26 декабря 2024

ТАВУЙ НÆ Æ ЗÆРДИ РОХС ТУНÆ…

05.10.2024 | 22:32

ИКЪАТИ Серафин Пæсæйи роли.

Икъати Геуæргий кизгæ Серафини ном æ дессаги искурдиади фæрци, уæдта нæ национ аййевадæн ци берæ хуæрзти бацудæй, уони фæрци тæккæ ирддæр хузи финст æрцудæй нæ Иристони анзфинсти. Гъо, æ рæстæги ’й дзиллæ комкоммæ зудтонцæ, уидтонцæ ин æ цæхæркалгæ дæсниадæ Ирон театри сценæбæл, æма ’й уомæ гæсгæ уæлдай зæрдтагонæй уарзтонцæ. Нур райрæзтæнцæ нæуæг, нæ номдзуд актрисæ ци спектаклти гъазидæ, уони сæхе цæститæй ка нæ фæууидта, еци фæлтæртæ. Фал æй сæ хестæртæй куд нæ æригъустайуонцæ, е цæйбæрцæбæл разагъди искурдиадæгин адтæй, нæ адæм æй цæйбæрцæбæл берæ уарзтонцæ, цæйбæрцæбæл хеуон син адтæй, уой. Æма гъе уотемæй æ ном цæруй абони дæр, имисæн æй. Æ цардвæндаг æма исфæлдистадон æскъуæлхтдзийнæдти фæдбæл  берæ зæрдæмæдзæугæ хабæрттæ ракæнун æнгъезуй, фал газети гæнæнтæмæ гæсгæ нин уæхæн равгæ æнхæстæй нæййес. Уомæ гæсгæ ба, мæнæ дæлдæр ци æрмæг мухур кæнæн, уой бацæттæ кодтан, æ кæстæр æмгустгæнæг Къумæлæгкати Морат æма журналист Хъулати Зирæ кæддæр Икъати Серафини туххæй ци уацтæ ниффинстонцæ, уонæмæ гæсгæ.

Серафин сауæнгæ æ сабийдоги æ тæлæн хæссун байдæдта аййевадæмæ.

– Минкъийæй бауарзтон аййевадæ, – имисидæ æхуæдæг. – Уæлдайдæр ба фæндур, мæ мадæ фæндурæй ку цæгъдидæ, уæд нигъгъос уинæ, æма мæ мæ сæнттæ фæндури зæлти хæццæ кумæдæр, цидæр дессаг аргъæутти дуйнемæ фæххæссиуонцæ…

Серафини хуæрзæригон уоди тæккæ рæбуйнагдæр бунат æрахæстонцæ æ мадæ Полий цæгъдтитæ. Уæди зинвадуат æма тухст царди уавæртæ куд нæ фæббæрæг адтайуонцæ хъиамæтгун силгоймаг ке ракæнидæ, еци цæгъдтитæбæл – кодта кадæнгитæ, кафуни цæгъдтитæ… Минкъий Симæ дæр фиццагидæр уони цæгъдун райдæдта. Фал сабий зæрди мæтъæлдзийнадæ фæстеуат нæ кæнуй, æма бабæй æ минкъий æнгулдзити бунæй райгъусидæ бустæги æндæр, иуæнгтæ рæуæггæнæг æма цийнæдзийнадæ итауæг цагъд.

 

«ÆЗ ДÆУМÆ ДЗОРУН, КУСТМÆ МÆ РАЙСÆ!..»

Цæйбæрцæбæл арæхстгин фæндурдзæгъдæг адтæй, еци æригонæй дæр, уомæн ба еу æвдесæн – 1931 анзи январи республики олимпиади байахæста фиццаг бунат æ фæндурдзагъдæй. Еци олимпиади æй фæууидта профессор Æлборти Барис, игъустгонд ахургонд æма рохситауæг. Æма баунаффæ кодта Серафинæн Тотрати Бесæйи иссерун. Бесæ агурдта ирон искурдиадæгин фæсевæд Мæскумæ театралон институтмæ рарветунмæ.

Иссирдта Серафин Бесæйи. Радзурдта ин æ фæндæ. Бесæ имæ лæмбунæг æркастæй æма ралух кодта:

– Æгæр минкъий дæ.

Серафин фиццаг базуркъуæрд бæлæуи хузæн фæцæй, уæдта исдзурдта:

– Æма бæрзонд къелгун къахидарæс дардзæнæн.

– Е дин неци фæййагъаз уодзæнæй, – æма Бесæ фæннæхстæр æй æ иннæ гъуддæгути фæдбæл.

Серафин æ фæдбæл фæннæхстæр æй, æма ’й нæуæгæй æруорæдта æма ма ци кодтайдæ Бесæ – равардта ин, Мæскуй театралон институтмæ бацæунæн æй ци гæгъæди гъудæй, уой.

Мадта еци институтмæ куд бацудæй, е дæр дессаги хабар æй. Цæветтонгæ, уоми паддзахадон къамиси рази ку ’рлæудтæй Серафин, уæд имæ уой иуонгтæ, нæ бæсти номдзуд театралон архайгутæ берæ фæрракæсæ-бакæсæ кодтонцæ. Уæдта си ракурдтонцæ æмдзæвгæ радзорун. Уой фæсте ин зундгонд режиссер Р. Симонов уотæ:

– Нур ба нин ести этюд равдесæ.

Серафин къехæй райзадæй. Этюд ци æй, уой нæ зудта. Симонов æй балæдæрдтæй æма ин æхуæдæг фæййагъаз кодта.

– Зæгъæн, æз заводи директор дæн. Дæуæн ба дæ сувæллæнттæ стонг æнцæ, бæгънæг. Дæ нисан, дæ ихæс æй, цæмæй дæхе кустмæ райсун кæнай. Балæдæрдтæ?

Ци балæдæрун ма ’й гъудæй. Серафинæн е ’рфгутæ æрбалхи ’нцæ, æма æ цæсгон газети аууон ка бакодта, еци «директормæ» ниуурдуг æй.

– Райсæ мæ кустмæ!

Дзуапп нæййес, Симонов имæ газети аууонæй сосæггай кæсуй.

– Дæумæ дзорун, райсæ мæ заводмæ! – нæййес бабæй дзуапп.

– Æз дæумæ дзорун, дæумæ! – æма æ минкъий тумбул къохæй стъол ниццæлхъ ласта.

Симонов хæрдмæ фесхъиудтæй:

– Уæртæ æ цæститæ цæхæртæ куд ракалдтонцæ! Есæн дæ, мæстгун ма кæнæ, есæн дæ, æцæг заводмæ нæ, фал театралон институтмæ…

Уотæ райдæдта Икъати Серафин ахур кæнун Мæскуй театралон институти Иристони искурдиадæгин фæсевæди хæццæ, кæцитæ сæ ахур фæууни фæсте иссæнцæ нæ национ фиццаг профессионалон театри бундорæвæргутæ.

Нæхемæ Иристони театралон сценæмæ Икъати Серафин фиццаг хатт рахизтæй 1935 анзи 10 ноябри (дессаг нæй – æ райгурæн бони!..) Е адтæй Ирон театри райгурæн бон, ирон аййевади æма культури агъазиаудæр цау. Мæскуй театралон институти ци фæсевæд ахур кодта, етæ бундор æрæвардтонцæ Ирон драмон театрæн. Сæ фиццаг спектакль адтæй Корнейчуки «Платон Кречет». Серафин гъазта Лиди роли. Мæскуй ке бацæттæ кодтонцæ, еци дуккаг спектакль адтæй «Лгун» Гольдоний пьесæмæ гæсгæ. Уоми Серафин гъазта ихуæрст кизгæ Коломбини роли.

 

Æ ИСКУРДИАДÆ АДÆМИ ДЕСИ ÆФТУДТА

САЛАМТИ Къолай пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Дууæ киндзæхсæвæри». ДАУРАТИ Харитон – Хъалмухъ æма ИКЪАТИ Серафин – Гадзугуз.

Етæ адтæнцæ æ фиццаг рольтæ, æ фиццаг исарæзт сорæттæ. Æма сæбæл адæм сæ цæстæ æрæвардтонцæ. Нæ сæ бакасти, нæ сæ дзурдигъæди, нæ сæ къахрайсти, сæ зæрдиконди æма гъудити зелдохи æмхузонæй неци равдиста Серафин. Сæ еугуремæн дæр иссирдта сæрмагонд уодигъæдæ æма хуарæнтæ. Сауæнгæ уæд исбæрæг æй е ’стур искурдиадæ.

Ирон профессионалон театри райгурд имисгæй, куд нæ зæгъæн сæрустурæй: уогæ ба ци дессаги фæлтæр адтæнцæ: Баллати Валодя, Дзукъати Аня, Дзугкойти Афассæ, Цирихати Петя, Есерихъуати Минтæ, Гъæргинти Варварæ, Цæликкати Мæирбег, Кокайти Исай, Хъариати Тамарæ, Къомайти Василисæ, Тотрати Бесæ, Берæгъти Александр, Тæбæхсæути Бало æма Икъати Серафин. Агъазиау исфæлдистадон бунтæ ниууагътонцæ аци искурдиадæгин фæлтæр, абони фæлтæрæн – рохс над ракъæртгæнгутæ. Уой туххæй дзоргæй, Саламти Къола, ССР Цæдеси адæмон артист уотæ дзурдта:

– Раст ку зæгъон, уæд æз мæхуæдæг дæр аци фæлтæрбæл ахур кодтон. Мæн алкæддæр деси æфтудта сæ æнæхийнæ куст. Театрæй æндæр сæ неци гъудæй царди. Райсæн Серафини. Цæйбæрцæ хъаурæ адтæй аци силгоймагмæ! Федарæй уæ æууæндун кæнун: Серафин сценæн игурд адтæй. Цал адæймагей роли рагъазта, æма си еу дæр инней хузæн нæ адтæй. Райсæн Елбиздихъой «Дыууæ хойы» Хансиати фæлгонц. Кæд ами адæми размæ рахаста æфхуæрд хуæнхаг силгоймаги сорæт, уæд æ тæккæ фарсмæ ба иннæ сорæт – цæстфæлдахæг Салфетка, «Софяйы зарæг»-æй. Кенæ мæн хæццæ еумæ ци спектакли гъазта, уоми нин ци Гадзугузи бавдиста, е. Дессаги фæлгонц адтæй. Еци роли æ еугур монцтæ дæр исуагъта… Æ искурдиадæ берæвæрсуггин адтæй…

Серафин ци фæлгонцтæ исаразта ирон сценæбæл, етæ фондзинсæйемæй фулдæр иссæнцæ. Райдайæ «Платон Кречет»-и Лидæ, æма фæууо æмбесондæн байзайгæ Гадзугузæй. Любовь Яровая – «Любовь Яровая», Беатриче – «Много шума из ничего», Мирандолина – «Хозяйка гостиницы», Татьянæ – «Разлом», Хансиат – «Дыууæ хойы», Сæлимæт – «Пæсæйы фæндон», Джемма – «Овод» æма уотæ идарддæр.

Уæлдæр ранимад зундгонд рольтæ Уæрæсей æма ма берæ æндæр рауæнти дæр актриситæ гъазиуонцæ æма ма гъазунцæ, фал æргомæй зæгъун гъæуй уой, æма си беретæн уони бабарæ кæниуонцæ æма кæнунцæ сæ искурдиадæмæ гæсгæ нæ, фал бæрзонд, хуæрзконд ке ’нцæ, уой фæрци. Серафини бакастæй уони хæццæ рабарæн нæййес, уæдта баруйнаг дæр нæ ан, тæрегъæд нæ есæн нæхемæ. Гъо, асæй рæстæмбес, уомæй ка ’й зонуй, рæсугъддæртæ… Уæддæр Любовь Яровая?.. Цæмæн? Уомæн æма хуæнхаг æрра дони хузæн Серафини исконди æмбохгæ кодта Æрдзон Искурдиадæ. Сæумон хори тунти хузæн æ уиндæ æма æ конд уомæн калдтонцæ тæмæнтæ сценæбæл. Уомæн уотæ бæркадгин æй Серафини фæззигон инайæ Ирон театри къæбеци.

 

Æ ДÆСНИАДÆ АБОНИ ÆРИГÆНТТÆН ДÆР АГЪАЗГÆНÆГ ÆЙ

Спектакль «Пæсæйы фæндон»-æй сценæ.

Актер ци рольти рагъазуй, етæ ин, æвæдзи, ефстæгтæй уæлдай, хъазар æма уарзон фæуунцæ, уæддæр зæрди къуми ба кæмидæр арфгомау ин фæууй римæхст, æ нивæ хæстæгдæр æвæрд кæмæ ’й, уæхæн уарзон роль. Серафинæн еци уарзон роль адтæй Хансиат, Бритъиати Елбиздихъой пьесæ «Дыууæ хойы»-мæ гæсгæ æвæрд спектакли. Æ зæрдæмæ актрисæ хæстæг райста седзæр æфхуæрд силгоймаги карнæ, кæрæй-кæронмæ ин æ уодигъæдæ балæдæрдтæй, æма Хансиати сорæт æ искурдиади агъазиаудæр менеугутæй исфæлгонц кодта, батавта ’й æ зæрди гъарæй… Уомæ гæсгæ адæм æууæндтæнцæ – хуæнхаг кизгæ æ бартæбæл ке исдзурдта, уомæй Хансиати сорæти нихмæ æрæвæрæн цæстфæлдахæг Салфетки (Хубецти Рая æма Хугати Геори «Софяйы зарæг»-æй). Мæнæ фæззиндтæй сценæмæ футболисти хæдони æ фæсонтæбæл устур дамугъатæй №13 финст. Æ фиццаг рахизтæй дæр бæрæг æй, аци силгоймаг цæстфæлдахæг æма бунтидзæуæг ке æй, е. Гæртæмттæ есуй аллибон уосгортæй, амонуй син зундгонд гъæуккаг кизгутти. Цубурдзурдæй, ирон Ханума.

Серафин сценæбæл ци сорæттæ исаразта, уонæй алкæмæн дæр æ ирæзт æвдиста сæрæй-кæронмæ. Алли сорæтæн дæр æ уодиконд, гъудити зелдох, зæрди æнкъарæнтæ хаста адæми рæнгъæмæ. Игъæлдзæг æма налат, уарзæгой æма налат, игъæлдзæг æма тузмæг, хийнæйдзаг æма кæрæф, рæвдауагæ æма уозæлагæ, мæтæгæнагæ æма амондмæ бæллагæ… Трагеди, фарс, драмæ, гротеск, комеди – уæхæн жанртæй адтæнцæ Серафини исарæзт сорæттæ.

Æз мæхуæдæг дæр мæхе амондгунбæл нимайун, уомæн æма сценæмæ мæ фиццаг къахдзæф ку ракодтон, уæд Серафин æма Дзугкойти Афассæ адтæнцæ мæ фиццаг сценикон мадтæлтæ, Папавяни пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «О, дуне рафæлдæхт»-и, уой фæсте – «Дыууæ чындзæхсæвы».

Уотæ ку зæгъæн, æма Икъати Серафинæн профессионалон театри сценæмæ над фæндур байгон кодта, уæд е раст уодзæнæй. Фæндур ин фулдæр спектаклти адтæй æ еугæндзон æмархайæг. Фæндурæй хуарз ке цагъта, уомæй ма пайда кодтонцæ сауæнгæ драматургтæ дæр. «Пæсæйы фæндон» -и Сæлимæтæн, æ фæндури цагъд, æ зард æма æ кафт адæми устур деси æфтудтонцæ. Фал мæнæ Гадзугуз!.. Адæми бустæги деси ба аци фæлгонц бафтудта. Гæрр, уæхæн силгоймаг дæр фæууй? Берæ ибæл радзорæ-бадзорæ кодтонцæ, гъома, фæууй æви нæ фæууй. «Фæууй!..» – загъта Серафин. Æ гъазтæй театрдзаути баууæндун кодта æма бæзгин стъæлфæ исæвардта: «Фæууй!..» Е ин бантæстæй, æ равналæнтæ, æ аййевади æвæрæнтæ æведуйгæ ке адтæнцæ, сæйрагдæр гъе уой фæрци. Æма Гадзугуз – Серафин исхизтæй ирон комедиографий бæрзонддæр къæпхæнмæ гротескон жанри.

Ехх, æма царди цалхæн æцæгæй фæстæмæ æрзелæн ку уидæ, уæд абони дæр цæмæдестæгæнгæй бабæй бакæсианæ Серафин ци уарзон кизгутти ролти рагъазта, уонæмæ.

Серафини аййевадæ ’й устур скъола абони айдагъ театралон фæлтæрæн нæ, фал æ царди нæдтæбæл ранæхстæр унмæ ка гъавуй, уонæн. Уогæ еци скъолай ахурти цæстуингæ æрмæгæй ци равдистæуа, уæхæн ба неци ес… Гъулæггагæн, æ рæстæги æ дессаги хъайтартæ пленкæмæ ист не ’рцудæнцæ, æндæр æцæг дессаги скъола гъомбæладон фæрæзнæ уидæ абони фæлтæрти хæццæ кусти…

 

Æ ИСАРÆЗТ СОРÆТТÆ – ИРОН КУЛЬТУРИ ХÆЗНА

Константин Треневи пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Любовь Яровая»-æй ИКЪАТИ Серафин (рахесæрдигæй) æма Гъæргинти Варварæ.

Кæддæр, нæ театр æхе æ фондз æма æртинсæй анзей юбилеймæ ку цæттæ кодта, уæд æ хъазауатондæр архайгутæй кедæрти бафарстон, цума циуавæр хунти хæццæ ’рцудæй æ адæми размæ ирон театр æ лæги карæмæ бацæугæй, æ фиццаг «зæрбатугти» юбилейи бонмæ? Аци фарста кæмæ равардтон, уонæй еу адтæй Ирон театри уæди аййевадон разамонæг, Уæрæсей Федераций адæмон артист Уатати Бибо. Ниссагъæси æй, уæдта загъта:

– Ирон театр абони бацудæй е ’цæг кари, æма цæмæннæ æнгъезуй расагъæс кæнун, – æцæгæйдæр циуавæр хунтæ æрхастан нæ театрдзаутæн, зæгъгæ?

Æма æ радзубандий берæ аллихузон зæрдтагон хабæрттæ ракодта. Мæ зæрдæбæл бадардтон æ загъд:

– Ирон театр, мах, актерти, нæй, фал æй Ири дзилли рохс ковæндонæ. Æма гъæуама уа райдзаст. Райдзаст ба уа уомæй дæр, æма æ бундорæвæргутæн аккаг кадæгонд цæуа, гъæуама сæ рæстæги нæ дзиллæн куд хъазар æма уарзон адтæнцæ, уотæ цитгин уонцæ нури фæлтæртæн æма ма сауæнгæ нæ исонибони фæлтæртæн дæр. Уæдта айдагъ уонæн нæ, фал уони фæсте нæ театралон аййевадæн уодуæлдайæй æма æнтæстгинæй ка фæллойнæ кодта æма кæнуй, уонæн дæр.

Æ еци радзубандий ранимадта, уæд театри номдзуд архайгутæй сæ юбилейтæ кæмæн исбæрæг кодтонцæ, уæлдай зæрдæхцæуæнæй загъта Икъати Серафини туххæй. Æма е хумæтæги нæ адтæй. Уомæн æма Икъати Серафин адтæй Ирон театри разагъди цæгиндзитæй еу. Ирон театри фиццаг фарнæхæссæг зæрбатуг, фæндури зæлти æма силгоймæгти сорæттæ исфæлдиста ирон сценæбæл, цал æма цал силгоймагей ирисхъæ ирдæй бавдиста, райдайæ Любовь Яровая æма фæууо нæхе Гадзугузæй.

Алли сорæти ирæзт дæр лæмбунæг æвдесун, æ уодиконд, æ гъудити зелдох, æ зæрди æнкъарæнтæ рæстагæй адæммæ хъæртун кæнун – уæхæн æнцæ Серафини сæйрагдæр менеугутæ. Джульетти гъомбæлгæнæг Шекспири «Ромео æма Джульеттæ»-йи, ирон уарзæгой мадæ Дзигидæ «Æгæр цæхгун æдонуг кæнуй»-йи, зудæ, карз æма хеуарзон Гонерилья «Къарол Лир»-и, хуæдæфсармæ Кæлимæт «Хæрзойты Фатъимæт»-и, цæхæрцæстæ, гиризгæнагæ, зарагæ Дзæйнæт «Нæ хæлæрттæ»-йи, революций тæвагæй ка фегъæстæ ’й, еци Таня Фадееви «Дæрæн»-и райгурæн бæсти еузæрдиуон хъæболæ, бæгъатæр советон кизгæ Таня Егорова «Дыккаг фронты фале»-йи, уруссаг кæдзосзæрдæ ахургæнæг дагестайнаг гъæуи «Асиат» -и, дæлбунтицæуæг къулух Дзигида «Чындзæхсæвæр»-и, сæрæн французаг ихуæрст кизгæ Сюзаннæ «Фигаройы чындзæхсæвæр»-и, уæдæгонд Людмилæ «Васса Железнова»-йи, налат цæстфæлдахæг Салфеткæ «Софяйы зарæг»-и æма ма берæ æндæртæ. Дæс æма инсæй анземæй фулдæр фæккуста Икъати Серафин Ирон театри, æма, ци сорæттæ исаразта, етæ хъазар æвæрæнтæй, устур хæзнайæй бацудæнцæ ирон культури хæзнадонæмæ.

 

«МÆ ЦАРДИ ÆСТЪАЛУ МИН ИРОН СЦЕНÆ ИССÆЙ!..»

Театралон жанртæй алкæмидæр æмхузон æрттивдæй тæмæн калдта Икъати Серафини искурдиадæ Ирон театри сценæбæл. Сценæмæ имæ ка кæсидæ, уони кæд кæми ходун, кæми ба кæун кодта, уæддæр еумæйагæй ба æнхæст кодта еу ахсгиаг ихæс – æ устур искурдиади фæрци æфтудта, царди нисанеуæг ци æй, амонд цæй фæрци æнтæсуй, уой фæдбæл гъудити.

Æ цард, æ куст, æ еугур зонундзийнæдтæ æма е ’стур æнæфехсуйгæ искурдиадæ Серафин нивондæн æрхаста ирон аййевадæн, ирон адæмæн. Кæддæр уой фæдбæл уотæ загъта:

– Алли адæймагæн дæр æ царди ес æхе стъалу, мæнæн еци стъалу æй ирон сценæ æма мæхе устур амондгунбæл нимайун, аййевади над ке равзурстон, уомæй. Нæуæгæй бабæй æригон ку фестинæ, уæддæр равзаринæ сценæ…

Советон хецауадæ устур аргъ искодта æ фæллойнæн. Лæвæрд ин æрцудæнцæ нæ республики æма Уæрæсей Федераций адæмон артистки ном, орден «Кади нисан». Иристони фæллойнæгæнæг дзиллитæ ’й цалдæр хатти равзурстонцæ сæ минæварæй республики Сæйраг Советмæ, къуар анзи адтæй СЦКП-йи Цæгат Иристони обкоми иуонг. Дæсгай æнзтæ фæд-фæди æвзурст æрцудæй Уæрæсей Федераций Театралон æхсæнади Цæгат Иристони хайади сæрдарæй. Æма æхсæнадон кусти дæр фæллад нæ зудта, æхе еуварс некæд райста, ирдта фагæ рæстæг, хъаурæ, арæхстдзийнадæ еугур кустити дæр, сценæбæл ци зингзæрди хæццæ архайдта, уотæ æновудæй æнхæст кæнунæн.

Гъæйдæ, æма уæддæр нæ гъудити фæстæмæ æрзелæн царди цалх, Ирон театр кæдæй архайуй, уæдæй ци театралон сезонтæ райевгъудæй, уони бæрзæндæй ракæсæн Аййевадон Ковæндони ци фæлтæртæ кустонцæ, уони цардвæндагмæ, æримисæн, зæрдæбæлбадаруйнагæй ци исаразтонцæ, ци хуæрзти бацудæнцæ нæ дзиллæн, ци хуарздзийнæдтæй фæгъгъæздугдæр кодтонцæ нæ адæми уодварни хæзнадонæ… Берæ, хъæбæр берæ цæмæдесаг хабæрттæ æма цаутæ æримисун æнгъезуй. Фиццагидæр уой зæгъун гъæуй, æма исаразтонцæ агъазиау урух хед аййевади хонх Олимпæн æ тæккæ уæлдæр бæрзæндтæмæ. Æма уой фæрци уордæмæ æнтæстгинæй цæуни равгитæ фæззиндтæй, фæстæдæр театрмæ ка ’рбацудæй, еци фæлтæртæн дæр, æнцондæрæй цудæнцæ аййевади еу уæлахезæй иннемæ.

Æрмæг мухурмæ  бацæттæ кодтаГæтийти Светланæ.