребӕл еу къибила фунуки хӕццӕ тӕнӕг фагус ӕма бундзӕфхади алливарс 8-10 см ӕрфӕн мӕрӕ ниффӕлмӕн кӕнун.
Сау хӕлӕрдзи уомӕл уарзагӕ ‘й. Сор мӕрӕ ӕма сор уӕлдӕф ин бӕззунцӕ. Ӕ уедагӕ дӕр ӕй уӕлӕнгай.
Уомӕ гӕсгӕ ‘й аразун гъӕуй гъӕздуг мӕри. Ци мӕри ‘й аразӕн, е гъӕуама уедӕгти ирӕзтӕн фадуат дӕтта, фагӕ си уа уомӕладӕ.
Сау хӕлӕрдзийӕн ахид ӕркӕлуй ӕ деденӕг. Е уарун бӕнтти фуд фӕууй, уӕлдайдӕр деденӕг ӕфтаун афонӕ ку фӕууаруй, кенӕ асуст рӕстӕги фудӕй мудибиндзитӕ лӕгъуз ку фӕттӕхунцӕ ӕма ругдзуд хуарз ку не ‘рцӕуй, уӕд.
Деденгутӕ ӕрӕзгъӕлунцӕ, зайӕгойтӕмӕ лӕгъуз зилд ку цӕуа, уӕддӕр. Цӕветтонгӕ, хӕлӕрдзитӕн сӕ сортмӕ гӕсгӕ еуейти деденӕгӕн ӕ ругфӕдтӕй иннетӕ арф ӕнцӕ деденкъурфи, иннетӕ уӕлӕнгай.
Хӕлӕрдзи аразгӕй, рагъуди кӕнун гъӕуй ӕма аразун гъӕуй, кӕрӕдзей хуарз ка ругдзуд (опыление) кӕна, уӕхӕн муггӕгтӕ. Хуӕздӕртӕбӕл нимад ӕнцӕ мах мӕрон-климатон уавӕрти Лия плодородная, Боскопский великан, Восьмая Девисона, Голиаф, Крупноплодная, Отборная, Память Мичурина.
Цӕмӕй хъӕлӕрдзий къотӕр хуарз рауайа, уой туххӕй ибӕл косун гъӕуй 3-4 анзи, 16-18 алли кари талатӕ си куд уа. Еугуремӕй фулдӕр тиллӕг дӕттунцӕ 2-3- анзиккон талатӕ.
Куддӕр гагатӕ тунд ӕрцӕунцӕ, уотӕ къотӕр райдайуй нӕуӕг къубарӕ аразун ӕма еци куст фӕццӕуй сауӕнгӕ фӕззӕгмӕ. Еци, цӕстӕй нӕуингӕ, кусти рӕстӕг равзурунцӕ генеративон (гагадӕттӕг) ӕма вегетативон (рӕзӕдӕттӕг) къубӕрттӕ. Нивӕбӕл зилд ку нӕ цӕуа къотӕртӕмӕ, уӕд федӕни тиллӕг уодзӕнӕй бӕрӕг минкъийдӕр, уӕдта талатӕ дӕр рӕзӕ нӕ ратдзӕнӕнцӕ. Уотӕ цӕмӕй ма рауайа, уой туххӕй къотӕртӕмӕ сӕрдӕ ӕма фӕззӕги хуарз базелун гъӕуй. Уедаг рӕбунти мӕри еу квадратон метрмӕ бахӕссун гъӕуй 20 грамми аммиаки селитрӕ, 30 грамми суперфосфат, 15 грамми калийи цӕнхӕ, зӕронд фагус ба 3-4 анземӕ еу хатт 2-3 килограмми. Гъӕцӕнтӕ мӕрӕмӕ бахӕссун ӕнгъезуй ӕ искъахуни размӕ. Уомӕй уӕлдай уалдзӕг деденӕг ракалунӕй 15-20 бони раздӕр, кенӕ фӕстӕдӕр бахӕссун гъӕуй квадратон метри фӕзуатмӕ 15-20 грамми азот.
Алли анз дӕр, гагатӕ ци къалеутӕбӕл гъӕуама ӕрзайа, уони фӕгъгъӕуй ½, ¼ фӕццубур кӕнун – иннӕ къалеутӕ ба ралух кӕнун.
Нӕ республики ӕрдзон уавӕртӕ хинцгӕй, сау хӕлӕрдзи аразунӕн хуарз ӕнцӕ фӕззӕги мӕйтӕ октябрь ӕма ноябрь, уалдзӕги ба мартъи ӕма апърел. Ниййаразуни размӕ мӕрӕмӕ базелунцӕ гъӕцӕнтӕй. 100 квадратон метри фӕзуатбӕл никкӕнунцӕ 300 кг ӕмбуд фагус, 3 кг азоти гъӕцӕнтӕ, 4-5 кг суперфосфат ӕма 1,5-2 кг калийи цӕнхӕ. Хуарз сӕ исхӕлӕмулӕ кӕнунцӕ ӕма еу белгоми ӕрфӕн искъахуни размӕ ӕмвӕтӕнӕгӕй никкӕнунцӕ мӕрӕбӕл. Рӕзикустгӕнгутӕ еци гъӕцӕнтӕ ахид никкӕнунцӕ, хӕлӕрдзи ци къахти аразунцӕ, уоми. 30-40 см ӕрфӕн 50-60 см уӕрхӕн къахти никкӕнун гъӕуй 3-5 кг ӕмбуд фагус, 30-40 гр. суперфосфат, 15-20 гр. калийи цӕнхӕ. Тала аразун гъӕуй, ӕ уедӕгти къобалгонд 8-10 см ӕрфӕн зӕнхи куд уа, уотӕ. Уой фӕсте ибӕл никкӕнун гъӕуй 4,5 литри дон. Къотӕртӕ кӕрӕдземӕ й гъӕуама уонцӕ 1-1,25-1,5 метри идарддӕр арӕзт.
Рӕзикустгӕнгутӕ ахид нӕ фӕззонунцӕ, аразӕн ӕрмӕг кӕми иссеронцӕ, уой. Беслӕни, Дигори ӕма Мӕздӕги питомниктӕ уӕхӕн куст нӕ кӕнунцӕ. Фал си ес къалеутӕ ракорун ӕнгъезуй. Кӕронбӕттӕни зӕгъун уой, ӕма аразӕн ӕрмӕгбӕл гъӕуама косонцӕ рӕзикустгӕнгутӕ сӕхуӕдтӕ. Циуавӕр мадзӕлттӕй фулдӕргӕнгӕ ‘нцӕ гагарӕзи къотӕртӕ, уой туххӕй ба бӕлвурддӕр базонӕн ес, аци уацхъуди автор ци киунугӕ ниффинста «Ягодные культуры», зӕгъгӕ, уомӕй.
Цгъойти Иосиф,
гъӕууонхӕдзарадон наукити
кандидат.