ТАРАС ÆМА КЪОСТА
ДУУÆ КУРУХОН УОДИ – ЕУ ХЪИСМÆТ
Тарас æма Къоста! – Куд хæстæг лæуунцæ еци дууæ адæймаги кæрæдземæ, цæйбæрцæ æмхузондзийнæдтæ ес се ’хсæн: сæ царди, сæ хъисмæти, сæ архайди, сæ тохи, се ’сфæлдистади! Дессаги æмхузон æй сæ царди над райдайæнæй кæронмæ, райгурцæй ба мæлæти уæнгæ. Сауæнгæ уотæ зиннуй, цума сæ царди ци хецæндзийнæдтæ ес, етæ дæр рауадæнцæ, еу рæстæги ке нæ цардæнцæ, уой туххæй. Хъæбæр æмхузон рауадæнцæ Тарас æма Къостайæн сæ царди фиццаг бонтæ. Сæ дууæ дæр фурминкъий сувæллæнттæй бавзурстонцæ мадæй седзæр æма фидиуоси фудадæ, уæдта ма – седзæрти хъисмæт. Сæ дууæ дæр хуæрз сабийтæй бауарзтонцæ еу гъуддаг – хузæ кæнуни дæсниадæ æма еци гъуддаги хуæрзæригонæй рабæрæг æй сæ искурдиадæ: Тарасæн – дини скъоламæ æй ку равардтонцæ, уæд, Къостайæн ба – Нари райдайæн скъолай. Æма хузæ кæнуни аййевади гъуддæгути сæ над идарддæр дæр рацудæй æмхузон. Тарасæн Петербурги Аййевæдти академимæ бахауни гъуддаги фæййагъаз кодтонцæ зундгонд уруссаг хузæгæнгутæ Брюллов æма Венецианов, уотемæй хуарз адæймæгути агъазæй исæнхæст æй искурдиадæгин Тараси устур бæллец; еци гъуддагбæл æй ахур дæр Брюллов æхуæдæг кодта.
Уотæ рауадæй Къостай над дæр. Къоста Стъараполи гимназий ку ахур кодта, уæд гимнази хузæкæнуйнади ахургæнæг В.И. Смирнов фæууидта Къостай искурдиадæ, баунаффæ ин кодта хузæ кæнуни ахури надбæл рацæун æма ин фæййагъаз кодта Петербурги Аййевæдти академимæ бацæунæн. Уоми Къостайæн ахургæнæг адтæй академий ахургæнгутæн сæ тæккæ прогрессивондæртæй еу – хузæгæнæг, реалистон аййевади фарсхуæцæг профессор П.П. Чистяков. Петербурги Академий ахур кæнгæй, Тарас Шевченкойæн дæр æма Къостайæн дæр рабæрæг æй сæ поэтикон искурдиадæ дæр. Тарас Шевченко Академимæ ку бацудæй (1838), еци анз райдæдта æмдзæвгитæ финсун, æма уæдæй фæстæмæ е ’ргом хъæбæрдæр æздахта поэзимæ. Е ’мдзæвгити æмбурдгонд «Кобзарь» мухури фиццаг хатт рацудæй 1840 анзи.
Къоста дæр, кæд æмдзæвгитæ финсун Стъараполи гимназий райдæдта, уæддæр æ поэтикон дæсниадæ истухгин æй, Академий ку ахур кодта, уæд (1881 – 1885).
Тарас Шевченкойæн дæр æма Къостайæн дæр поэзий дæсниади е ’стур скъола адтæй раззагдæр уруссаг культурæ, сæ ахургæнгутæ адтæнцæ уруссаг литератури раззагдæртæ; уæлдай фулдæр ба уарзтонцæ Пушкини, Лермонтови, Гоголи, Грибоедови, Некрасови, Жуковскийи æма уруссаг зундгонд финсгутæй берæ æндæрти уадзимистæ.
Тарас Шевченкойæн дæр æма Хетæгкати Къостайæн дæр уруссаг культурæ устур агъаз фæцæй се ’скурдиадæ æма сæ дæсниадæ райрæзуни æма рапарахат кæнуни гъуддаги. Уруссаг адæми раззагдæр культурæн сæ зæрдитæмæ истонцæ æ адæмондзийнадæ, е ‘хсардзийнадæ, æ оптимизм æма æ гуманизм. Уомæй уæлдай ма сæ уруссаг раззагдæр реалистон культурæ хуæздæр зонгæ кодта царди хæццæ.
Райгурæн бæстæ æнæкæрон уарзтæй уарзуни гъуддаги, фæллойнæгæнæг адæми æфхуæргути – паддзахи, æ хецауадæ æма бунæттон гъæздугути хуæздæр раргом кæнуни æма уони нихмæ æнауæрдгæ тохмæ седуни гъуддаги, адæми се ’фхуæрдæй фæййервæзунмæ седуни гъуддаги Тарас æма Къостайæн уæлдай фулдæр агъаз фæцæнцæ уруссаг революцион демократтæ Чернышевский, Добролюбов, Белинскийи исфæлдистадæ.
Шевченко дæр æма Къоста дæр ма Петербурги ку ахур кодтонцæ, сауæнгæ гъе уæд райдæдтонцæ гъуди кæнун сæ адæми хъисмæтбæл, æхсæнадон царди уагæвæрдбæл. Е бæрæгдæрæй зиннуй, алкедæр си еци рæстæги ци ниффинста, еци уадзимисти.
Тарас Шевченко дæр æма Къоста дæр сæ адæмти цардмæ цæйбæрцæ хæстæгдæр цудæнцæ, уойбæрцæ син сæ цард æма сæ уавæр æвдистонцæ растдæр æма тухгиндæр, лæдæрун син кодтонцæ се ’фхæргути – паддзах æма æ хецæутти, помещикти æма æлдæртти – æма адæммæ æндиудæй седтæнцæ уони нихмæ карз тохмæ.
Адæм се ’фхуæргутæн идарддæр ке нæбал бухсдзæнæнцæ сæ хæццæ тохи ке бацæудзæнæнцæ, ке сæ ниппурхæ кæндзæнæнцæ æма си ке фæййервæздзæнæнцæ, еци устур гъуддаги Тарас Шевченко æвдесуй æ берæ уадзимисти: «Субботово», «Холодный яр», «Давидовы псалмы», «И мертвым и живым и нерожденным землякам в Украине и не в Украине мое дружеское послание», «Завещание». Поэт е ’мдзæвгæ «Субботово»-йи финста, раги кæддæрау бабæй нæуæгæй ке исистдзæнæнцæ Украини адæм æма сæ тохи уæлахез дæр ке фæууодзæнæнцæ, уой, æма уæд адæм
Æнæфсес паддзæхти исбæтдзæнæнцæ
Федар рæхистæй,
Сæ тогæйдзаг къохтæ син
Хъадаматæй исбæтдзæнæнцæ.
(«Давидовы псалмы», дæлрæнгъон тæлмац)
Уæхæн устур революцион гъудитæ нин поэт равдиста æ поэмитæ «Цари» æма «Подземелье»-йи дæр.
Тарасау, Къоста берæ уарзта æфхуæрд адæми. Е знаги цæстæй кастæй хуæдбарæ паддзах æма æлдæрттæмæ, бæлдтæй син се ’сæфтмæ. Æма æнауæрдгæй тох кодта сæ нихмæ. Сауæнгæ æ фиццаг уадзимистæй еуеми, «Цары», Къоста комкоммæ зæгъуй, тогцъир паддзахæн е ’сæфт ке æрбахъæртуй, æ тог æма æ фудмиутæ берæ ке нæбал рахæсдзæнæнцæ:
Ды дæ удхор… Ды æдзухдæр
Адæмы туг нуæзтай!
Фæлæ нал! Æгъгъæд у… Де ’буалгъ
Æрра æмæ тугмондаг дуг
Йе рагъæй аппардзæн
Ног царды адæймаг
Тагъд, хæрз тагъд…
Тарас Шевченко Петербурги Академий ку ахур кодта, уæддæр ахид цудæй æ райгурæн Украинæмæ, адæми цард хæстæгмæ фæууинуни туххæй. 1845 анзи каст фæцæй Академи æма бабæй рандæй Украинæмæ, лæмбунæг фæззилдæй æ райгурæн бæсти гъæутæ æма сахартæбæл, фæууидта æ уарзон фæллойнæгæнæг адæми уавæр æма æ зæрдæ хъæбæр фæрристæй сæ мæгур æма гъезæмарæ цардæй. «Фарæ адтæн Украини, – зæрдресгæй финста Тарас Шевченко фæстæдæр. – Фæззилдтæн аллирауæнти – æма мæ цæстисугтæ калдæнцæ: мæгурмæ нин æртардтонцæ нæ Украини!..» Уæхæн хузи æвдиста Тарас Шевченко украинаг фæллойнæгæнæг адæми уавæр æ аййев уадзимисти дæр.
1885 анзи Къоста ниууагъта æ ахур Петербурги Академий æма иссудæй æ райгурæн бæстæмæ, Иристонмæ. Ку ’скастæй æ уарзон хуæнхтæмæ, уæд æ «зæрдæ фурцийнæй нирристæй», æ «цæстисугтæ донау калдæнцæ»… Фал хæстæгмæ ку фæууидта адæми цард æма уавæр, уæд (Шевченкой хузæн) зæрдресгæй, æ фæрстæй ниннæдтæй:
Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!
Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, –
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..
Тарас Шевченко дæр æма Хетæгкати Къоста дæр, адæми цардмæ цæйбæрцæ хæстæгдæр цудæнцæ, уотæ сæ революцион-демократон зундирахаст никки тухгиндæр æма бæрæгдæр кодта, адæми хъисмæт сæ зæрдæмæ арфдæр истонцæ, сæ революцион уадзимисти æвдистонцæ æфхуæрд адæмти цард æма син лæдæрун кодтонцæ се ’знæгти, сæ гъезæмарæ царди син фудгин ка адтæй, мæгурмæ сæ ка æркодта, се ’уæнгтæ син ка исбаста, сæ бартæ син ка байста, уони хуæздæр царди сæрбæлтау седтæнцæ адæммæ бæгъатæр тохмæ (Т. Шевченко: «Сова», «Сон», «Подземелье», «Кавказ», «Цари», «Завещание» æма æндæртæ; Къоста: «Додой», «Æнæ фиййау», «Ракæс» æма æндæртæ).
Гъе уомæ гæсгæ дардтонцæ хуæдхуæцæг паддзахи фæсдзæуинттæ талингæ ахæстдæнтти Тарас Шевченкой дæр æма Къостай дæр. Хъæбæр зин адтæй Шевченкойæн дæр æма Къостайæн дæр сæ уарзон адæмæй идард кумæдæрти фесхъеун, æфхуæрд æма ахæст адæймаги зиндзийнæдтæн бафæразун. Фал уонæй уæддæр некæд неке æрлæудтæй æ уæргутæбæл паддзахи хецæутти рази. Уонæй цийфæнди зин уавæрти дæр некæд неке нифс расастæй. Ахæст уогæй дæр нæ ниууагътонцæ сæ тох се ’знæгти нихмæ.
Тарас Шевченкой ку ниййахæстонцæ æма ’й ку бафарстонцæ, куд æндиудтай паддзахи нихмæ уæхæн æндиуд æмдзæвгитæ финсун, зæгъгæ, уæд син комкоммæ федарæй дзуапп равардта: «Петербурги ма ку адтæн, уæд ахид игъустон, адæм паддзах æма хецауадæй куд гъаст кæнунцæ, уой. Украинæмæ ку æрбацудтæн, уæд фегъустон никки фуддæр гъаст; фæууидтон, адæм куд тæрегъæддаг æма мæгур цардæй цæрунцæ, помещиктæ сæ куд æфхуæрунцæ, уой. Еци гъуддæгутæ етæ кæнунцæ паддзах æма хецауади номæй».
Мадта Къоста дæр æ уарзон бæсти дууæ хатти æрцудæй ахæст, фал хецауади бон нæ бацæй уомæн æ хъаурæ басæттун. Е æргомæй финста, ке нæ тæрсуй ахæст адæймаги зиндзийнæдтæй, æ нифс ин ке нæ басæтдзæнæнцæ талингæ ахæстдæнттæ, рæстдзийнадæбæл тохи ке нæ тæрсуй мæлæтæй дæр. Ахæстдони мæ цæститæбæл сæребарадæ никки бæрæгдæрæй рауайуй, ахæстæй никки хъазардæр дæн мæ адæмæн, – финста Къоста æхуæдæг еци рæстæги.
Номдзуд уруссаг революционер-демократ Чернышевский Уæрæсей адæммæ седтæй знæгти нихмæ исистунмæ: «К топору зовите Русь», – финста е. Тарас Шевченко дæр æма Къоста дæр адтæнцæ уой фæдонтæ, уой зундбæл хуæст революцион демократтæ æма уоййау седтæнцæ адæммæ революцион тохмæ, зæнхкосæг дзиллити се ’фхуæрдæй фæййервæзун æма иссæребарæ кæнунбæл.
Уруссаг революцион демократти фæдонтæ Шевченко æма Къоста хуарз лæдæрдтæнцæ, адæми сæребарадæ айдагъ цъухи дзурдтæй ке не ’рцæудзæнæй: уой туххæй байеу кæнун гъæуй еугур адæми тухтæ æма знаги цæвун гъæуй æмдухæй. Т. Шевченко е ’мдзæвгæ «Я, чтоб не сглазить, не хвораю», зæгъгæ, уоми финста:
…Хуарзмæ мацæмæ æнгъæлмæ кæсæ,
Ма ’нгъæлмæ кæсæ бæллеццаг
Сæребарадæмæ:
Ниххорх æй кодта паддзах Николай,
Цæмæй æхебæл исхуæца æма исиста
Сæйгæ сæребарадæ, уомæн æмдухæй…
(дæлрæнгъон тæлмац)
Еци гъуддаг уотæ лæдæрдтæй Къоста дæр; е дæр лæдæрдтæй, æмдух, æмзунд адæми бон берæ ке æй, æма уомæн седтæй фæтæгмæ: «Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фиййау, нæ фæстæ, иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд… Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры…»
Зæронд дзамани алли адæмæн дæр уæлдай æфхуæрддæр æма æгадæдæр бунати адтæй силгоймаг. Шевченкойæн дæр æма Къостайæн дæр сæ зæрдæ уæлдай хъæбæрдæр ристæй силгоймаги хъисмæтбæл, æма сæ дууæ дæр уæлдай ахиддæр кодтонцæ уой хабар сæ уадзимисти. Æма кæд сæ еуæй-еу уадзимисти силгоймагæн æ зин цардæй фæййервæзуни мадзалæн амонунцæ мæлæт, уæддæр сæ фулдæр уадзимисти силгоймаг нæ басæттуй царди зиндзийнæдтæн, активонæй ислæууй царди фудракæнддзийнæдти нихмæ, æ маст райсуй æфхуæргутæй (Шевченкой поэмæ «Марина»-йи хъайтар-силгоймаг рамардта е ’фхуæрæг помещикки), рахезуй зæронд æгъдæутти сæрти æма рацæуй æхе фæндонбæл. (Къостай, поэмæ «Фатимæ»). Къоста е ’мдзæвгæ «Фесæф»-и куд æй, уотæ Тарас Шевченкой уадзимиси дæр ахид кизги æ ниййергутæ æвæндонæй раттунцæ æнæуинон гъæздуг зæрондæн æма æ царди бæнттæ æнадæй рарветуй («Тополь»).
Шевченко дæр æма Къоста дæр ахид бавналунцæ историон темитæмæ æма си алкедæр равдесуй æ адæми рагон цард. Æ поэмитæ «Тарасова ночь», «Иван Подкова», «Гайдамаки» æма «Гамалея»-йи Тарас Шевченко равдиста раги дзамани украинаг адæми бæгъатæр тох æндагон лæборгути – турк, тæтæр æма польшаг панти нихмæ.
Ирон адæми рагон цардбæл финст æнцæ Къостай поэмитæ: «Фатимæ», «Тæрхоны раз», «Кæуæг айнæг» æма æндæртæ. Еци уадзимистæ кæд евгъуд догæбæл финст адтæнцæ, уæддæр адæми разæнгард кодтонцæ размæ, федæнмæ, сæхе доги цардæвæрд фехалунмæ.
Тарас Шевченкой исфæлдистадæ æма Къостай исфæлдистадæ еумæ райсгæй, сæ сæйраг æхсæнадон менеугутæй æнцæ хъæбæр æмхузон. Фал сæмæ ес, сæ темитæй, сæ гъудитæй æма зæрдиуагæй кæрæдземæ комкоммæ хæстæг ка лæууй, уæхæн хецæн уадзимистæ дæр. Уæхæнттæбæл банимайæн ес Тарас Шевченкой поэмæ «Катерина» æма Къостай поэмæ «Фатимæ», Шевченкой поэмæ «Сова» æма Къостай æмдзæвгæ «Салдат», Шевченкой поэмæ «Варнак» æма Къостай поэмæ «Тæрхоны раз» æма æндæртæ.
Сæ уадзимисти ахид хецæн бунæтти гъудитæ фæуунцæ хуæрзæмхузон (Шевченко: æмдзæвгæ «И вырос я в краю чужом», Къоста: «Додой» æма æндæртæ).
Бустæги æмхузон æнцæ Шевченко æма Къостайæн сæ киунугути нæмттæ дæр: «Кобзарь» æма «Ирон фæндыр». Кобзарь украинагау амонуй адæмон фæндурдзæгъдæг, æ зартæ æма æ таурæхътæ гъесфæндури цагъдмæ ка кæнуй, уæхæн кадæнгитæгæнæг. Æ киунугæн æ номæй уæлдай, Къоста æ фиццаг цъарæбæл искодта адæмон фæндурдзæгъдæг – кадæнгитæгæнæг зæронд лæги хузæ. Сæ киунугути нæмттæй дууæ поэти дæр бæрæг кæнунцæ, сæ уадзимистæ, сæ гъудитæ æма сæ сагъæстæ адæмбæл ке ’нцæ, адæми зæрдитæй ке игурунцæ, еци устур гъуди. Шевченко æма Къоста сæхуæдтæ дæр æнцæ адæмон фæндурдзæгъдгутæ, адæмон кадæнгитæгæнгутæ.
Шевченко æма Къоста сæ киунугутæ уæхæн нæмттæй хумæтæги ке не ’схудтонцæ, уотæ хумæтæги не ’схудта е ’мдзæвгити æмбурдгæндтæ «Дудка белорусская» æма «Смычок белорусский» зингæ белоруссаг поэт-реалист Франциск Богушевич дæр (1884 -1900), кенæ Алоиза Тетка – «Скрипка белорусская». Хумæтæги не ’схудта Гæдиати Секъа дæр æ киунугæ «Ирон фиййау» æма «Куырм фæндырдзæгъдæг» (æвæдзи, Къостай фæнзгæй). Хуарз æгъдау адтæй е адæми сагъæсгæнæг финсгутæн.
Тарас Шевченко æма Къоста сæхуæдтæ дæр искодтонцæ æмхузон тухгин адæмон кадæнгæгæнгути фæлгонцтæ. Шевченко: поэмæ «Перебендя», Къоста: поэмæ «Хъуыбады». Фал Тарас Шевченко æма Къостай уадзимистæ еунæг сæ гъуди æма сæ медесæй, кенæ сæ нæмттæй нæ ’нцæ хæстæг кæрæдземæ. Хæстæг лæуунцæ сæ уадзимистæ сæ формæй дæр, æма уомæй дæр хæстæг лæуунцæ адæмон поэзимæ. Мæнæ Белинский куд финста Шевченкой æмдзæвгити туххæй:
«Стихотворения г-на Шевченко ближе всего подходят к так называемым народным песнопениям: они так безыскусственны, что вы их легко примете за народные песни и легенды малороссиян, это одно уже много говорит в их пользу».
Еци дзурдтæ хаунцæ Къостай æмдзæвгити менеугутæмæ дæр, е æхуæдæг дæр æхе хонуй поэт æма адæмон зартæгæнæг. Гъе, еци менеугути фæрци хизтæнцæ уотæ арф адæми зæрдитæмæ дæр Шевченкой æма Къостай уадзимистæ, уомæн зонунцæ наизусть украинаг адæм Шевченкой æмдзæвгитæ æма Иристони адæм Къостай зартæ.
Тарас Шевченкойæн дæр æма Къостайæн дæр се ’сфæлдистадон кусти сæйрагдæр ахури скъола адтæнцæ адæмон исфæлдистадæ æма уруссаг раззагдæр литературæ: уонæй алкедæр æ зæрдæмæ арф иста æма ахур кодта адæмон поэзибæл æма уруссаг классикон поэзибæл.
Етæ сæ дууæ дæр устур аргъ кодтонцæ уруссаг номдзуд финсгутæн æма син сæ нæмттæ дæр иссирдтонцæ: Шевченко искодта Пушкин æма Гоголи хузтæ, Къоста ниффинста æмдзæвгитæ Лермонтов, Островский, Грибоедов æма æндæр уруссаг финсгутæбæл.
Тарас Шевченко æма Къостайæй алкедæр тæккæ фулдæр уарзта æхе бæстæ, æхе æфхуæрд фæллойнæгæнæг адæми. Фал сæ дууемæн дæр сæ зæрдитæмæ уотæ хæстæг адтæнцæ иннæ бæстити æфхуæрд адæм дæр; уой туххæй дæр берæ бунæттæ æрхæссæн ес се ’сфæлдистадæй, сæ дзурдтæй æма сæ архайдæй дæр.
Тарас Шевченко æма Хетæгкати Къостайæн айдагъ сæ цард, сæ зунд, сæ тох æма се ’сфæлдистадæ нæ адтæнцæ уотæ æмхузон. Хуæрз æмхузон æрцудæй сæ мæлæт дæр: сæ дууебæл дæр фæббæрæг æнцæ ахæстдæнтти рахауæ-бахауæ, хецауади æфхуæрд, æма рамардæнцæ æмхузон æригæнттæй: 47-анздзудтæй. Шевченкой фиццаг банигæдтонцæ Петербурги, уæдта ’й æхе фæдзæхстмæ гæсгæ («Завещание») æма украинаг фæллойнæгæнæг адæми фæндонмæ гæсгæ æрбаластонцæ Украинæмæ æма ’й уоми банигæдтонцæ устур кади хæццæ.
Къостай дæр фиццаг банигæдтонцæ Лаби, фал æй æ адæми фæндонмæ гæсгæ исластонцæ Дзæуæгигъæумæ; æ нигæнунмæ æрæмбурд æнцæ иристойнæгтæ, уруссæгтæ, гурдзиæгтæ, сомехæгтæ, мæхъæлæнттæ, – алкæмæн дæр адтæй хеуон æма уарзон.
Тарас Шевченко æма Къостайæн сæ цард, се ’хсæнадон архайд æма сæ литературон исфæлдистади æмхузондзийнæдтæн сæ еугуребæл лæмбунæг дзоруни фадуат нæййес аци цубур статьяй. Фал цубурæй зæгъун гъæуй: дууæ поэти дæр сæ адæми уарзтонцæ æмхузон устур уарзтæй; сæ дууæ дæр сæ зæрдæмæ æмхузон арф истонцæ се ’фхуæрд адæмти хъисмæт; æмхузон хуарз уидтонцæ адæмти æфхуæрæг паддзах æма бунæттон æлдæртти хæран миутæ; поэттæ æмхузон хуарз лæдæрдтæнцæ адæмти бæллец сæребарæ цардмæ, æма син еци устур гъуддаги сæ дууæ дæр агъаз кодтонцæ сæ еугур архайд æма исфæлдистадæй. Еци устур гъуддæгутæ ба Шевченко æма Къоста уотæ æмхузон хуарз уомæн лæдæрдтæнцæ, æма адæм аллирауæн дæр æмхузон æфхуæрд æма гъезæмарæ цард кодтонцæ, иннемæй ба – сæ дууемæн дæр уруссаг революцион демократти зундирахаст сæ зæрдæмæ арф ке бахизтæй, уой фæрци.
Тарас Шевченко дæр æма Къоста дæр сæ цард кæмæн иснивонд кодтонцæ, еци адæмæн уæлахез æрхаста Октябри революци, Коммунистон парти æма Советон хецауадæ. Æма кæд поэттæн сæ рамæлæтбæл берæ цæуй, уæддæр сæ кадгин нæмттæ дзиллитæй некæд феронх уодзæнæнцæ.
Калоти Геуæрги, филологон наукити кандидат.
(«Мах дуг», №7, 1961 анз)
Тарас Шевченко
***
Мæн хур кæйдæр зæххыл нæ тавы,
Сыгъта мæ хи зæххыл æгæр,
Мæ сæр уыд сагъæссаг, мæ сæр
Нæхи Украинæйы дæлармы:
Нæ зыдтон уарзонад, рæвдыд.
Дæуæй фæхицæн дæн, мæ адæм!
Æз кодтон рахау-бахау алкæм.
Уыд панты сафыныл мæ дзырд.
Хъуынтъыз бонтæн нæ уыд кæрон.
Мæ цæстытыл æппæт дæр уад.
Сæ фыдмитæй Чырысти мард…
Кæниккой йын ныр дæр тæрхон…
Кæм фæнды он, мæн амонд нæй,
Æмæ, æвæццæгæн, нæ уыдзæн.
Мæ уарзон Украинæйы дæр, адæм
Æндæр рæттау цæрынц рыстæй,
Уæддæр мæ иу хъуыддаг фæнды
Чырын мын ма скæнут, чырын
Мæрдтæм æцæгæлон фæйнæгæй
Стæй мæ ингæнмæ чысыл
Æрхæссæд хъал дымгæ уæд та
Сыджыт Днепры фæтæнæй.
Гъе уый мæ бæллиц у, мæ фæнд.
Æндæр, цы зæгъон, адæм, цæй!
Хуыцауы чи мары тыхстæй!
Уæддæр нæ уыдзæни мæ фæнд.
(Дарчиты Дауиты тæлмац)
Мыртазты Барис
ТАРАС ШЕВЧЕНКО
Ныххудти уалдзæг æмæ цард
Йæ хъарм хъæбысы тухы мах.
Æмæ нæ бамыр, нæ дæ зард,
Мæлгъæвзаг уарзон булæмаргъ –
Рæсугъд дæ дыргъдон ныр фæцъæх
’Мæ дзы æлæмтæй зайы дыргъ.
Дæ цурты хъазы хур. дæ зæхх
Ныр дидинджытæй дары сырх.
Къæрцæмдзæгъд хъазтмæ бацу ды,
Ыскъæфы уадмыс фæндырдзагъд.
Æмæ дæ адджын дзыллæтæ
Гуылфæнтæй уырдæм уайынц тагъд.
Кæй кадæг кæнынц уым хъæрæй?
Кæй зæрдæ кæны немæ балц?
Кæй ном цæрдзæни, кæ, фæрнæй?
Уый у нæ уарзон сахъ Тарас.
(Цæгирпедскъола. Февраль. 1939 аз)
Æлбегаты М.
Т. ШЕВЧЕНКОЙÆН
Йæ зæрды уарзонад кæмæн уыд,
Фæллойæн чи куырдта бынат,
Йæ уæнгты æрвнæрдау кæмæн цыд
Нæ мæгуыр сидзæрты зынад,
Æнуды чи ’рвыста йæ афон,
Цагъарад чи бырста лæгау, –
Дæуæн æгас Уæрæсе абон
Цытимæ куы дæтты æгъдау!
Уадз, хур алдымбыдты зæлдагæй
Дæуæн нæуæг куырæт хуыйæд, –
Ыстæй дæ зарджыты зылангæй
Дунейæн нагъыли цæгъдæд!
Бæрзонд Кавказы ирд къæдзæхтæй
Дæумæ мæ ризгæ зард тæхдзæн, –
Ирвæзынгæнæгæн уæлзæххæй
Хъæбулы уарзонад зæгъдзæн…
Эх!.. Дард Украинæ – байтаман!..
Æлутон нал уыдзæн йæ рæзт!
Уый никуал бадомдзæн хъадаман,
Уый никуал бафхæрдзæни хæст!
Æхсæв дæр арвы ирд цæстытæ
Дæ ныфсæй барухс кæнынц фæз,
Æмæ нæ сау æрфыг чызджытæ
Фæфидынц уæлмæрдæн сæ хæс…
Быдираг уалдзыгон изæрты
Нæ цъиутæн – буц фысым дæ заз,
Цъæхснаг, мæлгъæвзаджы унæртæ
Æвдисын иу нæртон ныхас:
«Кæдмæ уой æрдзы митæ мах бар,
Кæдмæ уа раст удыл уырнæн,
Уæдмæ дæ ингæнæн цырагъдар
Дзыллæты бархиад уыдзæн!»
(Хъобан. Февраль. 1939 аз)