Сергей МЕНЯЙЛО: «НӔ ЕУМӔЙАГ ИХӔС БӔЛВУРД ӔЙ – НӔ АДӔМИ КАДӔ ӔМА АМОНДӔН ӔНОВУДӔЙ АРХАЙУН…»
Нӕ республики Парламенти ӕмбурди 19 сентябри Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕгӕй ӕвзурст ӕрцудӕй Сергей Ивани фурт Меняйло.
Фӕстаг рӕстӕги хъӕбӕр кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, еци гъуддӕгутӕ евгъуд хуцаубони арӕзт ӕрцудӕнцӕ: райевгъудӕнцӕ Паддзахадон Думӕмӕ ӕма бунӕттон ӕвзурститӕ. Сӕйрагдӕр ба – нӕ республики Парламент Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕги дӕр равзурста. Еци бунатмӕ Уӕрӕсей Федераций Президент Владимир Путин бахаста ӕртӕ кандидатури: Сергей Ивани фурт Меняйло, Баликъоти Тазрети фурт Валерий ӕма Елдзарти Баграти кизгӕ Медеяйи. Ӕвзурстити бон инаугураций мадзӕлтти архайдтонцӕ Президенти размӕ Цӕгат Кавкази федералон зилди Ӕнхӕстбаргин минӕвар Юрий Чайка, Цӕгат Иристони Уӕрӕсей Федераций Федералон Совети сенатортӕ Мамсурати Таймураз ӕма Фадзайти Арсен, Уӕрӕсей Федераций Паддзахадон Думи депутаттӕ, Республикӕ Хонсар Иристони Президент Бибилти Анатолий, Республикӕ Цӕцӕни Хецауади сӕрдар Муслим Хучиев, Республикӕ Цӕгат-Иристон Аланий Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймураз, Цӕгат Иристони барадӕгъӕуайгӕнӕг ӕма тухи ведомствити разамонгутӕ, нӕ республики территориалон оргӕнти ӕма муниципалон искондти сӕргълӕугутӕ.
Парламенти депутаттӕй гъӕлӕс кӕнуни ка архайдта, уонӕй 57 исгъӕлӕс кодтонцӕ Сергей Меняйлой фарс, Баликъоти Валерийбӕл исгъӕлӕс кодтонцӕ 2 адӕймаги, Елдзарти Медеябӕл ба – 9.
Аци бӕрӕггӕнӕнтӕ Парламенти ӕмбурди фегъосун кодта нимайӕн къамиси сӕрдар Гӕбӕрати Юрий. Уотемӕй Сергей Меняйло ӕвзурст ӕрцудӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕгӕй. Арфитӕ ин ракодтонцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, Юрий Чайка, Муслим Хучиев, Бибилти Анатолий ӕма Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт ахургӕнӕг Горислава Селиверстова.
Юрий Чайка загъта, Сергей Меняйло республики сӕргъи рӕстӕгмӕ ку ‘рлӕудтӕй, уӕд еци цубур рӕстӕг лӕмбунӕг ке балӕдӕрдтӕй ӕма базудта, циуавӕр лухкӕнуйнаг фарстатӕ си ес, социалон-экономикон уавӕр, хецауади оргӕнти куст ӕма сӕ архайд иннӕ структурити хӕццӕ, фулдӕр цӕстдард кӕци фарстатӕмӕ гъӕуй, еугур еци гъуддӕгутӕ.
– Фиццагидӕр, ахсгиаг ӕнцӕ ӕнӕнездзийнадӕ ӕма ахуради модернизаций программитӕ, ӕма сӕбӕл куст нури уӕнгӕ цӕуй, региони социалон-экономикон райарӕзтӕн ба бӕлвурдгонд ӕрцудӕнцӕ, архайд куд цӕудзӕнӕй, еци мадзӕлттӕ. Дзубанди цӕуй ӕгустдзийнади ӕмвӕзадӕ ниллӕгдӕр кӕнунбӕл, туристон ӕма промышленнон къабӕзти гъомуси ирӕзтбӕл. Устур куст ӕрцудӕй Сергей Меняйлой рӕстӕгмӕ разамундӕй Беслӕни ирӕзтбӕл дӕр. Нӕ бӕсти регионти хузӕнон ирӕзтбӕл арӕзт программӕ «Президенти Майи Указтӕ 2024 анзи уӕнгӕ» идарддӕр ӕнхӕстгонд цӕудзӕнӕнцӕ. Сӕ сӕйраг нисан ӕй – адӕми царди уавӕрти хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕ никки уӕлдӕр ӕмвӕзадӕмӕ ракӕнун.
Ӕма еци гъуддагӕн Цӕгат Иристони еугур гӕнӕнтӕ дӕр ес. Мӕ зӕрдӕ дарун, Сергей Ивани фуртмӕ ци гъӕздуг профессионалон фӕлтӕрддзийнадӕ ес, е ӕнӕмӕнгӕ, ке фӕййагъаз уодзӕнӕй ӕ размӕ ӕвӕрд ихӕстӕ исӕнхӕст кӕнунӕн, – загъта Уӕрӕсей Федераций Президенти размӕ Цӕгат Кавкази федералон зилди Ӕнхӕстбаргин минӕвар.
Нӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло арфӕ ракодта Парламенти иуонгтӕн, ӕмбурди архайгутӕн, сӕ зӕрдӕ, сӕ нифс ибӕл ке дарунцӕ ӕма ин уӕхӕн кадӕ ке ’скодтонцӕ, уой туххӕй. Радзурдта, рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕги бунати ӕ къохи ци бафтудӕй исаразун, ӕма ард бахуардта, федӕни нисантӕбӕл, нӕ республики амондгун федӕнбӕн, адӕми хуарзӕн ке косдзӕнӕй, уой фӕдбӕл. Сергей Меняйло загъта:
– Арфӕ кӕнун Парламенти депутаттӕн, мадзали архайгутӕн, сумах мӕнбӕл баууӕндтайтӕ ӕма еци ӕууӕнкӕ ӕз кӕддӕриддӕр гъуди кӕндзӕнӕн. Фондз мӕйей размӕ нӕ бӕсти Президент Владимир Путин мӕнӕн бабарӕ кодта вазуггин ӕма бӕрнон ихӕс – Цӕгат Иристони сӕргъи рӕстӕгмӕ ӕрлӕуун. Еци цалдӕр мӕйи мӕнӕн фагӕ адтӕнцӕ республики стратегион нисантӕ ӕма лухкӕнуйнаг гъуддӕгутӕ исбӕлвурд кӕнунӕн. Социалон сферӕ ӕма экономики тухгин ӕма лӕмӕгъ фӕззелӕнтӕ базонунӕн. Зиндзийнӕдтӕ, ахсгиаг фарстатӕ хъӕбӕр берӕ. Ӕма се ‘хсӕн ес еу – сӕйрагдӕр – нӕййес системон разамунди куст, куд ӕнӕгъӕнӕ региони формати, уотӕ хецӕн социалон къабӕзти дӕр: ӕнӕнездзийнади, ахуради, промышленнон ӕма аграрон комплексти, туризми, арӕзтади ӕма иннети.
Нӕ республики цӕрунцӕ кустуарзагӕ ӕма алли дӕснидзийнӕдти искурдиадӕгин адӕймӕгутӕ. Ӕруагӕс ми кӕнуй, ци ирӕзти программитӕ нӕмӕ ес, уони системон бундорбӕл ӕнхӕстгӕнгӕй, нӕ бон исуодзӕнӕй республики цардарӕзт зӕрдӕмӕдзӕугӕ хузӕнон ӕмвӕзадӕмӕ ракӕнун. Еузагъдӕй, нӕ еумӕйаг нисан гъӕуама уа – Цӕгат Иристони цардиуаги уавӕр уотӕ исаразун, цӕмӕй си нӕхуӕдтӕ дӕр зӕрдрохс уӕн ӕма си ӕргомӕй нӕ бон уа иннети рази дӕр нӕхе растаун.
Программитӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддӕгути нин идарддӕр паддзахадӕ багъӕуаги рӕстӕг агъаз дӕр кӕндзӕнӕй. Фал, айдагъ уобӕл зӕрдӕдарун нӕ гъӕуй, региони хецауеуӕггӕнӕг ӕма муниципалон оргӕнтӕ гъӕуама сӕ бартӕ бӕлвурд ӕма лӕмбунӕгӕй лӕдӕронцӕ, зононцӕ косун адӕми хӕццӕ, бӕрӕг уонцӕ нӕ республикӕн ӕма ӕ цӕргутӕн пайдахӕссӕг бизнес кӕми ес ӕма чиновниктӕ куд архайунцӕ, уони дӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн инвестицитӕмӕ дӕр ӕма е раст ӕй. Амалгъон адӕймӕгутӕн уавӕртӕ аразун гъӕуй, фал, махӕн, куд паддзахадӕдзийнадӕ, уотӕ сӕйрагдӕр ӕй, еци инвестицитӕ айдагъ бизнесӕн ма цӕуонцӕ, фал, еума хатт ӕй зӕгъун, нӕ республики социалон-экономикон ирӕзтӕн ӕма хумӕтӕг адӕми хуӕздӕр царди уавӕртӕн.
Карз ӕма раст цӕстдард, закъони амунддзийнӕдтӕ ӕнхӕст кӕнун – етӕ ’нцӕ нӕ еумӕйаг архайди бундор.
Нӕ еугур дӕр лӕдӕрӕн, ци устур ӕма бӕрнон ихӕслӕвӕрд нӕбӕл ес – Цӕгат Иристони рӕсугъд федӕнбӕл архайун, нӕ республикӕ ирӕза ӕма «деденӕг» кала, уой туххӕй.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, евгъуд ӕнзти берӕ фарстатӕ лухгонд ӕрцудӕй, фал ма нур дӕр берӕ ӕнӕнхӕст гъуддӕгутӕ ес, ӕма нӕ еци рауӕн минкъий хъауритӕ ӕма архайд нӕ багъӕудзӕнӕй. Фондз мӕйи кустан ӕргомӕй ӕма рӕстагӕй. Сосӕгдзийнадӕй нӕмӕ неци адтӕй, алли къахдзӕф дӕр адӕми рази. Ӕма мин кӕд депутаттӕ агъаз кӕндзӕнӕнцӕ, уӕд нӕ равзурст надбӕл идарддӕр рӕстагӕй цӕудзинан.
Бӕлвурд исбӕрӕг кӕндзинан социалон рахуӕцӕнтӕ. Экономикӕ ӕма алли къабази ирӕзти программитӕ нӕуӕгдӕртӕмӕ райараздзинан.
Цӕгат Иристон мӕ райгурӕн бӕстӕ ‘й, ӕма ‘й арф, бӕлвурд нур куд базудтон, уотӕ некӕд. Хъазар мин ӕй алцӕмӕйдӕр. Уой хӕццӕ ба ма уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма нури уӕнгӕ дӕр мин зонгӕ адтӕй, цӕмӕй ӕма куд цӕруй, е. Фал нур куд исахур кодтон ӕ цардарӕзти еугур хабӕрттӕ, уотӕ ӕнхӕстӕй ба ‘й нӕ зудтон. Ӕма уомӕ гӕсгӕ ба мӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: ес нӕмӕ алцидӕр, цӕмӕй фӕрнгун республикӕ уа ӕма размӕ федар къахдзӕфтӕй цӕуа, уомӕн. Уой туххӕй ба ни алкедӕр гъӕуама ӕхердӕмӕ ма иваза, фал лӕдӕра, федар республики бундор ӕй нӕ ӕнгондзийнадӕ, ӕмдухӕй архайд, тухгин экономикӕ, адӕммӕ здӕхт социалон сферӕ, ӕма еци нисантӕ исӕнхӕст кӕнӕн еумӕ. Цӕмӕй нӕ республики цӕргутӕ цӕронцӕ ӕма фӕллойнӕ кӕнонцӕ хуарз уавӕрти, еугур фадуӕтти ӕма сӕйгӕдони медицинон лӕггӕдтӕ райсунӕн «бӕрзонди бадӕгмӕ» агъазмӕ ма дзоронцӕ телефонӕй, фал куд Уӕрӕсей Федераций гражданин, уотӕ алли адӕймагӕн дӕр багъӕуаги сахат ӕнӕ «зонгити» агъазӕй фадуат уа социалон агъазтӕ райсунӕн. Уотӕ иннӕ къабӕзти дӕр. Мӕ зӕрдӕ дарун адӕми ‘хсӕн ӕвзурст лӕгтӕ, амалгъонтӕ ӕма хецауеуӕггӕнӕг оргӕнтӕбӕл. Ке мин агъаз кӕндзӕнӕнцӕ нӕ республики гъуддӕгутӕ ӕнхӕст кӕнуни мадзӕлтти. Еци фарстатӕ ’нцӕ ӕнӕнездзийнадӕ, ахуради, арӕзтади, культури, промышленности, гъӕууон хӕдзаради, туризми, транспорт ӕма иннӕ къабӕзти, ӕ радзубандий загъта Сергей Меняйло.
РЕСПУБЛИКӔ ЦӔГАТ ИРИСТОН-АЛАНИЙ ПАРЛАМЕНТИ УНАФФӔ
Меняйло Сергей Ивани фурти Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕгӕй равзаруни туххӕй
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Конституций 71 статьяй 19 пунктмӕ гӕсгӕ
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Парламент унаффӕ хӕссуй:
-
- Меняйло Сергей Ивани фурти Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕгӕй иснисан кӕнун фондз анземӕ ӕмгъудӕй.
- Ӕ кусти бунатмӕ официалон ӕгъдауӕй бахезуни гъуддаг ӕнхӕстгонд ӕрцӕуӕд 2021 анзи 19 сентябри 15 сахатти ӕма 30 минуттебӕл.
- Аци Унаффӕ ӕрвист ӕрцӕуӕд Уӕрӕсей Федераций Президент В.В. Путинмӕ.
- Аци Унаффӕ мухургонд ӕрцӕуӕд газеттӕ «Северная Осетия» ӕма «Рӕстдзинад»-и.
- Унаффӕ ӕ тухи бацудӕй ӕ исфедар кӕнуни фӕсте.
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий
Парламенти Сӕрдар А. Мачнев
г. Дзӕуӕгигъӕу
2021 анз 19 сентябрь
№1164/49-6