30 декабря 2024

ӔЗ ЦАРДӔЙ НӔ КОРУН ӔНЦОЙНӔДЗИЙНАДӔ…

19.05.2022 | 17:13

Гагити Геуæрги Нари Къостай имисæн литературон мадзæлтти рæстæги дзоргæй.

МÆРЗОЙТИ Сергей, Цæгат Иристони адæмон финсæг (1927-2008)

Поэти карнӕбӕл ӕнӕфӕззингӕ нӕй ӕ хуӕдбундор искурдиадӕн, е ’рдзон исфӕлдистадон хъаурӕ, ӕ зундирахаст, ци рӕстӕги цӕруй, уой хуӕрзтӕ ӕма комиуолӕфтӕн. Ӕцӕг поэт ӕма ӕ догӕ арф уедӕгтӕй фӕуунцӕ баст, нӕ син ес кӕрӕдземӕй фертасӕн.

Гагити Геуӕргий цард ӕма исфӕлдистадӕ иссӕнцӕ 50-70 ӕнзти литературон процесси еу хай. Гъулӕггагӕн, нӕ хуарз лимӕн, устур искурдиади хецау, берӕ нӕ фӕццардӕй, фал ӕ бон иссӕй ирон литературӕмӕ агъазиау ӕвӕрӕн бахӕссун. Ӕ поэтикон дзурд адтӕй кӕдзос, зӕлланггӕнагӕ. Е ’сфӕлдистадон фӕлтӕрӕнтӕ равзурдӕнцӕ е ’мзӕнхонти сагъӕстӕ ӕма бӕлдитӕй, национ культурӕ ӕма маддӕлон ӕвзаги хӕзнатӕ ин бахсистонцӕ ӕ зӕрдӕ, ӕ зунд, ӕ берӕвӕрсуг исфӕлдистадӕ. Лӕхъуӕнӕй бӕрӕг адтӕй поэти курдиадӕ, ӕма Кировигъӕуи скъола каст ку фӕцӕй сугъзӕрийнӕ майдани хӕццӕ, уӕд ӕй финсгути Цӕдеси сӕрдар Мамсурати Дӕбе ахур кӕнунмӕ рарвиста Мӕскумӕ, Горькийи номбӕл Литературон институтмӕ.

Уруссаг поэзий номдзуддӕр минӕвӕртти исфӕлдистадон семинарти базудта поэтикон дӕсниади сосӕгдзийнӕдтӕ, дуйнеуон литератури гъӕздугдзийнӕдтӕй исефтонг ӕй, ӕма ӕ райгурӕн бӕстӕмӕ исӕздахтӕй ӕнхӕст лӕгӕй, дӕсни поэт ӕма критикӕй, дзурдаййевади уодуӕлдай фудӕбон кӕнунмӕ ка бавналдта, уӕхӕн сӕрӕнигурдӕй.

Къуар анзи еумӕ фӕккустан «Мах дуг»-и редакций. Геуӕргий бӕрнӕхсти адтӕнцӕ критикӕ ӕма публицистики фарстатӕ, фал еци-еу рӕстӕг прозӕ ӕма поэзий уадзимистӕ дӕр цӕттӕ кодта. Ӕ арӕхстдзийнадӕ, ӕ фӕлтӕрддзийнадӕ журнали медесбӕл рӕстӕрдӕмӕ фӕззиндтӕнцӕ. Уой фӕсте куста театри литературон хайади хецауӕй, финсгути Цӕдеси консультантӕй, Цӕдеси сӕрдари хуӕдӕййевӕгӕй. Берӕ хъауритӕ равардта ӕхсӕнадон куст ӕма гъуддӕгутӕбӕл. Нӕ уарзта ӕвӕлмон архайд, нӕ хатир кодта сайд миутӕ, ахсгиаг гъуддагӕй ӕхе еуварс некӕд раласта, ӕгадӕ ӕ сӕрмӕ не ’рхастайдӕ. Финсгути къуар ӕма ин кӕстӕртӕ устур аргъ кодтонцӕ ӕ лӕдӕргӕ дзурд, ӕ цӕстуарзон феппайуйнӕгтӕн, ӕ поэзий кӕдзосдзийнадӕ ӕма ӕхсӕнадон темпераментӕн.

Поэти исфӕлдистадон ӕвналӕнтӕ адтӕнцӕ ахедгӕ, цӕстуингӕ, бӕллеццаг. Лимӕнӕй цардӕй, ӕмзундӕй куста театралон ӕма музыкалон аййевади дӕсни архайгути хӕццӕ, некӕд некӕмӕн бавгъау кодта ӕ зонундзийнӕдтӕ. Аллихузон жанрти финста ӕ уадзимистӕ, фал ӕ царди дӕр ӕма е ’сфӕлдистади сӕйрагдӕр адтӕнцӕ поэзи, критикӕ ӕма драматурги.

Геуӕргий фиццаг киунугӕ мухури фӕззиндтӕй 1956 анзи. Уой фӕсте еу инней фӕдбӕл рауагъта ӕмдзӕвгити цалдӕр ӕмбурдгонди ирон ӕма уруссаг ӕвзӕгтӕбӕл Дзӕуӕгигъӕуи ӕма Мӕскуй – «На солнце и в тени», «Ӕмгары зӕрдӕ», «Подснежники на Казбеке», «Гутон ӕмӕ стъалытӕ». Е ’мдзӕвгитӕ ахид фӕззинниуонцӕ Уӕрӕсей газеттӕ ӕма журналти, ӕ берӕ лимӕнтӕ сӕ тӕлмац кодтонцӕ гурдзиаг, украинаг, цӕцӕйнаг, болгайраг, венгриаг ӕма ӕндӕр ӕвзӕгтӕмӕ.

агурдта дзурди фарнӕн лӕггадӕ кӕнун

Ӕхецӕй дӕр ӕма е ’мбӕлттӕй дӕр агурдта дзурди фарнӕн лӕггадӕ кӕнун, уомӕн уотӕ ахид финста рецензитӕ ӕма критикон уадзимистӕ нӕ поэттӕ ӕма прозаикти киунугутӕбӕл. Ӕ радзубандитӕ финсгути ӕмбурдти, ӕ критикӕ ӕма публицистики Геуӕрги ӕ зӕрдӕ некӕд исӕййивта царди рӕстадӕбӕл, финсӕги дӕсниадӕ ӕма хузӕгӕнӕги граждайнаг нисанеуӕгбӕл. Ӕ зӕрдӕбӕл цӕйбӕрцӕ дардта дуйнеуон классикти уадзимистӕй, е алкедӕр деси ӕфтудта. Ци бакастайдӕ, е си некӕдбал феронх адтайдӕ. Е адтӕй е ’сфӕлдистади искурдиадӕ ӕма си дзӕбокӕ ӕма хъӕсдаргъ игъустӕнцӕ.

Ӕ искурдиадӕ ӕма дӕсниадӕ Геуӕрги парахаттӕй равдиста аййевадон тӕлмацти дӕр. Берӕ раййивта ирон ӕвзагмӕ классиктӕ ӕма нуриккон поэтти, драматургти уадзимистӕй. Уой дӕр ма зӕгъун ӕнгъезуй – ӕ зӕрдӕ дзурдта аллихузон дзаманти ка цардӕй, аллихузон исфӕлдистадон нисантӕбӕл хуӕст ка адтӕй, уони литературон бунтӕмӕ, ӕма сӕ исдзорун кодта ӕ маддӕлон ӕвзагбӕл, зӕлланггӕнагӕ ирон дзурди бауагъта идард бӕстити поэтти уадзимисти азӕлд.

Пушкин, Лермонтов, Блок… Геуӕргий уарзон поэттӕ дзорун байдӕдтонцӕ рагон аланти ӕвзагбӕл. Иннӕ уӕхӕн драматургий классиктӕ: Островскийи «Гъӕдӕ», Лопе де Вегай «Кӕфтити ахургӕнӕг», Пиранделлой «Виолӕ» кенӕ Чингиз Айтматови «Мади будур», Нодар Думбадзей «Техалӕг думги евгед», Уруймӕгти Езетхани «Арвнӕрди агъоммӕ», уӕдта ма советон поэзий зӕрингурдтӕ Николай Тихонов, Расул Гамзатов, Хъайсын Кулиев ӕма ӕндӕрти уадзимистӕ Геуӕргий искурдиади фӕрци иссӕнцӕ хеуон ирон кӕсгутӕн.

Геуӕргий искурдиадӕ берӕвӕрсуг ке адтӕй, уомӕн ма никкидӕр еу ӕвдесӕн – ӕ драматурги. Райдӕдта минкъий формӕтӕй – финста еуактон пьеситӕ телеуинунадӕн, аййевадон хехъӕппӕресадон коллективтӕн. Уой фӕсте рахизтӕй драматургийи устурдӕр хузтӕмӕ, фулдӕр комедий жанрмӕ. Плити Христофори хӕццӕ еумӕ исфӕлдистонцӕ цалдӕр музыкалон комедий. Театрдзаутӕ ӕма игъосгути зӕрдити байзадӕнцӕ сӕ дӕсни арӕзт сюжеттӕ, сӕ цардбӕллон мотивтӕ ӕма сӕ хуӕрзаййев мелодити фӕрци.

Еу ӕвзагӕй дзурдтонцӕ поэт ӕма композитор ӕма сӕ къохи бафтудӕй устур ӕнтӕстдзийнадӕ, нӕ аййевади нӕуӕг хузӕ фиццаг къахдзӕфтӕ ку кодта, уӕд. Сӕ комеди «Нӕ усгур алыгъд»-и син раййивтонцӕ нӕ бӕсти адӕмти берӕ ӕвзӕгтӕмӕ, исӕвардтонцӕ ’й ӕнсувӕрон республикити театрти. Геуӕргий иннӕ комеди «Зары Терк»-ӕй ба байгон ӕй 1972 анзи нӕ музыкалон театри сезон.

Поэти исфӕлдистадон портрет фӕлуст ӕй аййевади хуӕрзтӕй, ирд хуарӕнтӕй, бӕллеццаг ӕнтӕстдзийнӕдтӕй. Хумӕтӕги си нӕ раппӕлдтӕнцӕ уруссаг поэзий разагъди минӕвӕрттӕ Николай Тихонов ӕма Ярослав Смеляков, Михаил Светлов ӕма Михаил Дудин. Хумӕтӕги нӕ тӕлмац кодтонцӕ Геуӕргий ӕмдзӕвгитӕ зундгонд поэттӕ Марк Максимов, Вероникӕ Тушнова ӕма ӕндӕртӕ.

Ӕ фиццаг киунугӕ «Ӕхсӕрдзӕн» цӕсти ахедуй лирикон хъайтари ӕнкъарӕнтӕ ӕма сагъӕсти кӕдзосдзийнадӕй. Ӕмдзӕвгити ес царди растдзийнадӕ, устур ӕцӕгдзийнадӕ, ӕнӕнцойнӕ гъудитӕ адӕймаги карнӕбӕл, ӕфсӕрмӕбӕл, ӕригон фӕлтӕри зинтӕ ӕма цийнӕбӕл.

 

Искӕд бон мӕм удисӕг фӕзындзӕн,

Дурзӕрдӕ мын ахӕсдзӕн мӕ уд,

Фӕлӕ мын уӕддӕр мӕлӕт нӕ уыдзӕн,

Искӕмӕн та райгуырдзӕн лӕппу.

Поэт ӕ фӕлтӕри карнӕ уинуй ӕхсӕрдзӕни размӕмпурсти, цъетедони тахти, табу кӕнуй ниййерӕг зӕнхӕн:

«Фыдыбӕстӕ, – мӕ цард ӕмӕ мӕ бон», «Ды, Ирыстон, судзгӕ ’хсидав дӕ». «Нӕ фӕндаг зын у, ӕмгар, даргъ у, нӕ цард та ӕнӕуый цӕй цард у?» – фӕрсуй поэт. Е ’мдогонтӕмӕ фау хӕссуй, уӕгъдебарӕй ку радзӕгъӕл унцӕ, уӕд:

Циу, цы ’рцыд? Уӕ поэзи куыд бастад?

Хъуамӕ уӕ куыд фӕуыдаид рох,

Карз хӕсты цы стыр рӕстдзинад байстам,

Уый сӕрыл кӕй нӕма фӕци тох?

Бюрократтӕн не сыскъуыд сӕ мыггаг,

Мещантӕ нӕма фесты ӕвӕд…

Ӕви уый ӕппындӕр нӕу уӕ хъуыддаг? –

Аппарут уӕ фыссӕн систӕ уӕд!..

Еци ӕнзти уарзондзийнадӕбӕл куддӕр уайсадӕгау дзурдтан. Геуӕрги уой ӕ сӕрмӕ не ’рхаста. Ӕвӕлмӕцгӕй финста адӕймаги рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕбӕл. Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ӕ фиццаг киунуги поэт исниванзта уарзондзийнади кадӕнгӕ, ӕ уоди арф ӕвӕрӕнтӕ хорӕргомӕй равдиста е ’мдзӕвгитӕ «Дӕу фарстон», «Уӕд чидӕртӕ», «Райсом», «Бурдзалыг чызг», «Зымӕгон дӕ федтон», «Ехх, мӕ зӕрдӕ», «Ды хъусыс», «Цӕмӕн мын къахыс мӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» ӕма ӕндӕрти. Цубурдзурдӕй, поэт ӕ фӕлтӕрмӕ дзоруй ӕргомӕй, цӕстуарзонӕй, лӕгӕй-лӕгмӕ, сӕрустурӕй.

ЦАРДИ ИН ЦИДӔРИДДӔР ХЪАЗАР АДТӔЙ, УОНИ РАВДИСТА Ӕ ЛИРИКИ

Цуппар поэтикон циклӕй арӕзт ӕй Геуӕргий киунугӕ «Ӕмгары зӕрдӕ». Нӕ раййивта е ’сфӕлдистадон уагӕ, царди ин цидӕриддӕр хъазар адтӕй, уони равдиста лирикон хъайтари сорӕти. Фиццаг цикли ӕмдзӕвгити тематикӕ рауадӕй фӕйнӕхузи, фал сӕ кӕрӕдзебӕл бӕттуй поэти дуйнелӕдӕрундзийнадӕ. Нӕма банцадӕй тугъди азӕлд сабий ӕма мади зӕрдити – «Мӕ фӕлтӕр», «Мад», гъӕрзуй зӕрдӕ ӕмгари исӕфтӕй – «Ӕмгари мӕлӕт». Ӕ маст рӕдовуй фӕливд ӕма мӕнгард адӕймаги уиндӕй – «Фырт». Фидибӕсти сӕрбӕлтау ка фескъуӕлхтӕй, уой цӕра кӕнуй – «Сӕйраг конструктор».

«Сусӕг уарзт» – уотӕ исхудта поэт киунуги дуккаг цикл. Цума Геуӕрги ӕ фиццаг киунуги мотивтӕ раидарддӕр кодта ӕма дзӕвгарӕ фӕгъгъӕздугдӕр ӕнцӕ. Ӕмдзӕвгити ес юмор ӕма ирони, уарзти цӕхӕр ӕма мӕтъӕл сагъӕстӕ, сӕнттӕ ӕма бӕллецтӕй дӕр хайгин разиндтӕй лирикон хъайтар, адӕймаги уодисконди цидӕриддӕр ес, е ӕй ӕндавуй. Никки ма еу хуарзӕнхӕ: ӕмдзӕвгитӕ уотӕ аййев ӕнцӕ, ӕма кӕсӕгмӕ фӕззиннуй ӕнахур гъуди – уадзимисти музыкалон рахастӕй ӕнӕмӕнгӕ равзурдзӕнӕй зартӕгӕнӕг поэт, ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Фӕстӕдӕр берӕ зартӕ ниффинста Геуӕрги.

Ӕртиккаг цикл «Нӕ фыдӕлты тугвӕд» иссӕй киунуги бундор, ӕ федар цӕгиндзӕ, ӕ медеси уӕзӕ уобӕл ӕнцайуй. Цикли дзубанди цӕуй нӕ адӕми историбӕл: ӕ уӕззау карнӕбӕл, ӕ царди хъурдохӕнтӕ ӕма уодӕвзарӕнтӕбӕл. «Хӕрзбон, хӕхтӕ!», «Алайнаг фӕйнӕгфарс лӕппутӕ», «Аланты саударӕг чызджытӕ», «Фыдӕлты ӕгъдау», «Зӕронд хӕстон» ӕма ӕ иннӕ балладити игъусуй нӕ рагфидтӕлти цард, ӕ уагӕ ӕма историкон колорит бӕрӕг дарунцӕ.

Поэт зонуй историй ругӕйдзаг сифтӕ кӕсун, уӕдта нуриккон адӕймаги зундирахастӕй ефтонг ке ӕй, е амудта раст над е ’сфӕлдистади, е ӕй ӕркодта рӕстаг гъудитӕ ӕма хатдзӕгтӕмӕ.

Сахъ фыдӕлтӕм хорз ӕгъдӕуттӕ уыд,

Иутӕ нын дзы – абон дӕр фӕзминаг,

Хъуамӕ скӕуой буц ныййарӕг, фыд

’Рмӕстдӕр ууыл, чи вӕййы кӕуинаг.

«Фидизӕнхӕ ми некӕд адтӕй иронх»

Уотӕ зӕгъуй поэт, идард балцӕй ӕрӕздӕхгӕй. Киунуги цуппӕрӕймаг цикл дӕр уотӕ исхудта. Фӕндаггон лӕг дуйнебӕл ӕрзилдӕй, берӕ дессӕгтӕ фӕууидта, берӕ сагъӕсти бахаудтӕй, гъӕумӕ ӕрӕздахтӕй уӕззау уаргъи хӕццӕ – ӕнахур гъудитӕ ӕма сагъӕсти хӕццӕ. Париж, Копенгаген, Стамбул, Каир… Кумӕфӕндидӕр ӕй рахӕссидӕ ӕ даргъ над, ӕхе ӕнкъаруй ирон зӕнхи минӕварӕй, ирон лӕгӕй.

Уӕззау кустӕй ка истухстӕй, еци мӕгуртӕ содзгӕ маст бауагътонцӕ поэти зӕрди. Ниййерӕг зӕнхӕй ка фӕххауӕццаг ӕй ӕма имӕ идардӕй ка ковуй, еци ӕмзӕнхонти катаййӕй нигъгъӕрзуй. Парижаг ирон, турккаг ирон – куд ма фӕууй уомӕй ӕгадӕдӕр карнӕ. Мастӕй туппур ӕнцӕ аци ӕнахур дзубандитӕ, адӕймаги зунд син зинтӕй рартасуй се ’лгъистаг медес.

Ӕ зартӕ Геуӕрги киунугӕмӕ фиццаг хатт бахаста 1982 анзи, ӕ равзурст уадзимис «Готон ӕма стъалутӕ» ку рауагъта, уӕд. Готондари фурт ӕма поэт, ӕ киунугӕн ма хуӕздӕр ном кӕми иссирдтайдӕ! Цӕбӕл финсуй, цӕбӕл заруй Иристони еузӕрдиуон хъӕболӕ? Хӕран ӕма поэзи хъӕмалвӕстӕй федаунцӕ, ӕма поэт табу кӕнуй поэзийӕн, хӕранбӕл зинг ӕфтауй:

Гъей-джиди, цӕй тыхджын дӕ, поэзи,

Гъей мӕгуыр, цӕй ӕдых дӕ, хӕрам!

Поэт заруй райгурӕн зӕнхӕбӕл, Фидибӕстӕбӕл, хуӕнхтӕ ӕма ӕхсӕрдзӕнтӕбӕл, е ’мбӕстон адӕмбӕл, Къостабӕл, хъазар ин ци ӕй ӕма фӕстагӕнттӕн ци фӕдзӕхсуй, уобӕл.

Куд ма ’й загътан, киунуги берӕ ес зартӕ. Хӕларӕй цардӕй поэт Берити Алибеги хӕццӕ, Плити Христофори хӕццӕ, Кокойти Аслани хӕццӕ, Суанти Федӕри хӕццӕ, Хаханти Дудари хӕццӕ. Ӕ зарти байвардта ӕ кӕдзос уоди гъар, ӕ фӕлмӕн зӕрди цӕхӕр, ӕ сагъӕсти азӕлд, ӕ рӕсог сауӕдӕнттӕ, ӕма сӕ композитортӕ хъӕбӕр разӕнгардӕй раййивтонцӕ лирикон музыки ӕвзагмӕ.

Эстради артисттӕ ахид фӕззарунцӕ Геуӕргий зартӕ, фал ин ӕхе кой некӕд искӕнунцӕ. Ӕгайтима ӕ зартӕ цӕрунцӕ ӕма цӕрдзӕнӕнцӕ, ӕцӕг сӕ автори ном дӕр иронхгӕнгӕ нӕй. Куд ес, мӕнӕ уӕхӕн рӕнгъитӕ ка ниффинста, уомӕн е ’сфӕлдесӕги ном нӕ зӕгъун:

Иу изӕр куы нӕ фенай дӕ уарзоны, –

Ӕхсӕв дӕм фӕкӕсдзӕнис ӕнус.

Дард балцы ку цӕуа, уый куы базонай, –

Атайдзӕн дӕ сау цӕстыты рухс.

О мӕ зӕрдӕ, ма райхал дӕ карз фӕндтӕ, –

Сусӕг удхар раппӕлинаг нӕу.

О, фӕлтау куы нӕ нӕ уаиккой уарзӕттӕ,

О, фӕлтау куы нӕ федтаин дӕу.

Урс бӕрзбӕлас цады былыл мӕйрухсы

Къулсӕрӕй зыд уылӕнтӕм кӕсы…

Искуы мын куы бауарзай ӕндӕр чызджы…

О мӕ къона, уымӕй дын тӕрсын.

Сӕрмагондӕй зӕгъун ӕнгъезуй Гаджити Геуӕргий критикон уацти киунугӕ, «Лирикӕ ӕма базургин ӕнзтӕ», зӕгъгӕ, уой туххӕй. Киунуги ахедундзийнадӕн балӕдӕрӕн ес мухури кӕд фӕззиндтӕй ӕма критик ке исфӕлдистадӕ ӕртасуй, уой зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд. Киунугӕ рацудӕй 1963 анзи. Уӕд ма ӕстӕн адтӕнцӕ нӕ литературӕртасгути монографитӕ, критикти фӕллӕнттӕн ба сӕ кой дӕр нӕма адтӕй, гъома, сӕ хецӕн киунугутӕбӕл цӕуй дзубанди.

Иристони номдзуд финсгутæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): ДЗАХÆТИ Игорь, ГАГИТИ Геуæрги, ХОСТИХЪОТИ Зинæ, ХÆБЛИАТИ Сафар. Гъулæггагæн, абони си цардæгас некебал æй…

Ахсгиаг ихӕс райста ӕхемӕ Геуӕрги, ниффинста Плити Гриши, Цӕрукъати Александри, Джусойти Нафий, Плити Хадой ӕма Калоти Хазбийи литературон портреттӕ. Зонади абони бӕрзӕндтӕй кӕсгӕй, очерктӕ алцӕмӕй ӕнхӕст ӕнцӕ, уотӕ зӕгъун, ӕвӕдзи, нӕ бон нӕ бауодзӕнӕй. Дзубанди уобӕл нӕ цӕуй. Фиццаг фӕлтӕрӕнтӕ адтӕнцӕ ӕма цӕсти дуар уомӕй ахедунцӕ. Берӕ си ес рӕстаг хатдзӕгтӕ ӕма гъудитӕ, цӕмӕдессаг феппайуйнӕгтӕ.

Нӕ поэзий зӕрингурдти исфӕлдистади хуӕдбундор менеугутӕ ӕртасуй цӕстуарзонӕй, байамонуй алкӕмӕн дӕр ӕ бунат вазуггин литературон процесси. Уой дӕр ма зӕрдӕбӕл дарун гъӕуй, ӕма Гриши нӕ къумух вульгаризатортӕ берӕ ӕнзти дӕргъи искӕсун нӕ уагътонцӕ, алцитӕ ибӕл имистонцӕ, ӕма Геуӕрги ракодта нивӕбӕл дзубанди ӕ курухон хестӕри туххӕй. Мадта Александри поэзимӕ дӕр гъосдард нӕ адтӕй, фӕсвӕди ӕй дардтонцӕ, ӕ кой ин нӕ фегъустайсӕ мухури дӕр, ӕмбурдти дӕр. Геуӕрги еци ӕнӕраст гъуддагбӕл ӕ къох исиста ӕма устур поэти ном рӕнгъӕмӕ рахаста. Калоти Хазби ӕма Джусойти Нафий исфӕлдистадӕбӕл дӕр аккаг дзубанди фиццагидӕр ракодта Геуӕрги.

Бӕрнон цӕстӕй кастӕй Геуӕрги редакторти кустмӕ дӕр. Еу ӕма дууӕ финсӕгемӕн нӕ фӕййагъаз кодта, цӕмӕй сӕ уадзимистӕ рохс фӕууидтайуонцӕ. Санати Уарий искурдиадӕ алкедӕр деси ӕфтудта. Хъӕрӕу финсӕг хуарз зудта нӕ разагъди лӕгти тох ӕма карнӕ. Чермен ӕма Бӕтӕйи фуртти таурӕхътӕ уомӕй фегъустан. Дзурдаййевади рӕбуйнаг адтӕй, ӕ хъайтарти фӕлгонцтӕ аразта дӕсни, гъӕздуг, нивӕфтуд ирон ӕвзаги ӕвӕрӕнтӕ ӕма хӕзнатӕ лӕмбунӕг ӕвзурста. Зинги стъӕлфӕнти хузӕн – ӕ дзурди уагӕ, цӕхӕркалгӕ – ӕ дзурд. Фӕстагмӕ финсӕг рахизтӕй нуриккон цардӕй ести сюжеттӕмӕ, ӕма ин, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, косун фӕззиндӕр ӕй. Ниффинста дууӕ уаци – «Партизантӕ» ӕма «Тогвӕндаг». Рохс фӕууидтонцӕ Геуӕргий агъазӕй. Е сӕбӕл бакуста, уой фӕрци раргом ӕй хъӕрӕу финсӕги искурдиадӕ, ӕ стилистикӕ нӕ фехалдӕй. Уари Уарийӕй байзадӕй.

фӕлмӕн къох адтӕй Геуӕргийӕн

Геуӕрги ӕхе зундӕй, ӕхе хъаурӕй исаразта ӕригон финсгути устур къуар. Ӕнӕгъӕнӕ Цӕдеси куст ӕхемӕ райста. Кизгуттӕ ӕма лӕхъуӕнтӕ финстонцӕ дууӕ ӕвзагебӕл, ахид фӕззинниуонцӕ сӕ фиццаг киунугутӕ дӕр. Аразта син литературон изӕртӕ ӕма фембӕлдтитӕ сӕ кӕсгути хӕццӕ. Ӕ дзубанди, ӕ унаффӕбӕл дууӕ некӕд неке загъта, ӕновуд ибӕл адтӕнцӕ сӕ еугур дӕр, уомӕн ӕма син лӕдӕрдтӕй сӕ зӕрди уагӕ, сӕ искурдиади менеугутӕ. Абони дӕр ӕй хуарзӕй имисунцӕ. Алли финсӕг дӕр ӕ фӕсте уӕхӕн фӕд ку ниууадзидӕ, уӕд арфиаг уайдӕ. Поэт ӕй ӕхуӕдӕг ку загъта:

Кӕстӕр дӕм кӕстӕрау куы хъуса,

Куы ’мбара дӕ зӕрдӕйы рис,

Дӕ фарсмӕ уӕхскуӕзӕй куы куса, –

Хуыздӕр амонд царды цы ис?

Е адӕй поэти бӕлдӕ, ӕма ’й ӕнхӕст дӕр искодта ӕ уодвӕллойнӕй.

Куы бафидон дӕ буц рӕвдыд дӕуӕн,

Фыдыбӕстӕ мӕ удӕнцой, мӕ бон!

Мӕнӕн ӕнӕ дӕу иу бон цард дӕр нӕй,

Мӕнӕн ӕнӕ дӕу рухс дуне – зындон.

Е адтӕй поэтӕн ӕ цард ӕма исфӕлдистади устурдӕр нисан ӕма медес.

Поэт мӕнгард куы фысса,

Куы нӕ уа табугонд ӕ ном,

Уӕд уый нӕу дзыллӕйы тырыса.

Уӕд уый нӕу дзыллӕйы цӕсгом.

Е ба адтӕй Гаджити Геуӕргийӕн ӕ фӕдзӕхст, ӕ нистауӕн фӕстагӕнттӕн.

Ӕдзардӕй рахецӕн ӕй не ’хсӕнӕй. Ӕ ном иронх нӕй ӕма некӕд феронх уодзӕнӕй.

2007 анз.

 

Мæрзойти Сергей (галеуæрдигæй) æма Гагити Геуæрги (се ’хсæн ка лæууй, е ба бæрæг нæй).

Мӕрзойти Сергей ӕма Гагити Геуӕрги, куд загътан адтӕнцӕ цӕстуарзон ӕмархайгутӕ, нӕ национ литератури райрӕзти фӕдбӕл гъуддӕгутӕй беретими адтӕнцӕ разӕйцӕугутӕ. Мадта уой хӕццӕ ба се ’хсӕн адтӕй хӕлардзийнади рахастдзийнӕдтӕ. Кӕрӕдзей хуарз лӕдӕрдтӕнцӕ, кӕрӕдземӕн ӕгъдау лӕвардтонцӕ царди ӕгъдӕуттӕй, уӕдта сӕ исфӕлдистади дӕр. Сергей лӕмбунӕг цӕстингасӕй кастӕй ӕ кӕстӕр ӕмбали исфӕлдистадон архайдмӕ, Геуӕрги дӕр ӕ хестӕрӕн устур аргъ ке кодта, уой равдиста  ӕ поэзий.  Ӕвдесӕн ин ӕй мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕмдзӕвгӕ мухур кӕнӕн, е.

 

ГАДЖИТЫ Георги

МӔРЗОЙТы Сергейӕн

Хӕларӕй фӕцардыстӕм иумӕ,

Ӕфсымӕр дӕ загътон мӕхицӕн.

Кӕй никуы дыл рацыдтӕн хинӕй,

Дӕхи зӕрдӕ уымӕн – ӕвдисӕн.

Ӕмгарӕй ӕз бирӕ нӕ домын, –

Кӕй хъӕуынц козбаубын ныхӕстӕ?

Ӕрмӕст – иу зын сахат, тыхст боны

Мӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу ӕдӕрсгӕ.

Мӕ сагъӕс, мӕ мӕт-иу мын бамбар,

Ӕмӕ мын-иу авӕр ныфсытӕ,

Къостайы зарӕг-иу мын азар, –

Фӕкъаддӕр уыдзысты мӕ зынтӕ.

Хӕларӕй фӕцардыстӕм иумӕ,

Ӕфсымӕр дӕ загътон мӕхицӕн.

Кӕй никуы дыл рацыдтӕн хинӕй,

Дӕхи зӕрдӕ уымӕн – ӕвдисӕн.

Ныр дӕр ма цы рӕстӕг фӕцӕуӕм,

Уым хъуама уӕхски-уӕхск фӕцӕрӕм,

Нӕ фӕндаг та зын ӕмӕ даргъ у,

Нӕ цард та ӕнӕ уый цӕй цард у?