22 декабря 2024

ТУРИСТОН ГЪӔУ – УӔЛЛАГ ЗГИДИ

24.09.2021 | 16:36

Советон Цӕдеси Уӕллаг Згид адтӕй устурдӕр ӕрзӕткъахӕн кӕми адтӕй, еци гъӕу. Ӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ ‘й рабарӕн адтӕй сахари хӕццӕ. Хӕларӕй си цардӕй ӕма еузӕрдиуонӕй куста берӕ адӕм, айдагъ ирӕнттӕ нӕ, фал ма иннӕ адӕмихӕттитӕ дӕр: мӕхъӕлӕнттӕ, цӕцӕйнӕгтӕ, белорусӕгтӕ, тӕтӕйрӕгтӕ ӕма иннетӕ. Цӕгат Кавкази хуӕнхон-металлургон институтӕй Згидмӕ практикӕмӕ ӕрвистонцӕ фӕсарӕйнаг студентти дӕр. Еузагъдӕй, адтӕй берӕнацион гъӕу. Фал Советон Цӕдеси фехӕлди фӕсте фесавдӕй Згиди раздӕри кадӕ дӕр. Ӕрзӕткъахӕнтӕ ӕхгӕд ӕрцудӕнцӕ. Гъӕуи цард фӕнниллӕгдӕр ӕй. Адӕми фулдӕр хай ледзун райдӕдтонцӕ ӕндӕр бунӕттӕмӕ. Байзадӕй ма си цӕргути минкъийдӕр хай. 2009 анзи ба федералон программӕмӕ гӕсгӕ хонхи цӕрӕг адӕмӕн лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ нӕуӕг фатертӕ. Гъӕуи цард, гъулӕггагӕн, бустӕгидӕр ӕрлӕудтӕй.

Адӕймагӕн райгурӕн бӕстӕй уарзондӕр неци ес. Еци уарзт некӕд фесӕфуй ӕма нӕ басабур уй. Раст уӕхӕн уарзтӕй уарзуй хуӕнхбӕстӕ Згиди цӕрӕг Хъарданти Олег дӕр. Е райста ӕхемӕ ихӕс Згиди раздӕри кадӕ раздахун, ӕ экономикон ӕма социалон уавӕр ин иснӕуӕг кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ исаразта пълан ӕ бӕллец исӕнхӕст кӕнунӕн.

– Фиццагидӕр, Згид ӕй мӕ райгурӕн гъӕу. Ами исгъомбӕл дӕн. Скъолай фӕсте уӕлдӕр ахурадӕ райсунмӕ рандӕ дӕн Мӕскумӕ. Уоми берӕ ӕнзти фӕццардтӕн, фал мӕ зӕрдӕй нӕ цох кодта мӕ райгурӕн гъӕу. Згидмӕ исӕздахтӕн 2012 анзи. Гъулӕггагӕн, ӕрӕййафтон ӕй зӕууат уавӕри ӕма мин адтӕй хъӕбӕр зин. Исфӕндӕ кодтон нӕуӕгӕй си цард исирӕзун кӕнун ӕма ӕ уавӕртӕ фӕххуӕздӕр кӕнун. Фиццагидӕр бал мӕхе царди уавӕртӕ исхуарз кодтон, ӕрбунӕттон дӕн. Сагъӕс кодтон адӕмӕн косӕн бунӕттӕ искӕнунбӕл. 2020 анзи бафеппайдтон туристти устур нимӕдзӕ, мӕ цӕстӕ ӕрдардтон, куд цӕмӕдессаг син ӕй Згиди ӕрдзӕ ӕма куд арф райсунцӕ бунӕттон адӕми рахаст сӕ зӕрдӕмӕ, уой. Балӕдӕрдтӕн, ӕнтӕстгинӕй си ке райрӕздзӕнӕнцӕ туризм ӕма гъӕууон хӕдзарадӕ, уой. Еугур еци гъуддӕгутӕ хинцгӕй, исфӕндӕ кодтон Згиди туристон гъӕу исаразун.

– Згиди федӕни райрӕзти пълан  дӕхуӕдӕг искодтай ӕви дин агъазгӕнгутӕ адтӕй?

– Ӕ разамонӕг дӕр ӕма е ‘скӕнуни разӕнгардгӕнӕг дӕр дӕн мӕхуӕдӕг. Агъаз мин кодта, фиццагидӕр, мӕ мадӕ. Уой хӕццӕ ахид кодтон унаффӕ. Уой фӕсте мӕ гъуди бахастон Цӕгат Иристони ирӕзти агентадӕмӕ. Уоми мӕмӕ лӕмбунӕг байгъустонцӕ ӕма мӕ хъӕппӕрес банимадтонцӕ хуарз гъуддагбӕл. Еумӕйагӕй лӕмбунӕг бакустан пъланбӕл. Кӕронмӕ конд ку ‘рцудӕй, уӕд ӕй рахастан туризми фарстати туххӕй ӕмбурдмӕ. Пълан федаргонд ӕрцудӕй октябри. Згиди туристон гъӕу исаразуни компани райста ном «Згиди алфамбулай дуйне» (ООО «Згидаг тугъдадӕ»). Арӕзтадон куститӕ райдӕдтонцӕ 2021 анзи майи, ӕма гъӕуама кӕронмӕ ӕнхӕстгонд ӕрцӕуонцӕ ӕртӕ анзей ӕмгъудмӕ.

ХЪАРДАНТИ Олег

– Куд уодзӕнӕй арӕзт Згиди нӕуӕг инфраструктурӕ?

– Уобӕл косдзинан, куд нӕхуӕдтӕ, уотӕ проектаразгутӕ ӕма архитектортӕ дӕр. Етӕ исбӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ арӕзтадон объектти бунӕттӕ. Уӕдта дизайнертӕ бакосдзӕнӕнцӕ се ’ндаг ӕма медӕггаг ӕййивддзийнӕдтӕбӕл.

– Циуавӕр нӕуӕг объекттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй Уӕллаг Згиди?

– Фиццагидӕр си фӕззиндзӕнӕй туристтӕн цӕрӕнуӕттӕ. Гъӕуи астӕу ба уодзӕнӕй парк. Сувӕллӕнттӕн дӕр фадуат уодзӕнӕй гъазӕн фӕзи хе райерхӕфсунӕн.

Паддзахадон проектӕн уодзӕнӕй берӕ агъазгӕнӕг инвестортӕ, фал сӕ нӕмттӕ нӕма ’ргом кӕнунцӕ. Уомӕй уӕлдай, архайдзинан туризми райрӕзти паддзахадон программи.

– Циуавӕр косӕн бунӕттӕ фӕззиндзӕнӕй хуӕнхбӕсти?

– Згиди фӕззиндзӕнӕй туристтӕн ӕхсӕнадон хуӕрӕндӕнттӕ, ӕма си, ӕнӕмӕнгӕ, гъӕудзӕнӕй дӕсни косгутӕ, уӕдта иуазгутӕн лӕггадӕгӕнгутӕ. Гъӕуи истори, нӕ рагфидтӕлти ӕгъдӕутти туххӕй радзорун ӕма цӕмӕдессаг бунӕттӕ равдесунӕн райсдзинан экскурсиамонгутӕ дӕр, ӕдеугурӕй уодзӕнӕнцӕ 20 косӕн бунатемӕй фулдӕр. Ӕ рӕстӕг Уӕллагири коми рарветун ке бафӕндӕуа, етӕ ӕрбунат кӕндзӕнӕнцӕ алцӕмӕй дӕр ефтонг минкъий хӕдзӕртти. Сӕ нимӕдзӕ уодзӕнӕй дӕсемӕ хӕстӕг. Алли хӕдзари дӕр си ес 3-4 адӕймагемӕн бунат. Парахатдӕр бӕстихӕйттӕ дӕр исараздзинан.

Иуазгути ӕдасдзийнадӕмӕ дӕр каст цӕудзӕнӕй еудадзуг. Нӕ бон куд уа, уотӕ кӕндзинан туристтӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уавӕртӕ.

– Туристти Згидмӕ куд исцӕмӕдессаг кӕндзинайтӕ?

– Куд Згиди цӕрӕг, уотӕ мӕнӕн мӕ райгурӕн бӕстӕй рӕсугъддӕр ӕма уарзондӕр неци ес. Гъӕуи ӕрдзӕн ӕмбал нӕййес. Ӕ рӕсугъддзийнадӕ ‘нцӕ ӕ алфамбулай ци хуӕнхтӕ лӕуунцӕ, етӕ. Фулдӕр туристтӕ цӕудзӕнӕнцӕ Згиди ӕрдзон гъӕздугдзийнӕдтӕ фӕууинунмӕ, айдагъ Иристонӕй нӕ, фал Уӕрӕсейӕй ӕма фӕсарӕнтӕй дӕр. Сезонмӕ гӕсгӕ туристтӕн сӕ бон уодзӕнӕй ӕмбурд кӕнун дзӕбӕхгӕнӕн кӕрдӕгутӕ. Уодзӕнӕй си бӕхтӕбӕл тезгъо ӕма фестӕг балцитӕ. Ӕз искодтон дууӕ маршрути: Згид-Гӕлиат, Гӕлиат-Згид; Згид-Ход, Уӕллаг Мизур. Нуртӕккӕ аразунцӕ над Уӕллаг Згидӕй Мӕцутӕмӕ. Уодзӕнӕй си джиппинг искӕнуни фадуат. Туризми иннӕ хузӕ – къӕдзӕхмӕ бурун. Альпинисттӕ ахид фӕццӕунцӕ Уорс хонхи бунмӕ. Згидмӕ ку иссӕунцӕ, уӕд мӕнмӕ иуазӕгуати байзайунцӕ, сӕумӕй сӕ над ракӕнунцӕ Цъӕйи коми ‘рдӕмӕ.

– Циуавӕр гъӕути хӕццӕ уодзӕнӕнцӕ бастдзийнӕдтӕ?

– Бастдзийнадӕ уодзӕнӕй Галон ӕма Садони хӕццӕ. Уоми гъавунцӕ искӕнун фӕндаггон сервис. Уобӕлти туристтӕ цӕудзӕнӕнцӕ уӕлдӕр Згидмӕ. Уӕллагирӕй рабалци кӕндзӕнӕнцӕ Дигоргоммӕ. Къамати гъӕуи аслан иуазӕгуати косӕг Сергей Селезневи хӕццӕ нин бадзурд ес. Уӕхӕн бастдзийнӕдтӕ гъӕунцӕ бунӕттон туризми райрӕзтӕн – загъта кӕронбӕттӕни Олег.

Цагъати Илонӕ