22 декабря 2024

УÆРÆСЕ ÆЙ НÆ ЕУМÆЙАГ ХÆДЗАРÆ

28.05.2022 | 15:04

Уруссаг паддзах Петр I райгурди 350 анзей кадæн æрæги Мæскуй Киристе Ервæзунгæнæги аргъауæндони ци юбилейон ХХХ Æхсæнадæмон ахурадон мадзæлттæ рацудæнцæ, уони фæлгæти ма арæзт æрцудæй наукон конференци Цитгин Маринæ Ясыня Владимираги номерæнæн. Дзубанди си цудæй культури, уодварни æма паддзахади историйи æ ахедундзийадæ, аци силгоймаг алайнаг къниаз уогæй уруссаг цитгин къниаз куд иссæй, уой фæдбæл.

Конференци исаразтонцæ Мæскуй, Киристе Ервæзунгæнæги Аргъауæни, æма е иссæй Аланибæл исаргъуди 1100 анзи бæрæг кæнуни фæдбæл нисангонд мадзæлттæй еу.

Конференций кусти архайдта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Е зæрдиагæй райарфæ кодта æ архайгутæн. Æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй Аланибæл исаргъуди бæрæгбон айдагъ Цæгат Иристони дзиллæ нæ бæрæг кæндзæнæнцæ, фал еугур Уæрæсе дæр:

– Нæ адæмтæ еумæ мин анзей дæргъи еу устур надбæл æмзунд-æмвæндæй ке рацудæнцæ æма нерæнгæ дæр цæунцæ, е уой æвдесуй, æма Уæрæсе æй нæ еумæйаг хæдзарæ æма нæ Фидибæстæ. Еу нæ кæнунцæ уодварнон бастдзийнæдтæ, нæ историон евгъуд æма исонибон. Уæрæсе æма Иристони еу кæнуй цитгин къниаз Мария Ясыняйи сугъдæг фæлгонц. Æ ном æхе агъазиау бунат байахæста Уæрæсей æма Аланий культури, æ рæстæги аразта аргъауæнтæ æма моладзандонтæ, уруссаг зæнхитæ еумæ æмбурд кодта…

Куд ма загъта, уотемæй абони нæ берæнацион паддзахади адæмтæ байеу æнцæ сæ гъæздуг историй, культури, æгъдæутти, цардарæзти фæткити фæрци:

– Æма уин мæ зæрдæ зæгъуй æнтæстдзийнæдтæ, сабурдзийнадæ, хуарздзийнадæ, зæрдрохсдзийнадæ æма райдзастдзийнадæ!..

Дзæуæгигъæуккаг æма Алайнаг епископ Герасим ба конференций архайгути базонгæ кодта Мæскуйаг æма еугур Уæрæсей Патриарх Кирилли Арфи финстæги хæццæ, кæцими уотæ загъд ес: «Аци анз Цæгат Иристон бæрæг кæндзæнæй Аланибæл исаргъуди 1100 анзей бæрæгбон. Е республикæн ахсгиаг историон цау æй. Еуæндæс æносей сæрти ку ракæсæн, уæд балæдæрдзинан, аци цауæн цæйбæрцæбæл арф медесгун ахедундзийнадæ ес, уой: аци рагон зæнхæбæл цæрæг адæмтæ киристон дин равзаргæй сæхе байеу кодтонцæ киристон цивилизаций хæццæ æма гъе уомæй равзурстонцæ сæ исонибони федæн…» Арфи финстæги ма куд загъд ес, уотемæй, юбилей парахаттæй бæрæггонд ке ‘рцæудзæнæй, е агъазгæнæг уодзæнæй нæ бæсти цæргути уодварнон еудзийнадæ федардæр кæнунæн.

Конференций рæстæг ма æ архайгутæ базонгæ ‘нцæ коллективон монографи «Цитгин Мария Ясыня Владимираг уруссаг историй»-и хæццæ, байгъустонцæ наукон радзубандитæмæ, бакастæнцæ наукон кинонивмæ.

***

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Мæскуй косæг балций уогæй, бабæрæг кодта сувæллæнтти хузæгæндти равдист «Сугъдæг Алани». Куститæ бацæттæ кодтонцæ Дзæуæгигъæуи Тауасити Сослæнбеги номбæл сувæллæнтти аййевадон скъолай ахурдзаутæ.

Куститæ фæууинунмæ æрбацудæнцæ сенатор Мамсурати Таймораз, Паддзахадон Думи депутат Мæхъити Зураб, Парламенти Сæрдар Алексей Мачнев, наукон æмæхсæнади, дини, культури æма Мæскуйаг ирон æхсæнади минæвæрттæ. Форуми кæронбæттæни Цæгат Иристони аййевæдти дæснитæ равдистонцæ концерт. Ансамбль «Алан» æ дæсни кафтæй адæми зæрдитæ балхæдта, уæдта Филармоний национ инструментти ансамбль «Иристон» рацагъта уарзон мелодитæ. Байгъустонцæ зартæгæнæг Цæгат Иристони адæмон артист Тайсаути Олеги зартæмæ дæр.

***

Дзæуæгигъæуи Национ музейи рази фæзуати æрæги байгон æй къарти фæлдзæуæн равдист «Аланий ковуниаккæгтæ». Уонæми фæууинæн ес Цæгат æма Хонсар Иристони аргъауæнтæ, моладзантæ æма ковæндæнттæ (зæгъæн, Дзæуæгигъæуи, Къумбулти, Зæрæмæги, Дагоми, Цхинвали æма æндæр рауæнти).